Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фадат ын уыд, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдаид

Фадат ын уыд, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдаид

МАХ лӕггад кӕнӕм Йегъовӕйӕн, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм. Фӕлӕ цымӕ Хуыцау йӕ хорзӕхӕй кӕй хайджын кӕны? Раджы заманты-иу чидӕртӕ Хуыцауы хорзӕхӕй схайджын сты, кӕд-иу раздӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, уӕддӕр. Чидӕртӕ та-иу, кӕд сӕм хорз миниуджытӕ уыд, уӕддӕр Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты. Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм: «Йегъовӕ нӕ алкӕмӕ дӕр сӕйраджыдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм, Иудӕйы паддзах Ровоамы цӕвиттонмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд.

РАЙДИАНЫ РАСТ УЫНАФФӔ НӔ РАХАСТА

Ровоамы фыд Соломон Израилы паддзах уыд 40 азы (1 Пад. 11:42). Соломон амард н. э. размӕ 997 азы. Ровоам йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ Иерусалимӕй Сихеммӕ ацыд, цӕмӕй йӕ уым паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой (2 Аз. 10:1). Цымӕ, паддзах кӕй суыдзӕн, уымӕй тарст? Адӕм Соломоны зыдтой, куырыхон зонды хицау чи уыд, ахӕм паддзахӕй. Ӕмӕ цымӕ Ровоамӕн дӕр йӕ бон бауыдзӕн зын фарстатӕ лыг кӕнын? Тагъд рӕстӕджы уый хъуамӕ рабӕрӕг уыдаид.

Израилы адӕм тынг уынгӕджы уавӕры уыдысты, ӕмӕ сӕ номӕй кӕйдӕрты Ровоаммӕ арвыстой, ӕмӕ йын комкоммӕ загътой, цы сӕ тыхсын кодта, уый тыххӕй: «Дӕ фыд ныл уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, фӕлӕ ды фӕрогдӕр кӕн, дӕ фыд нӕ цы уӕззау куыстыл бафтыдта ӕмӕ ныл цы уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, уый, ӕмӕ дын лӕггад кӕндзыстӕм» (2 Аз. 10:3, 4).

Ровоам цыма къӕппӕджы бахауд, уыйау уыд. Адӕмы ныхасмӕ куы байхъуыстаид, уӕд йӕхи дӕр, йӕ бинонты дӕр ӕмӕ ма йӕ галуаны чи цард, уыдоны дӕр сӕхи цавӕрдӕр хорздзинӕдтӕй фӕцух кӕнын бахъуыдаид. Сӕ курдиат сын куы ницӕмӕ ӕрдардтаид, уӕд та йӕ ныхмӕ рацыдаиккой. Цымӕ паддзах куыд бакодта? Фыццаг уал аныхас кодта, Соломоны уынаффӕгӕнджытӕ чи уыдысты, уыцы хистӕр лӕгтимӕ. Фӕлӕ стӕй уынаффӕ ракуырдта, йемӕ чи схъомыл, уыцы ӕрыгон лӕппутӕй. Ӕмӕ йын уыдон цы загътой, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодта, адӕмыл кӕй нӕ ауӕрддзӕн. Ӕмӕ израилӕгтӕн загъта: «Ӕз уын уӕ уаргъ ноджы уӕззаудӕр фӕкӕндзынӕн ӕмӕ ма йыл ноджыдӕр бафтаудзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕнӕуи ехсӕй надта, ӕз та уӕ нӕмдзынӕн, сындзытӕ кӕуыл ис, ахӕм ехсӕй» (2 Аз. 10:6–14).

Ацы хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис? Не ’мбырдты ис, Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, бирӕ ахӕм фӕлтӕрдджын хистӕртӕ, ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон у махӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн баххуыс кӕнын. Уӕдӕ зондыл дзурӕг уаид, сӕ уынаффӕмӕ-иу сын куы байхъусиккам (Иов 12:12).

