Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Де ’фсарм Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты фӕрцы ахуыр кӕн

Де ’фсарм Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты фӕрцы ахуыр кӕн

«Мӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр сты дӕ амындтыл» (ПС. 119:99).

ЗАРДЖЫТӔ: 127, 88

1. Адӕймаг цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уыдӕттӕй иу цы у?

ЙЕГЪОВӔ адӕймаджы схайджын кодта иу диссаджы миниуӕгӕй – ӕфсармӕй. Ӕмӕ уый у, адӕймаг цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уыдӕттӕй иу. Адам ӕмӕ Евӕ дӕр ӕфсармӕй хайджын кӕй уыдысты, уый бӕрӕг у, Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахызтысты, уӕд куыд бакодтой, уымӕй – Хуыцауӕй сӕхи бамбӕхстой. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын се ’фсарм ӕнцой нал лӕвӕрдта.

2. Не ’фсарм компасимӕ абарӕн цӕмӕн ис? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

2 Ӕфсарм у, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕвзарын нӕ бон кӕй фӕрцы у, ахӕм миниуӕг. Йе ’фсарм хорз ӕвзӕрӕй иртасын чи нӕ ахуыр кӕны, ахӕм адӕймаджы абарӕн ис, йӕ компас раст кӕмӕн нӕ кусы, ахӕм науимӕ. Ахӕм науыл цӕуын тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ йӕ дымгӕ ӕмӕ денджызы уылӕнтӕ йӕ фӕндагӕй иуырдӕм ахӕсдзысты. Раст чи кусы, ахӕм компасы фӕрцы та наутӕрӕгӕн йӕ бон уыдзӕн нау, цы фӕндагыл хъуамӕ цӕуа, уыцы фӕндагыл тӕрын. Раст афтӕ мах дӕр не ’фсарм хорз ӕвзӕрӕй иртасын куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын хорз фӕндагамонӕг уыдзӕн.

3. Адӕймаг йе ’фсарм хорз ӕвзӕрӕй иртасын куы нӕ ахуыр кӕна, уӕд ӕй уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

3 Адӕймаг йе ’фсарм хорз ӕвзӕрӕй иртасын куы нӕ ахуыр кӕна, уӕд-иу ӕй ӕвзӕр хъуыддаг саразынӕй нӕ бауромдзӕн (1 Тим. 4:1, 2). Чи зоны ма йӕ ууыл дӕр баууӕндын кӕна, ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уый хорз у (Ис. 5:20). Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уыдон хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц» (Иоан. 16:2). Афтӕ хъуыды кодтой, Чырыстийы ахуыргӕнинаг Стефаны чи амардта, уыдон дӕр (Хъуыд. 6:8, 12; 7:54–60). Диссаг у, фӕлӕ ӕнусты дӕргъы дины разамонджытӕй бирӕтӕ Хуыцауы номӕй арӕзтой фыдхъуыддӕгтӕ, суанг ма-иу кӕйдӕрты маргӕ дӕр акодтой, кӕд ӕмӕ афтӕмӕй, цы Хуыцауӕн куывтой, уымӕн йӕ закъӕттӕ хӕлдтой, уӕддӕр! (Рац. 20:13). Дзырд дӕр ыл нӕй, се ’фсарм сын, раст цы у, уый нӕ амыдта!

4. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын не ’фсарм, раст цы у, уый амона?

4 Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын не ’фсарм хорз фӕндагамонӕг уа? Хуыцауы Ныхасы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон пайда сты «адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн» (2 Тим. 3:16). Уӕдӕ Библи арф куы иртасӕм, лӕмбынӕг ыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд ахуыр кӕндзыстӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Ӕмӕ нын уӕд не ’фсарм суыдзӕн хорз фӕндагамонӕг. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ нын йӕ уагӕвӕрдтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй не ’фсарм хорз ӕвзӕрӕй иртасын ахуыр кӕнӕм.

ДЕ ’ФСАРМ ХУЫЦАУЫ ЗАКЪӔТТЫ ФӔРЦЫ АХУЫР КӔН

5, 6. Хуыцауы закъӕттӕ нын пайда кӕд хӕсдзысты?

