Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Цы уынаффӕ рахастон, уый тыххӕй мын Йегъовӕ рӕдауӕй арфӕ кодта

Цы уынаффӕ рахастон, уый тыххӕй мын Йегъовӕ рӕдауӕй арфӕ кодта

Хабар уыд 1939 азы. Ӕмбисӕхсӕв сыстадыстӕм ӕмӕ, штат Миссурийы хуссар-ныгуылӕн хайы цы гыццыл горӕт ис, Джоплин, зӕгъгӕ, уырдӕм машинӕтыл сахатӕй фылдӕр фӕцыдыстӕм. Куы бахӕццӕ стӕм, уӕд уым алы хӕдзарыл дӕр сусӕгӕй ӕрзылдыстӕм ӕмӕ-иу дуары бын буклеттӕ бавӕрдтам. Боныцъӕхтӕм нӕ куыст фестӕм, ӕмӕ уӕд нӕ машинӕты абадтыстӕм ӕмӕ уырдыгӕй ацыдыстӕм, иннӕ къордтимӕ кӕм хъуамӕ фембӕлдаиккам, уыцы бынатмӕ. Фӕлӕ уыцы горӕтмӕ ӕхсӕвыгон цӕмӕн ацыдыстӕм ӕмӕ афтӕ цӕмӕн тагъд кодтам? Фӕстӕдӕр уын ӕй радзурдзынӕн.

ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1934 азы. Мӕ фыд, Фред, ӕмӕ мӕ мад, Эднӕ, мӕ райгуырдӕй 20 азы раздӕр систы Библииртасджытӕ (ома Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ). Ӕз сӕ тынг бузныг дӕн, Хуыцауы мын кӕй бауарзын кодтой, уый тыххӕй. Мах цардыстӕм штат Канзасы хуссар-скӕсӕн хайы, иу гыццыл горӕт Парсонсы. Не ’мбырды, иуӕй-иутӕй фӕстӕмӕ, иууылдӕр уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ. Нӕ бинонтӕ ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ ӕдзухдӕр цыдысты. Алы сабаты дӕр-иу фӕссихор рӕстӕг рахицӕн кодтам уынджы хъусын кӕнынӕн (раздӕр афтӕ дзырдтам, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕныны тыххӕй). Хатгай-иу фӕллайгӕ дӕр бакодтам, ӕмӕ-иу нын уӕд нӕ фыд уацамынды фӕстӕ марожнӕ балхӕдта, цӕмӕй-иу фӕхъӕлдзӕгдӕр уыдаиккам.

Нӕ гыццыл ӕмбырд кӕм хъусын кодта, уыцы территори уыд стыр, хауди йӕм цалдӕр гыццыл горӕты ӕмӕ ма бирӕ фермӕтӕ. Фермертӕй нын чидӕртӕ литературӕйы тыххӕй ӕхцайы бӕсты лӕвӕрдтой халсартӕ, ног ӕфтыд ӕйчытӕ ӕмӕ удӕгас кӕрчытӕ. Мӕ фыд-иу литературӕйӕн рагацау кӕй бафыста, уымӕ гӕсгӕ-иу нӕм ӕхца бирӕ нал баззад, ӕмӕ-иу уыцы хӕринӕгтӕ нӕ бинонтӕн стыр ӕххуыс фесты.

АЛЫХУЫЗОН ЗИУТЫ АРХАЙӔМ

Мӕ ныййарджытӕ патефон самал кодтой ӕмӕ дзы уацамынды пайда кодтой. Ӕз уӕд нырма гыццыл уыдтӕн, ӕмӕ дзы архайын нӕ зыдтон. Фӕлӕ-иу сын ӕхсызгонӕй ӕххуыс кодтон, ногӕй-иу кӕмӕ бацыдысты ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдонӕн-иу Рутерфорды раныхӕсты записьтӕ куы сӕвӕрдтой, уӕд.

