Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕрдиаг саламӕн ис стыр тых

Зӕрдиаг саламӕн ис стыр тых

«САЛАМ! Куыд дӕ?»

Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы ныхӕстӕ арӕх фӕзӕгъыс. Ӕвӕццӕгӕн ма адӕймагӕн йӕ къух дӕр райсыс кӕнӕ йын ахъӕбыс кӕныс. Алыхуызон бӕстӕты салам раттынӕн алыхуызон ӕгъдӕуттӕ ис, стӕй салам дӕтгӕйӕ алыхуызон ныхӕстӕ фӕзӕгъынц. Фӕлӕ салам раттынӕн йӕ нысан иу у. Ӕмӕ искӕмӕн салам куы нӕ раттай кӕнӕ искӕй саламӕн куы ницы зӕгъай, уӕд афтӕ рауайдзӕн, цыма йӕ ницӕмӕ дарыс, стӕй уый ӕгъдауыл дзурӕг нӕ уыдзӕн.

Фӕлӕ салам дӕттын алчи нӕ уарзы. Иуӕй-иутӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, иннӕтӕм та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ салам никӕй хъӕуы. Кӕмӕндӕрты та салам раттын зын вӕййы, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у кӕнӕ йӕ царды уавӕртӕ ӕндӕрхуызон кӕмӕн сты, уыдонӕн. Фӕлӕ уӕддӕр салам дӕттын арфӕйаг хъуыддаг у, иу ныхасӕй йӕ куы зӕгъай, уӕд дӕр.

Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Салам дӕттын хорз цӕмӕн у? Салам дӕттыны тыххӕй Хуыцауы Ныхасӕй мӕ бон цы у базонын?»

«АЛКӔМӔН ДӔР» САЛАМ ДӔТТУТ

«Хуыцау... никӕй хъулон кӕны» (Хъуыд. 10:34). Ацы ныхӕстӕ апостол Петр загъта Корнилийӕн, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстон фыццаг чи сси, уыцы адӕймагӕн. Фӕстӕдӕр Петр ныффыста, Хуыцауы кӕй «фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы дыууӕ стихы, Библи ахуыр кӕнын чи райдыдта, сӕйраджыдӕр уыдонмӕ хауынц. Фӕлӕ ма Петр чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста: «Алкӕмӕн дӕр кад кӕнут, уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут» (1 Пет. 2:17). Уӕдӕ адӕймаг цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты хъомыл ма уа, уӕддӕр-иу ын хъуамӕ салам раттӕм. Афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йын кад кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм.

Апостол Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Чырысти сымах куыд суазӕг кодта, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы афтӕ суазӕг кӕнут» (Ром. 15:7, фип.). Павел ныффыста, иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ йын «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» кӕй уыдысты. Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы кой куы кӕнӕм, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн уӕлдай тынгдӕр хъӕуы сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг карзӕй цӕуы Хуыцауы адӕмы ныхмӕ (Кол. 4:11; Рарг. 12:12, 17).

Адӕймагӕн салам куы раттынц, уӕд ын ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ, Библийы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, зӕрдиаг саламӕн бирӕ стырдӕр тых кӕй ис.

САЛАМ ДӔТТЫН ХОРЗ ЦӔМӔН У

Рӕстӕг куы ’рцыд, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ Фырты цард Марийӕйы хуылфмӕ рахастаид, уӕд ӕм йӕ зӕды рарвыста. Зӕд Марийӕйӕн загъта: «Дӕ бон хорз, Хуыцауӕн уарзон адӕймаг. Йегъовӕ демӕ ис». Марийӕ «тынг стыхст», зӕд мӕм цӕмӕн сдзырдта, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын уый загъта: «Ма тӕрс, Марийӕ, уымӕн ӕмӕ ды ссардтай Хуыцауы хорзӕх». Ӕмӕ йын бамбарын кодта, Хуыцауы фӕнд кӕй у, цӕмӕй лӕппу ныййара – фидӕны Мессийӕ чи хъуамӕ суыдаид, уый. Ӕмӕ кӕд фыццаг Марийӕ стыхст, уӕд ныр та загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар. Мӕн тыххӕй куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уӕд» (Лук. 1:26–38).