«ЙЕГЪОВӔЙЫ НЫХАСМӔ БАЙХЪУЫСТОЙ»

Ровоам цы уынаффӕ рахаста, уый фехъусгӕйӕ адӕм сызмӕстой, ӕмӕ уӕд Ровоам йе ’фсад ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй семӕ схӕцыдаид. Фӕлӕ сӕм Йегъовӕ йӕ пехуымпар Шемайӕйы ахӕм ныхасимӕ арвыста: «Ма схӕцут уе ’фсымӕртимӕ, Израилы фырттимӕ. Алчидӕр уӕ фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый мӕнӕй уыди» (1 Пад. 12:21–24) *.

Цымӕ Ровоамӕн Йегъовӕмӕ байхъусын ӕнцон уыд? Адӕм сӕ ног паддзахӕй цы ахъуыды кодтаиккой? Афтӕ сын загъта, ӕмӕ сӕ, «сындзытӕ кӕуыл ис, ахӕм ехсӕй» нӕмдзӕн, ӕмӕ ныр та уыцы змӕнтджыты мауал бафхӕра?! (Абар 2 Азфыстыты 13:7.) Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр паддзах ӕмӕ йе ’фсад «Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъуыстой ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ».

Уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Зондыл дзурӕг уыдзӕн, Хуыцаумӕ алкӕддӕр куы хъусӕм, суанг ныл уый тыххӕй иннӕтӕ куы худой, уӕд дӕр. Хуыцау йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны, чи йӕм хъусы, уыдоны (Дык. з. 28:2).

Цымӕ Ровоам Хуыцаумӕ кӕй байхъуыста, уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд? Кӕд дӕс мыггагӕн паддзах нал уыд, уӕддӕр Иудӕ ӕмӕ Вениамины мыггӕгтӕн уыд паддзах. Гъемӕ уыцы зӕххыл райдыдта ног горӕттӕ аразын, кӕцыдӕр горӕттӕ та «тынг фӕфидар кодта» (2 Аз. 11:5–12). Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ иуцасдӕр рӕстӕг Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кодта. Израилы дӕс мыггаджы сӕ паддзах Йеровоамы тыххӕй мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой, ӕмӕ, уыцы паддзахады раст дины фарс чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕ Иерусалиммӕ ӕрцыдысты ӕмӕ «Ровоамӕн ӕххуыс кодтой» (2 Аз. 11:16, 17). Уӕдӕ Ровоам Йегъовӕмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы йӕ паддзахад сфидар.

ТӔРИГЪӔДТЫЛ БАФТЫД, ФӔЛӔ СТӔЙ ӔРФӔСМОН КОДТА

Ровоамӕн йӕ паддзахы бартӕ куы ӕрфидар сты, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы рӕдыд фӕндагыл слӕууыд. Йегъовӕйы закъоныл йӕ къух систа ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыд! Ровоам афтӕ цӕмӕн бакодта? Мыййаг, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ мад аммонаг уыд ӕмӕ йӕ ӕвзӕр зондыл арӕзта? (1 Пад. 14:21). Афтӕ цӕйфӕнды тыххӕй ма бакодтаид, уӕддӕр адӕм сӕ паддзахы бафӕзмыдтой. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр бауагъта, цӕмӕй Египеты паддзах Сусаким Иудӕйы горӕттӕй бирӕтӕ бацахстаид, кӕд сӕ уымӕй размӕ Ровоам фӕфидар кодта, уӕддӕр! (1 Пад. 14:22–24; 2 Аз. 12:1–4).

Хабар бынтон фӕфыддӕр, Сусаким Иерусалиммӕ, Ровоамы паддзахбадӕн кӕм уыд, уырдӕм, куы бахӕццӕ, уӕд. Ӕмӕ уӕд пехуымпар Шемайӕ Ровоамӕн ӕмӕ йӕ кънйӕзтӕн фехъусын кодта Хуыцауы ныхас: «Сымах мӕ ныууагътат, ӕмӕ уӕ уый тыххӕй ӕз дӕр ныууагътон ӕмӕ уӕ радтон Сусакимы къухмӕ». Цымӕ Ровоам уыцы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракаст? Куыд бакодта, уымӕй уыд раппӕлинаг! Библийы фыст ис: «Израилы кънйӕзтӕ ӕмӕ паддзах... Хуыцауы раз сӕхи ӕрныллӕг кодтой ӕмӕ загътой: „Йегъовӕ раст у“». Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Ровоамы дӕр ӕмӕ Иерусалим дӕр бӕллӕхӕй фервӕзын кодта (2 Аз. 12:5–7, 12).

