Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕдӕ азы размӕ: 1918 аз

Сӕдӕ азы размӕ: 1918 аз

1918 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыццаг статья райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «1918 азы нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?» Фыццаг дунеон хӕст нырма Европӕйы йӕ цӕхӕр калдта. Фӕлӕ уыцы азы райдианы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ Библииртасджытӕм, стӕй ӕгас дунейы адӕммӕ дӕр разӕй хорз цыдӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

ДУНЕЙЫ ХИЦӔУТТӔ ДЗУРЫНЦ САБЫРДЗИНАДЫЛ

1918 азы 8 январы президент Вудро Вильсон Америкӕйы Иугонд Штатты Конгрессы раз йӕ раныхасы ранымадта, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ зӕххыл сабырдзинад кӕй фӕрцы уыдзӕн, 14 ахӕм хъуыддаджы. Иуӕй-иутӕ дзы уыдысты ахӕм: алыхуызон бӕстӕты хицауӕдтӕ хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ ӕргом ныхас кӕнын ӕмӕ ӕмгуыст кӕнын райдайой; сӕ хӕцӕнгӕрзты нымӕц хъуамӕ фӕкъаддӕр кӕной; хъуамӕ арӕзт ӕрцӕуа, стыр бӕстӕтӕн дӕр ӕмӕ гыццыл бӕстӕтӕн дӕр чи ахъаз кӕна ӕмӕ сӕ номӕй чи архайа, ахӕм организаци. Фӕстӕдӕр уыцы 14 хъуыддагмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд Нациты Лигӕ. Ӕмӕ Версалы сабырдзинады бадзырд куы арӕзтой, уӕд дӕр уыцы 14 хъуыддагмӕ гӕсгӕ архайдтой. Уыцы бадзырд Фыццаг дунеон хӕстӕн кӕрон скодта.

НЫХМӔДЗӔУДЖЫТӔН СӔ ФӔНДӔЙ НИЦЫ РАУАД

1917 азы уыд змӕст рӕстӕг *. Фӕлӕ, 1918 азы Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады ӕрвылазон фембӕлд куыд ацыд, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ Библииртасджытӕн сӕ хъуыддаг ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ цӕудзӕн.

Уыцы фембӕлд ауагътой 1918 азы 5 январы. Уырдӕм ӕрбацыд, уый размӕ Вефилӕй кӕй арвыстой, цалдӕр ахӕм зындгонд ӕфсымӕры ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй та сын организацийы стыр бартӕ уыдаид. Фембӕлды размӕ скуывта Ричард Барбер, иузӕрдион цӕуӕг цӕстдарӕг. 1917 азы организацийӕн цы бантыст, уый тыххӕй куы фехъусын кодтой, уый фӕстӕ райдыдтой директорты советы уӕнгты ӕвзарын. Ӕфсымӕр Барбер равзӕрста Джозеф Рутерфорды ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕхсӕз ӕфсымӕры, цӕмӕй сыл иннӕтӕ схъӕлӕс кодтаиккой. Уӕд, ныхмӕдзӕуджыты сӕрыл чи дзырдта, уый равзӕрста ӕндӕр авд адӕймаджы, се ’хсӕн уыдысты, Вефилӕй кӕй арвыстой, уыдон дӕр. Фӕлӕ сӕ фӕндӕй ницы рауад. Хъӕлӕс кӕныны бар кӕмӕн уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр схъӕлӕс кодтой Джозеф Рутерфордыл ӕмӕ ма иннӕ иузӕрдион ӕхсӕз ӕфсымӕрыл, цӕмӕй уыдон суыдаиккой директорты советы уӕнгтӕ.

Фембӕлды чи уыд, уыцы ’фсымӕртӕй бирӕтӕ загътой, зӕгъгӕ, «уыцы фембӕлды куыд тынг банкъардтам Йегъовӕйы хорзӕх, афтӕ никуы». Фӕлӕ сӕ цин бирӕ нӕ ахаста.

ЧИНЫГ «СУСӔГДЗИНАД РАРГОМ»

Цалдӕр мӕйы дӕргъы Библииртасджытӕ парахат кодтой чиныг «Сусӕгдзинад раргом». Ӕмӕ-иу ӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ куы бакастысты, уӕд-иу Библийы рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айстой.

