Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нойы, Данелы ӕмӕ Иовы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад фӕзмут

Нойы, Данелы ӕмӕ Иовы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад фӕзмут

«Ной, Данел ӕмӕ Иов... сӕ рӕстдзинады фӕрцы фервӕзын кодтаиккой ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ» (ЙЕЗ. 14:14).

ЗАРДЖЫТӔ: 89, 119

1, 2. а) Ной, Данел ӕмӕ нын Иовы цӕвиттонтӕ ныфсы хос цӕмӕн сты? б) Ацы статьяйы сӕйраг стихы ныхӕстӕ пехуымпар Йезекил куы ныффыста, уӕд цавӕр уавӕры уыд?

ЧИ ЗОНЫ, ӕмбӕлыс цавӕрдӕр фӕлварӕнтыл, зӕгъӕм, де ’нӕниздзинад фӕцудыдта, ӕхцайӕ тыхсыс кӕнӕ ӕфхӕрд ӕййафыс. Кӕнӕ та дын, чи зоны, алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Ахӕм уавӕры дын ныфсы хос уыдзысты Нойы, Данелы ӕмӕ Иовы цӕвиттонтӕ. Се ’ртӕ дӕр уыдысты ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ ӕмӕ уыдон дӕр мах хуызӕн зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Суанг ма-иу ахӕм уавӕры дӕр бахаудысты, ӕмӕ-иу сӕ цардӕн уыд тӕссаг. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уыдон сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл никуы сивтой. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцау банымадта, сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ коммӕгӕсдзинадӕй фӕзминаг чи у, ахӕм адӕймӕгтыл. (Бакӕс Йезекилы 14:12–14.)

2 Ацы статьяйы сӕйраг стихы ныхӕстӕ Йезекил ныффыста нӕ эрӕйы размӕ 612 азы, Вавилоны куы уыд, уӕд (Йез. 1:1; 8:1) *. Йегъовӕ Иерусалимыл йӕ тӕрхон куы хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, уымӕ фондз азы йеддӕмӕ нал хъуыд (уыцы хабар ӕрцыд нӕ эрӕйы размӕ 607 азы). Уыцы рӕстӕг, Ной, Данел ӕмӕ Иовау фидар уырнындзинад кӕмӕ уыд ӕмӕ Хуыцауы коммӕ чи каст, ахӕм адӕймӕгтӕ стӕмтӕ уыд, ӕмӕ уыдоныл ӕвӕрд ӕрцыд ирвӕзындзинады «нысан» (Йез. 9:1–5). Уыдоны ’хсӕн уыдысты Йереми, Варух, Авдемелех ӕмӕ рехавиттӕ дӕр.

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Нӕ рӕстӕджы дӕр, ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд, ирвӕзындзинады нысан ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, Хуыцауы цӕсты Ной, Данел ӕмӕ Иовау рӕстгӕнӕгыл нымад чи у, ӕрмӕстдӕр уыдоныл (Рарг. 7:9, 14). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ уыцы нӕлгоймӕгты рӕстгӕнджытыл цӕмӕн банымадта, уымӕ. Мах базондзыстӕм, 1) алчидӕр сӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ 2) нӕ бон куыд у сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ коммӕгӕсдзинад бафӕзмын.

НОЙЫ УЫРНЫНДЗИНАД ӔМӔ КОММӔГӔСДЗИНАД ФАРАСТ ӔНУСЫ ДӔРГЪЫ

4, 5. Ной цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ йӕ хабар диссаг цӕмӕй у?

4 Ной цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд? Нойы фыдӕн йӕ фыдыфыд Енохы рӕстӕг адӕм бынысӕфт фесты. Суанг ма Йегъовӕйӕ дӕр «алы фыдтӕ дзырдтой» (Иуд. 14, 15). Ӕгъатыр фыдгӕнджытӕ кодтой фылдӕрӕй-фылдӕр. Ӕмӕ Нойы заманты зӕхх «фыдмитӕй байдзаг». Фыдгӕнӕг зӕдтӕ сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ райстой, устытӕ ракуырдтой, ӕмӕ сын цы фырттӕ райгуырд, уыдон систы уӕйгуыты йас ӕмӕ уыдысты тынг ӕгъатыр (Райд. 6:2–4, 11, 12). Фӕлӕ Ной иннӕтӕй тынг хицӕн кодта. Уый «ссардта Йегъовӕйы хорзӕх. [...] Йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн. Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Райд. 6:8, 9).

