Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Цавӕр цыппар хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хуыздӕр зарын райдайай?

Раст-иу слӕуу ӕмӕ-иу дӕ зарджыты чиныг бӕрзонддӕр сис. Раст-иу улӕф. Дӕ дзых-иу дзӕбӕх байгом кӕн. Хъӕрӕй-иу зар (bw588, 5 ф.).

Израилы ӕмбӕхсӕн горӕттӕ цы рӕтты уыдысты ӕмӕ сӕм цы фӕндӕгтӕ кодтой, уым цымыдисагӕй цы ис?

Уыцы ӕхсӕз ӕмбӕхсӕн горӕты уыдысты алы рӕтты, стӕй сӕм цы фӕндӕгтӕ кодтой, уыдон хорз цалцӕггонд уыдысты. Афтӕмӕй-иу адӕймагӕн уыцы горӕттӕй искӕцымӕ алидзын ӕнцондӕр уыдаид ӕмӕ-иу ӕм тагъддӕр бахӕццӕ уыдаид (bw588, 14 ф.).

Чырыстийы нывонд Хуыцауы ӕппӕты хуыздӕр лӕвар цӕмӕн у?

Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ фӕнды ӕнустӕм цӕрын, ӕмӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы уымӕн гӕнӕн ис. Чырыстийы нывонд нӕ сӕрибар кӕны тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй. Хуыцау Чырыстийы мах тыххӕй радта, кӕд тӕригъӕдджын стӕм, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ тынг уарзы (bp188, 6, 7 фф.).

Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ 118-ӕм псаломы 22-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ Йесойы райгасдзинадмӕ амыдтой?

Дзуттӕгтӕ Йесойы ницӕмӕ ӕрдардтой, Мессийӕйыл ӕй нӕ банымадтой ӕмӕ йӕ амардтой. Цӕмӕй Йесо «фисыны сӕйраг дур» суыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ райгас уыдаид (bw589, 10 ф.).

Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уыдонмӕ-иу ӕнӕмӕнг хистӕр фырты бартӕ хъуамӕ уыдаид?

Йесомӕ чи кодта, уыцы хӕдзарвӕндагӕй чидӕртӕ уыдысты фыццаггуырд фырттӕ, чидӕртӕ та – нӕ. Давид Йессейы фыццаггуырд фырт нӕ уыд, фӕлӕ уӕддӕр Мессийӕ уый хӕдзарвӕндагӕй рацыд (bw589, 14, 15 фф.).

Библийы медицинӕимӕ баст фарстатӕй иуӕй-иуты тыххӕй цы фыст ис?

Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ-иу кӕцыдӕр низтӕй рынчын адӕмы хъуыди иннӕтӕй ахибар кӕнын. Мардмӕ-иу чи бавнӕлдтаид, уый-иу хъуыди йӕхи ныхсын. Адӕймаг-иу йӕхи хъуыдыйы куы ацыд, уӕд-иу хъуамӕ йӕ чъизитӕ баныгӕдтаид. Ноггуырд лӕппуйӕн-иу сунӕт скӕнын хъуыди ӕстӕм бон, уымӕн ӕмӕ йӕ туг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ахсын райдайы, иу къуыри йыл куы рацӕуы, уый фӕстӕ (bp190, 7 ф.).

Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ, чырыстон йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй ницы ис?

Мах хъуамӕ иннӕты уарзӕм, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ (Мар. 12:31). Лӕгтӕ, «сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты» (Еф. 5:28). Фӕлӕ адӕймаг йӕхи ӕгӕр тынг куы фӕуарзы, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕны (bw590, 23 ф.).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн?

Хъуамӕ Хуыцауы Ныхас иртасӕм, лӕмбынӕг ыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ-иу, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Хъуамӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ хъусӕм, стӕй-иу иннӕты ӕххуысыл сразы уӕм ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бузныг уӕм (bw591, 26 ф.).

Астрологи ӕмӕ дӕсны фӕрсыны руаджы, фидӕны цы уыдзӕн, уый базонӕн цӕуылнӕ ис?

Уымӕн ис алыхуызон аххосӕгтӕ, фӕлӕ сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Библи уыцы хъуыддӕгты ныхмӕ у (bp194, 4, 5 фф.).

Уазӕгуаты ацӕуыныл куы сразы уӕм, уӕд уый фӕстӕ раст цы нӕ уаид?

Раст нӕ уаид, кӕмӕдӕр уазӕгуаты ацӕуыныл куы сразы уӕм, фӕлӕ стӕй исты куы сӕфсон кӕнӕм ӕмӕ куы нал ацӕуӕм. Хъуамӕ-иу нӕ ныхасӕн хицау разынӕм (Пс. 15:4). Чи нӕ фӕхуыдта, уый, чи зоны, цыдӕртӕ ӕрцӕттӕ кодта, ӕмӕ, куы не ’рбацӕуӕм, уӕд йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы фӕуыдзӕн (bw592, 18 ф.).

Тимофей бӕрнон ӕфсымӕртӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

Тимофей адӕмыл зӕрдиагӕй тыхсти ӕмӕ йын фыццаг бынаты уыд хъусын кӕныны хъуыддаг. Уый Хуыцауы хъуыддаджы йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта ӕмӕ-иу цӕуыл сахуыр, уымӕ гӕсгӕ-иу архайдта. Ӕдзух йӕхиуыл куыста ӕмӕ йӕ ныфс дардта Хуыцауы сыгъдӕг тыхыл. Тимофей фӕзминаг у хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн дӕр (bw593, 13, 14 фф.).