Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Тыхст рӕстӕджыты мын Хуыцау мӕ уд рӕвдыдта

Тыхст рӕстӕджыты мын Хуыцау мӕ уд рӕвдыдта

Ӕз райгуырдтӕн 1929 азы 9 ноябры, цӕугӕдон Инды ныгуылӕн фарс цы рагон горӕт ис, Суккур, зӕгъгӕ, уым. Ныр уыцы территори хауы Пакистанмӕ. Уыцы рӕстӕг Английӕ иу миссионер мӕ ныййарджытӕн радта, Библийыл арӕзт чи уыд, ахӕм рӕсугъд хуызджын чингуыты комплект. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй сдӕн, уый уыцы чингуытимӕ дӕр уыд баст.

УЫЦЫ чингуыты комплект хуыдтой «арвӕрдын». Цы рӕсугъд нывтӕ дзы уыд, уыдонмӕ-иу куы кастӕн, уӕд-иу мӕ стыр дисы бафтыдтой. Гъемӕ мӕ уыцы диссаджы чингуыты фӕрцы хӕрзгыццылӕй бафӕндыд Библийы тыххӕй фылдӕр базонын.

Уӕдмӕ Дыккаг дунеон хӕст ныггуыпп кодта, ӕмӕ Индийы дӕр хӕст мӕнӕ-мӕнӕ хъуамӕ райдыдтаид. Уыцы рӕстӕг мӕ царды мӕсыг банкъуысыд – мӕ ныййарджытӕ хицӕнтӕй цӕрын райдыдтой, фӕстӕдӕр та бынтондӕр ахицӕн сты. Нӕ йӕ ӕмбӕрстон, бирӕ кӕй уарзын, уыцы дыууӕ адӕймаджы иумӕ цӕуылнӕуал цӕрынц. Мӕхимӕ ныхъхъуыстон, афтӕ мӕм каст, ӕмӕ никӕй хъӕуын. Мӕ ныййарджытӕн иунӕг сывӕллон уыдтӕн, ӕмӕ мӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй мӕ уыцы тыхст рӕстӕг исчи барӕвдыдтаид, фӕлӕ ахӕм адӕймаг нӕ разынд.

Фӕстӕдӕр мӕ мадимӕ ӕрцардыстӕм Индийы провинцитӕй иуы сӕйраг горӕты, Карачийы. Иу бон куы уыди, уӕд нӕм ӕрбахоста, дохтырӕй чи куыста, иу ахӕм ацӕргӕ нӕлгоймаг, Фред Хардейкер. Уыцы нӕлгоймаг уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уый размӕ мын мӕ ныййарджытӕн чингуытӕ чи радта, уыцы миссионеримӕ иу диныл хӕст уыдысты. Ӕфсымӕр Хардейкер мӕ мады бафарста, Библи ахуыр кӕнын, дам, дӕ нӕ фӕнды. Мӕ мад не сразы, фӕлӕ йын загъта, чи зоны, мӕ лӕппуйы бафӕнда, зӕгъгӕ. Уыйадыл иннӕ къуыри ӕфсымӕр Хардейкер мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта.

Цалдӕр къуырийы фӕстӕ райдыдтон ӕмбырдтӕм цӕуын, уыдысты-иу, ӕфсымӕр Хардейкер кӕм куыста, уыцы клиникӕйы. Уым-иу ӕмбырд кодтой иу-12 Ӕвдисӕны, иууылдӕр уыдысты ацӕргӕ. Уыдон-иу мӕ бафидар кодтой ӕмӕ-иу мыл хи хъӕбулау батыхстысты. Ӕхсызгонӕй ӕрымысын, мӕ разы-иу куыд ӕрбадтысты, цӕмӕй-иу сӕм бынӕй уӕлӕмӕ ма кастаин, ӕмӕ-иу хорз ӕмбӕлттау мемӕ куыд ныхас кодтой, уый. Уыцы рӕстӕг мӕ растдӕр ахӕм ӕмбӕлттӕ хъуыди.

