Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕппӕтхъомысджын у, фӕлӕ иннӕты хорзыл хъуыды кӕны

Ӕппӕтхъомысджын у, фӕлӕ иннӕты хорзыл хъуыды кӕны

«[Йегъовӕ] хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу» (ПС. 103:14).

ЗАРДЖЫТӔ: 30, 10

1, 2. а) Хъомысджын хицӕуттӕй уӕлдай, Йегъовӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

ХЪОМЫСДЖЫН хицӕуттӕ арӕх сӕ бартӕй афтӕ фӕпайда кӕнынц, ӕмӕ адӕмы хӕрдмӕ скӕсын нӕ фӕуадзынц (Матф. 20:25; Еккл. 8:9). Йегъовӕ уыдонӕй куыд тынг хицӕн кӕны! Кӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у, уӕддӕр ӕнӕххӕст адӕмы хорзыл хъуыды кӕны. Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ, уый адӕмы ӕнкъарӕнтӕ ӕмбары ӕмӕ сӕ цы тыхсын кӕны, уый дӕр зоны. «Сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу», ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ домы (Пс. 103:13, 14).

2 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты хорзыл кӕй хъуыды кӕны, уымӕн Библийы бирӕ цӕвиттонтӕ ис. Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ цӕвиттонмӕ: Йегъовӕ ӕрыгон Самуилӕн куыд баххуыс кодта хистӕр сауджын Илийӕн тӕрхоны хабар фехъусын кӕнынӕн; Моисей разамонӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ йӕ ныфс куы нӕ хаста, уӕд Йегъовӕ йемӕ куыд фӕразон уыд; Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд сыл куыд батыхст. Алы цӕвиттоныл дӕр куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы тыххӕй нын цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ дзы зондӕн райсӕн цы ис, ууыл.

ӔРЫГОН ЛӔППУЙӔН БАХХУЫС КОДТА

3. Ӕрыгон Самуилыл иу ӕхсӕв цавӕр диссаджы хабар ӕрцыд ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарста ӕвзӕры? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Самуил хӕрзгыццылӕй райдыдта Йегъовӕйӕн йӕ цатыры лӕггад кӕнын (1 Сам. 3:1). Иухатт ӕхсӕвы, куы схуыссыд, уӕд, ӕрцыд иу диссаджы хабар *. (Бакӕс 1 Самуилы 3:2–10.) Иуафон ӕм чидӕр фӕдзырдта. Самуил афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ йӕм хистӕр сауджын Илий дзуры. Гъемӕ йӕм балыгъд ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ дӕн. Дзырдтай мӕм?» Илий йын загъта, нӕ дӕм дзырдтон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ афтӕ ӕртӕ хатты. Ӕмӕ йӕм Самуил ӕртыккаг хатт куы бацыд, уӕд Илий бамбӕрста, Самуилмӕ Хуыцау кӕй дзырдта. Гъемӕ йын бацамыдта, куыд бакӕна, уый, ӕмӕ йӕм Самуил дӕр байхъуыста. Цымӕ Йегъовӕ Самуилӕн фыццаг хатт йӕхи цӕуылнӕ раргом кодта? Библийы уый фӕдыл ницы ис фыст, фӕлӕ, хабар дарддӕр куыд уыд, уымӕ гӕсгӕ, ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ Самуилы ӕнкъарӕнтыл хъуыды кодта.