Канадӕйы чи цард, иу ахӕм цӕуӕг цӕстдарӕг, Эдвард Крист, радзырдта, уыцы чиныг фондз къуыримӕ чи бакаст ӕмӕ уыцы цыбыр рӕстӕгмӕ рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, ахӕм лӕг ӕмӕ усы тыххӕй. Уый загъта: «Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауӕн сӕ цард снывонд кодтой ӕмӕ сӕ уырнындзинад бонӕй-бонмӕ рӕзы».

Иу нӕлгоймаг чиныджы «Сусӕгдзинад раргом» цы бакаст, уый уайтагъд йе ’мбӕлттӕн радзырдта, уымӕн ӕмӕ дзы цы базыдта, уый йӕ стыр дисы бафтыдта. Уыцы нӕлгоймаг радзырдта: «Ӕртыккаг авенюйы фӕцӕйцыдтӕн, ӕмӕ дын ме уӕхскыл цыдӕр куы ’рхауид. Ӕз фенхъӕлдтон, ӕмӕ агуыридур у. Фӕлӕ уый разынд чиныг „Сусӕгдзинад раргом“. Нӕхимӕ йӕ ӕрбахастон ӕмӕ йӕ кӕрӕй-кӕронмӕ бакастӕн... Фӕстӕдӕр базыдтон, уыцы чиныг иу аргъуаны разамонӕг фырмӕстӕй йӕ хӕдзары рудзынгӕй кӕй раппӕрста... Фидарӕй мӕ уырны: уыцы чиныг раппаргӕйӕ удӕгас ныфс цас адӕмӕн балӕвар кодта, уыйбӕрц йӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонты никуы... Уыцы нӕлгоймаг фырмӕстӕй цы сарӕзта, уый фӕрцы ныр мах Хуыцауы кадджын кӕнӕм».

Чиныгмӕ «Сусӕгдзинад раргом» ӕрмӕст уыцы аргъуаны разамонӕг нӕ ракаст ахӕм цӕстӕй. 1918 азы 12 февралы Канадӕйы хицауад уынаффӕ рахаста, уыцы чиныг парахат кӕныны бар кӕй нал ис, уымӕн ӕмӕ, дам, адӕмы хицауады ныхмӕ ардауы ӕмӕ хӕсты ныхмӕ дзуры. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Америкӕйы Иугонд Штатты хицауад дӕр афтӕ бакодта. Хицауады кусджытӕ Нью-Йорчы, Пенсильванийы ӕмӕ Калифорнийы Вефил ӕмӕ офистӕ басгӕрстой, цӕмӕй дзы, организацийы разамонджыты цӕмӕй фӕаххосджын кодтаиккой, ахӕм исты ссардтаиккой. 1918 азы 14 мартъийы Иугонд Штатты Юстицийы министрад уынаффӕ рахаста, чиныг «Сусӕгдзинад раргом» парахат кӕныны бар сын кӕй нал ис. Ахӕм уынаффӕ хаст цӕмӕн ӕрцыд, уый фӕдыл загътой, зӕгъгӕ, дам, уыцы чиныг кӕй парахат кӕнынц, уымӕй хӕсты хабӕрттӕн къуылымпыйы хос сты ӕмӕ шпионажы тыххӕй закъон халынц.

АХӔСТОНЫ СӔ СБАДЫН КОДТОЙ

1918 азы 7 майы Юстицийы министрад аст ӕфсымӕры ӕрцахсын кодта. Уыдон уыдысты Уильям ван Амбург, Клейтон Вудворт, Джованни Дечекка, Александр Макмиллан, Роберт Мартин, Фредерик Робисон, Джозеф Рутерфорд ӕмӕ Джордж Фишер. Фӕаххосджын сӕ кодтой, зӕгъгӕ, дам, иннӕты хицауады ныхмӕ аразынц, закъон барӕй халынц, Иугонд Штатты ӕфсадмӕ цӕуын нӕ комынц ӕмӕ фыдыбӕстӕйыл гадзрахатӕй цӕуынц. Тӕрхон кӕнын сын райдыдтой 1918 азы 3 июны. Ӕмӕ сӕ ӕнаххосыл кӕй банымайдзысты, уый ныфс никӕй уыд. Цымӕ цӕуылнӕ?