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ ӕфсымӕр Хардейкер йемӕ уацамынды акодта. Бацамыдта мын, патефонимӕ куыд архайын хъӕуы, уый, ӕмӕ-иу адӕмӕн Библийыл арӕзт цыбыр раныхӕстӕ байхъусын кодтам. Иуӕй-иу раныхӕсты-иу хабӕрттыл ӕргом кӕй дзырдтой, уый тыххӕй-иу кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты. Фӕлӕ мӕнӕн уӕддӕр хъусын кӕнын стыр циндзинад хаста. Библийы рӕстдзинад тынг уарзтон ӕмӕ мын ӕхсызгон уыд иннӕтӕн дӕр уый тыххӕй дзурын.

Уыцы рӕстӕг Японийы ӕфсӕдтӕ хъавыдысты Индимӕ бабырсынмӕ, ӕмӕ бритайнаг хицӕуттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ цӕуын райдыдтой. 1943 азы июлы ӕз дӕр ӕфхӕрд баййӕфтон. Не скъолайы директор уыд англиканон аргъуаны сауджын, ӕмӕ мӕ скъолайӕ ратардта, не скъолайы аккаг, дам, нӕ дӕ. Мӕ мадӕн мын загъта, зӕгъгӕ, дӕ фырт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ кӕй вӕййы, уый тыххӕй иннӕ ахуырдзаутӕн тӕссаг у, ӕвзӕр зондыл сӕ кӕй сараздзӕн, уымӕй. Мӕ мад уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд арвыцӕфау фӕци, ӕмӕ мӕ Ӕвдисӕнтӕм хӕстӕг дӕр нал уагъта. Фӕстӕдӕр мӕ мӕ фыдмӕ горӕт Пешавармӕ арвыста. Уый уыд, кӕм цардыстӕм, уырдыгӕй цӕгатырдӕм 1 370 километры бӕрц дарддӕр. Литературӕ мӕм кӕй нал ӕфтыд ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ кӕй нал ӕмбӕлдтӕн, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ адард дӕн.

НОГӔЙ ТА ЙЕГЪОВӔМӔ БАВВАХС ДӔН

1947 азы фӕстӕмӕ Карачимӕ ӕрыздӕхтӕн, цӕмӕй куыст ссардтаин. Ӕмӕ ӕфсымӕр Хардейкермӕ дӕр клиникӕмӕ бауадтӕн. Куы мӕ федта, уӕд мыл зӕрдиагӕй бацин кодта.

– Цӕй, радзур, цы дӕ тыхсын кӕны,– загъта ӕфсымӕр Хардейкер. Афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ ме ’нӕниздзинад фӕцудыдта ӕмӕ йӕм уый тыххӕй ӕрбацыдтӕн.

– Афтӕ мӕ ницы тыхсын кӕны,– загътон ын ӕз.– Мӕн ӕндӕр ӕххуыс хъӕуы. Библи ахуыр кӕнын та мӕ хъӕуы райдайын.

– Кӕд дӕ фӕнды райдайын? – бафарста мӕ ӕфсымӕр Хардейкер.

– Ныртӕккӕ, кӕд гӕнӕн ис, уӕд,– дзуапп ын радтон ӕз.

Уыцы изӕр Библи ахуыр кӕнынӕй мӕ мондӕгтӕ систон. Ногӕй та Йегъовӕйы адӕмимӕ кӕй уыдтӕн, уый мын уыд стыр удӕнцойы хос. Мӕ мад йӕ тых, йӕ бонӕй архайдта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ мауал ӕмбӕлдаин, фӕлӕ ацы хатт мӕхицӕн фидарӕй загътон, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзынӕн. Ӕмӕ 1947 азы 31 августы донаргъуыд райстон. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Уӕд мыл цыди 17 азы.

