Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иннӕтӕн рӕстдзинад амонут

Иннӕтӕн рӕстдзинад амонут

«О Йегъовӕ... Дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр у ӕцӕгдзинад» (ПС. 119:159, 160).

ЗАРДЖЫТӔ: 29, 53

1, 2. а) Чырыстийӕн йӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куыст цы уыд ӕмӕ цӕмӕн? б) Цӕмӕй «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» уӕвгӕйӕ ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ уыд хъӕддӕсны, фӕстӕдӕр та сси ахуыргӕнӕг (Мар. 6:3; Иоан. 13:13). Ӕмӕ дыууӕ хъуыддагмӕ дӕр тынг арӕхст. Хъӕддӕсны уӕвгӕйӕ сахуыр алыхуызон кусӕнгӕрзтӕй архайын ӕмӕ хъӕдӕй алыхуызон дзауматӕ аразын. Ахуыргӕнӕг уӕвгӕйӕ та арӕхстджынӕй пайда кодта, Фыстадӕй йӕм цы зонындзинӕдтӕ уыд, уыдонӕй, цӕмӕй-иу хуымӕтӕг адӕмӕн Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинад амыдтаид (Матф. 7:28; Лук. 24:32, 45). Чырысти 30-аздзыдӕй хъӕддӕсныйы куыст ныууагъта ӕмӕ ахуыргӕнӕг сси, уымӕн ӕмӕ зыдта, уымӕй ахсджиагдӕр куыст кӕй нӕй. Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йын Хуыцау зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ саразын бахӕс кодта, уыдонӕй иу уыд йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Матф. 20:28; Лук. 3:23; 4:43). Чырыстийӕн йӕ царды хъусын кӕнынӕй сӕйрагдӕр ницы уыд ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр уыцы хъуыддаджы лӕуд уыдаиккой (Матф. 9:35–38).

2 Махӕй алчи хъӕддӕсны нӕу, фӕлӕ ахуыргӕнджытӕ та, ома хорз хабар хъусынгӕнджытӕ, не ’ппӕт дӕр стӕм. Уыцы хъуыддаг афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ дзы Хуыцау йӕхӕдӕг архайы. Библи нӕ хоны «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» (1 Кор. 3:9; 2 Кор. 6:4). Мах разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «О Йегъовӕ... Дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр у ӕцӕгдзинад» (Пс. 119:159, 160). Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм, «рӕстдзинады ныхас раст чи амоны ӕмӕ йӕ раст чи ӕмбарын кӕны», ахӕм кусджытӕ. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:15.) Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ сахуыр уӕм Библийӕ ноджы хуыздӕр пайда кӕнын. Уый у нӕ сӕйраг кусӕнгарз, ӕмӕ уый фӕрцы иннӕтӕн Йегъовӕйы, Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад амонӕм. Цӕмӕй ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй ма нын Йегъовӕйы организаци ӕндӕр кусӕнгӕрзтӕ дӕр радта, ӕмӕ уыдонӕй дӕр хъуамӕ арӕхстджынӕй архайын сахуыр уӕм.

3. Рӕстӕг нын бирӕ кӕй нал баззад, уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕйраг нысан цы хъуамӕ уа? Хъуыддӕгты 13:48 стихмӕ гӕсгӕ, цавӕр адӕймӕгты хъуамӕ агурӕм?

3 Цы кусӕнгӕрзтӕ нӕм ис, уыдон сты иннӕты ахуыр кӕнынӕн, ӕрмӕст хъусын кӕнынӕн нӕ, фӕлӕ. Хъусынгӕнӕг арӕхдӕр цавӕрдӕр хабар ӕнӕуи радзуры, ахуыргӕнӕг та адӕмӕн уыцы хабар ӕмбарын фӕкӕны, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ бацагайа ӕмӕ, цы базоной, уымӕ гӕсгӕ архайын сӕ бафӕнда. Рӕстӕг нын бирӕ кӕй нал баззад, уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕйраг нысан хъуамӕ уа иннӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын ӕмӕ сын рӕстдзинад амонын. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕймӕгты зӕрдиагӕй агурӕм ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 13:44–48.)