5 Ӕркӕсӕм-ма, ацы ныхӕстӕй уыцы рӕстгӕнӕг адӕймаджы тыххӕй цы базонӕн ис, уымӕ. Фыццаджыдӕр уый, ӕмӕ фыддунейы цӕргӕйӕ Ной Хуыцауимӕ цыди 70 кӕнӕ 80 азы нӕ, фӕлӕ дзӕвгар фылдӕр – Доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд ыл цыди 600 азы бӕрц! (Райд. 7:11). Дыккаджы та уый, ӕмӕ махӕй уӕлдай Нойы рӕстӕг, адӕймаджы уырнындзинад кӕй фӕрцы фидар кодтаид, ахӕм ӕмбырдтӕ нӕ уыд. Куыд зыны, афтӕмӕй йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ дӕр Хуыцауӕн нӕ лӕггад кодтой *.

6. Ной стыр хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

6 Ной ӕмбӕрста, ӕгъдауджын цард кӕнын фаг кӕй нӕу. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Ной уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг», ома адӕмӕн хъӕбатырӕй дзырдта Йегъовӕйы тыххӕй (2 Пет. 2:5). Апостол Павел Нойы тыххӕй ныффыста: «Йӕ уырнындзинадӕй уый дунейӕн стӕрхон кодта» (Дзут. 11:7). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, адӕм Нойыл худтысты, йӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ ма йӕм суанг, чи зоны, ӕртхъирӕнтӕ дӕр кодтой, фыдмитӕ йын кӕй бакӕндзысты. Фӕлӕ уый «адӕмӕй [нӕ] тарст» (Ӕмб. 29:25). Йегъовӕ йын лӕвӕрдта, иузӕрдионӕй баззайынӕн ын чи ӕххуыс кодта, ахӕм хъӕбатырдзинад.

7. Нау аразгӕйӕ Ной цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд?

7 Ной Йегъовӕйӕн фондз ӕнусы дӕргъы куы фӕлӕггад кодта, уӕд ын Хуыцау бахӕс кодта, цӕмӕй адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты фервӕзын кӕнынӕн нау сарӕзтаид (Райд. 5:32; 6:14). Уый ӕнцон кӕцӕй уыдаид! Ӕмӕ хъуыддаг ӕрмӕст нау саразыны мидӕг нӕ уыд. Ной ӕмбӕрста, адӕм ыл ноджы тынгдӕр кӕй худдзысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ ноджы карздӕрӕй кӕй цӕудзысты. Фӕлӕ уӕддӕр «Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта» (Райд. 6:22).

8. Цӕмӕй у бӕрӕг, Ной йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта?

8 Уыцы зындзинӕдтӕй уӕлдай ма Нойы хъуыди йӕ бинонты дарын дӕр. Доны хъаймӕты размӕ адӕмы хӕринаг самал кӕныны тыххӕй хъуыди фылдӕр фыдӕбон кӕнын, ӕмӕ Нойӕн дӕр йӕ хабар афтӕ уыд (Райд. 5:28, 29). Фӕлӕ уый йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыд, царды йын ӕппӕты сӕйрагдӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыди, уымӕй. Ӕмӕ нау куы арӕзта, уӕд дӕр йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕныныл. Нау саразынӕн та йӕ бахъуыдаид 40–50 азы бӕрц. Ной ма Доны хъаймӕты фӕстӕ фӕцард 350 азы, ӕмӕ уӕд дӕр йӕ зондахаст нӕ фӕивта (Райд. 9:28). Ӕцӕгдӕр, йӕ уырнындзинад ӕмӕ нын йӕ коммӕгӕсдзинад сты фӕзминаг!

