Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фидар чи кӕны, ахӕм уарзондзинад уӕм уӕд

Фидар чи кӕны, ахӕм уарзондзинад уӕм уӕд

«Уарзондзинад... фидар кӕны» (1 КОР. 8:1).

ЗАРДЖЫТӔ: 109, 121

1. Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл ныхас кодта?

ЙЕСО зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн иу-30 хатты скодта уарзондзинады кой. Йесо сын бафӕдзӕхста, «уӕ кӕрӕдзийы уарзут», зӕгъгӕ (Иоан. 15:12, 17). Сӕ уарзондзинадӕй иннӕтӕ хъуамӕ базыдтаиккой, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты (Иоан. 13:34, 35). Йесо цы уарзондзинады кой кодта, уый ӕнӕуи зӕрдӕйы ӕнкъарӕн нӕу. Уый у удуӕлдай уарзт, хъуыддагӕй чи вӕййы бӕрӕг, ахӕм. Йесо загъта: «Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта. Цы уын фӕдзӕхсын, уый кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд стут мӕ хӕлӕрттӕ» (Иоан. 15:13, 14).

2. а) Хуыцауы адӕмы иннӕтӕ цӕмӕй зонынц? б) Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

2 Йегъовӕйы адӕмы иннӕтӕ зонынц, кӕрӕдзийы ӕцӕг, удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ иудзинады тӕгтӕй баст кӕй сты, уымӕй (1 Иоан. 3:10, 11). Кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты, алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурынц ӕмӕ алыхуызон бинонты ’хсӕн схъомыл сты, уӕддӕр ӕгас зӕххыл дӕр се ’хсӕн ис, Чырысти цы уарзондзинад ӕвдыста, ахӕм уарзондзинад. Фӕлӕ цымӕ иннӕты уарзын абон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у? Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо сӕ уарзондзинады фӕрцы куыд фидар кӕнынц? Махӕн та нӕ бон куыд у нӕ уарзондзинады фӕрцы иннӕты фидар кӕнын? (1 Кор. 8:1).

ИННӔТЫ УАРЗЫН АБОН УӔЛДАЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

3. «Тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй скодта, уый адӕмыл куыд фӕзынд?

3 Мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы», ӕмӕ адӕймагӕн йӕ царды бонтӕ сты «маст ӕмӕ фыдӕбон» (Пс. 90:10; 2 Тим. 3:1–5). Бирӕты ныфс ӕппындӕр ницӕмӕйуал ис. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, алы аз дӕр сӕхи амарынц 800 000 адӕймагӕй фылдӕр – зӕгъӕн ис, алы 40 секунды дӕр иу адӕймаг. Хъыгагӕн, чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ царды зындзинӕдтӕй уый онг свӕййынц, ӕмӕ уыдон дӕр сӕхи амарынц.

4. Рагзаманты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй цӕрын кӕй нал фӕндыд?

4 Рагзаманты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ ахӕм уынгӕджы уавӕры уыдысты, ӕмӕ сӕм цӕрын нал цыд. Зӕгъӕм, Иов ахӕм стыр мӕстытӕ бавзӕрста, ӕмӕ сдзынӕзта: «Цард мын сӕнад, ӕнустӕм цӕрын дӕр мӕ нӕ фӕнды» (Иов 7:16; 14:13). Ионӕ дӕр иуафон афтӕ ныфссаст уыд, ӕмӕ загъта: «Курӕг [дӕ] дӕн, Йегъовӕ, айс мын мӕ цард, уымӕн ӕмӕ мын цардӕй мӕлӕт хуыздӕр у» (Ионӕ 4:3). Пехуымпар Илийа дӕр зын уавӕры куы уыд, уӕд Хуыцаумӕ скуывта: «Мӕ бон нал у! О Йегъовӕ, айс мын мӕ цард» (1 Пад. 19:4). Фӕлӕ уыцы адӕймӕгтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн зынаргъ уыдысты, ӕмӕ йӕ сӕ мӕлӕт нӕ фӕндыд. Ӕмӕ кӕд ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой, уӕддӕр сын уайдзӕф нӕ бакодта. Уый сӕ афтӕ бафидар кодта, ӕмӕ та сӕм цӕрын ӕрцыд, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон уыд дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын.

5. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты нӕ уарзондзинад ныр уӕлдай тынг цӕмӕн хъӕуы?

5 Кӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй алкӕмӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йӕ цӕрын нал фӕнды, уӕддӕр бирӕтӕ сты зын уавӕрты, ӕмӕ сӕ нӕ уарзондзинад тынг хъӕуы. Иуӕй-иутӕн сӕ ныхмӕ фӕцӕуынц ӕмӕ сыл фӕхудынц. Иннӕтӕн се ’мкусджытӕ фидистӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ фыдкой фӕкӕнынц. Кӕйдӕрты сӕ фӕхъӕуы фӕскуыст кусын кӕнӕ та цавӕрдӕр куыст ӕмгъуыд рӕстӕгмӕ бакӕнын. Кӕмӕндӕрты та бинонты ’хсӕн вӕййы зындзинӕдтӕ, зӕгъӕм сын се ’нӕуырнӕг цардӕмбӕлттӕ ӕдзух ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Уыцы ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдты тыххӕй бирӕтӕм хъару нал баззайы ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. Уыцы ныфссаст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнын йӕ бон кӕмӕн у?

ЙЕГЪОВӔЙЫ УАРЗОНДЗИНАД УӔ ФИДАР КӔНӔД

6. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты йӕ уарзондзинады фӕрцы куыд фидар кӕны?

6 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ ӕвӕры, алкӕддӕр сӕ кӕй уарздзӕн. Израилӕгтӕн цӕй стыр удӕнцой ӕрхастаиккой Йегъовӕйы ныхӕстӕ: «Зынаргъ мын кӕй дӕ, уый тыххӕй кадджын дӕ мӕ цӕсты, ӕмӕ дӕ тынг уарзын. [...] Ма тӕрс, ӕз демӕ дӕн» (Ис. 43:4, 5). Ды дӕр Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уымӕ гӕсгӕ дӕ фидар ныфс уӕд, йӕ зӕрдӕйӕн адджын кӕй дӕ. Библи нӕ ныфс уадзы: «Уый у хъомысджын Хуыцау, ӕмӕ дӕ фервӕзын кӕндзӕн. Дӕумӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ райдзӕн» (Соф. 3:16, 17).

7. Йегъовӕйы уарзондзинад мады уарзондзинады хуызӕн цӕмӕй у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

7 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕры, цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма ’взарой, уӕддӕр сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сын удӕнцой кӕй дӕтдзӕн. Цы зӕрдӕ сӕм дары, уый равдыста ахӕм ныхӕстӕй: «Сымах хӕсдзысты сӕ хъӕбысы. Сӕ хъӕбысы уӕ сбадын кӕндзысты ӕмӕ уыл цинтӕ кӕндзысты. Адӕймагӕн йӕ мад йӕ зӕрдӕ куыд сабыр кӕна, афтӕ уын ӕз дӕр уӕ зӕрдӕ сабыр кӕндзынӕн» (Ис. 66:12, 13). Ахъуыды-ма кӕн, сывӕллон йӕ мады хъӕбысы куы вӕййы ӕмӕ йыл мад куы фӕцинтӕ кӕны, уӕд куыд ӕдыхст вӕййы! Йегъовӕ дӕр йӕ лӕггадгӕнджыты тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой. Макуы дызӕрдыг кӕн, ды дӕр Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй дӕ (Йер. 31:3).

8, 9. Чырыстийы уарзондзинад нӕ куыд фидар кӕны?

8 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ма зонӕм ӕндӕр хабарӕй дӕр. Библийы фыст ис: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16). Чырысти дӕр стыр уарзондзинад равдыста, йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй! Ӕмӕ нӕ уыцы уарзондзинад тынг фидар кӕны! Хуыцауы Ныхас нын зӕрдӕ ӕвӕры, цыфӕнды мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ ма ’взарӕм, уӕддӕр нӕ кӕй ницы «фӕхицӕн кӕндзӕн Чырыстийы уарзтӕй» (Ром. 8:35, 38, 39).