4. «Ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕймӕгты нӕ бон куыд у ссарын?

4 «Ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕймӕгты нӕ бон куыд у ссарын? Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр уымӕн ис ӕрмӕстдӕр иу мадзал – хъусын кӕнын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цыфӕнды горӕт кӕнӕ хъӕумӕ ма бацӕуат, ссарут-иу дзы аккаг адӕймаг» (Матф. 10:11). Мах ӕмбарӕм, цӕстмӕ митӕ чи кӕны, йӕ сӕр бӕрзӕндты чи хӕссы кӕнӕ Хуыцау нымады дӕр кӕмӕ нӕу, ахӕм адӕймӕгтӕ хорз хабармӕ кӕй нӕ байхъусдзысты. Мах агурӕм, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ сӕрныллӕг чи у, стӕй, рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймӕгты. Уыцы хъуыддаг абарӕн ис, Йесо хъӕддӕсныйы куыст куыд кодта, уыимӕ. Фыццаг уал-иу агурын райдыдта, зӕгъӕм, мебель, дуӕрттӕ, ӕфсондзтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ саразынӕн чи сбӕззыдаид, ахӕм хъӕдӕрмӕг. Ӕмӕ-иу ахӕм ӕрмӕг куы ссардта, уӕд-иу йӕ кусӕнгӕрзты ӕмӕ, цӕуыл сахуыр, уый руаджы алыхуызон дзауматӕ сарӕзта. Раст афтӕ мах дӕр фыццаг уал сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты фӕагурӕм, ӕмӕ сӕ куы ссарӕм, уӕд сын нӕ кусӕнгӕрзты ӕмӕ, цӕуыл сахуыр стӕм, уый руаджы феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой (Матф. 28:19, 20).

5. Цы кусӕнгӕрзтӕ нӕм ис, уыдоны тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.)

5 Алы кусӕнгарз дӕр бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй фӕхъӕуы. Цӕвиттонӕн райсӕм, Йесо хъӕддӕсныйы куыст цы кусӕнгӕрзты руаджы кодтаид, уыдон *. Пайда кодтаид, зӕгъӕм, хъӕдӕрмӕг сбарӕн, алыг ӕй кӕнӕн, хуынчъытӕ йыл скӕнӕн, слӕгъз ӕй кӕнӕн ӕмӕ цавӕрдӕр хӕйттӕ баиу кӕнӕн кӕй фӕрцы уыдаид, ахӕм кусӕнгӕрзтӕй, стӕй алыхуызон уырдыгбарӕнтӕ ӕмӕ ӕмвӕзбарӕнтӕй. Раст афтӕ махӕн дӕр нӕ кусӕнгӕрзтӕй алкӕцы дӕр хъӕуы бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, цавӕр кусӕнгӕрзтӕ нӕм ис ӕмӕ сӕ куыд ис пайда кӕнӕн, уымӕ.

ЧИ СТӔМ, УЫЙ ИННӔТӔН СӔ БОН БАЗОНЫН КӔЙ ФӔРЦЫ У, АХӔМ КУСӔНГӔРЗТӔ

6, 7. а) Визиткӕтӕй куыд фӕпайда кӕныс? б) Ӕмбырдтӕм хонынӕн нӕм цы хуынды гӕххӕттытӕ ис, уыдонӕй цӕмӕн хъӕуы пайда кӕнын?

6 Визиткӕтӕ. Ацы кусӕнгӕрзтӕ кӕд гыццыл сты, уӕддӕр стыр ӕххуыс сты, цӕмӕй-иу иннӕтӕ, чи стӕм, уый базоной ӕмӕ-иу нӕ сайтмӕ бацӕуой. Уым сӕ бон у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ Библи ахуыр кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кӕнын. Нӕ сайты уылты нӕм Библи ахуыр кӕныны тыххӕй ӕрбарвыстой 400 000 курдиатӕй фылдӕр, ӕмӕ нӕм алы бон дӕр ӕрбарвитынц сӕдӕгай ахӕм курдиӕттӕ! Искуыдӕм цӕугӕйӕ-иу демӕ цалдӕр ахӕм визиткӕйы ахӕсс, цӕмӕй-иу дын хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзына, уӕд-иу сӕ спайда кӕнай.