5 Цӕмӕй нын Хуыцауы закъӕттӕ пайда хӕссой, уый тыххӕй фаг нӕу, ӕмӕ сӕ ӕрмӕстдӕр кӕсӕм ӕмӕ сӕ зонӕм. Хъуамӕ ма сӕ уарзӕм ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм. Хуыцауы Ныхас нын дзуры: «Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, хорздзинад та уарзут» (Амос 5:15). Фӕлӕ цымӕ уый нӕ бон куыд у аразын? Хъуамӕ сахуыр уӕм алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын. Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Зӕгъӕм, ӕхсӕв ӕвзӕр фӕфынӕй кӕныс, ӕмӕ дын дохтыр бацамыдта, цы саразай, уый: пайда хӕринӕгтӕ хӕр, де уӕнгтӕ-иу аиваз ӕмӕ, дӕ алы боны хъуыддӕгтӕ куыд пълан кӕныс, уым исты фӕив. Ды уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын райдыдтай ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстай, кӕй дын ӕххуыс кӕнынц. Ӕмӕ уӕд уыцы дохтырӕй йӕ уынаффӕты тыххӕй бузныг куыннӕ уыдзынӕ!

6 Раст афтӕ нын не Сфӕлдисӕг Хуыцау дӕр радта закъӕттӕ, ӕмӕ нӕ уыдон хъахъхъӕнынц, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ цы зиан хӕссынц, уымӕй, стӕй уыцы закъӕтты фӕрцы нӕ цард хуыздӕр кӕны. Зӕгъӕм, Библи адӕймаджы фӕдзӕхсы сайынӕй, фыдвӕндтӕ кӕнынӕй, давынӕй, ӕнӕгъдаудзинадӕй, тыхмийӕ ӕмӕ спиритизмӕй. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19; Рарг. 21:8.) Йегъовӕмӕ кӕй хъусӕм, уый нын хорздзинӕдтӕ куы ӕрхӕссы, уӕд ын йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ дӕр тынгдӕр уарзын райдайӕм.

7. Библийы фыст хабӕрттӕ куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

7 Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый бамбарыны тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ фехалӕм ӕмӕ, уый цӕмӕ ӕркӕны, уый нӕхиуыл бавзарӕм. Уый бӕсты нӕ бон у, Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы адӕмы рӕдыдтытӕй ахуыр кӕнын. Ӕмбисӕндты 1:5 стихы фыст ис: «Зондджын адӕймаг байхъусдзӕн ӕмӕ ноджы фылдӕр базондзӕн». Мах «фылдӕр базонӕм», Библийы кӕй кой ис, уыцы адӕмы хабӕрттӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ сыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд. Афтӕмӕй нын Хуыцау амоны зонд. Ӕмӕ нын уымӕй хуыздӕр та зонд ничи бацамондзӕн! Зӕгъӕм, ахъуыды кӕнӕм, паддзах Давид, Йегъовӕйы закъон кӕй фехӕлдта ӕмӕ Вирсавиимӕ ӕмуат кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй цас мӕстытӕ бавзӕрста, ууыл (2 Сам. 12:7–14). Ацы хабар кӕсгӕйӕ нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Давидӕн йӕ бон куыд уыди уыцы мӕстытӕй йӕхи бахизын? Ахӕм уавӕры куы уыдаин, уӕд цымӕ ӕз та куыд бакодтаин? Давидау тӕригъӕд сарӕзтаин ӕви Иосифау алыгъдаин?» (Райд. 39:11–15). Тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркӕнынц, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт ноджы тынгдӕр уындзыстӕм.

8, 9. а) Не ’фсарм нын куыд ӕххуыс кӕны? б) Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ не ’фсармыл куыд фӕзынынц?

8 Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дард лӕууӕм. Фӕлӕ, зӕгъӕм, ахӕм уавӕры бахаудыстӕм, ӕмӕ Библийы уый фӕдыл бӕлвырд закъон нӕй, уӕд та куыд? Хуыцауӕн ӕхсызгон цы уыдзӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн, уый цӕй фӕрцы бамбардзыстӕм? Кӕд не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ хорз ӕвзӕрӕй иртасын сахуыр кодтам, уӕд ахӕм уавӕры раст уынаффӕ рахӕсдзыстӕм.

9 Йегъовӕ нӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ радта, не ’фсармӕн фӕндагамонӕг чи сты, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Уый нын йӕхӕдӕг дзуры: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (Ис. 48:17, 18). Библийы уагӕвӕрдтыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕ нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы куы ’вӕрӕм, уӕд нын не ’фсарм хуыздӕр фӕндагамонӕг суыдзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы алы хатт дӕр раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм.

ДЕ ’ФСАРМ ХУЫЦАУЫ УАГӔВӔРДТЫ ФӔРЦЫ АХУЫР КӔН

10. Уагӕвӕрд цы у? Йесо уагӕвӕрдты фӕрцы йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд ахуыр кодта?