Мӕ ныййарджытимӕ, рупор кӕуыл ис, ахӕм машинӕйы раз

Уӕды рӕстӕг хъусынгӕнджытӕй чидӕртӕ куыд кодтой, афтӕ мӕ фыд дӕр йӕ машинӕйы сӕрыл рупор бакодта, ӕмӕ дзы хъусын кӕнынӕн пайда кодта. Уыцы машинӕ Паддзахады хабар парахат кӕнынӕн стыр ӕххуыс уыд. Фыццаг уал-иу музыкӕ скусын кодтам, цӕмӕй-иу адӕм сцымыдис уыдаиккой, ӕмӕ-иу стӕй Библийыл арӕзт раныхӕсты записьтӕ сӕвӕрдтам. Запись-иу куы фӕци, уӕд-иу, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдонӕн литературӕ радтам.

Иухатт мӕ фыд йӕ машинӕйыл ацыд штат Канзасмӕ, иу гыццыл горӕт Черривейлмӕ ӕмӕ йӕ машинӕ парчы сӕвӕрдта. Уырдӕм-иу хуыцаубонты улӕфынмӕ бирӕ адӕм ӕрбацыд. Пъӕлицӕйы кусджытӕ мӕ фыдӕн загътой, цӕмӕй йӕ машинӕ уырдыгӕй айстаид, фӕлӕ йын загътой, кӕй йӕ ис парчы ӕдде сӕвӕрӕн. Гъемӕ мӕ фыд дӕр сӕ ныхасыл дыууӕ нал загъта, ӕмӕ йӕ машинӕ сыхаг уынджы ахӕм ран сӕвӕрдта, цӕмӕй уырдыгӕй дӕр, парчы чи уыд, уыцы адӕммӕ программӕ хорз хъуыстаид. Ӕз тынг уарзтон мӕ фыдимӕ ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр Джерриимӕ афтӕ хъусын кӕнын.

1930-ӕм азты кӕрон архайдтам сӕрмагонд зиуты. Хъуамӕ-иу, нӕ ныхмӕ тынг кӕм цыдысты, уыцы рӕтты цыбыр рӕстӕгмӕ литературӕ апарахат кодтаиккам. Уырдӕм-иу ацыдыстӕм, нӕма-иу сбон, афтӕ (штат Миссурийы, горӕт Джоплины куыд бакодтам, афтӕ) ӕмӕ-иу алы хӕдзары дуары бын сусӕгӕй буклеттӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ бавӕрдтам. Уый фӕстӕ-иу горӕты ӕдде фембӕлдыстӕм, цӕмӕй-иу базыдтаиккам, мыййаг, пъӕлицӕ никӕй ӕрцахста ӕмӕ никӕй акодта.

Уыцы азты ма хъусын кодтам плакаттимӕ дӕр. Нӕ уӕлӕ-иу сӕ ӕркодтам ӕмӕ-иу горӕты уынгты къордӕй кӕрӕдзийы фӕстӕ цыдыстӕм. Хъуыды кӕнын, иухатт хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ плакаттимӕ нӕ горӕты куыд хъусын кодтой, уый. Плакаттыл фыст уыд, «Дин адӕмӕн у хыз ӕмӕ къӕппӕг», зӕгъгӕ. Уыдон нӕ хӕдзарӕй рараст сты, 1,5 километры бӕрц горӕты уынгты фӕцыдысты ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ махмӕ ӕрбаздӕхтысты. Хъыгдаргӕ сӕ ӕппындӕр ничи бакодта. Адӕм сӕм ӕрмӕстдӕр цымыдисӕй кастысты, цы хабар у, зӕгъгӕ.

НӔ ФЫЦЦАГ КОНГРЕССТӔ

Нӕ бинонтӕ-иу конгресстӕм арӕх Техасмӕ цыдысты. Мӕ фыд куыста ӕфсӕнвӕндаджы станцӕйы, ӕмӕ нӕ бон уыд йӕ куысты хицауы пропускы фӕрцы поездыл цӕуын, ӕхца фидын нӕ нӕ хъуыд, афтӕмӕй. Уый фӕрцы ма-иу нӕ бон уыд Техасы нӕ хиуӕтты дӕр бабӕрӕг кӕнын. Уым горӕт Темплы цард мӕ мады хистӕр ӕфсымӕр, Фред Уисмар, йӕ бинойнагимӕ, Юлейнимӕ. Фред рӕстдзинад базыдта ӕрыгонӕй, донаргъуыд райста ӕмӕ-иу цы базыдта, уый тыххӕй-иу радзырдта йӕ кӕстӕр хотӕн, уыимӕ мӕ мадӕн дӕр. Техасы йӕ ӕфсымӕртӕ иууылдӕр зыдтой, уымӕн ӕмӕ дзы иуафон лӕггад кодта зоналон лӕггадгӕнӕгӕй (ныр хуыйны районон цӕстдарӕг). Фред уыд тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хъӕлдзӕг адӕймаг, стӕй зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг. Ӕрыгонӕй дзы ӕз бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн.