7 Ӕмбырды фембӕлдтӕм хуынды гӕххӕттытӕ. Ацы хуынды гӕххӕтты фыст ис: «Хонӕм дӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ». Дарддӕр дзы фыст ис, адӕймагӕн йӕ бон кӕй у Библи «нӕ фембӕлдты» ахуыр кӕнын «кӕнӕ та искӕимӕ хицӕнӕй». Уӕдӕ ацы кусӕнгарзы фӕрцы иннӕтӕн сӕ бон у базонын, чи стӕм, уый, стӕй уый фӕрцы, «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары», ахӕм адӕймӕгты ӕмбырдмӕ фӕхонӕм, цӕмӕй немӕ иумӕ Библи ахуыр кӕной (Матф. 5:3). Мах не ’мбырдтӕм алкӕй дӕр хонӕм, Библи ахуыр кӕныныл разы вӕййынц ӕви нӕ, уӕддӕр. Адӕймаг не ’мбырдмӕ куы ’рбацӕуы, уӕд фены, Библийӕ йӕ бон цас цыдӕртӕ у базонын, уый.

8. Ӕмбырдтӕм кӕй фӕхонӕм, уыдон иу хатт дӕр куы ’рбацӕуынц, уӕд уый хатгай сӕ цардыл куыд фӕзыны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Ӕмбырдтӕм кӕй фӕхонӕм, уыдон иу хатт дӕр куы ’рбацӕуой, уӕд уый дӕр, чи зоны, сӕ цардыл фӕзына. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕмбырды адӕймаг фены, мӕнг динтӕй уӕлдай Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн Библийы рӕстдзинад кӕй амонынц ӕмӕ сын Хуыцауы базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц (Ис. 65:13). Америкӕйы Иугонд Штатты чи цӕры, иу ахӕм лӕг ӕмӕ ус дӕр, Рей ӕмӕ Линдӕ, цалдӕр азы размӕ уый сӕхиуыл бавзӕрстой. Хуыцау сӕ уырныдта, ӕмӕ сӕ фӕндыд Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Гъемӕ сӕхицӕн загътой, сӕ горӕты цы аргъуантӕ ис, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр кӕй ӕрзилдзысты. Кӕцы аргъуанмӕ цӕудзысты, уый хъуамӕ аскъуыддзаг кодтаиккой дыууӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ сын уым хъуамӕ истытӕ бацамыдтаиккой. Дыккаг та уый, ӕмӕ уырдӕм цӕуӕг адӕмӕн сӕ уынд ӕмӕ сӕ кондӕй хъуамӕ бӕрӕг уыдаид, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты. Уый тыххӕй сӕ бахъуыд цалдӕр азы, уымӕн ӕмӕ сӕ горӕты бирӕ аргъуантӕ уыд. Фӕлӕ фӕфыдӕнхъӕл сты. Уыцы аргъуантӕй иуы дӕр ницы базыдтой, стӕй-иу уым цы адӕмы федтой, уыдонӕн-иу сӕ конд ӕмӕ сӕ уынд ӕфсармыл дзурӕг нӕ уыдысты. Сӕ списокы фӕстаг цы аргъуан уыд, уым дӕр хабар афтӕ уыд, ӕмӕ уырдыгӕй куы рацыдысты, уӕд Линдӕ йӕ куыстмӕ ацыд, Рей та – хӕдзармӕ. Фӕндагыл машинӕйыл цӕугӕйӕ Рей ауыдта Паддзахады зал ӕмӕ ахъуыды кодта: «Уӕдта ардӕм дӕр бауаин ӕмӕ дзы цы вӕййы, уый фенин». Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл! Иууылдӕр дзы уыдысты хӕларзӕрдӕ ӕмӕ йыл зӕрдиагӕй бацин кодтой, стӕй сӕ дарӕс дӕр уыд хӕдӕфсарм. Рей разӕй сбадт, ӕмӕ дзы цы дзырдтой, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд! Апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаг фыццаг хатт ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуа, уӕд, цы фена ӕмӕ цы фехъуса, уый йӕ, чи зоны, ахӕм дисы бафта, ӕмӕ зӕгъа: «Ӕцӕгдӕр, Хуыцау уемӕ ис» (1 Кор. 14:23–25). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Рей ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта. Фыццаг уал цыд, хуыцаубоны-иу цы фембӕлд уыд, уымӕ, фӕстӕдӕр та цӕуын райдыдта, къуырийы астӕу-иу чи уыд, уыцы фембӕлдмӕ дӕр. Цасдӕры фӕстӕ Линдӕ дӕр райдыдта ӕмбырдтӕм цӕуын. Ӕмӕ кӕд сӕ дыууӕйыл дӕр 70 азӕй фылдӕр цыд, уӕддӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтой ӕмӕ донаргъуыд райстой.