9 Хатгай царды зындзинӕдты тыххӕй нӕ хъару байсысы, нӕхимӕ ныхъхъусӕм кӕнӕ та Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ нал фӕлӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ Чырысти куыд тынг уарзы, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд-иу нӕ къухтӕ не ’руадздзыстӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15.) Чырыстийы уарзт нӕ стыр ныфс уадзы, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у фидар фӕлӕууын, зӕгъӕм, нӕ ныхмӕ куы цӕуой, ӕрдзон бӕллӕх нын зиан куы ’рхӕсса, нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕхицӕн ӕнцой куы нал арӕм кӕнӕ истӕуыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, суанг уӕд дӕр.

НЕ ’ФСЫМӔРТЫ НӔ УАРЗОНДЗИНАД ТЫНГ ХЪӔУЫ

Йесо куыд архайдта, уый тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд дӕ уый баразӕнгард кӕндзӕн иннӕты фидар кӕнынмӕ (кӕс 10, 11 абзацтӕ)

10, 11. Ныфссаст чи у, уыдоны фидар кӕныны хӕс кӕуыл ис? Бамбарын ӕй кӕн.

10 Йегъовӕ ма нӕ фидар кӕны ӕмбырдты фӕрцы дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй дӕр йӕ уарзондзинад ӕвдисы. Ӕмӕ йӕ мах дӕр кӕй уарзӕм, уый уымӕй уыдзӕн бӕрӕг, ӕмӕ не ’фсымӕрты куы уарзӕм ӕмӕ сӕ куы фидар кӕнӕм. Фӕлӕ сын ӕрмӕст сӕ уырнындзинад фидар кӕнын фаг нӕу. Хорз ма уаид, сӕ зӕрдыл-иу сын куы ’рлӕууын кӕниккам, Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зынаргъ кӕй сты (1 Иоан. 4:19–21). Апостол Павел чырыстӕтты баразӕнгард кодта: «Ныр куыд кӕнут, афтӕ дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фес. 5:11). Уӕдӕ ӕмбырды ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ алкӕмӕн дӕр у йӕ бон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы фӕзмын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:1, 2.)

11 Депресси кӕмӕн вӕййы, уыдонӕй кӕйдӕрты фӕхъӕуы дохтырты ӕххуыс (Лук. 5:31). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмбарынц, ахӕм чырыстӕтты дохтырау кӕй не сдзӕбӕх кӕндзысты, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ бон у баххуыс кӕнын. Сӕ бон у ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын: «Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон» (1 Фес. 5:14). Ӕмбырды алчидӕр хъуамӕ ныфссаст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ рыст ӕмбара, семӕ фӕразон уа ӕмӕ сӕ ныхасӕй рӕвдауа. Ды дӕр ууыл фӕархайыс? Ныфссаст чи у, уыдоны фидар кӕнын дын ноджы хуыздӕр цӕй фӕрцы уайдзӕн?

12. Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй бафидар кодтой, ахӕм искӕй цӕвиттон ӕрхӕсс.

12 Европӕйы чи цӕры, иу ахӕм хо радзырдта: «Хатгай уый онг свӕййын, ӕмӕ мӕхи амарыныл фӕхъуыды кӕнын. Фӕлӕ мӕм фӕкӕсӕг ис – ме ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Уыдоны фӕрцы аирвӕзтӕн. Тынг мӕ бафидар кӕнынц ӕмӕ мӕ сӕ уарзтӕй барӕвдауынц. Депресси мӕм кӕй ис, уый ӕрмӕстдӕр цалдӕрӕй зонынц, фӕлӕ мын иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр се ’ххуыс никуы бавгъау кӕнынц. Ме ’мбырдӕй мын иу лӕг ӕмӕ ус ныййарджытӕй уӕлдай не сты. Уыдон мыл тынг тыхсынц, ӕмӕ мӕ се ’ххуыс кӕдфӕнды ма бахъӕуа, бонӕй уа ӕви ӕхсӕвы, уӕддӕр цӕттӕ сты мӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынмӕ». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иутӕн цас у сӕ бон ӕххуыс кӕнын, иннӕтӕн уыйбӕрц нӕу. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ныфссаст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн истӕмӕй баххуыс кӕнын *.

