Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы нысан кӕны?

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы нысан кӕны?

«Хуыцау [уын] ахӕм хорзӕх ракӕнӕд, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр Йесо Чырыстийы хуызӕн куыд хъуыды кӕнат» (РОМ. 15:5).

ЗАРДЖЫТӔ: 17, 13

1, 2. а) Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайынц, уый цавӕр пайда хӕссы? б) Ацы статьяйы дзырд цавӕр ахсджиаг фарстатыл цӕудзӕн?

«ХУЫЦАУЫ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайын, уый фӕрцы дӕн амондджындӕр, стӕй мын уый ӕххуыс кӕны зындзинӕдты сӕрты хизынӕн». Ацы ныхӕстӕ загъта Канадӕйӕ иу хо. Бразилийы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр та загъта: «Мӕ бинойнагимӕ алкӕддӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ фӕархайӕм, ӕмӕ уый фӕрцы ныр 23 азы иумӕ амондджынӕй цӕрӕм». Филиппинтӕй чи у, иу ахӕм ӕфсымӕр та загъта: «Алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайын, уый фӕрцы мӕ зӕрдӕйы ис фарн. Стӕй мын уый тынг ӕххуыс кӕны, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон уавӕрты чи схъомыл, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрынӕн».

2 Ӕцӕгдӕр, адӕймаг Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд ын уый стыр пайда ӕрхӕссы. Фӕлӕ цымӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын уый ноджы хуыздӕр уайа ӕмӕ нын ноджы фылдӕр пайда хӕсса? Ацы фарстайӕн дзуапп базоныны тыххӕй уал ӕркӕсӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы ӕмӕ алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны тыххӕй Библи цы дзуры, уымӕ. Ацы статьяйы дзуапп базондзыстӕм ӕртӕ ахсджиаг фарстайӕн: 1) Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы нысан кӕны? 2) Сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн нын кӕй цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты? 3) «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» хъуыды кӕнын куы сахуыр уӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайынӕн?

ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХЫ РАЗАМЫНДМӔ ГӔСГӔ АРХАЙЫН ЦЫ НЫСАН КӔНЫ?

3. Библимӕ гӕсгӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыдон цӕмӕй хицӕн кӕнынц, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕй?

3 Апостол Павел бамбарын кодта, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыцы адӕймаг» ӕмӕ, «йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕймаг» кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 2:14–16.) Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕймагӕн «йӕ бон нӕу, ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй цы цӕуы, уыдӕттыл сразы уа, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕнӕзонддзинадыл нымайы. Ӕмӕ сӕ йӕ бон нӕу бамбарын дӕр». Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыцы адӕймагӕн та «йӕ бон у алцыдӕр раиртасын» ӕмӕ «хъуыды кӕны, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ». Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, куыд ахсджиаг у Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Фӕлӕ ма цымӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыдон ноджыдӕр цӕмӕй хицӕн кӕнынц, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕй?

4, 5. Цавӕр адӕймагӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы фӕдыл цӕуы?

4 Фыццаг уал бӕстондӕр аныхас кӕнӕм, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдоныл. Ахӕм адӕмӕн сӕ зондахасты тыххӕй цы ис зӕгъӕн? Уыдон цӕуынц ацы хиуарзон дунейы зондыл. Павел уыцы зондахаст схуыдта, «ӕгоммӕгӕс адӕм» кӕмӕй архайынц, ахӕм зонд (Еф. 2:2). Адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцы зондыл цӕуынц ӕмӕ алцыдӕр кӕрӕдзимӕ гӕсгӕ фӕаразынц. Ахӕм адӕм цӕрынц, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ та сӕм нымады дӕр не сты. Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдон вӕййынц кадмондаг, фӕбӕллынц хъӕздыгдзинадмӕ ӕмӕ сын иннӕтӕ сӕ митӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уый сӕм нымады дӕр нӕ вӕййы.

5 Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕй ма цы ис зӕгъӕн? Ахӕм адӕм фӕкӕнынц, Библи «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ» кӕй хоны, ахӕм хъуыддӕгтӕ (Гал. 5:19–21). Павел коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕджы дӕр кодта, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕн ма сӕ зондахаст цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, уый кой. Зӕгъӕм, иннӕты кӕрӕдзи ныхмӕ фӕаразынц, кӕрӕдзиимӕ нӕ фӕфидауынц, кӕрӕдзийыл тӕрхондӕттӕм хъаст бадӕттынц, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн нӕ фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ сӕйраг мӕт вӕййы, кӕм цы бахӕрой ӕмӕ цы бануазой, уый. Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдоны исты кӕнӕ исчи ӕвзӕр хъуыддаг бакӕнынмӕ куы фӕцыбӕл кӕны, уӕд нӕ фӕлӕууынц ӕмӕ рӕдыд къахдзӕф саразынц (Ӕмб. 7:21, 22). Иудӕ та загъта, чидӕртӕ уыйонг кӕй ӕрцӕудзысты, ӕмӕ сӕм «Хуыцауы сыгъдӕг тых... нӕ хӕццӕ кӕндзӕн» (Иуд. 18, 19).

