Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕнут, уӕ царды цыфӕнды ивындзинӕдтӕ ма ’рцӕуа, уӕддӕр

Уӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕнут, уӕ царды цыфӕнды ивындзинӕдтӕ ма ’рцӕуа, уӕддӕр

«Ӕз рӕвдыдтон ӕмӕ сабыр кодтон мӕ уд» (ПС. 131:2).

ЗАРДЖЫТӔ: 128, 129

1, 2. а) Чырыстӕттӕн сӕ царды ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы фӕивы, уӕд сыл уый хатгай куыд фӕзыны? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) 131-ӕм псаломмӕ гӕсгӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕнынӕн?

ВЕФИЛЫ 25 азӕй фылдӕр чи фӕлӕггад кодта, иу ахӕм бинонтӕн, Ллойд ӕмӕ Александрӕйӕн, куы загътой, ныр пионертӕй кӕй лӕггад кӕндзысты, уӕд сын уый фыццаг тынг зын уыд. Ллойд загъта: «Вефил ӕмӕ дзы цы куыст кодтон, уый афтӕ тынг уарзтон, ӕмӕ мӕ ӕндӕр цардӕй цӕрын дӕр нӕ фӕндыд. Ӕмбаргӕ йӕ кодтон, ахӕм ивындзинӕдтӕ саразын цӕмӕн бахъуыд, уый. Фӕлӕ цыдысты къуыритӕ, мӕйтӕ, ӕмӕ-иу мӕм арӕх афтӕ каст, ӕмӕ, кӕй нал хъуыдтӕн, уый тыххӕй мӕ арвыстой». Ллойдӕн йӕ зӕрдӕйы уаг арӕх ивта. Куы-иу уыцы ивындзинадмӕ раст цӕстӕй касти, куы та-иу ӕвиппайды йӕхимӕ ныхъхъуыста.

2 Нӕ царды ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы фӕивы, уӕд ныл уый хатгай афтӕ фӕзыны, ӕмӕ мӕт кӕнын райдайӕм ӕмӕ нӕ ныфс асӕтты (Ӕмб. 12:25). Кӕнӕ та нӕ ног уавӕртыл зынтӕй сахуыр вӕййӕм. Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ сабыр уа? (Бакӕс Псалом 131:1–3.) Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, раджы заманты-иу Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ царды исты куы фӕивта, уӕд-иу сӕ зӕрдӕйы фарн цӕй фӕрцы бахъахъхъӕдтой ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ахӕм уавӕрты цы баххуыс кӕны.

«ХУЫЦАУЫ ФАРН» НӔ КУЫД ХЪАХЪХЪӔНЫ

3. Иосифыл цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд?

3 Ӕркӕсӕм Иосифы хабармӕ. Иаков ӕй хъулон уарзт кӕй кодта, уый тыххӕй йӕм йе ’фсымӕртӕ тынг хӕлӕг кодтой, ӕмӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой. Уӕд ыл цыд 17 азы (Райд. 37:2–4, 23–28). Иосиф 13 азы дӕргъы Египеты фыдцард кодта: фыццаг уыд цагъар, фӕстӕдӕр та йӕ ахӕстоны баппӕрстой. Стӕй йӕ фыдӕй дард кӕй уыд, уый дӕр ын зын куыннӕ уыдаид. Цымӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын ма райдыдтаид?

4. а) Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд йӕ хъуыдытӕ цӕуыл уыдысты? б) Йегъовӕ-иу Иосифы куывдтытӕ кӕй фехъуыста, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

4 Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд йӕ хъуыдытӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты, Йегъовӕ йын куыд ӕххуыс кодта, ууыл (Райд. 39:21; Пс. 105:17–19). Стӕй ма, ӕрыгондӕр куы уыд, уӕд ын Хуыцау фидӕны хабӕртты тыххӕй цы фынтӕ фенын кодта, уыдон дӕр дзы ныфс куыннӕ уагътаиккой, Йегъовӕ йын кӕй арфӕ кӕндзӕн (Райд. 37:5–11). Ӕмӕ-иу ын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дӕр, чи зоны, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ радзырдта (Пс. 145:18). Йегъовӕ-иу Иосифӕн йӕ куывдтытӕ фехъуыста ӕмӕ-иу ын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта. Ӕмӕ-иу дзы уӕд ныфс бацыд, Хуыцау цыфӕнды зындзинӕдты дӕр йемӕ кӕй уыдзӕн (Хъуыд. 7:9, 10) *.