ПИОНЕРӔЙ ЗӔРДӔРАЙГӔЙӔ ЛӔГГАД КОДТОН

Фыццаг мӕ пионерӕй снысан кодтой Кветтӕмӕ, раздӕр бритайнаг ӕфсӕддонтӕ кӕм уыдысты, уыцы горӕтмӕ. 1947 азы Инди адих дыууӕ бӕстӕйыл, Инди ӕмӕ Пакистаныл *. Уыцы хабар уымӕ ӕркодта, ӕмӕ-иу адӕмӕн сӕ дины тыххӕй фыдмитӕ кодтой, ӕмӕ уый аххосӕй дуне адӕм сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ хауӕггаг фесты. Сӕ хӕдзӕрттӕй лидзын бахъуыд 14 милуан адӕймаджы бӕрц. Индийы чи цард, уыцы пысылмӕттӕ Пакистанмӕ алыгъдысты, Пакистаны чи цард, уыцы индустӕ ӕмӕ сикхтӕ та – Индимӕ. Гъемӕ ахӕм змӕстыты рӕстӕг Карачийы, адӕмӕй йедзаг чи уыд, ахӕм поездыл сбадтӕн ӕмӕ Кветтӕмӕ араст дӕн. Ӕмӕ фӕндагӕн йӕ фылдӕр хай фӕцыдтӕн, поездӕн ӕддӕрдыгӕй цы хӕцӕнтӕ уыд, уыдоныл хӕцгӕйӕ.

Районон конгрессы Индийы, 1948 аз

Кветтӕйы базонгӕ дӕн иу сӕрмагонд пионеримӕ, Джордж Сингхимӕ, цыди йыл иу-25 азы. Джордж мын радта иу зӕронд велосипед, ӕмӕ-иу хӕххон фӕндӕгтыл ууыл цыдтӕн, йе та-иу ӕй мӕ разӕй тардтон. Арӕхдӕр-иу хъусын кодтон иунӕгӕй. Ӕхсӕз мӕймӕ мын фӕзынди 17 Библийы ахуыры, ӕмӕ сӕ чидӕртӕ рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдысты. Уыдонӕй иу уыд ӕфсӕддон афицер Седик Меси. Седик нын Джорджимӕ баххуыс кодта иуӕй-иу публикацитӕ ӕвзаг урдумӕ ратӕлмац кӕнынӕн (уый у Пакистаны паддзахадон ӕвзаг). Фӕстӕдӕр Седик сси зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг.

Галаады скъоламӕ фӕцӕуын нау «Куин Элизабет»-ыл

Цасдӕры фӕстӕ Карачимӕ ӕрыздӕхтӕн ӕмӕ дзы лӕггад кодтон, Галаады скъолайы фӕстӕ уырдӕм чи ӕрцыд, дыууӕ ахӕм миссионеримӕ, Генри Финчимӕ ӕмӕ Гарри Форрестимӕ. Цас цӕуылдӕрты мӕ сахуыр кодтой, ӕвӕдза! Иухатт ӕфсымӕр Финчимӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм Пакистаны цӕгат фарсмӕ. Уым бӕрзонд хӕхты рӕбын иу хъӕуы ссардтам, ӕвзаг урдуйыл чи дзырдта, бирӕ ахӕм сӕрныллӕг адӕмы. Тынг сӕ фӕндыд Библийы рӕстдзинад базонын. Дыууӕ азы фӕстӕ мын мӕхи дӕр Галаады скъоламӕ фӕхуыдтой. Каст ӕй куы фӕдӕн, уӕд фӕстӕмӕ Пакистанмӕ ӕрыздӕхтӕн. Уым-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лӕггад кодтон районон цӕстдарӕгӕй. Цӕргӕ та кодтон горӕт Лахоры, миссионерты хӕдзары. Уым ма цард ноджыдӕр ӕртӕ ӕфсымӕры.

ФӔЦУДЫДТОН, ФӔЛӔ МӔ КЪАХЫЛ СЛӔУУЫДТӔН

Хъыгагӕн, 1954 азы Лахоры миссионерты ’хсӕн карз быцӕу рауад, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ нал фидыдтой. Ӕмӕ уый тыххӕй филиалы бахъуыд миссионерты хӕдзары ивындзинӕдтӕ скӕнын. Уыцы хабӕртты рӕстӕг ӕнӕзонд ми бакодтон – чи фӕбыцӕу, уыдонӕй кӕйдӕр фарс рахӕцыдтӕн. Уый тыххӕй мын карзӕй бауайдзӕф кодтой. Тынг зӕрдӕсаст уыдтӕн, афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ ницыуал рауайдзӕн. Уӕд фӕстӕмӕ Карачимӕ ацыдтӕн, стӕй та – Англимӕ, Лондонмӕ. Ныфс мӕ уыди, уым алцыдӕр ногӕй кӕй райдайдзынӕн.