6. Адӕймаг Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайы, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?

6 «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы», уыдоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Ахӕм адӕймӕгтӕн, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕй уӕлдай сӕйрагдӕр у, Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уый. Ахӕм адӕм фӕархайынц, цӕмӕй «Хуыцауы фӕзмой» (Еф. 5:1). Ӕндӕр ныхасӕй, уыдон фӕархайынц, цӕмӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕной ӕмӕ алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсой. Уыдон фидарӕй зонынц, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у. Ахӕм адӕм сӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл нӕ фӕцӕуынц, фӕлӕ фӕархайынц Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (Пс. 119:33; 143:10). Уыдон сӕхи хизынц тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй ӕмӕ сӕ удыхъӕды фидар кӕнынц, сыгъдӕг тыхӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдон (Гал. 5:22, 23).

7. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыдоны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

7 Йесо бамбарын кодта, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм адӕм амондджын кӕй сты. Матфейы 5:3 стихы мах кӕсӕм: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад». Ромӕгтӕм 8:6 стихы та фыст ис, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы пайда хӕссы, уый тыххӕй: «Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый та ссардзӕн цард ӕмӕ фарн». Уӕдӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд йемӕ фӕрнӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты дӕр уыдзӕн фарн, ӕмӕ фидӕны та хайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй.

8. Хатгай Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

8 Фӕлӕ абон мах цӕрӕм, нӕ уырнындзинадӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты тӕссаг кӕм у, ахӕм дунейы. Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, ахӕм адӕмы ’хсӕн кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй нӕ зонд хъахъхъӕнӕм. Нӕ зонд, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм хъуыдытӕй куы нӕ дзаг кӕнӕм, уӕд нын ӕй ацы дуне байдзаг кӕндзӕн, нӕ буары монцты фӕдыл цӕуын кӕй тыххӕй райдайдзыстӕм, ахӕм хъуыдытӕй. Цы ис саразӕн, цӕмӕй нӕхи ахӕм хабарӕй бахизӕм? Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм?

СӔ ЦӔВИТТОНТӔ НЫН СТЫ ФӔЗМИНАГ

9. а) Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цӕй фӕрцы сахуыр уыдзыстӕм? б) Фӕзминаг нын чи у, уыдонӕй кӕй цӕвиттонтӕм ӕркӕсдзыстӕм?

9 Сывӕллон йӕ ныййарджытӕм куыд фӕкӕсы ӕмӕ алцӕуыл дӕр уыдонӕй куыд фӕахуыр кӕны, уыйау мах дӕр хъуамӕ, Йегъовӕимӕ ӕнгом чи у, уыдонмӕ кӕсӕм ӕмӕ сын сӕ цӕвиттонтӕй ахуыр кӕнӕм. Афтӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын сахуыр уыдзыстӕм. Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдоны цӕвиттонтӕ та нын сты зондзонӕн, цӕмӕй ӕмбарӕм, нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уый (1 Кор. 3:1–4). Библийы ис хорз цӕвиттонтӕ дӕр ӕмӕ ӕвзӕр цӕвиттонтӕ дӕр. Цӕй ӕмӕ нын фӕзминаг чи у, уыдонӕй цалдӕры цӕвиттонмӕ ӕркӕсӕм. Уыдон сты Иаков, Марийӕ ӕмӕ Йесо.

Иаковы цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (кӕс 10 абзацтӕ)

10. Иаков Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

10 Фыццаг уал ӕркӕсӕм Иаковы цӕвиттонмӕ. Махӕй бирӕтау Иаков йӕ царды бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Зӕгъӕм, йе ’фсымӕр Исав ӕй амарынмӕ хъавыд, йӕ каис та йыл цалдӕр хатты хинӕй рацыд. Фӕлӕ кӕд Иаков ахӕм адӕмы ’хсӕн цард, уӕддӕр алкӕддӕр архайдта Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ. Уый фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл. Иаков зыдта, уыцы зӕрдӕвӕрд йӕ бинонты уылты кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр хъуыди, уымӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ сыл тыхсти (Райд. 28:10–15). Йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй алкӕддӕр бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дзы йӕ фӕндон рох кӕй не сты. Зӕгъӕм, афтӕ куы ахъуыды кодта, ӕмӕ йын Исав ӕвзӕрӕй цыдӕр саразынмӕ хъавы, уӕд Йегъовӕйӕн загъта: «Лӕгъстӕ дын кӕнын... фервӕзын [мӕ] кӕн. [...] Ды мын дӕхӕдӕг куы загътай: „Ӕз дын ӕххуыс кӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты афтӕ сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн, денджызы был змисӕн куыд нӕй банымайӕн, афтӕ“» (Райд. 32:6–12). Иаковӕн йӕ цардӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕн дӕр зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд.

