Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу»

«Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу»

«Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон» (ИОАН. 18:37).

ЗАРДЖЫТӔ: 15, 74

1, 2. а) Ацы дуне тынгӕй-тынгдӕр куыд дихтӕ кӕны? б) Ацы статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

«МӔ ГЫЦЦЫЛӔЙ фӕстӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ йеддӕмӕ ницы уыдтон,– загъта, Хуссар Европӕйӕ чи у, иу ахӕм хо, йӕ раздӕры царды кой кӕнгӕйӕ.– Нӕ бӕстӕйы хицауадӕй разы нал уыдтӕн, ӕмӕ митингты архайын райдыдтон. Стӕй бирӕ азты дӕргъы уыдтӕн иу террористы уарзон». Хуссар Африкӕйӕ чи у, иу ахӕм ӕфсымӕр та радзырдта, раздӕр афтӕ кӕй хъуыды кодта, ӕмӕ тыхмийӕ архайӕн ис. Уый загъта: «Нӕ адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕрыл нымадтон, ӕмӕ иу политикон партимӕ бацыдтӕн. Афтӕ нӕ сахуыр кодтой, ӕмӕ, нӕ фарс чи нӕ уыд, уыдоны хъуамӕ ӕрцытӕй мардтаиккам. Суанг-иу нӕхи адӕмыхаттӕй дӕр исчи ӕндӕр политикон партийы фарс куы слӕууыд, уӕд-иу уымӕн дӕр хъуамӕ афтӕ бакодтаиккам». Централон Европӕйы чи цӕры, иу ахӕм хо загъта: «Раздӕр хъулон митӕ тынг кодтон. Ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи уыд ӕмӕ ӕндӕр диныл хӕст чи уыд, уыдонӕй ме сӕфт уыдтон».

2 Ацы ӕртӕ адӕймаджы цы зондыл хӕст уыдысты, ахӕм зондыл хӕст адӕм абон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Политикон къордтӕй бирӕтӕ хӕдбардзинадыл тох кӕнынц тыхмийы фӕрцы. Адӕм политикӕимӕ баст фарстаты тыххӕй кӕрӕдзийы ныхмӕ тынгӕй-тынгдӕр цӕуынц. Стӕй бирӕ бӕстӕты бынӕттон адӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕй се сӕфт тынгдӕр уынын райдыдтой. Библийы фыст пехуымпарад куыд зӕгъы, растдӕр афтӕ ацы фӕстаг бонты адӕм сты «зындзырд» (2 Тим. 3:1, 3). Дуне тынгӕй-тынгдӕр дихтӕ кӕны, ӕмӕ цымӕ ахӕм дунейы цӕргӕйӕ чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ иудзинад бахъахъхъӕнын? Уый бамбарынӕн нын баххуыс кӕндзӕн Йесойы цӕвиттон. Йӕ рӕстӕджы дӕр змӕстытӕ арӕх уыд, стӕй адӕм хицӕутты ныхмӕ тынг цыдысты. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ ахсджиаг фарстамӕ: Йесо политикӕимӕ баст хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайдта? Куыд равдыста, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ политикӕйы нӕдӕр иуты фарс кӕй хъуамӕ ма уой, нӕдӕр иннӕты? Ӕмӕ куыд бамбарын кодта, тыхмийӕ архайӕн кӕй нӕй?

ХӔДБАРДЗИНАДМӔ ЧИ БӔЛЛЫД, УЫДОНМӔ ЙЕСО ЦЫ ЦӔСТӔЙ КАСТ?

3, 4. а) Йесойы рӕстӕджы дзуттӕгтӕй бирӕтӕ цӕмӕ бӕллыдысты? б) Уыцы хъуыдытӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл куыд фӕзындысты?

