Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ рухс адӕммӕ кӕлӕд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссат!

Уӕ рухс адӕммӕ кӕлӕд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссат!

«Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын... уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной» (МАТФ. 5:16).

ЗАРДЖЫТӔ: 77, 59

1. Стыр цины хос нын цы у?

ЙЕГЪОВӔЙЫ адӕмӕн сӕ хъуыддаг размӕ кӕй цӕуы, уый нын стыр цины хос куыннӕ у! Фарон Библи ахуыр кодтам 10 000 000 адӕймагӕй фылдӕримӕ. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ рухс адӕммӕ кӕй кӕлы! Стӕй-ма ахъуыды кӕнӕм, фарон Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацыд, уыцы милуангай адӕмыл дӕр. Уый фӕрцы уыдон базыдтой, Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ уымӕй стыр уарзондзинад кӕй равдыста, уый (1 Иоан. 4:9).

2, 3. а) Рухсгӕнӕнтау ӕрттивынӕн нын къуылымпыйы хос цы нӕу? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Йегъовӕйы адӕм цӕрынц алы ӕмӕ алы бӕстӕты ӕмӕ дзурынц алы ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл. Фӕлӕ нын уый къуылымпыйы хос нӕу. Мах уӕддӕр нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы иу бинонтау кадджын кӕнӕм (Рарг. 7:9). Цыфӕнды ӕвзагыл ма дзурӕм ӕмӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ «ацы дунейы ӕрттивӕм рухсгӕнӕнтау» (Фил. 2:15).

3 Нӕ хъуыддаг размӕ кӕй цӕуы, не ’хсӕн иудзинад кӕй ис ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый кӕй нӕ рох кӕнӕм, уый фӕрцы Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, уый нӕ къухы цӕй фӕрцы ӕфты, уымӕ. (Бакӕс Матфейы 5:14–16.)

АДӔМӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ РУХСЫ ФӔНДАГ ССАРЫНӔН

4, 5. а) Хъусын кӕнынӕй уӕлдай ма нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ рухс адӕммӕ кӕла? б) Хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нӕ къухы цы бафтдзӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

4 1925 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди статья, «Рухс талынг дунейы», зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы фыст уыд: «Ацы фӕстаг бонты иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ Хицауыл ӕнувыд ӕмӕ иузӕрдион уа, рухс кӕнынӕн ын цы фадат ис, уымӕй куы нӕ пайда кӕна, уӕд». Уыцы статьяйы дарддӕр фыст уыд: «Уый тыххӕй адӕймаг хъуамӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн хорз хабар дзура ӕмӕ рухсы фӕндӕгтыл цӕуа». Уӕдӕ цӕмӕй адӕммӕ нӕ рухс кӕла, уый тыххӕй хъуамӕ хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм (Матф. 28:19, 20). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм нӕ хорз уагахастӕй дӕр. Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ адӕм фӕуынынц. Ӕмӕ-иу сӕм нӕ мидбылты куы бахудӕм ӕмӕ-иу сын хӕларзӕрдӕйӕ салам куы раттӕм, уӕд-иу махмӕ дӕр ӕмӕ, цы Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, уымӕ дӕр хуыздӕр цӕстӕй ракӕсдзысты.

5 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Хӕдзармӕ бацӕугӕйӕ та-иу хӕдзаронтӕн арфӕ ракӕнут, фарн ацы хӕдзары, зӕгъгӕ» (Матф. 10:12). Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ кӕм хъусын кодтой, уым ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу сӕм ӕнӕзонгӕ адӕймаг дӕр куы ’рбацыд, уӕд дӕр-иу ӕй мидӕмӕ бахуыдтой. Фӕлӕ абон бирӕ бӕстӕты ахӕм ӕгъдау нӕй. Бирӕтӕ, сӕ къӕсӕрыл ӕнӕзонгӕ адӕймаджы куы фенынц, уӕд стыхсынц кӕнӕ та мӕсты дӕр равӕййынц. Фӕлӕ сӕм хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд-иу афтӕ нал стыхсдзысты ӕмӕ-иу сӕ маст дӕр атайдзӕн. Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты чи фӕхъусын кӕны, уыдон дӕр бафиппайдтой, сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуы, уыдонмӕ сӕ мидбылты куы бахудынц ӕмӕ сын салам куы раттынц, уӕд уыцы адӕмӕн ӕнцондӕр кӕй вӕййы стендмӕ бацӕуын ӕмӕ исты публикаци райсын. Арӕх уый фӕрцы семӕ ныхас кӕнын дӕр райдайынц.

6. Иу ацӕргӕ хо ӕмӕ ӕфсымӕр цы сарӕзтой, цӕмӕй сӕ бон уыдаид дарддӕр дӕр хъусын кӕнын?