5. Уӕззау уавӕрты нын «Хуыцауы фарн» куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм?

5 Мах дӕр цыфӕнды уӕззау уавӕрты ма бахауӕм, уӕддӕр-иу нын «Хуыцауы фарн» нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзӕн ӕмӕ-иу нын нӕ зонд бахъахъхъӕндзӕн. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7.) Уӕдӕ истӕуыл тынг куы мӕт кӕнӕм кӕнӕ зӕрдӕсаст куы уӕм, уӕд-иу нӕм Хуыцауы фарны руаджы ахӕм хъарутӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнӕм. Ӕркӕсӕм, нӕ рӕстӕджы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй уый йӕхиуыл чи бавзӕрста, уыдонӕй иуӕй-иуты цӕвиттонтӕм.

ЙЕГЪОВӔЙӔ КУР, ЦӔМӔЙ ТА ДӔ ЗӔРДӔЙЫ ФАРН ӔРЦӔРА

6, 7. Тыхст уавӕры бӕлвырд хъуыддӕгты тыххӕй куы кувӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 Райан ӕмӕ Джульетт рӕстӕгмӕ лӕггад кодтой сӕрмагонд пионертӕй, ӕмӕ сын куы загътой, уыцы хуызы кӕй нал лӕггад кӕндзысты, уӕд сӕ ныфс асаст. Райан загъта: «Мах уый тыххӕй Йегъовӕмӕ скуывтам. Зыдтам ӕй, уый хорз фадат кӕй у, нӕ ныфс ыл кӕй дарӕм, уый равдисынӕн. Не ’мбырды бирӕ ногтӕ уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдтам, цӕмӕй сын нӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг уыдаиккам».

7 Цымӕ сын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта? Райан загъта: «Куыддӕр скуывтам, афтӕ нын фенцондӕр ӕмӕ нӕ сагъӕстӕй фӕд дӕр нал баззад. Хуыцауы фарн нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд бахъахъхъӕдта. Уӕд бамбӕрстам, нӕ бон афтӕмӕй дӕр кӕй у Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын, нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд».

8–10. а) Хуыцауы сыгъдӕг тых нын тыхст уавӕры куыд баххуыс кӕндзӕн? б) Ӕппӕты сӕйраг нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы уа, уӕд нын куыд арфӕ кӕндзӕн?

8 Тыхст уавӕры-иу нын Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзӕн, стӕй-иу нын не ’ргом раздахдзӕн, царды сӕйрагдӕр цы у, уый чи ӕмбарын кӕны, ахӕм стихтӕм. (Бакӕс Иоанны 14:26, 27.) Ӕркӕсӕм, Вефилы 25 азы бӕрц чи лӕггад кодта, иу ахӕм бинонты, Филип ӕмӕ Мэрийы, хабармӕ. Вефилӕй куы ацыдысты, уӕд цыппар мӕймӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ мадӕлтӕ фӕзиан сты, Филипӕн та ма йӕ хӕстӕджытӕй чидӕр фӕзиан. Стӕй ма сӕ хъуыди Мэрийы фыдмӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонд йӕхимӕ нал уыд.

9 Филип радзырдта: «Афтӕ мӕм каст ӕмӕ мын мӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын хорз уайы, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон, ноджыдӕр ма мӕ цӕуылдӕр кӕй хъӕуы архайын. „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ ахуыргӕнӕн статья кӕсгӕйӕ мӕ цӕст ӕрхӕцыд Колоссӕгтӕм 1:11 стихыл. Фидар бӕргӕ лӕууыдтӕн, фӕлӕ мӕ хъуыди „цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар лӕууын“. Уыцы стих мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, мӕ циндзинад мӕ уавӕртӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, фӕлӕ, мӕ царды Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕрибарӕй архайдзӕн ӕви нӕ, уымӕй».