Марийӕйы цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (кӕс 11 абзацтӕ)

11. Марийӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

11 Ныр та ӕркӕсӕм Марийӕйы цӕвиттонмӕ. Йегъовӕ Марийӕйы цӕмӕн равзӕрста, цӕмӕй Йесойы мад суыдаид? Уымӕн ӕмӕ Марийӕ уыд, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайдта, ахӕм адӕймаг. Уый бӕрӕг у, йӕ хӕстӕджытӕм, Захари ӕмӕ Елизаветӕмӕ, уазӕгуаты куы ӕрбацыд, уӕд Йегъовӕйы йӕ ныхӕстӕй куыд скадджын кодта, уымӕй. (Бакӕс Лукайы 1:46–55.) Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы Ныхас тынг кӕй уарзта ӕмӕ Дзуттаг Фыстытӕ хорз кӕй зыдта (Райд. 30:13; 1 Сам. 2:1–10; Мал. 3:12). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ, цалынмӕ Йесо нӕ райгуырд, уӕдмӕ Марийӕ ӕмӕ Иосиф ӕмуат не ’рцыдысты, кӕд сӕ цард баиу кодтой, уӕддӕр. Уымӕй зыны, Йегъовӕйы фӕндон сын сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕй сӕйрагдӕр кӕй уыд (Матф. 1:25). Марийӕ ма йӕ хъус лӕмбынӕг дардта, Йесойыл-иу цы хабӕрттӕ ӕрцыд ӕмӕ-иу цы зонды ныхӕстӕ дзырдта, уыдонмӕ. Уымӕй уӕлдай ма «уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр йӕ зӕрдыл бадардта» (Лук. 2:51). Уый бӕллыд, Хуыцау Мессийӕйы тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый фенынмӕ. Марийӕйы цӕвиттонӕй мах ахуыр кӕнӕм, Хуыцауы фӕндон нӕ царды алцӕмӕй ахсджиагдӕр кӕй хъуамӕ уа, ууыл.

12. а) Йесо йӕ Фыды куыд фӕзмыдта? б) Махӕн нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

12 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куыд архайын хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон ныууагъта Йесо. Йӕ цардӕй ӕмӕ йӕ лӕггадӕй бӕрӕг уыд, йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы фӕзмын ӕй кӕй фӕндыд. Алцӕмӕй дӕр уыд уый хуызӕн: куыд хъуыды кодта, адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта ӕмӕ куыд архайдта, уымӕй. Йесо Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кодта ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕн тынг аргъ кодта (Иоан. 8:29; 14:9; 15:10). Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, пехуымпар Исай, Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау у, уый тыххӕй цы ныффыста, уымӕ ӕмӕ йӕ стӕй абарӕм, Марк йӕ Евангелийы Йесойы тыххӕй цы ныффыста, уыимӕ. (Бакӕс Исайы 63:9; Марчы 6:34.) Цымӕ мах дӕр Йесойау тӕригъӕдгӕнаг стӕм, ӕмӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ разынӕм? Йесойау нын хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын царды алцӕмӕй ахсджиагдӕр у? (Лук. 4:43). Кӕд о, уӕд махӕй дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм.

13, 14. а) Нӕ рӕстӕджы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыдоны цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? б) Ӕрхӕсс цӕвиттон.

13 Нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайынц ӕмӕ Чырыстийы фӕзмынц. Ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдтай, Хуыцауӕн куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц, стӕй куыд уазӕгуарзон ӕмӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг сты, уый. Кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй сӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ рӕзын кӕной ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразой. Бразилийӕ иу хо, Рейчел, загъта: «Уарзтон, фӕстаг модӕмӕ гӕсгӕ чи уыд, ахӕм дзаумӕттӕ дарын. Ӕмӕ уый тыххӕй мӕ дарӕс ӕфсармыл дзурӕг нӕ уыд. Фӕлӕ рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд мӕ бафӕндыд мӕхи уыцы хъуыддаджы фӕивын, ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын райдыдтон. Уыцы ивындзинӕдтӕ скӕнын мын ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ уый фӕрцы сдӕн амондджындӕр ӕмӕ ныр мӕ цардӕй тынг райгонд дӕн».