6 Английы иу бинонтӕн, ацӕргӕ кӕй сты ӕмӕ се ’нӕниздзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ, уый тыххӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын фӕзын. Цымӕ цы ’рхъуыды кодтой, цӕмӕй сӕ рухс дарддӕр дӕр кӕла? Уыцы бинонтӕ цӕрынц скъоламӕ хӕстӕг, ӕмӕ, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ракӕнынмӕ куы фӕцӕуынц, уыцы афон сӕ хӕдзары раз стъолыл сӕвӕрынц, ныййарджыты чи бацымыдис кӕндзӕн, ахӕм публикацитӕ. Ӕмӕ сӕ бирӕтӕ райсынц, ӕрыгӕттӕн фыст чи у, уыцы чингуытӕй ӕмӕ ма иуӕй-иу брошюрӕтӕ дӕр. Семӕ арӕх фӕхъусын кӕны, пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо. Ныййарджытӕ бафиппайдтой, уыцы хо куыд хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ уыцы ацӕргӕ лӕг ӕмӕ усы куыд зӕрдиагӕй фӕнды адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, уый. Ӕмӕ дзы сӕ иу Библи ахуыр кӕныныл дӕр сразы.

7. Кӕм цӕрыс, уым цы ӕрлидзӕг адӕм ис, уыдонӕн дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

7 Фӕстаг азты тынг бирӕ адӕмы бахъуыд сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм алидзын. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ахӕм адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕм цавӕр фӕнд ис, уый тыххӕй базонынӕн баххуыс кӕнай? Фыццаджыдӕр, дӕ бон у сахуыр кӕнын, се ’взагыл салам раттӕн куыд ис, уый. Уый дӕ бон у саразын, ӕндӕр ӕвзӕгтыл хъусын кӕнынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, уыцы приложенийы фӕрцы. Стӕй ма дӕ бон у сахуыр кӕнын, уыцы ’взагыл дзурӕг адӕмы чи бацымыдис кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм хъуыдыйады. Ӕмӕ сын уӕд дӕ бон уыдзӕн, нӕ сайтты се ’взагыл цы публикацитӕ ӕмӕ видеотӕ ис, уыдонӕй искӕцы равдисын (Дык. з. 10:19).

8, 9. а) «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлд нын куыд ӕххуыс кӕны? б) Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу ӕмбырды дзуапп дӕттой?

8 Цӕмӕй ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ алцыдӕр дӕтты. Зӕгъӕм, «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды цы базонӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр вӕййы адӕмы ногӕй бӕрӕг кӕнын ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын.

9 Не ’мбырдтӕм фыццаг хатт чи ӕрбацӕуы, уыдонӕй бирӕты дисы бафтауынц нӕ сывӕллӕтты дзуаппытӕ. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнут, цӕмӕй дзуапп сӕхи ныхӕстӕй дӕттын сахуыр уой, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ рухс ноджы ирддӕрӕй кӕла. Сывӕллӕтты хуымӕтӕг ӕмӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ иуӕй-иуты рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базонын бафӕнды (1 Кор. 14:25).

АРХАЙӔМ, ЦӔМӔЙ НЕ ’ХСӔН ИУДЗИНАД УА

10. Бинонты ахуыр уын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уе ’хсӕн иудзинад уа?

10 Цӕмӕй нӕ рухс адӕммӕ кӕла, уый тыххӕй ма ноджыдӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ не ’мбырды иудзинад уа. Зӕгъӕм, кӕд сывӕллӕтты хицау дӕ, уӕд дӕ бон у бацархайын, цӕмӕй уын алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уа. Бирӕтӕ сӕ бинонты ахуыры рӕстӕг мӕй иу хатт фӕкӕсынц, нӕ интернет-телеуынынады алы мӕй дӕр цы программӕ рацӕуы, уымӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ фӕныхас кӕнынц, уыцы хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц, ууыл. Ныййарӕг бинонты ахуыр куы уадза, уӕд хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, гыццыл сывӕллоны цы зондамынд хъӕуы, уый кӕй хицӕн кӕны, хистӕрдӕр сывӕллоны цы зондамынд хъӕуы, уымӕй. Уӕдӕ-иу ахӕм ӕрмӕг равзар, цӕмӕй-иу алкӕмӕн дӕр фӕпайда уа (Пс. 148:12, 13).

Ацӕргӕтимӕ-иу куы аныхас кӕнӕм, уӕд-иу тынг бафидар уыдзыстӕм (кӕс 11 абзац)

11–13. Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа?