10 Филип ӕмӕ Мэрийӕн зын уавӕрты дӕр ӕппӕты сӕйраг уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта. Вефилӕй куы ацыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ кӕимӕдӕрты Библи ахуыр кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уыцы адӕймӕгтӕн сӕ уырнындзинад бонӕй-бонмӕ фидар кодта. Мэри уыцы рӕстӕджыты тыххӕй загъта: «Уыцы адӕймӕгтӕ уыдысты нӕ цин, стӕй нӕм афтӕ каст, цыма нын уыдоны фӕрцы Йегъовӕ афтӕ дзырдта, алцыдӕр хорз уыдзӕн, зӕгъгӕ».

АФТӔ АРХАЙУТ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙӔН, ЦӔМӔН РААРФӔ КӔНА, УЫЙ УА

Нӕ царды исты куы фӕива, уӕд нӕ бон цӕмӕй у Иосифы бафӕзмын? (кӕс 11–13 абзацтӕ)

11, 12. а) Иосиф куыд архайдта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн, цӕмӕн раарфӕ кодтаид, уый уыдаид? б) Иосиф фидар кӕй фӕлӕууыд, уый тыххӕй арфӕгонд куыд ӕрцыд?

11 Нӕ царды ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы фӕива, уӕд, гӕнӕн ис, ууыл афтӕ суӕм, ӕмӕ ӕндӕр мацӕуылуал хъуыды кӕнӕм. Иосифӕн дӕр, гӕнӕн ис, йӕ хабар афтӕ рауадаид. Фӕлӕ уый йӕ уавӕрты, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр, цӕмӕн раарфӕ кодтаид, уый уыд. Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд-иу ын ахӕстоны хицау цыфӕнды ма бахӕс кодтаид, уӕддӕр-иу ӕй сарӕзта, Потифары хӕдзары куыд кодта, раст афтӕ (Райд. 39:21–23).

12 Иуафон ахӕстоны бакодтой, фараоны хӕдзары стыр бынӕттӕ чи ахста, дыууӕ ахӕм нӕлгоймаджы, ӕмӕ сӕ Иосифы бар бакодтой. Иу бон Иосиф федта, тыхст кӕй сты, ӕмӕ сӕ бафарста, ӕнкъард цӕмӕн стут, зӕгъгӕ. Иосиф сӕм хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын сӕ дыууӕ дӕр радзырдтой, ӕхсӕвы цы ӕнахуыр фынтӕ федтой, уый тыххӕй (Райд. 40:5–8). Иосифӕн уӕд йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, уыцы хабӕрттӕ фӕстӕдӕр уымӕ кӕй ӕркӕндзысты, ӕмӕ йӕ ссӕрибар кӕндзысты. Ӕмӕ ма кӕд уый фӕстӕ ноджыдӕр дыууӕ азы ахӕстоны фӕци, уӕддӕр ӕй ӕппынфӕстаг ссӕрибар кодтой, ӕмӕ уыцы бон сси Египеты фараоны фӕстӕ дыккаг лӕг (Райд. 41:1, 14–16, 39–41).

13. Цыфӕнды уавӕры ма уӕм, уӕддӕр нӕ бон куыд у архайын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн, цӕмӕн раарфӕ кӕна, уый уа?

13 Мах дӕр, чи зоны, Иосифау бахауӕм, нӕ бар кӕуыл ма цӕуа, ахӕм уавӕры. Фӕлӕ фӕразон куы уӕм ӕмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, уӕд Йегъовӕйӕн дӕр, цӕмӕн раарфӕ кӕна, уый уыдзӕн (Пс. 37:5). Кӕд хатгай цӕуылдӕр тынг фӕтыхсӕм, уӕддӕр афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ, «цы бакӕнӕм, уый мауал зонӕм» (2 Кор. 4:8). Йегъовӕ уыдзӕн немӕ, уӕлдайдӕр та нын нӕ лӕггад ӕппӕты сӕйраг куы уа, уӕд.