4, 5. а) Хуыцау Самуилӕн тӕрхоны хабар фехъусын кӕнын куы бахӕс кодта, уӕд Самуил куыд бакодта? б) Ацы хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

4 Бакӕс 1 Самуилы 3:11–18. Йегъовӕйы закъон сывӕллӕттӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй ацӕргӕтӕн, уӕлдайдӕр та адӕмы хистӕртӕн, кад кодтаиккой (Рац. 22:28; Лев. 19:32). Ӕмӕ Самуилӕй та цы ис зӕгъӕн? Райсомӕй куы сыстад, уӕд, мыййаг, Илиймӕ бацыд ӕмӕ йын Хуыцауы карз тӕрхон хъӕбатырӕй фехъусын кодта? Нӕ, хабар афтӕ нӕ уыд. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Самуил «Илийӕн цӕстылуайӕны тыххӕй радзурын нӕ уӕндыд». Фӕлӕ Хуыцау Илийӕн равдыста, Самуилимӕ йӕхӕдӕг кӕй дзырдта. Гъемӕ Илий Самуилмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын афтӕ: «Цы дын загъта, уымӕй мӕ иу ныхас дӕр... [ма] басусӕг кӕн». Ӕмӕ йын уӕд Самуил «алцыдӕр радзырдта».

5 Илий уыцы тӕрхоны тыххӕй куы фехъуыста, уӕд ӕм уый бынтон диссаг нӕ фӕкаст, уымӕн ӕмӕ йын уый размӕ «Хуыцауы ӕрвыст лӕг» дӕр ахӕм хабар фехъусын кодта (1 Сам. 2:27–36). Ацы хабарӕй зыны, Йегъовӕ иннӕты хорзыл кӕй хъуыды кӕны ӕмӕ стыр зонды хицау кӕй у.

6. Йегъовӕ ӕрыгон Самуилӕн куыд баххуыс кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

6 Ӕрыгӕттӕ, Самуилы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнут? Йегъовӕ уын уӕ зындзинӕдтӕ уыны ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ ӕмбары. Чи зоны, стут ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ уын хистӕртӕн хорз хабар хъусын кӕнын ӕнцон нӕу кӕнӕ та, уе ’мгӕрттӕй кӕй хицӕн кӕнут, уымӕй ӕфсӕрмы кӕнут. Фӕлӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнут, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй уын баххуыс кӕна. Уӕдӕ-иу ын, уӕ зӕрдӕйы цы ис, уый раргом кӕнут (Пс. 62:8). Ахъуыды-иу кӕнут, Библийы ма ноджыдӕр цы ӕрыгон адӕймӕгты кой цӕуы, уыдоны цӕвиттонтыл дӕр. Стӕй ма-иу аныхас кӕнут, сымах хуызӕн зындзинӕдтӕ кӕмӕн уыд ӕмӕ сӕ сӕрты чи ахызт, ахӕм чырыстӕттимӕ – ӕрыгӕттимӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтимӕ дӕр. Уыдон уын радзурдзысты, Йегъовӕ-иу сӕм зын сахат ӕххуысмӕ куыд фӕзынд, уый тыххӕй. Кӕмӕндӕрты дзы, чи зоны, Йегъовӕ баххуыс кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдысты, афтӕ.

МОИСЕИМӔ УЫД ФӔРАЗОН

7, 8. Йегъовӕ Моисейы хорзыл кӕй хъуыды кодта, уый куыд равдыста?

7 Моисейыл 80 азы куы цыд, уӕд ын Йегъовӕ бахӕс кодта стыр хъуыддаг саразын – хъуамӕ израилӕгты Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кодтаид (Рац. 3:10). Моисей 40 азы цард Мадиамы ӕмӕ уым фыстӕ хызта, ӕмӕ йӕ ныр ахӕм зын хӕс сӕххӕст кӕнын кӕй хъуыд, уый йӕ мӕты ӕфтыдта. Уый Хуыцауӕн загъта: «Ӕз чи дӕн, цӕмӕй фараонмӕ ацӕуон ӕмӕ Израилы фыртты Египетӕй ракӕнон?» Йегъовӕ дзы ныфс бауагъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ» (Рац. 3:11, 12). Стӕй ма йын зӕрдӕ бавӕрдта, Израилы адӕмы хистӕр лӕгтӕ дӕр ӕм кӕй байхъусдзысты. Фӕлӕ уӕддӕр Моисей загъта: «Ӕмӕ мӕм куы нӕ байхъусой... уӕд та?» (Рац. 3:18; 4:1). Зӕгъӕн ис, Моисей Хуыцауы ныхмӕ ныллӕууыд! Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ йемӕ уыд фӕразон. Уый нӕ, фӕлӕ ма йын ахӕм тых радта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид диссӕгтӕ аразын. Хуыцау диссӕгтӕ аразыны тых кӕмӕн лӕвӕрдта, уыдонӕй Библийы фыццаг Моисейы кой цӕуы (Рац. 4:2–9, 21).