Зӕдӕн стыр кад уыд Йегъовӕйы ныхӕстӕ фехъусын кӕнын. Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын ӕнӕххӕст адӕймагимӕ дзурын сӕрмӕхӕссинаг нӕу. Йӕ ныхас райдыдта, Марийӕйӕн салам кӕй радта, уымӕй. Ацы цӕвиттон нын цӕуыл дзурӕг у? Мах дӕр-иу хъуамӕ иннӕтӕн зӕрдиаг салам раттӕм ӕмӕ-иу сӕ бафидар кӕнӕм. Адӕймагӕн-иу ӕрмӕст цалдӕр ныхасы дӕр куы зӕгъӕм, уӕд дӕр-иу дзы ныфс бацӕудзӕн ӕмӕ-иу банкъардзӕн, уый дӕр Йегъовӕйы бинонтӕй кӕй у.

Павел Къаннӕг Азийы ӕмӕ Европӕйы ӕмбырдтӕй бирӕты зыдта. Йӕ фыстӕджыты-иу сӕ кӕмӕндӕрты салӕмттӕ лӕвӕрдта, номгай-иу сӕ ранымадта, афтӕмӕй. Уый фенӕн ис Ромӕгтӕм 16 сӕры. Зӕгъӕм, иу хойы тыххӕй ӕфсымӕртӕн загъта: «Нӕ хо Фивӕйы... нӕ Хицауы хатырӕй... сыгъдӕджыты куыд ӕмбӕлы, афтӕ суазӕг кӕнут ӕмӕ йӕ уӕ сӕр кӕм бахъӕуа, уым-иу ӕм фӕкӕсут». Салӕмттӕ ма ӕрвыста Прискӕ ӕмӕ Акилӕйӕн дӕр ӕмӕ ныффыста, зӕгъгӕ, «ӕрмӕст ӕз [сӕ] нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ иннӕ адӕмты ӕмбырдтӕ иууылдӕр». Павел ма салӕмттӕ ӕрвыста, абон тынг гыццыл кӕй тыххӕй зонӕм, уыцы чырыстӕттӕн дӕр – «йӕ уарзон ӕфсымӕр Епенетӕн» ӕмӕ афтӕ кӕй тыххӕй загъта, «уыцы сылгоймӕгтӕ тынг зӕрдиагӕй архайынц нӕ Хицауы хъуыддаджы», зӕгъгӕ, уыдонӕн, ома «Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕйӕн». Бӕрӕг у, Павелӕн йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн салӕмттӕ ӕрвитын ӕхсызгон кӕй уыд (Ром. 16:1–16).

Ахъуыды-ма кӕн, уыцы чырыстӕттӕн куыд ӕхсызгон уыдаид, Павелӕй рох кӕй нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ ахӕм хорз ныхӕстӕ кӕй загъта, уый. Уый фӕрцы Павелӕн дӕр ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дӕр ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын куыннӕ райдыдтаиккой! Дзырд дӕр ыл нӕй, Павелы салӕмттӕ ма иннӕ чырыстӕтты дӕр ныфс бауагътаиккой ӕмӕ сын уый фӕрцы дарддӕр фидар лӕууын ӕнцондӕр уыдаид. Ӕцӕгдӕр, салам дӕтгӕйӕ иннӕтӕй куы ’ппӕлӕм ӕмӕ сыл кӕй тыхсӕм, уый сын куы ’вдисӕм, уӕд нӕ хӕлардзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ’хсӕн уыдзӕн иудзинад.

Павел наулӕууӕн горӕт Путеолмӕ куы бахӕццӕ ӕмӕ уырдыгӕй Роммӕ куы араст, уӕд ромаг чырыстӕттӕ хуссарырдӕм йӕ размӕ рацыдысты. Павел сӕ дардмӕ куы ауыдта, уӕд «Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд» (Хъуыд. 28:13–15). Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ салам дӕтгӕйӕ нӕ бон вӕййы адӕймагмӕ ӕрмӕстдӕр нӕ мидбылты бахудын йе та йӕм нӕ къух батилын. Фӕлӕ дзы, чи зоны, ӕрмӕст уый дӕр ныфс бауадза, уӕлдайдӕр та, зӕрдӕсаст кӕнӕ ӕнкъард куы уа, уӕд.