УӔ ЛӔГГАД УЫН УӔД ӔППӔТЫ СӔЙРАГ

14–16. Хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппӕн йӕ уавӕртӕ куы фӕивтой, уӕд дӕр ын ӕппӕты сӕйраг йӕ лӕггад кӕй уыд, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

14 Йӕ уавӕртӕ кӕмӕн фӕивтой, фӕлӕ уӕддӕр ӕппӕты сӕйраг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕмӕн уыд, уыдонӕй ма нын фӕзминаг у хорз хабар хъусынгӕнӕг Филипп дӕр. Иуафон Филипп Иерусалимы ӕххӕст кодта, йӕ бӕрны йын цы хъуыддаг бакодтой, уый (Хъуыд. 6:1–6). Фӕлӕ стӕй йӕ уавӕртӕ фӕивтой. Ахуыргӕнинаг Стефаны куы амардтой, уый фӕстӕ чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ алырдӕмты ныххӕлиу сты *. Филиппы фӕндыд дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Гъемӕ ацыд горӕт Самаримӕ, уымӕн ӕмӕ уым цӕрӕг адӕмӕн дӕр хорз хабар фехъусын кӕнын хъуыди (Матф. 10:5; Хъуыд. 8:1, 5).

15 Филипп цӕттӕ уыд, Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕй кӕдӕмфӕнды ма арвыстаид, уырдӕм ацӕуынмӕ, ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр бабар кодта, хорз хабар кӕдӕм нӕма фӕхӕццӕ, уыцы рӕтты хъусын кӕнын. Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ самариӕгтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты. Филипп та сӕм хорз цӕстӕй каст ӕмӕ сын зӕрдиагӕй хъусын кодта. Уӕдӕ диссаг нӕу, самариӕгтӕй йӕм бирӕтӕ лӕмбынӕг кӕй хъуыстой! (Хъуыд. 8:6–8).

16 Уый фӕстӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых Филиппы акодта Азотмӕ ӕмӕ Кесаримӕ. Уыцы горӕтты цард, дзуттаг чи нӕ уыд, бирӕ ахӕм адӕм (Хъуыд. 8:39, 40). Цасдӕры фӕстӕ та Филиппӕн йӕ уавӕртӕ ногӕй фӕивтой. Фӕзынд ын бинонтӕ, ӕмӕ, цӕргӕ кӕм кодта, хъусын дӕр уым кодта. Фыццаг хатт Самарийы куы хъусын кодта, уымӕй рацыд иу-20 азы, ӕмӕ кӕд ныр йӕ уавӕртӕ ӕндӕрхуызон уыдысты, уӕддӕр ын ӕппӕты сӕйраг уыд йӕ лӕггад. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр арфӕ кодта (Хъуыд. 21:8, 9).

17, 18. Нӕ царды исты ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕива, уӕд дӕр нын ӕппӕты сӕйраг нӕ лӕггад куы уа, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

17 Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, сӕ уавӕртӕ куы фӕивтой, уӕд дӕр сын ӕппӕты сӕйраг уыд сӕ лӕггад, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ циндзинад не ’рмынӕг. Озборн ӕмӕ Полайт цӕрынц Хуссар-Африкаг Республикӕйы. Вефилӕй ацӕуын сӕ куы бахъуыд, уӕд афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ цӕрӕнбынат цыбыр рӕстӕгмӕ ссардзысты, стӕй сӕ пионертӕй лӕггад кӕнын чи нӕ къуылымпы кӕна, ахӕм куыст дӕр ӕнцонтӕй ссардзысты. Озборн загъта: «Ныфс нӕ уыд, куыст нын тагъд кӕй фӕзындзӕн, фӕлӕ ницы». Йӕ бинойнаг та загъта: «Ӕртӕ мӕйы дӕргъы нӕ бон нӕ уыд куыст ссарын, ӕмӕ, цӕмӕй цардаиккам, уый нӕм нал уыд. Уыцы рӕстӕг нын тынг зын уыди».

18 Уыцы тыхст уавӕры сын цы баххуыс кодта? Озборн радзырдта: «Не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ уацамынды кӕй цыдыстӕм, уый фӕрцы нӕ хъуыдытӕ уыдысты нӕ лӕггадыл. Нӕхицӕн загътам, зӕгъгӕ, иу ран бадыны ӕмӕ мӕт кӕныны бӕсты фӕлтау нӕ хъарутӕ иууылдӕр хъусын кӕнынмӕ сараздзыстӕм. Ӕмӕ афтӕ кӕй архайдтам, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ уыдысты цинӕйдзаг. Куыст кӕм нӕ агуырдтам, ахӕм нал баззад, ӕмӕ ӕппынфӕстаг ссардтам».

