Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕстӕг цас у?

Рӕстӕг цас у?

РӔСТӔГ базонын дӕ куы фӕфӕнды, уӕд цы саразыс? Ӕвӕццӕгӕн, сахатмӕ ӕркӕсыс. Чи зоны, ӕркастӕ ӕмӕ федтай, боны иу сахат ӕмӕ ӕртын минуты кӕй у. Де ’мбал дӕ куы бафӕрса, рӕстӕг цас у, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

Уый, кӕм цӕрыс, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн. Зӕгъӕм, дӕ бон у зӕгъын: «Иу сахат ӕмӕ ӕртын минуты» кӕнӕ «Дыууӕйы ӕрдӕг».

Цымӕ раджы заманты адӕм куыд дзырдтой, рӕстӕг цас у, уый? Алыхуызӕтты. Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлынц ныхӕстӕ «изӕрырдӕм», «райсомӕй», «боныгон» ӕмӕ «сихормӕ» (Райд. 8:11; 19:27; Дык. з. 28:29; 1 Пад. 18:26). Фӕлӕ иуӕй-иу хатт Библи ноджы бӕлвырддӕр фӕамоны рӕстӕг.

Раджы заманты Израилы арӕх уыд хъахъхъӕнджытӕ, уӕлдайдӕр та ӕхcӕвы. Израилӕгтӕ ӕхсӕв дих кодтой ӕртӕ хайыл кӕнӕ та, хъахъхъӕнджытӕ кӕрӕдзи цы рӕстӕг ивтой, уыцы рӕстӕджытыл. Зӕгъӕм, Тӕрхонгӕнджыты 7:19 стихы кӕсӕм: «Ӕхсӕвы дыккаг хъахъхъӕнӕн афон... аивтой хъахъхъӕнджыты». Чырысти куы райгуырд, уӕд та дзуттӕгтӕ ӕхсӕв дих кодтой цыппар хайыл, грекъӕгтӕ ӕмӕ ромӕгтӕ куыд кодтой, афтӕ.

Уыцы хъахъхъӕнӕн афонты тыххӕй Евангелиты бирӕ рӕтты ис фыст. Зӕгъӕм, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бӕлӕгъмӕ денджызыл къахӕй бацыд «боныцъӕхтыл» кӕнӕ цыппӕрӕм хъахъхъӕнӕн афон (Матф. 14:25, фип.). Чырысти йӕ цӕвиттоны загъта: «Амондджын сты уыцы цагъартӕ, сӕ хицау ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ кӕй ӕрӕййафа! [...] Ӕмбисӕхсӕв, суанг кӕркуасӕнты дӕр куы ’рцӕуа ӕмӕ сӕ афтӕмӕй куы ӕрӕййафа, уӕд амондджын сты!» (Лук. 12:37, 38, фип.).

Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы дзырдта, цӕмӕй къӕрцхъус уой, уӕд цыппар хъахъхъӕнӕн афоны кой скодта: «Нӕ [йӕ] зонут, кӕд ӕрцӕудзӕн хӕдзары хицау: изӕрӕй, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви боныцъӕхтыл» (Мар. 13:35, фип.). Фыццаг хъахъхъӕнӕн афон, «изӕр», уыди хурныгуылдӕй изӕры 9 сахатмӕ. Дыккаг хъахъхъӕнӕн афон, «ӕмбисӕхсӕв», уыди изӕры 9 сахатӕй ӕмбисӕхсӕвмӕ. Ӕртыккаг хъахъхъӕнӕн афон, «кӕркуасӕнтӕ», уыди ӕмбисӕхсӕвӕй ӕхсӕвы 3 сахатмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, Чырыстийы уыцы афон ӕрцахстой, уымӕн ӕмӕ уасӕг ныууасыд (Мар. 14:72). Цыппӕрӕм хъахъхъӕнӕн афон та, «боныцъӕхтӕ», уыди ӕхсӕвы 3 сахатӕй хурыскасты онг.

Уӕдӕ кӕд уыцы заман адӕммӕ сахӕттӕ нӕ уыд, уӕддӕр зыдтой, рӕстӕг цас уыд, уый куыд зӕгъой, уый.