Ровоам ма уый фӕстӕ дӕр уыд хуссар паддзахады паддзах. Йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фырттӕн бирӕ лӕвӕрттӕ скодта. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн бакодта, цӕмӕй фӕстӕдӕр се ’фсымӕр Авийы ныхмӕ, йӕ фӕстӕ паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уый ныхмӕ, ма рацыдаиккой (2 Аз. 11:21–23). Ацы хатт Ровоам, ӕрыгондӕр ма куы уыд, уыимӕ абаргӕйӕ ӕмбаргӕдӕр разынд.

ХОРЗ ПАДДЗАХ УЫД ӔВИ ӔВЗӔР?

Кӕд Ровоам хорз хъуыддӕгтӕ дӕр арӕзта, уӕддӕр ӕппынфӕстаг Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕци. Библийы фыст ис: «Ровоам арӕзта, ӕвзӕр цы уыд, уый». Цымӕ дзы афтӕ фыст цӕмӕн ис? Уымӕн ӕмӕ «Йегъовӕйы агурыны фӕнд йӕ зӕрдӕйы фидар нӕ уыд» (2 Аз. 12:14).

Давидӕй уӕлдай, Ровоам Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар нӕ уыд

Уӕдӕ Ровоамы тыххӕй цы ис зӕгъӕн? Кӕддӕрты-иу Хуыцауы коммӕ бакаст. Стӕй Йегъовӕйы адӕмӕн дӕр хорздзинӕдтӕ сарӕзта. Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар не сси ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ нӕ бӕллыд. Гъемӕ, раст цы уыд, уый нал арӕзта, фӕлӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыд. Чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Цымӕ-иу Ровоам Йегъовӕйы ныхасмӕ уый тыххӕй байхъуыста, ӕмӕ-иу йӕ рӕдыдтытыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕндыд? Ӕви-иу афтӕ иннӕты ныхасмӕ гӕсгӕ бакодта?» (2 Аз. 11:3, 4; 12:6). Куыд федтам, афтӕмӕй Ровоам фӕстӕдӕр йӕ фыдхъуыддӕгтӕм раздӕхт. Ровоаммӕ йӕ фыдыфыд Давиды хуызӕнӕй ӕппындӕр ницы уыд. Кӕд Давид тӕригъӕдтӕ ӕруагъта, уӕддӕр йӕ цардӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы кӕй уарзта, раст диныл ӕнувыд кӕй уыд ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ кӕй фӕсмон кодта (1 Пад. 14:8; Пс. 51:1, 17; 63:1).

Уӕдӕ нын Ровоамы хабар у зондзонӕн. Адӕймаг йӕ бинонтыл тыхса ӕмӕ хорздзинад араза, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раппӕлинаг хъуыддаг у. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ, уый куыд фӕнды, афтӕ лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм.

Афтӕ архайын нӕ фӕнддзӕн, Йегъовӕйы тынг куы уарзӕм, уӕд. Цӕмӕй арт ма ахуысса, уый тыххӕй дзы фӕхъӕуы сугтӕ ӕппарын. Раст афтӕ, цӕмӕй, Йегъовӕйы цы уарзтӕй уарзӕм, уый макуы ахуысса, уый тыххӕй йын хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕ Ныхас кӕсӕм, лӕмбынӕг ыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕппынӕдзух кувӕм (Пс. 1:2; Ром. 12:12). Ӕмӕ нӕ нӕ уарзондзинад та разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй йын нӕ алы хъуыддагӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Куы-иу фӕрӕдийӕм, уӕд та-иу нӕ нӕ уарзондзинад сразӕнгард кӕндзӕн зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнынмӕ. Ӕмӕ Ровоамӕй уӕлдай, мах раст диныл алкӕддӕр ӕнувыд уыдзыстӕм (Иуд. 20, 21).

^ 9 абз. Соломон иузӕрдион кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй Хуыцау рагацау загъта, Израилы паддзахад дыууӕ хайыл кӕй адих уыдзӕн (1 Пад. 11:31).