9, 10. а) Нӕ бон куыд у Нойы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад бафӕзмын? б) Хуыцауы закъӕттӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дӕ фидар ныфс цӕмӕй уыдзӕн?

9 Нӕ бон куыд у Нойы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад бафӕзмын? Хъуамӕ Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ йын йӕ Паддзахады хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, стӕй нын хъуамӕ Хӕйрӕджы дунеимӕ иумӕйагӕй мацы уа (Матф. 6:33; Иоан. 15:19). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм цард кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй нӕм ацы дунейы адӕм хорз цӕстӕй нӕ кӕсынц. Зӕгъӕм, Хуыцау бинонты царды кӕнӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдоныл фидар кӕй хӕцӕм, уый тыххӕй иуӕй-иу бӕстӕты газетты, телевизоры ӕмӕ интернеты нӕ фыдкой фӕкӕнынц. (Бакӕс Малахийы 3:17, 18.) Фӕлӕ Нойау мах дӕр тӕрсӕм Йегъовӕйӕ, адӕмӕй нӕ, фӕлӕ. Мах ӕй зонӕм, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй у йӕ бон махӕн ӕнусон цард раттын (Лук. 12:4, 5).

10 Фӕлӕ цымӕ дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Хуыцауимӕ дарддӕр дӕр цӕудзынӕ, уый тыххӕй дыл иннӕтӕ куы худой кӕнӕ дын фидистӕ куы кӕной, уӕддӕр? Цардамӕлттӕ кӕнын дын зын куы уа, уӕд дӕр дӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дардзынӕ? Нойы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад куы фӕзмай, уӕд дӕ Йегъовӕ цух ницӕмӕй ныууадздзӕн (Фил. 4:6, 7).

ДАНЕЛЫ УЫРНЫНДЗИНАД ӔМӔ КОММӔГӔСДЗИНАД ФЫДГӔНДЖЫТЫ ’ХСӔН

11. Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

11 Данел цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлд? Данел царди Вавилоны, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кодта, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Уырдӕм ӕй уацары акодтой. Уымӕй уӕлдай ма вавилойнӕгтӕ дзуттӕгты сӕ сӕрмӕ нӕ хастой ӕмӕ сын сӕхицӕй дӕр ӕмӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ дӕр хынджылӕг кодтой (Пс. 137:1, 3). Ӕппӕт уыдӕттӕ Данелӕн ӕмӕ иннӕ иузӕрдион дзуттӕгтӕн масты хос куыннӕ уыдаиккой! Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Данелы ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы – Ананийӕйы, Мисаилы ӕмӕ Азарийы – иннӕ дзуттӕгтӕй уӕлдай цӕттӕ кодтой паддзахӕн лӕггад кӕнынмӕ, ӕмӕ уымӕй цӕсты хаудысты. Стӕй ма сын загътой, цӕмӕй паддзахы хӕринӕгтӕй хордтаиккой, ӕмӕ сын уый дӕр фӕлварӕн уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы хӕринӕгтӕй кӕцыдӕртӕ Йегъовӕйы адӕмӕн хӕрӕн нӕ уыд. Фӕлӕ Данел «йӕхицӕн фидарӕй загъта, паддзахы хӕринӕгтӕй ӕмӕ сӕнӕй йӕхи кӕй нӕ фӕчъизи кӕндзӕн» (Дан. 1:5–8, 14–17).

12. а) Данелмӕ цавӕр хорз миниуджытӕ уыд? б) Йегъовӕ Данелмӕ цы зӕрдӕ дардта?

12 Данелӕн ма фӕлварӕн, гӕнӕн ис, суыдаид, тынг зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй уыди ӕмӕ фӕстӕдӕр стыр бынат кӕй бацахста, уый дӕр (Дан. 1:19, 20). Фӕлӕ Данел не ссӕрбӕрзонд ӕмӕ йӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымайын нӕ райдыдта. Уый алкӕддӕр уыд сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ, ӕмӕ, Хуыцауӕн цы кад ӕмбӕлы, уый йӕхи никуы бакодта (Дан. 2:30). Бафиппаинаг ма у уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ Данелы, Нойы ӕмӕ Иовы рӕстгӕнджытӕ куы схуыдта, уӕд Данел нырма ӕрыгон лӕппу уыд. Бӕрӕг у, Хуыцау ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, Данел ыл йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивдзӕн. Ӕмӕ йӕ Данел дӕр нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта – суанг йӕ мӕлӕты онг йӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ Хуыцауӕн уыд коммӕгӕс. 100 азмӕ ӕввахс ыл куы цыд, уӕд ӕй Йегъовӕйы зӕд схуыдта, «Хуыцауӕн тынг зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг», зӕгъгӕ (Дан. 10:11).