10 Уагӕвӕрд у, адӕймаджы цавӕрдӕр зондыл чи фӕаразы ӕмӕ йӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм чи фӕразӕнгард кӕны, ахӕм ахсджиаг хъуыды. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ куы зонӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, куыд хъуыды кӕны ӕмӕ нын цавӕрдӕр закъӕттӕ цӕмӕн дӕтты, уый. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уагӕвӕрдты фӕрцы ӕмбарын кодта, цавӕрдӕр зондахаст ӕмӕ хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уый. Зӕгъӕм, бамбарын сын кодта, адӕймаг искӕмӕй йе сӕфт куы фӕуыны, уӕд уый тыхмимӕ дӕр кӕй ӕркӕны, искӕмӕ йӕхи куы фӕмондаг кӕны, уӕд уый та ӕнӕгъдаудзинадмӕ дӕр кӕй ӕркӕны (Матф. 5:21, 22, 27, 28). Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын не ’фсарм, раст цы у, уый амондзӕн, ӕмӕ-иу уый фӕрцы, Хуыцауӕн кад чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ рахӕсдзыстӕм (1 Кор. 10:31).

Фӕлтӕрдджын чырыстон иннӕты ӕфсармыл фӕхъуыды кӕны (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

11. Чырыстӕттӕ, се ’фсарм сын цы фӕдзуры, уымӕй кӕрӕдзийӕ куыд фӕхицӕн кӕнынц?

11 Чырыстӕттӕ се ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ куы ахуыр кӕной, уӕд дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл сӕ иуӕн йе ’фсарм иу дзура, иннӕмӕн та – ӕндӕр. Цӕвиттонӕн райсӕм нозты хабар. Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ карз нозт нуазӕн ӕппындӕр нӕй. Фӕлӕ, ӕгӕр бирӕ нуазай кӕнӕ фыднозт кӕнай, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (Ӕмб. 20:1; 1 Тим. 3:8). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, кӕд чырыстон йӕхӕдӕг бӕрцӕй фӕнуазы, уӕд ӕй ӕндӕр ницӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Кӕд чырыстонӕн йе ’фсарм бӕрцӕй нуазынӕн бар дӕтты, уӕддӕр-иу хъуамӕ иннӕты ӕфсармыл дӕр ахъуыды кӕна.

12. Ромӕгтӕм 14:21 стихы фыст ныхӕстӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц иннӕты ӕфсармыл хъуыды кӕнынӕн?

12 Чырыстӕттӕ кӕрӕдзийы ӕфсармыл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕной, уый фӕдыл Павел ныффыста: «Цӕйнӕфӕлтау де ’фсымӕр фӕрӕдийа, фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ ӕндӕр ахӕм исты дӕр ма араз» (Ром. 14:21). Уӕдӕ нын кӕд не ’фсарм нуазыны бар дӕтты, не ’мчырыстӕттӕй кӕмӕндӕр та йе ’фсарм уый бар нӕ дӕтты, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, мӕнӕн мӕ бар мӕхи у, зӕгъгӕ. Не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтой, уӕдмӕ фыднозт кодтой, фӕлӕ ныр нозтмӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ цӕуынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй ахӕм ӕфсымӕр мах аххосӕй фӕстӕмӕ уыцы хъуыддагыл бафта! (1 Кор. 6:9, 10). Уӕдӕ нӕм ахӕм ӕфсымӕртӕй исчи уазӕгуаты куы уа, уӕд ын тыххӕй нӕ нуазын кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн.

13. Тимофей цы сарӕзта, цӕмӕй иннӕтӕн хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсын ӕнцондӕр уыдаид?

13 Тимофей ӕрыгон куы уыд, уӕд сунӕт скӕныныл сразы, кӕд уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд, уӕддӕр. Афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ зыдта, кӕмӕн хъусын кӕнинаг уыд, уыцы дзуттӕгтӕ уый ахсджиаг хъуыддагыл кӕй нымадтой. Тимофейы дӕр Павелау нӕ фӕндыд, цӕмӕй искӕмӕн къуылымпыйы хос суыдаид (Хъуыд. 16:3; 1 Кор. 9:19–23). Ды дӕр цӕттӕ дӕ иннӕты тыххӕй дӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнынмӕ?

«ӔППӔТ ХЪАРУТӔЙ ТЫРН ФӔЛТӔРДДЗИНАДМӔ»

14, 15. а) Фӕлтӕрддзинадмӕ тырнай, уый цӕуыл дзурӕг у? б) Фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ иннӕтӕм цавӕр зӕрдӕ фӕдарынц?

14 Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ «Чырыстийы тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ фӕстейӕ ныууадзӕм» ӕмӕ «ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ» (Дзут. 6:1). Кӕд Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр ӕрмӕст уый фӕрцы фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ не суыдзыстӕм. Ууыл хъӕуы «ӕппӕт хъарутӕй» архайын. Хъуамӕ нӕ зонындзинӕдтыл ӕфтауӕм ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый хуыздӕр бамбарыныл архайӕм. Уый тыххӕй та хъӕуы Библи алы бон дӕр кӕсын (Пс. 1:1–3). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм.