НӔ БОН КУЫД У ИННӔТЫ НӔ УАРЗОНДЗИНАДЫ ФӔРЦЫ ФИДАР КӔНЫН

13. Цӕмӕй иннӕты фидар кӕнӕм, уый тыххӕй ахсджиаг цы у?

13 Лӕмбынӕг-иу хъус (Иак. 1:19). Ныфссаст чи у, ахӕм адӕймагмӕ-иу лӕмбынӕг куы хъусай, уӕд уый уарзондзинадыл дзурӕг уыдзӕн. Фӕлмӕнӕй ӕмӕ-иу ӕм уӕзданӕй фарстатӕ дӕтт, цӕмӕй-иу ын йе ’нкъарӕнтӕ бамбарай ӕмӕ-иу ын йӕ зын дӕ зӕрдӕмӕ айсай. Дӕ цӕсгомы змӕлдӕй ӕмӕ-иу дӕ цӕстӕнгасӕй бӕрӕг уӕд, зӕрдӕйӕ йыл кӕй тыхсыс. Кӕд дын йӕ хабӕрттӕ бӕстондӕр радзурынмӕ хъава, уӕд-иу ӕй дзурын бауадз ӕмӕ-иу ӕм фӕразонӕй хъус. Афтӕ куы архайай, уӕд, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбардзынӕ. Стӕй дыл уый дӕр ӕууӕнддзӕн ӕмӕ йын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ ныхӕстӕм хъусын. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы уыной, ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй тыхсыс, уӕд сын стыр удӕнцойы хос уыдзынӕ.

14. Иннӕтӕм фаутӕ хӕссӕм, уымӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

14 Фаутӕ йӕм ма хӕсс. Ныфссаст адӕймагмӕ фаутӕ куы хӕссай, уӕд бынтондӕр йӕхимӕ ныхъхъусдзӕн, ӕмӕ йын уӕд зынтӕй уыдзӕн баххуыс кӕнӕн. Библийы фыст ис: «Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау, зондджыны ӕвзаг та у ӕвдадзы хос» (Ӕмб. 12:18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныфссаст адӕймагӕн нӕ ныхӕстӕй барӕй йӕ зӕрдӕ нӕ риссын кӕндзыстӕм. Фӕлӕ йын ӕнӕрхъуыдыйӕ дӕр исты куы зӕгъӕм, уӕд ын уый дӕр, гӕнӕн ис, «карды цӕфау» уа. Цӕмӕй ахӕм адӕймаджы нӕ уарзондзинады фӕрцы бафидар кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ-иу нӕхи йӕ бынаты сӕвӕрӕм (Матф. 7:12).

15. Иннӕты фидар кӕнынӕн стыр ӕххуыс цавӕр мадзӕлттӕ сты?

15 Хуыцауы Ныхасы фӕрцы-иу ӕй бафидар кӕн. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:4, 5.) Библи нын радта, «фидардзинад ӕмӕ удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау», ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ ссарӕн ис бирӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ. Уымӕй уӕлдай ма нӕм ис алыхуызон иртасӕн ӕрмӕг, зӕгъӕм, «Индекс публикаций Сторожевой Башни» ӕмӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». Уыцы публикациты фӕрцы ссарӕн ис, адӕймагӕн цыфӕнды зындзинӕдты дӕр стыр ӕххуыс чи фӕуыдзӕн, ахӕм ныфсдӕттӕг стихтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ. Уыдон нын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты ныфссаст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бафидар кӕнынӕн.

16. Ныфссаст адӕймаджы фидар кӕнгӕйӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ цавӕр миниуджытӕ сты?