3 Йесо кӕмӕн хъусын кодта, уыцы дзуттӕгтӕй бирӕтӕ бӕллыдысты, цӕмӕй Ромы дӕлбар мауал уыдаиккой. Ӕмӕ дзуттаг зелоттӕ – ромаг хицауады ныхмӕ уӕлдай карзӕй чи тох кодта, уыцы политикон къорд – адӕмы Ромы ныхмӕ ноджы тынгдӕр ардыдтой. Бирӕтӕ сӕ уыдысты, фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы галилейаг Иудӕйы фӕдылдзӕуджытӕ. Уыцы адӕймаг йӕхи рахуыдта мессийӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл бирӕты асайдта. Дзуттаг историк Иосиф Флавий ныффыста, уыцы Иудӕ йе ’мбӕстӕгтӕй бирӕты Ромы ныхмӕ кӕй растын кодта ӕмӕ, Ромы хицауадӕн хъалон фидыныл разы чи уыд, уыдоны та «тӕппудтӕ» кӕй хуыдта. Ромӕгтӕ Иудӕйы амардтой (Хъуыд. 5:37). Уый фӕстӕ зелоттӕй иуӕй-иутӕ ноджы ӕгъатырдӕрӕй архайын райдыдтой, цӕмӕй сӕ пълӕнттӕ сӕ къухы бафтыдаиккой.

4 Зелоттӕй уӕлдай, хуымӕтӕг дзуттаг адӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты Мессийӕйы ӕрцыдмӕ. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕ ромӕгты ӕфсондзӕй ссӕрибар кӕндзӕн ӕмӕ Израилӕн йӕ раздӕры кад раздахдзӕн (Лук. 2:38; 3:15). Бирӕты уырныдта, Мессийӕ йӕ паддзахад кӕй сфидар кӕндзӕн зӕххыл, бӕлвырдӕй та – Израилы. Хабар ӕцӕгдӕр афтӕ куы уыдаид, уӕд, дунейыл чи ныппырх, уыцы дзуттӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыдаид фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхын. Суанг ма Аргъауӕг Иоанн дӕр иухатт Йесойы бафарста: «Ӕрцӕуинаг чи у, уый ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?» (Матф. 11:2, 3). Ӕвӕццӕгӕн, Иоанны фӕндыд базонын, дзуттӕгты Йесо ссӕрибар кӕндзӕн ӕви ӕндӕр исчи. Йесо куы райгас ӕмӕ Еммаусмӕ фӕндагыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйыл куы сӕмбӕлд, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, афтӕ кӕй ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Израил Йесо ссӕрибар кӕндзӕн. (Бакӕс Лукайы 24:21.) Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ апостолтӕ Йесойы бафарстой: «Хицау, Израилы паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къахыл ныр не слӕууын кӕндзынӕ?» (Хъуыд. 1:6).

5. а) Галилейӕйы цӕрӕг адӕмы Йесойы сӕ паддзахӕй сӕвӕрын цӕмӕн фӕндыд? б) Йесо сын куыд бамбарын кодта, раст кӕй нӕ хъуыды кӕнынц, уый?

5 Уӕдӕ дзуттӕгтӕ ӕнхъӕлдтой, Мессийӕ сӕ се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ Галилейӕйы цӕрӕг адӕмы дӕр Йесойы сӕ паддзахӕй сӕвӕрын, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй фӕндыд. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Йесойӕ хуыздӕр паддзахӕн скӕнӕн нӕ уыд: уыди дзырдарӕхст, рынчынты дзӕбӕх кодта, ӕххормӕгты ӕфсӕста. Йесо иу-5 000 лӕджы куы бафсӕста, уӕд адӕм дисӕй мардысты. Ӕмӕ йӕ уӕд бамбӕрста, цы фӕнд кӕнынц, уый. Библийы фыст ис: «Йесо... зыдта, адӕм ӕрбацӕуынмӕ кӕй хъавынц, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой, ӕмӕ фӕстӕмӕ иунӕгӕй хохмӕ ацыд» (Иоан. 6:10–15). Иннӕ бонмӕ адӕм, ӕвӕццӕгӕн, ӕрсабыр сты. Йесойы Галилейӕйы денджызы иннӕ фарс куы ссардтой, уӕд сын бамбарын кодта, уый тыххӕй кӕй не ’рцыд, цӕмӕй сын сӕ цард фӕхуыздӕр кодтаид, фӕлӕ сын цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй радзырдтаид. Ӕмӕ сын загъта: «Сӕфгӕ чи кӕны, уыцы хӕринагыл ма уӕд уӕ фыдӕбон, фӕлӕ, сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл» (Иоан. 6:25–27).