НЕ ’ППӔТ ДӔР СТӔМ ХУЫЦАУЫ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔ

Ахуыргӕнинаг Иаковы хъуыди иуӕй-иу чырыстӕттӕн бауайдзӕф кӕнын. Уыдон Хуыцауы цӕсты хӕтаг адӕмӕй уӕлдай нӕ уыдысты, ацы дунеимӕ кӕй лымӕн кодтой, уый тыххӕй (Иак. 4:4). Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, Иаков йӕ фыстӕг цавӕр ныхӕстӕй райдыдта, уымӕ: «Иаков, Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы цагъар, фыссы, алы рӕттӕм чи фӕлыгъд, уыцы дыууадӕс мыггагмӕ. Арфӕйаг ут!» (Иак. 1:1).

Дзырд дӕр ыл нӕй, йӕ фыстӕг кӕмӕ фыста, уыцы чырыстӕттӕн ахӕм ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ ӕнцондӕр уыдаид йӕ уынаффӕмӕ байхъусын, уымӕн ӕмӕ йӕ саламӕй бӕрӕг уыд, йӕхи уыдонау Хуыцауы цагъарыл кӕй нымадта. Уӕдӕ адӕймагӕн сӕрныллӕгӕй салам куы раттай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн йемӕ дарддӕр ныхас кӕнын, суанг зын фарстатыл дӕр.

Фӕлӕ нӕ салам, кӕд ӕй цыбыртӕй раттӕм, уӕддӕр, хъуамӕ зӕрдӕйӕ цӕуа ӕмӕ нӕ уарзондзинадыл дзурӕг уа, суанг нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ нӕ адӕймаг нӕ фехъусдзӕн, уӕд дӕр (Матф. 22:39). Иухатт Ирландийы иу хо Паддзахады залмӕ ӕрбацыд, ӕмбырд мӕнӕ-мӕнӕ хъуамӕ райдыдтаид, афтӕ. Залмӕ тагъд-тагъдӕй куы бацыд, уӕд ӕм иу ӕфсымӕр разылд, йӕ мидбылты йӕм бахудт ӕмӕ йын загъта: «Салам! Дӕ уынд мын ӕхсызгон у». Хо йӕм ницы сдзырдта, афтӕмӕй йӕ бынаты сбадт.

Цалдӕр къуырийы фӕстӕ хо уыцы ӕфсымӕрмӕ бацыд ӕмӕ, йемӕ куыд ныхас кодта, афтӕ йын ской кодта, цасдӕр рӕстӕг ын хӕдзары цыдӕр зындзинӕдтӕ кӕй уыд. Ӕмӕ йын стӕй загъта: «Уыцы изӕр ахӕм ныфссаст уыдтӕн, ӕмӕ ӕмбырдмӕ цӕуинаг дӕр нӕ уыдтӕн. Ӕмбырды цы дзырдтой, уымӕй бирӕ ницы хъуыды кӕнын, фӕлӕ мын салам кӕй радтай, уый бахъуыды кодтон. Бамбӕрстон ӕй, хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕцӕгдӕр кӕй хъӕуын. Бузныг дын».

Уыцы ӕфсымӕр ууыл хъуыды дӕр нӕ акодтаид, ӕмӕ йӕ цыбыр салам хойы афтӕ тынг бафидар кӕндзӕн. Уый загъта: «Уыцы цалдӕр ныхасы дӕр дзы ныфс кӕй бауагътой, уый мын куы загъта, уӕд мын тынг ӕхсызгон уыд, ӕмӕ ахъуыды кодтон, зӕгъын, цы хорз у, уӕд ын салам кӕй радтон».

Паддзах Соломон ныффыста: «Дӕ дзул доны ауадз, уымӕн ӕмӕ йӕ бирӕ бонты фӕстӕ ссардзынӕ» (Еккл. 11:1). Зӕрдиаг саламӕн стыр тых кӕй ис, уый куы ’мбарӕм ӕмӕ иннӕтӕн, уӕлдайдӕр та не ’мчырыстӕттӕн, салам куы дӕттӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр цины хос уыдзӕн. Уӕдӕ ма дызӕрдыг кӕн: зӕрдиаг саламӕн стыр тых ис!