Шпионажы тыххӕй закъонмӕ уый размӕ фӕнд кодтой, адӕймаджы бартӕ чи хъахъхъӕдтаид, ахӕм ивындзинад бахӕссын. Уыцы ивындзинадмӕ гӕсгӕ, алкӕмӕн дӕр хъуамӕ бар уыдаид, цы йӕ фӕнды, уый мыхуыр кӕнынӕн, кӕд, «ӕцӕг цы у, уый дзура, адӕмы хорзмӕ бӕлла ӕмӕ йӕ хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ араза, уӕд». Фӕлӕ 1918 азы 16 майы Иугонд Штатты Конгресс уыцы ивындзинад бахӕссыныл не сразы. Ӕмӕ ныр тӕрхондоны ӕфсымӕртӕн сӕ хъуыддаг куы ’взӕрстой, уӕд Иугонд Штатты сӕйраг прокурор шпионажы тыххӕй закъон схуыдта «хорз хӕцӕнгарз, адӕмы хицауады ныхмӕ чи аразы, уыдоны ныхмӕ». Стӕй ма ӕркастысты, чиныджы «Сусӕгдзинад раргом» цы фыст ис, уымӕ дӕр. Иугонд Штатты Конгрессы хыгъды уыцы чиныджы фӕдыл фыст уыд: «Адӕмы хицауады ныхмӕ цыдӕриддӕр аразы, уыдӕттӕй ӕппӕты тӕссагдӕр у чиныг „Сусӕгдзинад раргом“... Уыцы чиныджы тыххӕй нӕ салдӕттӕ ӕнӕууӕнк кӕндзысты, раст кӕй архайӕм, ууыл ӕмӕ сӕ службӕ кӕнын нал фӕнддзӕн».

1918 азы 20 июны тӕрхондон уыцы аст ӕфсымӕры аххосджыныл банымадта, цы хъуыддӕгты сӕ аххосджын кодтой, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр. Иннӕ бон тӕрхонгӕнӕг фехъусын кодта: «Ацы нӕлгоймӕгтӕ... кӕй парахат кӕнынц ӕмӕ афтӕ фидарӕй кӕй сӕрыл дзурынц, уыцы хъуыдытӕ ӕнӕхъӕн немыцаг дивизийӕ дӕр тӕссагдӕр сты... Хъӕуы сӕ карзӕй бафхӕрын». Уыцы аст ӕфсымӕрӕн радтой 10 азӕй 20 азы онг ӕмӕ сӕ дыууӕ къуырийы фӕстӕ сбадын кодтой штат Джорджийы горӕт Атлантӕйы ахӕстоны.

ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ НЕ ’РЛӔУУЫД

Уыцы рӕстӕг Библииртасджыты ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдтой. ФБР-ы кусджытӕ архайдтой, организаци цы куыст кодта, уый бӕстон сбӕрӕг кӕныныл, ӕмӕ, цы базыдтой, уый фӕдыл мингай гӕххӕттытӕ ныффыстой. Уыцы гӕххӕттытӕй бӕрӕг у, не ’фсымӕртӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕндфидарӕй кӕй архайдтой.

Штат Флоридӕйы горӕт Орландойы почтӕйы хицау ФБР-мӕ ахӕм писмо ныффыста: «[Библииртасджытӕ] хӕдзӕрттыл зилынц, арӕхдӕр ӕхсӕвы... Бӕрӕг у, сӕ хъуыддаг ӕрлӕууа, уый сӕ кӕй нӕ фӕнды, ӕмӕ адӕмы дӕр иу ран уый тыххӕй нӕ уадзынц».

Ӕфсӕддон министрадӕй та ФБР-мӕ ныффыстой, Фредерик Френц (фӕстӕдӕр лӕггад кодта Разамонӕг советы) цы куыст кодта, уый фӕдыл: «Фредерик Френц... тынг архайдта, цӕмӕй чиныг „Сусӕгдзинад раргом“ уӕйгонд цыдаид, ӕмӕ дзы цалдӕр мин томы ауӕй кодтой».

Ӕфсымӕр Чарлз Фэкел (уый дӕр фӕстӕдӕр лӕггад кодта Разамонӕг советы) карз ӕфхӕрд баййӕфта. Чиныг «Сусӕгдзинад раргом» кӕй парахат кодта, уый тыххӕй йӕ ӕрцахстой. Ахӕстоны уӕвгӕйӕ цы писмотӕ фыста ӕмӕ-иу ын йӕхимӕ дӕр цы писмотӕ ӕрбарвыстой, уыдон-иу хицауады кусджытӕ бакастысты. Ӕфсымӕр Фэкелы иу мӕймӕ сбадын кодтой штат Мэриленды горӕт Балтиморы ахӕстоны, ӕмӕ йӕ схуыдтой «австриаг знаг», Австрийӕ кӕй уыд, уый тыххӕй (уыцы рӕстӕг АИШ ӕмӕ Австри кӕрӕдзийӕн уыдысты знӕгтӕ). Слестгӕнджытӕн хъӕбатырӕй куы хъусын кодта, уӕд йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Павелы ныхӕстӕ: «Мӕгуыр мӕ бон, хорз хабар куы нӕ хъусын кӕнон, уӕд!» (1 Кор. 9:16) *.

Библииртасджытӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Уымӕй уӕлдай ма, Атлантӕйы ахӕстоны чи бадт, уыцы ӕфсымӕрты ссӕрибар кӕныны тыххӕй хицауады номыл кӕй ныффыстой, уыцы курдиатимӕ адӕммӕ цыдысты, цӕмӕй-иу ыл сӕ къух ӕрфыстаиккой. Аннӕ Гарднер радзырдта: «Нӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтам. Ӕфсымӕрты куы сбадын кодтой, уӕд уыцы курдиатимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цыдыстӕм. Ӕмӕ йыл мингай адӕймӕгтӕ сӕ къух ӕрфыстой! Загътам-иу сын, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты ӕмӕ сӕ ӕнаххосӕй кӕй сбадын кодтой».

КОНГРЕССТӔ

Уыцы зын рӕстӕджы ауагътой бирӕ конгресстӕ, цӕмӕй ӕфсымӕрты уырнындзинад бафидар уыдаид. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Ацы аз ауагътам цыппор конгрессӕй фылдӕр... Уыцы конгресстӕй алкӕцыйы фӕдыл дӕр диссаджы хабӕрттӕ ӕрбарвыстой... Раздӕр-иу конгресстӕ ауагътам сӕрды кӕрон кӕнӕ фӕззӕджы райдианы, фӕлӕ ацы аз та конгресстӕ цыдысты алы мӕй дӕр».

Рӕстдзинад-иу йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ нырма бирӕ уыд. Кливленды (штат Огайо) цы конгресс уыд, уырдӕм ӕрбацыд 1 200 адӕймаджы бӕрц ӕмӕ дзы 42 адӕймаджы донаргъуыд райстой. Се ’хсӕн уыд иу ӕрыгон лӕппу. Уыцы лӕппу, «Хуыцауӕй бузныг кӕй уыд, уый тыххӕй йын йӕ цард снывонд кодта, ӕмӕ уый базонгӕйӕ, уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы хистӕртӕй бирӕтӕм худинаг ӕркастаид».

РАЗӔЙ СӔМ ЦЫ ’НХЪӔЛМӔ КАСТ?

1918 аз фӕуд кодта, ӕмӕ бӕрӕг нӕ уыд, Библииртасджытӕм разӕй цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. Организацийӕн Бруклины цы бӕстыхӕйттӕ уыд, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ ауӕй кодтой ӕмӕ сӕйраг хайад ахастой Питтсбургмӕ (штат Пенсильвани). Цалынмӕ, разамынд чи лӕвӕрдта, уыдон ахӕстоны бадтысты, уӕдмӕ ӕфсымӕртӕ спълан кодтой 1919 азы 4 январы ӕрвылазон фембӕлд ауадзын. Цымӕ хабар дарддӕр куыд уыдзӕн?

Ӕфсымӕртӕ дарддӕр сӕ куыст кодтой. Алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн, уый сӕ афтӕ фидарӕй уырныдта, ӕмӕ 1919 азӕн равзӕрстой Исайы 54:17 стих: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн». Библииртасджытӕ алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уыдысты, тагъд цы ивындзинӕдтӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдонмӕ. Уыцы ивындзинӕдтӕ сӕ хъуамӕ бафидар кодтаиккой ӕмӕ сӕ сразӕнгард кодтаиккой, разӕй сӕм цы стыр куыст ӕнхъӕлмӕ каст, уый аразынмӕ.

^ 6 абз. Кӕс 2017 азы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг», «Сӕдӕ азы размӕ: 1917 аз», 172–176 фӕрстӕ.

^ 22 абз. Кӕс ӕфсымӕр Чарлз Фэкелы биографи «Хорз хъуыддаг аразгӕйӕ мӕ зӕрдӕ уыд цинӕйдзаг» 1969 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» (англ.).