ЙЕГЪОВӔМӔ ФӔРАЗОНӔЙ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСУТ

19–21. а) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕты фарн бахъахъхъӕнӕм? б) Ног уавӕртыл куы сахуыр уӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

19 Цы цӕвиттонтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй бӕрӕг у: нӕ уавӕрты, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты фарн бахъахъхъӕндзыстӕм. (Бакӕс Михейы 7:7.) Йӕ рӕстӕджы, чи зоны, бамбарӕм, ӕмӕ, нӕ ног уавӕртыл кӕй сахуыр стӕм, уый фӕрцы Йегъовӕимӕ ӕнгомдӕр систӕм. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Полайт, загъта: «Вефилӕй куы ацыдыстӕм ӕмӕ пионертӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтам, уӕд сахуыр дӕн мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын, суанг-иу мӕм афтӕ куы каст, ӕмӕ мӕ зындзинӕдтӕ сӕ быны скодтой, уӕд дӕр. Уый фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахс дӕн».

20 Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Мэри, ныр дӕр ма йӕ ацӕргӕ фыдмӕ кӕсы ӕмӕ пионерӕй дӕр лӕггад кӕны. Уый дзуры: «Бамбӕрстон ӕй, истӕуыл куы фӕмӕт кӕнын, уӕд мӕ кӕй фӕхъӕуы ӕрлӕууын ӕмӕ Хуыцаумӕ скувын, ӕмӕ мӕ стӕй тыхсын ницӕуылуал фӕхъӕуы. Мӕ сагъӕстӕ-иу Йегъовӕйы бар кӕй хъуамӕ бакӕнон, уый, ӕвӕццӕгӕн у, цӕуыл сахуыр дӕн, уыдӕттӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр. Ӕмӕ фидӕны та уый ноджы ахсджиагдӕр уыдзӕн».

21 Статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы лӕг ӕмӕ ус, Ллойд ӕмӕ Александрӕ, куыд загътой, афтӕмӕй ног уавӕрты сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд, ӕнхъӕл куыд нӕ уыдысты, афтӕ. Фӕлӕ стӕй загътой: «Фӕлварӕнты рабӕрӕг вӕййы, нӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ, стӕй нӕм зын рӕстӕджыты нӕ зӕрдӕты фарн бахъахъхъӕнынӕн фаг уырнындзинад ис ӕви нӕ. Нӕ дыууӕ дӕр хуыздӕрырдӕм фӕивтам».

Ӕнхъӕл кӕмӕн не стӕм, ахӕм ивындзинӕдтӕ, чи зоны, ӕркӕной, ӕнхъӕл кӕмӕн не стӕм, ахӕм арфӕдзинӕдтӕм! (кӕс 19–21 абзацтӕ)

22. Нӕ уавӕрты, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, уӕд фидарӕй цы зондзыстӕм?

22 Уӕ царды ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрфӕнды ивындзинӕдтӕ ма ’рцӕуа,– фӕнды уӕ лӕггадимӕ баст уой, фӕнды уе ’нӕниздзинадимӕ, фӕнды уӕ бинонты уавӕртимӕ,– уӕддӕр фидарӕй зонут, Йегъовӕ уыл кӕй тыхсы ӕмӕ уын йӕ рӕстӕджы кӕй баххуыс кӕндзӕн (Дзут. 4:16; 1 Пет. 5:6, 7). Стӕй уӕ уавӕрты, уӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразут. Уӕ уӕларвон Фыдмӕ кувут ӕмӕ йын уӕ сагъӕстӕ йӕ бар бакӕнут. Уӕд сымах дӕр цыфӕнды уавӕрты дӕр уӕ зӕрдӕты фарн бахъахъхъӕндзыстут.

^ 4 абз. Иосифы ахӕстонӕй куы ссӕрибар кодтой, уымӕй йын цасдӕры фӕстӕ райгуырд фырт, ӕмӕ йӕ схуыдта Манасси. Ахӕм ном ыл цӕмӕн сӕвӕрдта, уый тыххӕй загъта: «Хуыцау мын ферох кӕнын кодта мӕ зындзинӕдтӕ иууылдӕр». Ацы ныхӕстӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йын фырт Йегъовӕ балӕвар кодта, цӕмӕй дзы йӕ зӕрдӕйы мӕстытӕ ферох уыдаиккой (Райд. 41:51, фип.).

^ 14 абз. Кӕс ацы брошюрӕйы статья «Зыдтай йӕ?».