1941 азы штат Миссурийы, горӕт Сент-Луисы уыд стыр конгресс, ӕмӕ нӕ бинонтӕ дӕр поездыл уырдӕм ацыдысты. Ӕрыгӕттӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн сценӕмӕ хӕстӕг сектор рахицӕн кодтой ӕмӕ нын загътой, цӕмӕй уым сбадтаиккам ӕмӕ байхъуыстаиккам ӕфсымӕр Рутерфорды раныхасмӕ, «Паддзахы сывӕллӕттӕ», зӕгъгӕ. Раныхасы кӕрон нӕм ӕнхъӕлмӕ каст диссаджы лӕвар. Ӕфсымӕр Рутерфорд ӕмӕ йе ’ххуысгӕнджытӕ сывӕллӕттӕй ӕмӕ ӕрыгӕттӕй алкӕмӕн дӕр, уыдыстӕм 15 минӕй фылдӕр, радтой ног чиныг, «Сывӕллӕттӕ», зӕгъгӕ.

1943 азы апрелы штат Канзасы, горӕт Коффивиллы уыд конгресс, «Уӕ хъарутӕ иууылдӕр саразут Хуыцауы хъуыддагмӕ!», зӕгъгӕ. Уыцы конгресс ферох кӕнӕн нӕй, кӕд ахӕм стыр нӕ уыд, уӕддӕр. Уым фехъусын кодтой, алы ӕмбырды дӕр ныр кӕй уыдзӕн фембӕлд Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола, стӕй ма мыхуыры кӕй рацыд, 52 урокы кӕм уыд ӕмӕ уыцы скъолайы кӕмӕй хъуамӕ пайда кодтаиккам, ахӕм брошюрӕ. Уыцы аз мын фӕстӕдӕр фыццаг хатт радтой хӕслӕвӕрд – гыццыл раныхас радзурын. Уыцы конгресс ма мӕнӕн ахсджиаг уымӕн уыд, ӕмӕ дзы донаргъуыд райстон. Мемӕ ма уыд дыууӕ ӕфсымӕры, ӕмӕ нӕ донаргъуыд исын бахъуыд уазал доны, уырдӕм хӕстӕг фермӕйы цы цад уыд, уым.

МӔ БӔЛЛИЦ – ВЕФИЛЫ ЛӔГГАД КӔНЫН

1951 азы скъола каст фӕдӕн, ӕмӕ мӕ хъуыди уынаффӕ рахӕссын, дарддӕр мӕ цард куыд араздзынӕн, уый фӕдыл. Ме ’фсымӕр, Джерри, уый размӕ лӕггад кодта Вефилы, ӕмӕ мӕн дӕр тынг фӕндыд уым лӕггад кӕнын. Гъемӕ курдиат байдзаг кодтон, ӕмӕ йӕ Бруклины офисмӕ арвыстой. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ Вефилмӕ фӕхуыдтой, ӕмӕ 1952 азы 10 мартъийы уым лӕггад кӕнын райдыдтон. Уый уыд раст уынаффӕ, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы мӕ бон уыд мӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ саразын.

Ныфс мӕ уыд, Вефилы типографийы кӕй кусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ фӕндыд журналтӕ ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ мыхуыр кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ хабар, мӕн куыд фӕндыд, афтӕ нӕ рауад. Фыццаг куыстон хӕрӕндоны, официантӕй, фӕстӕдӕр та мӕ снысан кодтой къухнимӕ. Уым кусын мӕ зӕрдӕмӕ цыд ӕмӕ дзы бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Къухнийы сменӕгай кӕй куыстам, уый фӕрцы-иу мын боны дӕргъы цасдӕр рӕстӕг уыд Библи иртасынӕн, ӕмӕ-иу, Вефилы цы стыр библиотекӕ уыд, уырдӕм ацыдтӕн. Уый фӕрцы мӕ уырнындзинад тынг бафидар ӕмӕ Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс дӕн. Стӕй ма мӕхицӕн фидарӕй загътон, Вефилы кӕй лӕггад кӕндзынӕн, мӕ бон цас уа, уыйбӕрц. Ме ’фсымӕр Вефилӕй ацыд 1949 азы ӕмӕ йӕ цард баиу кодта иу хоимӕ, Патришиимӕ. Уыдон цардысты Вефилмӕ хӕстӕг, Бруклины, ӕмӕ, Вефилы лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд мын фыццаг азты тынг ӕххуыс кодтой ӕмӕ-иу мын мӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтой.