Лондоны цы ’мбырдмӕ цыдтӕн, уым уыд, Лондоны Вефилы чи лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕтӕ. Сӕ иу, ӕфсымӕр Прайс Хьюз, лӕггад кодта филиалы цӕстдарӕгӕй ӕмӕ уыди тынг хӕларзӕрдӕ адӕймаг. Уыцы ӕфсымӕр мӕ, зӕгъӕн ис, йӕ дӕлбазыр бакодта – бирӕ цӕуылдӕрты мӕ сахуыр кодта. Иухатт мын радзырдта, кӕддӕр ыл цы хабар ӕрцыд, уый. Ӕфсымӕр Рутерфорд ын карзӕй бауайдзӕф кодта (уӕд Рутерфорд ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд лӕвӕрдта). Ӕфсымӕр Хьюз йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕци, фӕлӕ йӕ Рутерфорд сдзурын дӕр нал бауагъта. Диссаг мӕм фӕкаст, уыцы хабар дзургӕйӕ ӕфсымӕр Хьюз йӕ мидбылты кӕй худт. Загъта мын, фыццаг ын тынг хъыг кӕй уыд. Фӕлӕ йӕ стӕй бамбӕрста, ӕцӕгдӕр ын бауайдзӕф кӕнын кӕй хъуыд ӕмӕ уый Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй уыди (Дзут. 12:6). Йӕ ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдӕ бацагайдтой ӕмӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй та раздӕрау цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтаин.

Уыцы рӕстӕг мӕ мад Лондонмӕ цӕрынмӕ ӕрцыд. Ӕфсымӕр Джон Барр, фӕстӕдӕр Разамонӕг советы чи лӕггад кодта, уый, мӕ мадӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй загъта, ӕмӕ уый дӕр сразы. Йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта, ӕмӕ 1957 азы донаргъуыд райста. Фӕстӕдӕр базыдтон, мӕ фыд дӕр йӕ мӕлӕты размӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кодта.

1958 азы мӕ цард баиу кодтон иу хоимӕ, Линеимӕ. Лине уыди Данийӕ, фӕлӕ цард Лондоны. Иу азы фӕстӕ дунемӕ рантыст нӕ фыццаг чызг, Джейн, нӕ фондз сывӕллоны хистӕр. Стӕй мын Фулемы ӕмбырды мӕ бар бакодтой кадджын хӕстӕ. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Линейӕн йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта, ӕмӕ нӕ бахъуыд цӕрынмӕ хъармдӕр ранмӕ ацӕуын. Гъемӕ 1967 азы цӕрынмӕ ацыдыстӕм Австралимӕ, горӕт Аделаидӕмӕ.

ЗӔРДӔСАСТ КӔМӔЙ ФЕСТӔМ, УЫЦЫ ХАБАР

Аделаидӕйы цы ’мбырдмӕ цыдыстӕм, уым лӕггад кодтой 12 ацӕргӕ сӕрст чырыстоны. Се ’ппӕт дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ удӕй арт уагътой. Ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ мах дӕр нӕ ног ӕмбырдимӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын райдыдтам.

1979 азы царды рухс федта нӕ фӕндзӕм сывӕллон, Дэниел. Дэниелӕн уыди Дауны синдром, ӕмӕ афтӕ лӕмӕгъ уыди, ӕмӕ нын дохтыртӕ загътой, бирӕ, дам, нӕ фӕцӕрдзӕн *. Ныр дӕр ма мын зын у, уӕд цы маст бавзӕрстам, уый тыххӕй дзурын. Линеимӕ нӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтам, цӕмӕй Дэниел мацы хъуаг уыдаид, стӕй нӕ иннӕ цыппар сывӕллоны дӕр рохуаты нӕ уагътам. Дэниелӕн йӕ зӕрдӕ сахъат кӕй уыд, уый тыххӕй-иу ӕм туаггуыр фаг нӕ хӕццӕ кодта, ӕмӕ-иу хатгай йӕ буар ацъӕх. Ӕмӕ-иу ӕй уӕд уайтагъд рынчындонмӕ аскъӕфтам. Фӕлӕ кӕд йе ’нӕниздзинад афтӕ лӕмӕгъ уыд, уӕддӕр уыд тынг ӕмбаргӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ сывӕллон. Стӕй Йегъовӕйы дӕр бирӕ уарзта. Хӕрды размӕ-иу куы куывтам, уӕд-иу Дэниел дӕр йӕ гыццыл къухтӕ кӕрӕдзийыл авӕрдта, йӕ сӕр-иу ӕркъул кодта ӕмӕ-иу зӕрдиагӕй «аммен» загъта. Ӕмӕ-иу ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ райдыдта хӕрын.