13. Данел уацайраг дзуттӕгтӕн ныфсы хос цӕмӕн уыдаид?

13 Йегъовӕ Данелӕн кӕй арфӕ кодта, уый руаджы стыр бынат ахста ӕрмӕст Вавилоны паддзахады нӕ, фӕлӕ ма уый фӕстӕ Мидо-Персийы паддзахады дӕр (Дан. 1:21; 6:1, 2). Гӕнӕн ис, хабӕрттӕ афтӕ Йегъовӕ рауайын кодта, цӕмӕй Данелы фӕрцы йӕ адӕмӕн баххуыс кодтаид, кӕддӕр сын Египеты Иосифы фӕрцы, Персы та Есфиры фӕрцы куыд баххуыс кодта, афтӕ (Дан. 2:48) *. Ахъуыды-ма кӕн, дзуттаг уацайрӕгтӕн, уыимӕ Йезекилӕн дӕр, цӕй стыр ныфсы хос уыдаид, Данелы руаджы сӕ царды Йегъовӕйы къух кӕй уыдтой, уый!

Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ сты, иузӕрдион ыл чи у, уыдон (кӕс 14, 15 абзацтӕ)

14, 15. а) Нӕ уавӕр Данелы уавӕры хуызӕн цӕмӕй у? б) Данелы хабарӕй ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

14 Нӕ бон куыд у Данелы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад бафӕзмын? Абон мах дӕр цӕрӕм, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ чи кӕны ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн чи кувы, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Уыдон цӕуынц, Библи «хӕйрӕджыты цӕрӕнбынат» кӕй хоны, уыцы Стыр Вавилоны, ома мӕнг динты, зыгъуыммӕ зондыл (Рарг. 18:2). Ӕмӕ мах та ацы дунейы стӕм ӕцӕгӕлӕтты хуызӕн, ома иннӕтӕй тынг хицӕн кӕнӕм, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй хатгай хынджылӕг дӕр фӕкӕнынц (Мар. 13:13). Уӕдӕ Данелау мах дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм. Сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс куы уӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд ын мах дӕр зынаргъ уыдзыстӕм (Аг. 2:7).

15 Цымӕ Данелы хабарӕй ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? Данел нырма сывӕллон куы уыди, уӕд царди Иудӕйы. Ӕмӕ кӕд йӕ алыварс цӕрӕг адӕм алыхуызон фыдхъуыддӕгтӕ кодтой, уӕддӕр уый уыдоны хуызӕн нӕ уыд. Данел йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы уарзта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ хабар афтӕ йӕхигъӕдӕй нӕ рауад – афтӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ схъомыл кодтой (Ӕмб. 22:6). Данелӕн йӕ ном цы нысан кодта, уымӕ гӕсгӕ дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ уыдысты, Хуыцауӕй чи тарст, ахӕм адӕймӕгтӕ. Данелӕн йӕ ном нысан кӕны «мӕ тӕрхонгӕнӕг у Хуыцау». Уӕдӕ зынаргъ ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттыл уӕ къух макуы ауадзут, фӕлӕ сӕ фӕразонӕй ахуыр кӕнут (Еф. 6:4). Уыдоны тыххӕй-иу Хуыцаумӕ кувут, стӕй-иу кувут семӕ иумӕ дӕр. Библийы рӕстдзинад сын сӕ зӕрдӕты нывӕрыныл куы архайат, уӕд уын Йегъовӕ уӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кӕндзӕн (Пс. 37:5).