НЫХАС РАЙДАЙӔН КӔЙ ФӔРЦЫ ИС, АХӔМ КУСӔНГӔРЗТӔ

9, 10. а) Буклеттӕй ӕнцон пайда кӕнын цӕмӕн у? б) Буклетӕй «Цы у Хуыцауы Паддзахад?» куыд ис пайда кӕнӕн?

9 Буклеттӕ. Ис нӕм, адӕймагимӕ ныхас кӕнын райдайӕн ӕнцонтӕй кӕй фӕрцы ис, аст ахӕм буклеты. Мыхуыры цӕуын райдыдтой 2013 азы, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ апарахат кодтам 5 миллиард буклеты бӕрц! Уыцы буклеттӕ сты ӕмхуызон конд, ӕмӕ дзы иуӕй куы сахуыр уай пайда кӕнын, уӕд иннӕтӕй дӕр ӕнцонтӕй пайда кӕндзынӕ. Дӕ бон сӕ куыд у пайда кӕнын, цӕмӕй-иу искӕимӕ ныхас кӕнын райдайай?

10 Зӕгъӕм, фӕнды дӕ спайда кӕнын буклетӕй «Цы у Хуыцауы Паддзахад?». Адӕймагӕн равдис, фыццаг фарсыл дзы цы фарста ис, уый ӕмӕ йӕ бафӕрс: «Искуы хъуыды кодтай, цы у Хуыцауы Паддзахад? Дӕумӕ гӕсгӕ...». Ӕмӕ йын стӕй зӕгъ, цӕмӕй ӕртӕ дзуаппӕй искӕцы равзара. Цавӕрфӕнды дзуапп ма равзара, уӕддӕр-иу ын ма зӕгъ, «раст у» кӕнӕ «раст нӕу», зӕгъгӕ. Уый бӕсты-иу ын бакӕс, дӕлсӕргонды, «Библийы фыст ис», зӕгъгӕ, цы стихтӕ ис амынд, уыдон: Данелы 2:44 стих ӕмӕ Данелы 7:14 стих. Гӕнӕн куы уа, уӕд-иу дӕ ныхас адарддӕр кӕн. Фӕстагмӕ йын йе ’ргом раздах, фӕстейӕ дӕлсӕргонды, «Куыд хъуыды кӕныс?», зӕгъгӕ, цы фарста ис, уымӕ: «Зӕхх Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы уа, уӕд адӕм куыд цӕрдзысты?». Зӕгъ ын, уыцы фарстайыл иннӕ хатт кӕй аныхас кӕндзыстут. Иннӕ хатт ӕм куы ’рбацӕуай, уӕд дӕ бон у спайда кӕнын, брошюрӕйы, «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?», зӕгъгӕ, 17 сӕры цы ӕрмӕг ис, уымӕй, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай.

АДӔЙМАДЖЫ БАЦЫМЫДИС КӔНӔН КӔЙ ФӔРЦЫ ИС, АХӔМ КУСӔНГӔРЗТӔ

11. Нӕ журналты сӕйраг темӕтӕ цавӕр вӕййынц ӕмӕ цы хъуамӕ зонӕм?