15 Чырыстӕттӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр закъон у уарзондзинады закъон. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:35). Йесойы ӕфсымӕр Иаков уарзондзинад схуыдта «паддзахы закъон» (Иак. 2:8). Павел та загъта: «Чи уарзы, уый закъон сӕххӕст кодта» (Ром. 13:10). Ӕмӕ уарзондзинад ахӕм ахсджиаг миниуӕг кӕй у, уый нӕм диссаг дӕр нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ Библи дзуры, «Хуыцау у уарзондзинад», зӕгъгӕ (1 Иоан. 4:8). Хуыцауы уарзондзинад ӕрмӕст ӕнкъарӕн нӕу. Уыцы уарзондзинад ӕй разӕнгард кӕны хъуыддӕгтӕм дӕр. Иоанн ныффыста: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм» (1 Иоан. 4:9). Мах дӕр Йегъовӕйы, Йесойы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты, стӕй иннӕ адӕмы дӕр куы уарзӕм ӕмӕ уый хъуыддагӕй куы ’вдисӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый (Матф. 22:37–39).

Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас нын не ’фсарм хуыздӕр фӕндагамонӕг уыдзӕн (кӕс 16 абзац)

16. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, цас фӕлтӕрдджындӕр кӕнай, уыйас уагӕвӕрдтӕн тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ?

16 Закъон арӕхдӕр фӕхауы иу цавӕрдӕр уавӕрмӕ, уагӕвӕрд та – алыхуызон уавӕртӕм. Уӕдӕ цас фӕлтӕрдджындӕр кӕнай, уыйас уагӕвӕрдтӕн тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ. Зӕгъӕм, гыццыл сывӕллон нӕ фембары, ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ тӕссаг цӕмӕй сты, уый, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ йӕ ныййарджытӕ цӕмӕндӕрты бар нӕ фӕдӕттынц, цӕмӕй йӕ фыдбылызӕй бахизой (1 Кор. 15:33). Фӕлӕ сывӕллон куы фестырдӕр вӕййы, уӕд Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмбарын райдайы. Ӕмӕ уый фӕрцы йӕхи бон вӕййы хорз ӕмбӕлттӕ равзарын. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 13:11; 14:20.) Уӕдӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас нын не ’фсарм хуыздӕр фӕндагамонӕг уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

17. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн цы хъӕуы, уый нӕм ис?

17 Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нӕм ис. Библийы фыст закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын куы сахуыр уӕм, уӕд «алцыдӕр хорз зондзыстӕм ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уыдзыстӕм» (2 Тим. 3:16, 17). Уӕдӕ-иу Библи иртасгӕйӕ дӕ хъус дар, цавӕр уагӕвӕрдтӕ дзы ис, уымӕ, цӕмӕй-иу «бамбарай, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» (Еф. 5:17). Арӕхстджынӕй пайда кӕн, цы сайттӕ ӕмӕ нын цы приложенитӕ ис, уыдонӕй. Уыцы мадзӕлттӕ нын стыр пайда фӕуыдзысты, нӕхӕдӕг кӕнӕ нӕ бинонтимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд.

ЙЕ ’ФСАРМ ХОРЗ ӔВЗӔРӔЙ ИРТАСЫН ЧИ САХУЫР КӔНЫ, УЫЙ СХАЙДЖЫН ВӔЙЙЫ БИРӔ АРФӔДЗИНӔДТӔЙ

18. Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы?

18 Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нын уый ӕрхӕссы стыр арфӕдзинӕдтӕ. 119-ӕм псаломы 97-ӕм стихӕй 100-ӕм стихмӕ фыст ис: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ. Дӕ фӕдзӕхстыты фӕрцы сдӕн ме знӕгтӕй зондджындӕр, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕнустӕм сты мӕ цӕстыты раз. Ӕз сдӕн мӕ ахуыргӕнджытӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмбаргӕдӕр, уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр сты дӕ амындтыл. Ӕз дӕн зӕрӕдтӕй дӕр ӕмбаргӕдӕр, уымӕн ӕмӕ ӕххӕст кӕнын дӕ бардзырдтӕ». Уӕдӕ-иу Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтыл ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг куы ссарӕм, уӕд ноджы зондджындӕр ӕмӕ ӕмбаргӕдӕр суыдзыстӕм. Йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдты фӕрцы не ’фсарм куы ахуыр кӕнӕм, уӕд «алцӕмӕй дӕр Чырыстийау... сырӕздзыстӕм» (Еф. 4:13).