ИОВЫ УЫРНЫНДЗИНАД ӔМӔ КОММӔГӔСДЗИНАД ХЪӔЗДЫГӔЙ ДӔР ӔМӔ МӔГУЫРӔЙ ДӔР

16, 17. Иовӕн хъӕздыгӕй дӕр ӕмӕ мӕгуырӕй дӕр цавӕр фӕлварӕнтӕ уыд?

16 Иов цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлд? Иов сӕмбӕлд, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр фӕлварӕнтыл. Уый размӕ «ӕгас Скӕсӕны уымӕй кадджындӕр адӕймаг нӕ уыд» (Иов 1:3). Иов уыди хъӕздыг, зындгонд ӕмӕ нымад лӕг (Иов 29:7–16). Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Иов йӕхицӕй не схъал ӕмӕ афтӕ никуы хъуыды кодта, ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр фӕцӕрдзынӕн, зӕгъгӕ. Уый уымӕй у бӕрӕг, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ схуыдта йӕ «лӕггадгӕнӕг», ӕмӕ ма дзы афтӕ дӕр загъта: «Ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй» (Иов 1:8).

17 Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы Иовы цард цӕхгӕр фӕивта. Цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый фесӕфта, стӕй йӕ цот дӕр иууылдӕр фӕмардысты. Иовӕн цард царды ад нал кодта. Мах ӕй зонӕм, уыцы бӕллӕхтӕ йыл Хӕйрӕджы аххосӕй кӕй ӕрцыдысты. Уый Иовӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн цӕйдӕр ӕнхъӕлӕй лӕггад кӕны. (Бакӕс Иов 1:9, 10.) Хуыцауӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ уыцы мӕнг ныхӕстӕ мацӕмӕ ӕрдардтаид, фӕлӕ уый ӕндӕрхуызон бакодта. Йегъовӕ Иовӕн фадат радта, цӕмӕй равдыстаид, иузӕрдион ыл кӕй у ӕмӕ йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕны, уый.

18. а) Иовы иузӕрдиондзинад диссаг цӕмӕй у? б) Хуыцауы тыххӕй цы ис базонӕн, Иовмӕ цы зӕрдӕ дардта, уымӕй?

18 Хӕйрӕг йӕ ныхтӕ Иовы ныссагъта. Фыццаг уал ыл фӕд-фӕдыл карз бӕллӕхтӕ ӕруагъта, цӕмӕй Иов афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтаид, ӕмӕ йӕ уыцы бӕллӕхты хай Хуыцау бакодта (Иов 1:13–21). Уый фӕстӕ Иовмӕ ӕрцыдысты йе ’ртӕ ӕмбалы. Уыдон ын сӕ ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ скъахтой. Загътой йын, уыцы бӕллӕхтӕй йӕ Хуыцау йӕ тӕригъӕдты тыххӕй кӕй ӕфхӕры! (Иов 2:11; 22:1, 5–10). Фӕлӕ уӕддӕр Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад. Ӕмӕ дзы кӕд цалдӕр хатты ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ дӕр схауд, уӕддӕр Йегъовӕ ӕмбӕрста, афтӕ йӕ фыртыхстӕй кӕй дзуры (Иов 6:1–3). Хӕйрӕг ӕй, зӕгъӕн ис, йӕ къӕхты бын ныссӕста. Ӕмӕ кӕд Иов йӕхимӕ ныхъхъуыста, уӕддӕр Хуыцау уыдта, йӕ зӕрдӕ йыл кӕй нӕ сивта. Иовӕн йӕ фӕлварӕнтӕ куы фесты, уӕд ын Йегъовӕ раарфӕ кодта – ӕнӕхай цӕмӕй фӕци, уый йын дыууӕ ахӕмӕй радта ӕмӕ ма Иов ноджыдӕр фӕцарди 140 азы (Иак. 5:11). Иов Хуыцауыл иузӕрдион уыд суанг йӕ мӕлӕты онг. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Ацы статьяйы сӕйраг стихы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты, Иов куы амард, уымӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ.

19, 20. а) Нӕ бон куыд у Иовы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад бафӕзмын? б) Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, иннӕты рыст нӕ зӕрдӕмӕ кӕй исӕм?