6. Йесо куыд бамбарын кодта, зӕххыл хицауы бартӕм кӕй нӕ тырныдта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

6 Йесойӕн йӕ мӕлӕтмӕ бирӕ нал хъуыд, афтӕ йӕ бамбӕрста, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй иуӕй-иутӕ афтӕ кӕй хъуыды кодтой, ӕмӕ паддзах зӕххыл, Иерусалимы, суыдзӕн. Раст кӕй нӕ хъуыды кӕнынц, уый бамбарын кӕнынӕн сын Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас минӕты тыххӕй. Уыцы фӕсномыг ныхасы дзырд цыди, «кадджын мыггагӕй чи уыд, иу ахӕм лӕг», ома Йесо, цасдӕр рӕстӕгмӕ дард бӕстӕм кӕй хъуамӕ ацыдаид (Лук. 19:11–13, 15). Ромаг хицау Понтий Пилатӕн та бӕлвырд бамбарын кодта, дунейы хицауӕдтӕй кӕй никӕй фарс хӕцы. Понтий Пилат ӕй бафарста: «Ды дзуттӕгты паддзах дӕ?» (Иоан. 18:33). Ӕвӕццӕгӕн, Пилат тарст, Йесо адӕмы Ромы хицауады ныхмӕ кӕй растын кӕндзӕн. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоан. 18:36). Йесо политикӕйӕ дард лӕууыд, уымӕн ӕмӕ йӕ Паддзахад уӕлӕрвты хъуамӕ уыдаид. Ӕмӕ Пилатӕн загъта, зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй ӕрцыд, «цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыдаид». (Бакӕс Иоанны 18:37.)

Де ’ргом ацы дунейы зындзинӕдтӕм здӕхт у ӕви Хуыцауы Паддзахадмӕ? (кӕс 7 абзац)

7. Политикӕимӕ баст фарстаты дӕ мидзӕрдӕйы дӕр макӕй фарс хӕцай, уый ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

7 Йесо хорз ӕмбӕрста, йӕ хӕс цы уыд, уый. Ӕмӕ мах дӕр, нӕ хӕс цы у, уый хорз куы ӕмбарӕм, уӕд политикӕимӕ баст фарстаты суанг нӕ мидзӕрдӕйы дӕр никӕй фарс хӕцдзыстӕм. Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Иу цӕуӕг цӕстдарӕг, кӕм лӕггад кӕны, уыцы ран цӕрӕг адӕмӕй загъта, сӕ адӕмыхаттӕй тынг сӕрыстыр кӕй сты, стӕй афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, хӕдбар паддзахад куы суой, уӕд сӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты сӕрыл карзӕй-карздӕр дзурынц. Уыцы цӕстдарӕг ма загъта: «Ӕхсызгон у, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сӕ хъарутӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн кӕй дӕттынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ иудзинад кӕй хъахъхъӕнынц. Уыдон зонынц, хӕрам хъуыддӕгтӕн ӕмӕ иннӕ зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцау кӕй скӕндзӕн».

ЙЕСО ПОЛИТИКӔИМӔ БАСТ ХЪУЫДДӔГТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КАСТ?

8. Фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕн сӕ цард цавӕр хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй зындӕр кодта?

8 Арӕх адӕм политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайын райдайынц, сӕ алыварс хӕрамдзинад кӕй фӕуынынц, уый тыххӕй. Йесойы рӕстӕджы ахӕм хъуыддӕгтӕй иу уыд хъалонтӕ фидыны хъуыддаг. Галилейаг Иудӕ дӕр Ромы хицауады ныхмӕ уымӕн рацыд, ӕмӕ уыдон сӕ паддзахады цӕрӕг адӕмӕй домдтой, цӕмӕй-иу сӕхи ныффыстаиккой ӕмӕ-иу стӕй хъалонтӕ фыстаиккой. Ӕмӕ сын хъалонтӕ та бирӕ уыди фидинаг, зӕгъӕм, исбоны тыххӕй, стӕй зӕххытӕ ӕмӕ хӕдзӕртты тыххӕй. Хабар фыддӕр кодта, хъалонисджытӕ гӕртамхортӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Арӕх-иу хъалонисджытӕ хицӕуттӕн ӕхца бафыстой, цӕмӕй-иу сын стыр бартӕ радтаиккой. Ӕмӕ-иу стӕй уыцы барты фӕрцы сӕхицӕн бирӕ ӕхца куыстой. Иерихоны хъалонисджыты хицау Закхей схъӕздыг, адӕмӕй-иу хӕрамӕй ӕхца кӕй байста, уый фӕрцы (Лук. 19:2, 8). Ӕмӕ уыцы рӕстӕг афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ кодтой.