14 Рейлен у Филиппинтӕй. Уый дӕр бахъуыд йӕ царды цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ саразын. Кӕд рӕстдзинад зыдта, уӕддӕр йӕ царды сӕйрагдӕр нысан уыд, цӕмӕй уӕлдӕр ахуыр райстаид ӕмӕ хорз куыст ссардтаид. Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Йегъовӕйы хъуыддаджы мын цы нысӕнттӕ уыд, уыдон мын афтӕ ахсджиаг нал уыдысты. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстон, мӕ цард цыдӕр цух кӕй у ӕмӕ уыцы цыдӕр мӕ куыстӕй бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у. Гъемӕ мӕ хъарутӕ сӕйраджыдӕр сарӕзтон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ». Ныр Рейлен йӕхицӕй зоны, Матфейы 6:33, 34 стихты ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты. Уый зӕгъы: «Ӕз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, Йегъовӕ мӕ кӕй ницы цух ныууадздзӕн!» Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис де ’мбырды дӕр. Дӕу дӕр уыдонау нӕ фӕнды Чырыстийы фӕзмын? (1 Кор. 11:1; 2 Фес. 3:7).

ХЪУЫДЫ КӔНУТ, «ЧЫРЫСТИ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫ, АФТӔ»

15, 16. а) Цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн уӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? б) «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» хъуыды кӕнын цӕй фӕрцы сахуыр уыдзыстӕм?

15 1 Коринфӕгтӕм 2:16 стих нын дзуры, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм, «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ». Ромӕгтӕм 15:5 стих дӕр нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «Йесо Чырыстийы хуызӕн... хъуыды кӕнӕм». Фӕлӕ цымӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм? Хъуамӕ зонӕм, куыд хъуыды кӕны ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау у, уый. Стӕй хъуамӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм. Йесойӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр у, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уый. Уӕдӕ Чырыстийы хуызӕн куы уӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ноджы ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Уӕдӕ ахсджиаг куыннӕ у, цӕмӕй Йесойы хуызӕн хъуыды кӕнын сахуыр уӕм.

16 Цымӕ уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн? Зӕгъӕм, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхи цӕстӕй уыдтой, сӕ ахуыргӕнӕг диссӕгтӕ куыд арӕзта, уый ӕмӕ хъуыстой, адӕмӕн цы амыдта, уыдӕттӕ. Стӕй ма уыдтой, алыхуызон адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд архайдта, уый дӕр. Уыдон загътой: «Мах нӕхи цӕстӕй федтам... кӕй сарӕзта, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ» (Хъуыд. 10:39). Уыдонӕй уӕлдай махӕн ахӕм фадат нӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ батыхст, цӕмӕй, Чырысти цавӕр адӕймаг уыд, уый Евангелиты фыст ӕрцыдаид. Уӕдӕ Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны чингуытӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ дзы цы фыст ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд, Чырысти куыд хъуыды кӕны, уый тыххӕй фылдӕр базонӕм. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йесойы «къахвӕдтыл цӕуӕм» ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи йӕ зондахастӕй «сифтонг кӕнӕм» (1 Пет. 2:21; 4:1).

17. Чырыстийы хуызӕн куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн?

17 Чырыстийы хуызӕн хъуыды кӕнын куы сахуыр уӕм, уӕд нын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн? Зӕгъӕм, хӕрзхъӕд хӕринаг куы хӕрӕм, уӕд уый не ’нӕниздзинадыл хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн. Раст афтӕ, нӕ зонд Чырыстийы хъуыдытӕй куы «ӕфсадӕм», уӕд нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн ӕмӕ нын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Ӕмӕ сабыргай ӕмбарын райдайдзыстӕм, Чырысти алыхуызон уавӕрты куыд бакодтаид, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, Хуыцауы раз нӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй фӕрцы уыдзӕн ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕндзыстӕм, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын. Уӕдӕ уый зонгӕйӕ Павелы уынаффӕмӕ куыннӕ хъуамӕ байхъусӕм, зӕгъгӕ, «уӕхиуыл уӕлӕдарӕсау скӕнут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы удыхъӕд» (Ром. 13:14).

18. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы нысан кӕны, уый тыххӕй цы базыдтай?

18 Мах аныхас кодтам, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын цы нысан кӕны, ууыл. Ноджыдӕр ма аныхас кодтам, уыцы разамындмӕ гӕсгӕ чи архайдта, уыдоны цӕвиттонтыл. Стӕй базыдтам, «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый фӕрцы Хуыцаумӕ ноджы тынгдӕр кӕй баввахс уыдзыстӕм. Фӕлӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл ӕвзӕры ӕндӕр фарстатӕ дӕр. Зӕгъӕм, нӕ бон куыд у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын? Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын уый ноджы хуыздӕр уайа? Ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый нын нӕ царды алы хъуыддагыл дӕр куыд фӕзындзӕн? Ацы фарстатӕн дзуаппытӕ базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.