11 Ӕрыгӕттӕ, сымахӕн та уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырд алкӕмӕн дӕр хи бинонты ад кӕна? Зӕгъӕм, уӕ бон у, ӕмӕ-иу ацӕргӕтӕн рӕстӕг ссарат ӕмӕ-иу семӕ аныхӕстӕ кӕнат. Бафӕрсут-иу сӕ, цы сын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйӕн уал азы дӕргъы лӕггад кӕнынӕн. Цы уын радзурой, уый уӕ ӕнӕмӕнгӕй бафидар кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уыдон дӕр ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайдзыстут, цӕмӕй адӕммӕ рӕстдзинады рухс кӕла! Уымӕй уӕлдай, ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ-иу, ӕмбырдмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕн ӕгасцуай зӕгъой. Уый дӕр нӕ иудзинадӕн ахъаз кӕндзӕн, стӕй, чи зоны, уый фӕрцы нӕ уазджыты дӕр бафӕнда рӕстдзинады рухсы цӕуын. Уӕдӕ нӕм фыццаг хатт чи ’рбацӕуы, уыдоныл-иу бацин кӕнӕм, бынӕттӕ ссарынӕн-иу сын баххуыс кӕнӕм, стӕй-иу сӕ иннӕтимӕ дӕр базонгӕ кӕнӕм. Уый фӕрцы сӕм афтӕ нал кӕсдзӕн, ӕмӕ уазджытӕ сты.

12 Кӕд дын уацамындон фембӕлд уадзын бахӕс кодтой, уӕд ацӕргӕтӕн дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр хъусын кӕнынмӕ цӕуой? Хъусын кӕнын сын ӕнцон кӕм уыдзӕн, ахӕм участок-иу сын ратт. Стӕй-иу сын семӕ ӕрыгондӕр хъусынгӕнджыты арвит, цӕмӕй-иу сӕм фӕкӕсой. Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕмӕ, йе ’нӕниздзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, уыдонӕн арӕх сӕ ныфс асӕтты, раздӕрау лӕггад кӕнын сӕ бон кӕй нал у, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕ куы зоной, сӕ уавӕр сын кӕй ӕмбарут ӕмӕ сыл кӕй тыхсут, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн. Уӕвгӕ, хӕларзӕрдӕ куы уат, уӕд уӕ бон уыдзӕн алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕной – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр, рӕстдзинады рагӕй чи ис, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕрӕджы чи сси, уыдонӕн дӕр (Лев. 19:32).

13 Израилӕгтӕн стыр цины хос уыди Йегъовӕйӕн иумӕ кувын. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (Бакӕс Псалом 133:1, 2.) Псаломзарӕггӕнӕг иудзинад абарста, хорз тӕф кӕмӕн уыд ӕмӕ буарӕн ӕхсызгон чи уыд, ахӕм соимӕ. Хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн немӕ ӕхсызгон уыдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ иудзинады тӕгтӕ фидардӕр кӕндзысты. Кӕд ныр дӕр ууыл архайыс, уӕд раппӕлинаг дӕ. Фӕлӕ дӕ бон нӕ уаид де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ноджы хуыздӕр базонын? (2 Кор. 6:11–13).

14. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ сыхӕгтӕ дӕр рӕстдзинады рухс уыной?

14 Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ сыхӕгтӕ дӕр уыной рӕстдзинады рухс? Хӕларзӕрдӕ сӕм куы уай, уӕд сӕ, чи зоны, искӕй рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базонын бафӕнда. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Мӕ сыхӕгтӕ мӕм цы зӕрдӕ дарынц? Мӕ хӕдзар ӕфснайд вӕййы, стӕй йӕ алыварс дӕр сыгъдӕг вӕййы? Нӕ сых фидауын кӕны ӕви йӕ фыдынд кӕны? Мӕ сыхӕгтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ нӕ фӕзивӕг кӕнын?» Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу сӕ афӕрс, сӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ сӕ хорз уагахаст сӕ хӕстӕджытыл, сӕ сыхӕгтыл, се ’мкусджытыл кӕнӕ сӕ къласӕгтыл куыд фӕзынд, уымӕй. Ӕмӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, иу ӕмӕ дыууӕ цымыдисаг хабары нӕ радзурдзысты (Еф. 5:9).

ЦЫ РӔСТӔДЖЫ ЦӔРӔМ, УЫЙ НӔ РОХ КӔНӔМ

15. Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

15 Цӕмӕй нӕ рухс адӕммӕ кӕла, уый тыххӕй хъуамӕ ма рох кӕнӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цалдӕр хатты бафӕдзӕхста: «Ма бафынӕй ут» (Матф. 24:42; 25:13; 26:41). Афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ «стыр бӕллӕх» кӕддӕр ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ йӕ мах не ’рыййафдзыстӕм, уӕд хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ нӕ хъусын кӕндзыстӕм (Матф. 24:21). Ӕмӕ нӕ рухс дардмӕ нал ӕрттивдзӕн, фӕлӕ мынӕгӕй-мынӕгдӕр кӕндзӕн ӕмӕ, чи зоны, бынтондӕр ахуысса.

