ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2018 аз, февраль

Ацы брошюрӕйы ис, 2018 азы 2–29 апрелы кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Нойы, Данелы ӕмӕ Иовы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад фӕзмут

Ной, Данел ӕмӕ Иов дӕр мах хуызӕн фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты. Цы сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уыдаиккой?

Ной, Данел ӕмӕ Иовау Йегъовӕйы зонут?

Уыцы нӕлгоймӕгтӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы цӕй фӕрцы базыдтой? Уый сын цавӕр пайда хаста? Уыдоны хуызӕн уырнындзинад нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн?

БИОГРАФИ

Йегъовӕйӕн алцыдӕр у йӕ бон

Хъыргъызстаны иу сылгоймаг автобусы цӕугӕйӕ диссаджы ныхӕстӕ фехъуыста, ӕмӕ уый фӕрцы йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты цард цӕхгӕр фӕивта.

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы нысан кӕны?

Библи нын ӕмбарын кӕны, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыцы адӕймаг» ӕмӕ, «йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕймаг» кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый.

Дарддӕр дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайут!

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайай, уый тыххӕй фаг нӕу Библийӕ цыдӕртӕ зонын. Цымӕ ма уый йеддӕмӕ цы хъӕуы?

Циндзинад – Хуыцауӕй лӕвӕрд миниуӕг

Кӕд, алы бон дӕр цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уыдоны тыххӕй дӕ циндзинад бамынӕг, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та дӕ зӕрдӕйы циндзинад ногӕй ӕрцӕра?

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

Ӕргом раныхӕсты фӕрцы хорз хабар айхъуыст ӕгас Ирландийы

Чарлз Тейз Расселл куыд бамбӕрста, уыцы бӕстӕ, «кӕрдынмӕ чи сцӕттӕ, ахӕм хуымы хуызӕн» кӕй у?