8 Фӕлӕ та Моисей ногӕй ӕфсон ссардта, зӕгъгӕ, дам, дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Хуыцау ын загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын амондзынӕн, цы дзурын дӕ хъӕуы, уый». Цымӕ уӕд Моисей сразы? Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ. Уый Хуыцаумӕ бахатыд, цӕмӕй ма йын йемӕ ноджыдӕр искӕй арвыстаид. Уӕд ӕм Йегъовӕ смӕсты. Фӕлӕ йын уӕддӕр йе ’нкъарӕнтӕ ӕмбӕрста, ӕмӕ Аароны равзӕрста, цӕмӕй Моисейы бӕсты уый дзырдтаид (Рац. 4:10–16).

9. Йегъовӕ Моисеимӕ фӕразон кӕй уыд ӕмӕ йыл кӕй тыхст, уый йын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй дзы хорз разамонӕг рауадаид?

9 Ацы хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд Моисейы тас бауадзын, цӕмӕй йӕ коммӕ бакастаид. Фӕлӕ Йегъовӕ равдыста фӕразондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад. Уый зыдта, Моисей бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг адӕймаг кӕй у ӕмӕ дзы ныфс бауадзын кӕй хъӕуы, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ загъта, йемӕ кӕй уыдзӕн. Цымӕ уый Моисейыл куыд фӕзынд? Фӕстӕдӕр Моисей сси хорз разамонӕг. Уый иннӕтыл тыхсти ӕмӕ сӕм уыд фӕлмӕнзӕрдӕ, Йегъовӕ йын йӕхиуыл куыд тыхст ӕмӕ йӕм куыд фӕлмӕнзӕрдӕ уыд, раст афтӕ (Ным. 12:3).

Йегъовӕйау иннӕты хорзыл хъуыды кӕныс? (кӕс 10 абзац)

10. Йегъовӕйау иннӕты хорзыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

10 Ацы хабарӕй сымах та, лӕгтӕ, ныййарджытӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, цӕуыл ахуыр кӕнут? Уӕ къухы ис цавӕрдӕр бартӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй Йегъовӕйау уат хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕразон ӕмӕ уын уӕ бӕрны кӕй бакодта, уыдоны хорзыл хъуыды кӕнат (Кол. 3:19–21; 1 Пет. 5:1–3). Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы куы фӕзмат, уӕд иннӕтӕн уемӕ ӕнцон уыдзӕн ӕмӕ сын ныфсы хос уыдзыстут (Матф. 11:28, 29). Стӕй уӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн фӕзминаг уыдзыстут (Дзут. 13:7).

ХЪОМЫСДЖЫН, ФӔЛӔ ФӔЛМӔНЗӔРДӔ ИРВӔЗЫНГӔНӔГ

11, 12. Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд цы сарӕзта, цӕмӕй мацӕуыл мӕт кодтаиккой?

11 Н. э. размӕ 1513 азы израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты ӕртӕ милуанӕй фылдӕр. Се ’хсӕн уыд сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, стӕй дзы рынчын ӕмӕ ӕнӕбон адӕм дӕр куыннӕ уыдаид. Цӕмӕй уыйбӕрц адӕм Египетӕй рацыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Разамонӕг. Ӕмӕ сын Йегъовӕ растдӕр ахӕм Разамонӕг уыд, Моисей та йӕ номӕй архайдта. Ӕмӕ кӕд израилӕгты, цӕрӕнбонты кӕм цардысты, уыцы зӕххӕй сыстын ӕмӕ кӕдӕмдӕр цӕуын бахъуыд, уӕддӕр сӕ зӕрдӕты тас нӕ уыд (Пс. 78:52, 53).