16, 17. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ма рох кӕнӕм?

16 Абон уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй «ма бафынӕй уӕм». Дунейы уавӕртӕ бонвыддӕр кӕнынц. Кӕрон ӕрцӕудзӕн, Йегъовӕ йын цы рӕстӕг снысан кодта, растдӕр уыцы рӕстӕг. Ууыл мах дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнӕм (Матф. 24:42–44). Уӕдмӕ та уал хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ фидӕныл хъуыды кӕнӕм. Алы бон дӕр Библи кӕс ӕмӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кув (1 Пет. 4:7). Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дын фӕзминаг уӕнт. Иу ахӕм хойы тыххӕй фыст ис статьяйы «Йегъовӕ арфӕ кӕны, чи йӕм хъусы, уыдонӕн» брошюрӕйы «Уарзӕм... хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (bw587, 3–6 фӕрстӕ).

17 Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕн. Иннӕтӕн хорздзинад араз ӕмӕ дӕ рӕстӕг дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртимӕ ӕрвит. Уый фӕрцы зӕрдӕрухс уыдзынӕ ӕмӕ, рӕстӕг куыд тагъд атӕхдзӕн, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕндзынӕ (Еф. 5:16). Сӕдӕ азы размӕ дӕр не ’фсымӕртӕн Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ куыст уыд ӕмӕ сӕ къухы бирӕ бафтыд. Фӕлӕ нын абон цас куыст ис ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ къухы абон цас ӕфты, уыйбӕрц никуыма. Ӕцӕгдӕр, нӕ рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕлы!

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ кӕй фӕбӕрӕг кӕнынц, уый нын хорз фадат у, цӕмӕй-иу Хуыцауы Ныхасӕй нӕхицӕн зонд райсӕм (кӕс 18, 19 абзацтӕ)

18, 19. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

18 Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд у, ӕмӕ нын уый стыр ныфсы хос куыннӕ у. Йегъовӕ нын ӕххуысӕн радта «лӕвӕрттӕ» – хистӕр нӕлгоймӕгты. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:8, 11, 12.) Уӕдӕ-иу дӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы бабӕрӕг кӕной, уӕд-иу уыцы фадатӕй спайда кӕн, цӕмӕй-иу сын сӕ уынаффӕтӕй дӕхицӕн зонд райсай.

19 Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Английы иу хо ӕмӕ ӕфсымӕрӕн сӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ фӕзынд, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракуырдтой. Гъемӕ сӕ дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы бабӕрӕг кодтой. Хо куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ сӕрыхицау йӕ бинонты уырнындзинадыл, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ тыхст. Ӕфсымӕр та загъта, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ кӕй нӕ арӕхсы ӕмӕ басаст, бинонты ахуыр алы къуыри кӕй нӕ фӕуадзы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын сӕ хъус Йесойы цӕвиттонмӕ ӕрдардтой. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл алцӕмӕй дӕр тыхсти. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕрыхицауы баразӕнгард кодтой, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы Йесойы бафӕзма. Йӕ бинойнаджы та йын баразӕнгард кодтой, цӕмӕй Йесойау фӕразон уа. Стӕй ма сын уынаффӕтӕ радтой, сӕ дыууӕ сывӕллонимӕ бинонты ахуыр уадзын сӕ бон куыд у, уый фӕдыл (Еф. 5:21–29). Ӕфсымӕр архайын райдыдта, цӕмӕй йӕ бинойнагӕн хорз сӕрыхицау, йӕ сывӕллӕттӕн та хорз фыд суыдаид. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзы раппӕлыдысты ӕмӕ йӕ баразӕнгард кодтой, цӕмӕй дарддӕр дӕр афтӕ архайа ӕмӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тыхы ӕххуыс кура. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ хӕларзӕрдӕдзинад хъуыддагӕй кӕй равдыстой, уый фӕрцы уыцы бинонтӕн тынг баххуыс кодтой.

20. Дӕ рухс адӕммӕ куы кӕла, уӕд уый хорзӕй цы ’рхӕсдзӕн?

20 Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы, уыцы адӕймаг» (Пс. 128:1). Адӕмӕн рухсы фӕндаг ссарынӕн куы ’ххуыс кӕнай, не ’хсӕн иудзинад уа, ууыл куы архайай ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый куы нӕ рох кӕнай, уӕд афтӕмӕй дӕ рухс адӕммӕ кӕлдзӕн ӕмӕ уыдзынӕ амондджын. Дӕ хорз хъуыддӕгтӕ дын иннӕтӕ дӕр уындзысты, ӕмӕ ма, чи зоны, бирӕты бафӕнда нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы кадджын кӕнын (Матф. 5:16).