11 Журналтӕ. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» цал ӕвзагмӕ цӕуынц тӕлмацгонд, уыйбӕрц ӕвзӕгтӕм ӕгас дунейы иу журнал дӕр нӕ тӕлмац кӕнынц, стӕй мыхуыры дӕр уыцы журналтӕй фылдӕр никӕцы журнал цӕуы! Бирӕ бӕстӕты сӕ кӕй фӕкӕсынц, уымӕ гӕсгӕ ахӕм сӕйраг темӕтӕ ӕвзӕрст ӕрцӕуынц, цӕмӕй кӕцыфӕнды бӕстӕйы цӕрӕг адӕмы дӕр бацымыдис кӕной. Уыцы журналты фӕрцы нӕ бон у адӕмӕн се ’ргом раздахын, царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уымӕ. Фӕлӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ зонӕм, уыцы журналтӕ цавӕр адӕмӕн вӕййынц фыст, уый.

12. а) Журнал «Райхъал ут!» кӕмӕн вӕййы фыст ӕмӕ йӕ сӕйраг нысан цы у? б) Ацы кусӕнгарзӕй пайда кӕнгӕйӕ дыл цавӕр цымыдисаг хабӕрттӕ ӕрцыд?

12 Журнал «Райхъал ут!» фыст вӕййы, Библи ӕвзӕр чи зоны кӕнӕ та йӕ ӕппындӕр чи нӕ зоны, ахӕм адӕмӕн. Уыдонмӕ хауынц, Библийы ахуырӕдты тыххӕй чи ницы зоны, цавӕрдӕр динӕй чи фӕфыдӕнхъӕл кӕнӕ, Библи пайда кӕй хӕссы, уый чи нӕ зоны, ахӕм адӕймӕгтӕ. «Райхъал ут!»-ӕн йӕ сӕйраг нысан у, цӕмӕй кӕсджыты, Хуыцау кӕй ис, уый бауырна (Ром. 1:20; Дзут. 11:6). Стӕй ма ӕххуыс кӕны, Библи «ӕцӕгӕй... Хуыцауы ныхас» кӕй у, ууыл баууӕндынӕн (1 Фес. 2:13). 2018 азы «Райхъал ут!»-ы сӕйраг темӕтӕ сты: «Ключ к счастью», «12 секретов счастливых семей» ӕмӕ «Помощь тем, кто скорбит».

13. а) Парахат кӕнынӕн чи у, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕмӕн вӕййы фыст? б) Ацы кусӕнгарзӕй пайда кӕнгӕйӕ дыл цавӕр цымыдисаг хабӕрттӕ ӕрцыд?

13 Парахат кӕнынӕн чи у, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» фыст вӕййы, Хуыцау кӕй уырны ӕмӕ Библийӕн иу гыццыл уӕддӕр чи аргъ кӕны, ахӕм адӕмӕн, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕ бамбарой. Кӕд Библийы тыххӕй цыдӕртӕ фӕзонынц, уӕддӕр дзы цы фыст ис, уый, гӕнӕн ис, кӕронмӕ ма ’мбарой (Ром. 10:2; 1 Тим. 2:3, 4). 2018 азы ацы журналы сӕйраг темӕтӕ сты: «Библийы уынаффӕтӕ абон дӕр пайда сты?», «Фидӕны цы уыдзӕн?» ӕмӕ «Хуыцау дыл ӕцӕгдӕр тыхсы?».

АДӔЙМАДЖЫ БИБЛИ АХУЫР КӔНЫНМӔ КӔЙ ФӔРЦЫ ИС БАРАЗӔНГАРД КӔНӔН, АХӔМ КУСӔНГӔРЗТӔ

14. а) Иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы цыппар видеороликы ис, уыдонӕн сӕ нысан цы у? б) Ацы видеороликтӕй пайда кӕнгӕйӕ дыл цавӕр цымыдисаг хабӕрттӕ ӕрцыд?