9, 10. а) Йесойы знӕгтӕ куыд архайдтой, цӕмӕй политикӕимӕ баст хъуыддӕгты искӕй фарс рахӕцыдаид? б) Йесо куыд бакодта, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

9 Йесойы знӕгты фӕндыд, цӕмӕй хъалон фидыны хъуыддаджы искӕй фарс рахӕцыдаид ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ныхасӕй ӕрцахстаиккой. Уыдон ӕй бафарстой, Ромы дӕлбар цӕрӕг адӕмӕй алчидӕр йӕхи тыххӕй цы хъалон хъуамӕ фыстаид, уымӕй. Уыцы хъалон уыд иу динар. (Бакӕс Матфейы 22:16–18.) Дзуттӕгтӕ уыцы хъалонӕй се сӕфт уыдтой, уымӕн ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Ромы паддзахады дӕлбар кӕй уыдысты, уый. Ироды фарс чи уыди, уыдон хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, афтӕ куы зӕгъа, ӕмӕ ацы хъалон фидын нӕ хъӕуы, уӕд ӕй Ромы паддзахады знаг схондзыстӕм ӕмӕ йӕ афтӕмӕй фӕаххосджын кӕндзыстӕм. Ӕмӕ афтӕ куы загътаид, хъӕуы йӕ фидын, зӕгъгӕ, уӕд та адӕм йӕ фӕдыл нал цыдаиккой. Цымӕ Йесо куыд бакодта?

10 Йесо ацы фарстайы никӕй фарс рахӕцыд. Уый загъта: «Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матф. 22:21). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо зыдта, хъалонисджытӕй бирӕтӕ гӕртамхортӕ кӕй уыдысты. Фӕлӕ уый зыдта, йе ’ргом уыцы хъуыддагмӕ куы аздаха, уӕд бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддаг рохуаты кӕй аззайдзӕн. Уый ӕмбӕрста, адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн. Уымӕй нын Йесо у фӕзминаг. Мах политикӕимӕ баст хъуыддӕгты хъуамӕ макӕй фарс хӕцӕм, суанг нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ сӕ чидӕртӕ раст сты, уӕд дӕр. Чырыстӕттӕ фыццаджыдӕр агурынц Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад (Матф. 6:33). Уымӕ гӕсгӕ мах политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кой нӕ фӕкӕнӕм ӕмӕ афтӕ нӕ фӕдзурӕм, «уый раст у» кӕнӕ «уый раст нӕу», зӕгъгӕ.

11. Рӕстдзинады сӕрыл тох кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал цы у?

11 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ раздӕр политикӕимӕ баст хъуыддӕгты фӕдыл цавӕрдӕр хъуыдытыл фидар хӕцыдысты, фӕлӕ стӕй сӕ зондахаст аивтой. Зӕгъӕм, Великобританийӕ иу хо, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдта, уӕдмӕ университеты социологи ахуыр кодта, ӕмӕ ӕппынфӕстаг ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд, ӕмӕ сӕ бӕстӕйы алцыдӕр фӕивын хъӕуы. Уыцы хо загъта: «Мӕн фӕндыд сауцъар адӕмы бартыл тох кӕнын, уымӕн ӕмӕ нӕ тынг ӕфхӕрдтой. Сауцъар адӕмы сӕрыл-иу куы дзырдтон, уӕд-иу мӕ ныхасӕй ничи амбылдта, фӕлӕ-иу уӕддӕр райгондӕй никуы баззадтӕн. Ӕз ӕй не ’мбӕрстон, иу адӕмыхатт иннӕмӕй йе сӕфт кӕй уыны, уымӕн йӕ уидаг адӕмӕн сӕ зӕрдӕты кӕй ис ӕмӕ йӕ уырдыгӕй кӕй хъӕуы стонын. Фӕлӕ, Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд ӕй бамбӕрстон. Стӕй ма уый дӕр бамбӕрстон, ӕмӕ мӕхи зӕрдӕйӕ хъуамӕ райдыдтаин. Ӕмӕ мын уыцы хъуыддаджы фӕразонӕй чи ӕххуыс кодта, уый уыд урсцъар хо. Ныр лӕггад кӕнын пионерӕй, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм ӕмбырды, ӕмӕ фӕархайын, цӕмӕй алыхуызон адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг арон».