12 Цӕмӕй израилӕгтӕ мӕт мацӕуыл кодтаиккой, уый тыххӕй Йегъовӕ цы сарӕзта? Фыццаджыдӕр сӕ Египетӕй ракодта, «ӕфсад къордтӕ-къордтӕй» куыд ракӕнынц, афтӕ (Рац. 13:18). Ӕмӕ уый фӕрцы израилӕгтӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, сӕ Хуыцауӕн йӕ бар алцӕуыл дӕр кӕй цӕуы. Уымӕй уӕлдай ма бонӕй уыдтой «мигъы хуызӕн цӕджындз», ӕхсӕв та – «артау судзгӕ цӕджындз», ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбӕрстой, Йегъовӕ семӕ кӕй ис, разамынд сын кӕй дӕтты ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕны (Рац. 13:21). Афтӕмӕй сӕ Йегъовӕ ныфс бауагъта, ӕмӕ сын уый фӕстӕдӕр стыр ӕххуыс фӕци.

Йегъовӕ израилӕгтыл Сырх денджызы раз куыд батыхст? (кӕс 13 абзац)

13, 14. а) Йегъовӕ израилӕгтыл Сырх денджызы раз куыд батыхст? б) Йегъовӕ йӕ хъару египетӕгтыл куыд равдыста?

13 Бакӕс Рацыд 14:19–22. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, ды дӕр израилӕгтимӕ кӕй дӕ. Цы фӕуат, уый нал зонут: фӕстейӕ уӕ фараоны ӕфсад ӕрбаййафы, разӕй та уын уӕ фӕндаг Сырх денджыз ӕрӕхгӕдта. Ӕмӕ ныр Хуыцау архайын райдыдта. Мигъы хуызӕн цӕджындз уӕ фӕстӕ слӕууыд, ӕмӕ египетӕгты ’рдыгӕй талынг дары, сымахырдыгӕй та диссаджы хуызы рухс кӕны! Моисей йӕ къух денджызмӕ адардта, ӕмӕ скӕсӕнӕй тыхджын дымгӕ рацыд. Дон дыууӕ дихы фӕци, ӕмӕ денджызы астӕу фӕтӕн фӕндаг рауад, ӕмӕ йыл иннӕ фарсмӕ ахизӕн ис. Ӕмӕ ныр дӕхӕдӕг ӕмӕ дӕ бинонтӕ, уӕ хӕдзарон фос уемӕ, афтӕмӕй, иннӕтимӕ иумӕ денджызы астӕуты фӕцӕут. Цӕугӕ-цӕуын уӕм иу цыдӕр ӕнахуыр фӕкаст: уӕ къӕхты бын зӕхх нӕдӕр цъыфдзаст у, нӕдӕр салд, фӕлӕ у сур ӕмӕ хъӕбӕр, ӕмӕ йыл цӕуын ӕнцон у. Йӕ бон тагъд цӕуын кӕмӕн нӕу, суанг уыдон дӕр денджызы иннӕ фарсмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ сты.

14 Бакӕс Рацыд 14:23, 26–30. Уалынмӕ сӕрбӕрзонд ӕмӕ ӕнӕзонд фараон мӕстӕй судзгӕйӕ денджызы астӕумӕ уӕ фӕдыл бацыд. Ӕмӕ та Моисей йӕ къух денджызмӕ адардта, ӕмӕ, дыууӕрдыгӕй къултау цы дӕттӕ лӕууыдысты, уыдон ӕркалдысты, раст цыма дыууӕ цунамийы сӕхи кӕрӕдзийыл ныццавтой, уыйау. Фараон ӕмӕ йе ’фсад доны бын фесты, иу дӕр сӕ удӕгасӕй нал баззад (Рац. 15:8–10).