14 Видеороликтӕ. Чырыстийы заман-иу хъӕддӕсны пайда кодта хуымӕтӕг кусӕнгӕрзтӕй. Нӕ рӕстӕджы та, хъӕдӕрмӕгимӕ чи архайы, уыдонмӕ вӕййы, токӕй чи кусы, ахӕм кусӕнгӕрзтӕ, зӕгъӕм, хырхытӕ, дрельтӕ, лӕгъзгӕнӕнтӕ, зӕгӕлхойӕнтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Раст афтӕ махӕн дӕр раздӕр нӕ кусӕнгӕрзтӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр мыхуыргонд публикацитӕ. Ныр та нӕм ис ӕндӕр замманай кусӕнгӕрзтӕ дӕр, зӕгъӕм, ацы цыппар видеороликы: «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?», «Библи адӕмимӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм?», «Паддзахады залы цы вӕййы?» ӕмӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты?». Ацы видеороликтӕй дыууӕ минутӕй къаддӕр чи цӕуы, уыдон равдисӕн ис, фыццаг хатт-иу кӕмӕ бацӕуай, уыдонӕн. Даргъдӕр видеороликтӕ та равдисӕн ис, ногӕй кӕмӕ бацӕуай кӕнӕ фылдӕр рӕстӕг кӕмӕн уа, уыдонӕн. Ацы диссаджы видеороликтӕм бакӕсгӕйӕ адӕймаджы, чи зоны, бафӕнда Библи ахуыр кӕнын райдайын кӕнӕ та ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуын.

15. Нӕ видеороликтӕм йӕ мадӕлон ӕвзагыл чи бакӕсы, уыдоныл уый хатгай куыд фӕзыны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

15 Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Нӕ хотӕй иу фембӕлд, Микронезийӕ чи уыд, иу ахӕм сылгоймагыл. Уыцы сылгоймагӕн йӕ мадӕлон ӕвзаг уыд ӕвзаг яп, ӕмӕ йын хо уыцы ӕвзагыл равдыста видеоролик «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?». Куыддӕр ӕй скусын кодта, афтӕ сылгоймаг загъта: «Уый мӕ мадӕлон ӕвзаг куы у! Уымӕн гӕнӕн куыд ис?! Йӕ ныхасыздӕхтӕй бӕрӕг у, ӕз цы сакъадахӕй дӕн, уырдыгӕй кӕй у. Мӕ мадӕлон ӕвзагыл дзуры!» Уый фӕстӕ загъта, нӕ сайты йе ’взагыл цыдӕриддӕр публикацитӕ ис, уыдон кӕй бакӕсдзӕн, стӕй видеороликтӕм дӕр се ’ппӕтмӕ кӕй бакӕсдзӕн. (Абар Хъуыддӕгтӕ 2:8, 11.) Ӕркӕсӕм-ма ноджыдӕр иу хабармӕ. Америкӕйы Иугонд Штатты чи цӕры, иу ахӕм хо йе ’фсымӕры лӕппумӕ арвыста ссылкӕ видеороликмӕ «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» йӕ мадӕлон ӕвзагыл. Уыцы лӕппу цӕры ӕндӕр континентыл, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы. Уыцы видеороликмӕ куы бакаст, уӕд нӕ хомӕ интернеты уылты ныффыста: «Ӕгас дуне фыдбылызы къухы кӕй ис, уый куы фехъуыстон, уӕд мӕм уый тынг диссаг фӕкаст. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн загътон, цӕмӕй мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайой».

КУСӔНГӔРЗТӔ ИННӔТӔН РӔСТДЗИНАД АМОНЫНӔН

16. Бамбарын кӕн, йӕ нысан цы у: а) брошюрӕйӕн «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай», б) брошюрӕйӕн «Хорз хабар Хуыцауӕй» ӕмӕ в) брошюрӕйӕн «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?».