«ДӔ ХЪАМА ЙӔ БЫНАТЫ СӔВӔР»

12. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цавӕр «ӕнхъизӕнӕй» бафӕдзӕхста?

12 Йесойы рӕстӕджы-иу дины разамонджытӕ арӕх уыдысты алыхуызон политикон къордты фарс. Иу чиныджы фыст ис, уыцы рӕстӕг дзуттӕгтӕ цы дины къордтыл дихтӕ уыдысты, уыдон цӕмӕйдӕрты абоны политикон партиты хуызӕн кӕй сты (Daily Life in Palestine at the Time of Christ). Ӕмӕ Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты уымӕн бафӕдзӕхста: «Кӕсут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты, стӕй Ироды ӕнхъизӕнӕй» (Мар. 8:15). Йесо Ироды кой куы скодта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кодта, Ироды фарс чи уыди, уыдоны кой. Иннӕ къорды та, ома фарисейты, фӕндыди, цӕмӕй дзуттӕгтӕ Ромы паддзахады дӕлбар мауал уыдаиккой. Матфейы чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй ма Йесо уӕд саддукейты кой дӕр скодта. Уыдоны та фӕндыд, цӕмӕй дарддӕр дӕр Ромы дӕлбар уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ саддукейтӕй бирӕтӕн Ромы хицауад лӕвӕрдта стыр бартӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы ӕртӕ къорды «ӕнхъизӕнӕй», кӕнӕ ахуырӕдтӕй, сӕхи хызтаиккой (Матф. 16:6, 12). Цымыдисаг уый у, ӕмӕ сын Йесо ацы уынаффӕ радта, адӕм ӕй паддзахӕй сӕвӕрын куы фӕнд кодтой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр.

13, 14. а) Йесойы рӕстӕджы политикӕимӕ ӕмӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕ хӕрамдзинадмӕ ӕмӕ тыхмимӕ куыд ӕркодтой? б) Ӕнаххосӕй нӕ куы ӕфхӕрой, уӕд дӕр тыхмийӕ архайын раст цӕуылнӕ уыдзӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

13 Динтӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты куы фӕархайынц, уӕд уый арӕх ӕркӕны тыхмимӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕдзӕхста, политикӕимӕ сын иумӕйагӕй ӕппындӕр кӕй мацы хъуамӕ уа. Ӕмӕ йӕ хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ уый тыххӕй дӕр хъавыдысты амарынмӕ. Тарстысты, адӕм иууылдӕр Йесойы фӕдыл куы ацӕуой ӕмӕ сын сӕ ныхасмӕ куы нал хъусой, уымӕй. Хабар афтӕ куы рауадаид, уӕд сын дины ӕмӕ политикӕйы цы стыр бартӕ уыд, уыдонӕй ӕнӕхай фӕуыдаиккой. Уыдон загътой: «Афтӕ [йӕ] куы ныууадзӕм, уӕд ыл адӕм иууылдӕр баууӕнддзысты, ӕмӕ ромӕгтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ нын нӕ кувӕндон дӕр сӕхи бакӕндзысты, ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр» (Иоан. 11:48). Гъемӕ хистӕр сауджын Кайафӕ спълан кодта, Йесойы куыд амардзысты, уый (Иоан. 11:49–53; 18:14).