15. Ацы хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

15 Ацы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ у, алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи аразы, ахӕм Хуыцау, ӕмӕ уый зонгӕйӕ мах ницӕуыл мӕт кӕнӕм (1 Кор. 14:33). Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ ныл тыхсы, фыййау йӕ дзугыл куыд фӕтыхсы, афтӕ. Стӕй нӕ не знӕгтӕй хахъхъӕны. Ӕмӕ ацы дунейы кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ нын уый у стыр удӕнцойы хос! (Ӕмб. 1:33).

16. Йегъовӕ израилӕгты куыд фервӕзын кодта, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

16 Абон дӕр Йегъовӕ йӕ адӕмыл се ’ппӕтыл дӕр тыхсы. Ӕмӕ, тынг тагъд чи райдайдзӕн, уыцы стыр бӕллӕхы рӕстӕджы дӕр сӕ нӕ ныууадздзӕн (Рарг. 7:9, 10). Уӕдӕ Хуыцауы адӕмы уыцы рӕстӕг тӕрсын ницӕмӕй хъӕудзӕн,– ӕрыгон уой ӕви ацӕргӕ, ӕнӕниз уой ӕви рынчын, уӕддӕр *. Уыдон сӕ зӕрдыл дардзысты Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «[Уӕхи-иу] сӕмраст кӕнут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (Лук. 21:28). Ӕмӕ сӕ уымӕй фидар ныфс уыдзӕн, суанг сыл, фараонӕй бирӕ хъомысджындӕр чи разындзӕн, уыцы Гог, ома адӕмты къорд, йӕхи куы ныццӕва, уыцы рӕстӕг дӕр (Йез. 38:2, 14–16). Цымӕ сӕ уый фидарӕй цӕмӕн уырндзӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон зонынц, Йегъовӕ кӕй нӕ фӕивта. Хуыцау та ногӕй равдисдзӕн, йӕ адӕмы хорзыл кӕй хъуыды кӕны ӕмӕ сӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у (Ис. 26:3, 20).

17. а) Йегъовӕ-иу йӕ адӕмыл куыд батыхст, уыцы хабӕрттӕ куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Йегъовӕ йӕ адӕмы хорзыл кӕй хъуыды кӕны, разамынд сын кӕй дӕтты ӕмӕ сӕ кӕй ирвӕзын кӕны, уый цы цаутӕй бӕрӕг у, уыдонӕй ацы статьяйы мах ӕркастыстӕм ӕрмӕстдӕр цалдӕрмӕ. Ахӕм цауты тыххӕй куы кӕсай ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу дӕ хъус лыстӕг хабӕрттӕм дар, цӕмӕй-иу, Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй раздӕр цы нӕ зыдтай, уый базонай. Хуыцауы диссаджы миниуджыты тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд ӕй тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ йыл дӕ зӕрдӕ тынгдӕр дардзынӕ. Цымӕ махӕн та нӕ бон куыд у Йегъовӕйы бафӕзмын ӕмӕ, нӕ бинонтыл, не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл ӕмӕ, уацамынды кӕуыл фембӕлӕм, уыдоныл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый равдисын? Уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

^ 3 абз. Дзуттаг историк Иосиф Флавийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Самуилыл уӕд цыд 12 азы.

^ 16 абз. Армагеддоны сӕрты чи ахиза, уыдоны ’хсӕн рынчын ӕмӕ ӕнӕбон адӕм дӕр куыннӕ уыдзӕн. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд-иу дзӕбӕх кодта, «алыхуызон низтӕй рынчынты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи уыди, уыдоны» (Матф. 9:35). Афтӕмӕй равдыста, Армагеддоны сӕрты чи ахиза, уыдоны тыххӕй цы сараздзӕн, уый. Фӕлӕ ацы хабар, чи амард, уыдонмӕ нӕ хауы, уымӕн ӕмӕ куы райгас уой, уӕд уыдзысты ӕнӕниз.