16 Брошюрӕтӕ. Уацамынды хатгай ахӕм адӕймӕгтыл сӕмбӕлӕм, ӕмӕ ӕвзӕр фӕкӕсынц кӕнӕ та нӕ публикацитӕ сӕ мадӕлон ӕвзагыл нӕ вӕййы. Дӕ бон куыд у ахӕм адӕймӕгтӕн рӕстдзинад амонын? Дӕ бон у пайда кӕнын брошюрӕйӕ «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай» *. Адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн кӕй фӕрцы ис, уыцы диссаджы кусӕнгӕрзтӕй иу у брошюрӕ «Хорз хабар Хуыцауӕй». Равдис ын, фӕстейӕ дзы цы 14 темӕйы ис, уыдон ӕмӕ йӕ бафӕрс, тынгдӕр ӕй кӕцы цымыдис кӕны, уымӕй. Ӕмӕ-иу йемӕ уыцы темӕйыл аныхас кӕн. Адӕймагмӕ ногӕй куы бацӕуыс, уӕд ацы мадзалӕй фӕпайда кӕныс? Иннӕтӕн рӕстдзинад кӕй фӕрцы амонӕм, уыцы кусӕнгӕрзтӕй ӕртыккаг у брошюрӕ «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?». Йӕ нысан у, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны нӕ организациимӕ базонгӕ кӕнӕм. Библийы ахуыры рӕстӕг дзы куыд ис пайда кӕнӕн, уый фӕдыл уынаффӕтӕ ссарӕн ис 2017 азы мартъийы «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад»-ы.

17. а) Адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чингуытӕй алкӕцыйӕн дӕр йӕ нысан цы у? б) Адӕймаг донаргъуыд куы райса, уӕд дӕр дарддӕр цы хъӕудзӕн аразын ӕмӕ цӕмӕн?

17 Чингуытӕ. Адӕймагимӕ брошюрӕйы фӕрцы Библи ахуыр кӕнын куы райдайай, уӕд дӕ бон кӕдфӕнды дӕр у рахизын чиныгмӕ «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Уыцы чиныджы фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон уыдзӕн Библийы сӕйраг ахуырӕдты тыххӕй фылдӕр базонын. Уыцы чиныг ахуыр кӕнын куы фӕуат ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ уырнындзинад кӕй рӕзы, уый бӕрӕг куы уа, уӕд-иу ахуыр кӕнын райдайут чиныг «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн». Уыцы чиныджы фӕрцы сахуыр уыдзӕн царды алы хъуыддаджы дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын. Адӕймаг уыцы дыууӕ чиныджы кӕронмӕ куы нӕ фӕуа, афтӕмӕй донаргъуыд куы райса, уӕд йемӕ дарддӕр дӕр хъӕудзӕн ахуыр кӕнын. Уый йын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, цӕмӕй йӕ уырнындзинад сфидар уа ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕна. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 2:6, 7.)

18. а) 1 Тимофеймӕ 4:16 стих нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны? б) Иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнгӕйӕ нӕ сӕйраг нысан цы хъуамӕ уа?

18 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕс у адӕмӕн «рӕстдзинад, ома хорз хабар» дзурын, уымӕн ӕмӕ сын уый фӕрцы фӕзыны ӕнустӕм цӕрыны фадат (Кол. 1:5; бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:16). Ӕмӕ нын уымӕн стыр ӕххуыс сты, иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдон. (Кӕс рамкӕ « Кусӕнгӕрзтӕ иннӕты ахуыр кӕнынӕн».) Уӕдӕ бацархайӕм, цӕмӕй сахуыр уӕм уыцы кусӕнгӕрзтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнын. Алы хъусынгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, фылдӕр базонын кӕй фӕнда, ахӕм адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ цавӕр кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕд пайда кӕндзӕн, уый. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: нӕ нысан ӕнӕуи литературӕ раттын хъуамӕ ма уа, стӕй, хорз хабармӕ чи нӕ байхъусы, ахӕм адӕймӕгтӕн литературӕ дӕттын нӕ хъӕуы. Махӕн нӕ сӕйраг нысан у, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыдонӕн, ома, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ сӕрныллӕг чи у, стӕй, рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймӕгтӕн, баххуыс кӕнын, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой (Хъуыд. 13:48; Матф. 28:19, 20).

^ 5 абз. Кӕс брошюрӕ «Кӕрон ӕцӕгдӕр хӕстӕг у?», статья «Хъӕддӕсныйы куыст» ӕмӕ рамкӕ «Хъӕддӕсныйы кусӕнгӕрзтӕ» (bp103).

^ 16 абз. Кӕсын чи нӕ зоны, уыдонимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕ бон пайда кӕнын у брошюрӕйӕ «Хуыцаумӕ хъус». Уыцы брошюрӕйы ис къаддӕр текст ӕмӕ бирӕ нывтӕ.