14 Кайафӕ ӕхсӕвыгон ӕфсӕддонты Йесойы ӕрцахсынмӕ арвыста. Фӕлӕ Йесо зыдта, марынвӕнд ӕй кӕй кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ апостолтимӕ фӕстаг хатт ӕхсӕвӕр куы скодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй семӕ хъаматӕ райстаиккой – фӕндыд ӕй, цӕмӕй сын иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодтаид. Ӕмӕ уый тыххӕй, уым цы дыууӕ хъамайы уыд, уыдон фаг уыдысты (Лук. 22:36–38). Фӕстӕдӕр адӕм Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд Петр уыцы хъаматӕй иу фелвӕста, ӕмӕ дзы сӕ иуы ныццавта. Дзырд дӕр ыл нӕй, Петр афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ, Йесойы ӕнаххосӕй кӕй ӕфхӕрынц, уый тыххӕй смӕсты ис (Иоан. 18:10). Фӕлӕ Йесо Петрӕн загъта: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн» (Матф. 26:52, 53). Цымӕ Йесо уымӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта? Уыцы изӕр ма кувгӕ дӕр кӕй тыххӕй кодта, уыцы хъуыддаг – ацы дунейӕ кӕй хъуамӕ ма уой, уый. (Бакӕс Иоанны 17:16.) Хӕрам хъуыддӕгтӕ сраст кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн ис.

15, 16. а) Хуыцауы Ныхас чырыстӕттӕн алкӕимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрынӕн куыд ӕххуыс кӕны? б) Йегъовӕ ацы дунемӕ кӕсгӕйӕ цӕуыл фӕцин кӕны?

15 Гыццыл раздӕр ма кодтам, Хуссар Европӕйы чи цӕры, иу ахӕм хойы кой, ӕмӕ уыцы хо дӕр ацы хъуыддаг бамбӕрста. Афтӕ загъта: «Ӕз цы федтон, уымӕй тыхми рӕстдзинадмӕ никуы ӕркӕны. Мӕхи цӕстӕй уыдтон, тыхмийӕ чи архайдта, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ мӕлӕт кӕй ссардтой. Ахӕмты дӕр бирӕ зонын, ӕмӕ ӕгъатыр адӕймӕгтӕ систы. Ӕмӕ, зӕххыл рӕстдзинад сфидар кӕнын ӕрмӕстдӕр Хуыцауы бон кӕй у, уый Библийӕ куы базыдтон, уӕд мӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Фӕстаг 25 азы адӕмӕн растдӕр ацы хабар хъусын кӕнын». Хуссар Африкӕйӕ чи у, уыцы ӕфсымӕр йӕ хъама раивта «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъамайӕ», ома Хуыцауы Ныхасӕй, ӕмӕ ныр йӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕн,– цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр,– хъусын кӕны фарны хабар (Еф. 6:17). Централон Европӕйы чи цӕры, уыцы хо та, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уый фӕстӕ смой кодта, раздӕр йе сӕфт кӕмӕй уыдта, уыцы адӕмыхаттӕй иу ӕфсымӕрмӕ. Ацы ӕртӕ адӕймаджы ахӕм ивындзинӕдтӕ скодтой, Чырыстийы фӕзмын сӕ кӕй фӕндыди, уый тыххӕй.

16 Ахӕм ивындзинӕдтӕ скӕнын, бӕгуыдӕр, тынг ахсджиаг у! Библийы ацы дунейы адӕм барст цӕуынц абухгӕ денджызимӕ, ӕдзухдӕр змӕнтгӕ чи кӕны ӕмӕ чи никуы ӕрсабыр вӕййы, ахӕмимӕ (Ис. 17:12; 57:20, 21; Рарг. 13:1). Политикӕ адӕмы змӕнты ӕмӕ сӕ дихтӕ кӕны, стӕй сӕ тыхмийыл ардауы. Фӕлӕ Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис фарн ӕмӕ иудзинад. Ӕмӕ ахӕм змӕст ӕмӕ дихтӕ дунейы не ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уый уынгӕйӕ Йегъовӕ куыннӕ хъуамӕ цин кӕна! (Бакӕс Софонийы 3:17.)

17. а) Нӕ иудзинад цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы хъахъхъӕнӕм? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Ацы статьяйӕ базыдтам, нӕ иудзинад кӕй фӕрцы хъахъхъӕнӕм, уыцы ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй: 1) мах фидарӕй зонӕм, Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт хӕрам хъуыддӕгтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн; 2) политикӕимӕ баст хъуыддӕгты никӕй фарс стӕм; 3) тыхмийӕ никуы фӕархайӕм. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт нӕ иудзинадӕн тӕссаг вӕййы, чидӕртӕ хъулон митӕ кӕй фӕкӕнынц, уый тыххӕй. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у фыццаг ӕнусы чырыстӕттау нӕхи хъулон митӕй хизын.