16 У тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ. Иннӕты фидар кӕнгӕйӕ ацы миниуджытӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ сты. Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр у «тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕйы рыст фембары. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:3–6; Лук. 1:78; Ром. 15:13.) Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Павел дӕр. Уый загъта: «Мах [уӕ] рӕвдыдтам, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбулты куыд фӕрӕвдауы, афтӕ. Афтӕ тынг уӕ уарзӕм, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдыстӕм цӕттӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар фехъусын кодтаиккам, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдыстӕм сымахӕн нӕ удтӕ раттынмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕн систут адджын» (1 Фес. 2:7, 8). Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм, уӕд, чи зоны, мах уылты ныфссаст адӕймаджы куывдӕн дзуапп ратта.

17. Цӕмӕй не ’фсымӕрты фидар кӕнӕм, уый тыххӕй сӕм хъуамӕ цавӕр цӕстӕй кӕсӕм?

17 Ӕххӕстдзинад сӕ ма дом. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм раст цӕстӕй кӕс. Ӕххӕстдзинад сӕ куы домай, уӕд фыдӕнхъӕл фӕуыдзынӕ (Еккл. 7:21, 22). Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй, сӕ бон цы нӕу, уый нӕ домы. Ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы куы фӕзмай, уӕд иннӕты хъӕндзинӕдтӕн быхсдзынӕ (Еф. 4:2, 32). Цы дзурӕм, ууыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй-иу нын ныфссаст адӕймаг нӕ ныхӕстӕ афтӕ ма бамбара, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы фаг нӕ архайы, стӕй-иу ӕй хъуамӕ иннӕтимӕ ма барӕм. Фӕлтау-иу дзы зӕрдиагӕй раппӕлӕм, цы аразы, уый тыххӕй ӕмӕ-иу дзы афтӕмӕй ныфс бауадзӕм. Уӕд «цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл», ома, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ йӕхицӕн цы ’нтысы, ууыл (Гал. 6:4).

18. Иннӕты фидар кӕнын нӕ цӕмӕн фӕнды?

18 Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр у тынг зынаргъ, ӕмӕ сӕм Йесо дӕр ахӕм зӕрдӕ дары (Гал. 2:20). Мах дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты бирӕ уарзӕм, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй сын сӕ зын нӕ зӕрдӕмӕ исӕм ӕмӕ сыл тыхсӕм. Ӕмӕ сын цӕмӕй удӕнцойы хос уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «тырнӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ» (Ром. 14:19). Куыд тынг бӕллӕм уыцы рӕстӕгмӕ, ӕмӕ, адӕймаджы ныфс цӕй тыххӕй асӕтты, уыдӕттӕн сӕ кой дӕр куы нал уа! Ног дунейы, адӕм сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уый аххосӕй ничиуал мӕлдзӕн. Нал уыдзӕн низтӕ ӕмӕ хӕстытӕ. Ӕфхӕрд ничиуал ӕййафдзӕн ӕмӕ бинонты ’хсӕн зындзинӕдтӕ нал уыдзӕн. Адӕймаг фыдӕнхъӕл цӕмӕй фӕуа, ахӕмӕй ницыуал уыдзӕн. Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон адӕм иууылдӕр суыдзысты ӕххӕст. Фӕстаг фӕлварӕны иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдоны Йегъовӕ Хуыцау йӕ зӕххон хъӕбултыл банымайдзӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзӕн, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинадӕй» (Ром. 8:21). Цӕй ӕмӕ кӕрӕдзийы нӕ уарзондзинады фӕрцы фидар кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр, цы диссаджы хӕрзиуӕг нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕхи цӕстӕй фенӕм!

^ 12 абз. Йӕхи амарыныл чи фӕхъуыды кӕны, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн, уый фӕдыл уынаффӕтӕ ссарӕн ис брошюрӕйы «Почему жить стоит. Три причины не сдаваться» (ba845-U), статьятӕ «Почему жить стоит», «Потому что все может измениться», «Потому что можно получить помощь» ӕмӕ «Потому что есть обоснованная надежда», брошюрӕйы «Есть ли польза от честности?» (ba818-U), статья «Если не хочется жить...» ӕмӕ 2001 азы 22 октябры «Пробудитесь!»-ы, статьятӕ «Мировая проблема», «Почему люди отказываются жить» ӕмӕ «Помощь можно найти».