19 Нӕ бон куыд у Иовы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад бафӕзмын? Цыфӕнды уавӕрты дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ царды фыццаг бынаты уа, стӕй йыл хъуамӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кӕсӕм. Иовӕй уӕлдай, мах Хӕйрӕджы тыххӕй ӕмӕ йӕ хин миты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зонӕм (2 Кор. 2:11). Стӕй Библийӕ, уыимӕ Иовы чиныгӕй дӕр, зонӕм, Хуыцау цӕмӕн бауадзы, цӕмӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм. Данелы пехуымпарадӕй та зонӕм, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дӕр (Дан. 7:13, 14). Зонӕм ма уый дӕр, ӕмӕ уыцы Паддзахад тагъд ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр ӕнустӕм кӕрон скӕндзӕн.

20 Иовы хабарӕй ма зондӕн райсӕн уый ис, ӕмӕ, не ’мчырыстӕттӕй исчи зындзинӕдтӕ куы ’взара, уӕд-иу ын хъуамӕ йӕ рыст нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Хатгай уыдонӕй дӕр Иовау, чи зоны, исты ӕнӕрхъуыды ныхас схауа (Еккл. 7:7). Уӕд-иу сын тӕрхон кӕнынмӕ ма фӕуӕм, фӕлӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй сӕ бамбарӕм. Афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм нӕ уарзӕгой ӕмӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд Йегъовӕйы (Пс. 103:8).

ЙЕГЪОВӔ УӔ «БАФИДАР... КӔНДЗӔН»

21. 1 Петры 5:10 стихы ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты, уый Ной, Данел ӕмӕ Иовы цардӕй куыд зыны?

21 Ной, Данел ӕмӕ Иов иу заман нӕ цардысты, стӕй сӕ уавӕртӕ иухуызон нӕ уыдысты. Ӕмӕ кӕд се ’ртӕ дӕр стыр зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, уӕддӕр фидар фӕлӕууыдысты. Сӕ царды хабӕрттӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц апостол Петры ныхӕстӕ: «Гыццыл рӕстӕг хъизӕмӕрттӕ бавзардзыстут, фӕлӕ уӕ стӕй Хуыцау,– стыр хорзӕх иууылдӕр кӕмӕй цӕуы... уый,– кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн, бафидар уӕ кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 Пет. 5:10).

22. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

22 Петры ныхӕсты фӕрцы нӕ Йегъовӕ ныфс уадзы, йӕ лӕггадгӕнджытӕн хъару кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ сӕ кӕй фидар кӕндзӕн. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ фидар кӕна ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй Нойы, Данелы ӕмӕ Иовы уырнындзинад ӕмӕ коммӕгӕсдзинад фӕзмӕм! Иннӕ статьяйӕ куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй иузӕрдионӕй баззадысты, Йегъовӕйы хорз кӕй зыдтой, уый фӕрцы. Уыдон «алцыдӕр ӕмбӕрстой», ома зыдтой, Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Ӕмб. 28:5). Ӕмӕ уый махӕн дӕр нӕ къухы бафтдзӕн.

^ 2 абз. Йезекилы уацары акодтой нӕ эрӕйы размӕ 617 азы. Йезекилы 8:1–19:14 цы фыст ис, уый пехуымпар ныффыста, уацары «ӕхсӕзӕм аз» куы уыд, уӕд, ома нӕ эрӕйы размӕ 612 азы.

^ 5 абз. Нойы фыд, Ламех, Хуыцауы тынг уарзта. Уый амард Доны хъаймӕтӕй иу-фондз азы раздӕр. Кӕд Нойӕн йӕ мад ӕмӕ йӕ мадызӕнӕгӕй исчи Доны хъаймӕты онг фӕцард, уӕддӕр нӕ аирвӕзт, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауӕн кӕй нӕ лӕггад кодтой.

^ 13 абз. Уый зӕгъӕн ис Данелӕн йе ’ртӕ ӕмбалӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр стыр бынӕттӕ ахстой (Дан. 2:49).