Дэниелыл цыппар азы куы цыди, уӕд ӕм лейкемийӕ ссардтой. Линеимӕ тынг тыхст уыдыстӕм, тыхы мур нӕм нал уыд. Мӕ нервытӕ ӕппындӕр нал бӕззыдысты. Иу изӕр, нӕ къухтӕ бынтондӕр куы ’руагътам, уӕд нӕм ӕрбацыд нӕ районон цӕстдарӕг, Невил Брамич. Йӕ цӕстытӕ донӕй айдзаг сты, афтӕмӕй нӕ ӕрбахъӕбыс кодта. Не ’ртӕ дӕр нӕ цӕссыгӕй нӕхи ӕхсадтам. Йӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй нын нӕ зӕрдӕтӕ афтӕ бафидар кодта, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Сӕхимӕ ацыд ӕхсӕвы иу сахатмӕ ’ввахс. Уыцы бон фӕстӕдӕр Дэниел амард. Нӕ хъӕбул кӕй фӕхъуыд, уымӕй стырдӕр маст царды нӕ бавзӕрстам. Фӕлӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр, уымӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй зонӕм, Дэниелы Йегъовӕйы уарзондзинадӕй кӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн, суанг мӕлӕт дӕр (Ром. 8:38, 39). Куыд тынг бӕллӕм, ног дунейы куы райгас уа ӕмӕ та иумӕ куы уӕм, уыцы рӕстӕгмӕ! (Иоан. 5:28, 29).

ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН МЫН ЦИНДЗИНАД ХӔССЫ

Дыууӕ хатты мӕ зӕрдӕйӕ тынг бавзӕр дӕн, фӕлӕ уӕддӕр ныр дӕр ма лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй. Царды цытӕ бавзӕрстон, уый фӕрцы иннӕты рыст ӕмбарын райдыдтон, уӕлдайдӕр та, стыр мӕстытӕ чи ’взары, уыдоны рыст. Ӕз фӕархайын, цӕмӕй сын тӕрхонгӕнӕг ма уон. Уый бӕсты фӕхъуыды кӕнын: «Цы уавӕрты схъомыл сты, уыдон цымӕ сӕ зондахаст ӕмӕ се ’нкъарӕнтыл куыд фӕзындысты? Кӕй сыл тыхсын, уый мӕ бон куыд у равдисын? Мӕ бон сӕ куыд у баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразой?» Тынг уарзын не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кӕнын! Иннӕты ныфсыл ныфс куы бафтауын ӕмӕ сӕм уый фӕрцы ног хъарутӕ куы фӕзыны, уӕд мӕхи ныфс ӕмӕ хъаруйыл дӕр бафты.

Тынг уарзын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кӕнын

Ӕз дӕр псаломзарӕггӕнӕгау фӕзӕгъын: «Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын... [Йегъовӕйы] зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (Пс. 94:19). Йегъовӕ мын хъарутӕ лӕвӕрдта, мӕ бинонты ’хсӕн-иу зындзинӕдтӕ куы уыд, мӕ дины тыххӕй-иу мӕ ныхмӕ куы цыдысты, мӕ рӕдыдтыты тыххӕй-иу мӕхимӕ куы ныхъхъуыстон ӕмӕ-иу зӕрдӕсаст куы уыдтӕн, уӕд. Йегъовӕ алкӕддӕр фӕлмӕн Фыдау мӕ фарсмӕ уыд!

^ 19 абз. Раздӕр Пакистанӕн йӕ дыууӕ хайы хуындысты Ныгуылӕн Пакистан (ныр Пакистан) ӕмӕ Скӕсӕн Пакистан (ныр Бангладеш).

^ 29 абз. Кӕс 2006 азы апрелы «Пробудитесь!», статья «Если дети нуждаются в особой заботе».