ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2018 аз, октябрь

Ацы брошюрӕйы ис, 2018 азы 3–30 декабры кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Сӕдӕ азы размӕ: 1918 аз

Фыццаг дунеон хӕст нырма Европӕйы йӕ цӕхӕр калдта. Фӕлӕ уыцы азы райдианы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ Библииртасджытӕм, стӕй ӕгас дунейы адӕммӕ дӕр, разӕй хорз цыдӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

Раст цы у, уый дзурут

Адӕм сайгӕ цӕмӕн фӕкӕнынц ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркӕны? Кӕрӕдзийӕн, ӕцӕг цы у, уый кӕй дзурӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

Иннӕтӕн рӕстдзинад амонут

Рӕстӕг нын бирӕ кӕй нал баззад, уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕйраг нысан хъуамӕ уа иннӕтӕн рӕстдзинад амонын. Иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдон нын уыцы хъуыддаджы куыд баххуыс кӕндзысты?

БИОГРАФИ

Цы уынаффӕ рахастон, уый тыххӕй мын Йегъовӕ рӕдауӕй арфӕ кодта

Чарлз Молохен ӕрыгонӕй Вефилы лӕггад кӕнын райдыдта, ӕмӕ йын Йегъовӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ рӕдауӕй арфӕ кӕны.

Уӕ ныфс дарут нӕ Разамонӕгыл – Йесо Чырыстийыл

Хуыцауы организаци бирӕ ивындзинӕдтӕ кӕй саразы, уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарста: «Нӕ бон цӕмӕн у нӕ Разамонӕгыл, Йесо Чырыстийыл, нӕ ныфс дарын?»

Уӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕнут, уӕ царды цыфӕнды ивындзинӕдтӕ ма ’рцӕуа, уӕддӕр

Нӕ царды ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы фӕивы, уӕд уый тыххӕй хатгай нӕ ныфс асӕтты. «Хуыцауы фарн» нын ахӕм уавӕрты куыд баххуыс кӕны?

Зыдтай йӕ?

Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй кӕй амардтой, уыдонӕй Библийы фыццаг Стефаны тыххӕй ӕрцыд фыст. Цымӕ Стефан ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ сабыр цӕй фӕрцы уыд?