Вефилы ӕфсымӕртӕй раныхӕстӕ дзурынмӕ хорз чи арӕхст, уыдоны нӕмттӕ цы хыгъды фыст уыдысты, уырдӕм ма ноджыдӕр бахастой иуӕй-иу ӕфсымӕрты нӕмттӕ. Сӕ хӕс уыд, Бруклины алфамбылай, 322 километры дарддӕр чи уыд, уыцы районты, ӕмбырдты раныхӕстӕ дзурын ӕмӕ бынӕттон хъусынгӕнджытимӕ уацамынды цӕуын. Афтӕ хъуамӕ кодтаиккой афӕдзы дӕргъы цалдӕр хатты. Ног вефилаг уӕвгӕйӕ мӕнмӕ дӕр ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ мӕ уыцы хыгъдмӕ бахастой. Райдианты-иу ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кодтон, уӕд-иу раныхас дзургӕйӕ тынг тыхстӕн. Уыцы рӕстӕг-иу раныхӕстӕ дзырдтой иу сахаты дӕргъы. Уыцы районтӕм-иу ацыдтӕн поездыл. Хъуыды кӕнын, иу хуыцаубон фӕссихор фӕстӕмӕ Нью-Йоркмӕ куы цыдтӕн, уӕд цы хабар ӕрцыд, уый. Уый уыд 1954 азы, зымӕджы. Вефилмӕ хъуамӕ бахӕццӕ уыдаин изӕрырдӕм. Фӕлӕ ӕвиппайды тыхдымгӕ рацыд ӕмӕ мит ныууарыд. Нӕ поезды мотор цыдӕр кодта, ӕмӕ поезд нал куыста. Нью-Йорчы станцӕмӕ бахӕццӕ стӕм ӕрмӕстдӕр къуырисӕры райсомӕй, фондз сахатыл. Уым метройы абадтӕн, Бруклинмӕ чи цыд, уыцы поездыл. Вефилмӕ куы ’рбахӕццӕ дӕн, уӕд комкоммӕ къухнимӕ бацыдтӕн, иу гыццыл байрӕджы кодтон, афтӕмӕй. Стӕй уыдтӕн тынг фӕллад, ӕгъуыссӕг кӕй фӕдӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ ахӕм зындзинӕдтӕ ницы уыдысты, ӕмбырдтӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ мын ног хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ зонгӕ кӕнын цы циндзинад хаста, уыимӕ абаргӕйӕ.

Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы радиостанцӕйы программӕмӕ цӕттӕ кӕнӕм

Вефилы фыццаг азты куы лӕггад кодтон, уӕд мӕ фӕхуыдтой, Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы радиостанцӕйы (WBBR) алы къуыри дӕр цы программӕтӕ уагътой, уым архайынмӕ. Программӕ-иу афтӕ арӕзт уыд, цыма цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнынц, ӕмӕ-иу ӕз уыцы адӕймӕгтӕй искӕцыйы роль ахъазыдтӕн. Нӕ радиостанцӕйы студитӕ уыдысты Колумбия-Хайтсыл, 124, цы агъуыст нын дзы уыд, уым дыккаг уӕладзыгыл. Вефилы бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр, Александр Макмиллан, уыцы программӕты ӕдзухдӕр архайдта. Мах ӕй хуыдтам ӕфсымӕр Мак. Уый махӕн, ӕрыгондӕр вефилӕгтӕн, уыд фӕзминаг, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн куыд иузӕрдионӕй лӕггад кодта, уымӕй.

Ахӕм гӕххӕттытӕ парахат кодтам, цӕмӕй-иу адӕм нӕ радиостанцӕйы программӕмӕ байхъуыстаиккой

1958 азы мын мӕ бӕрны ӕндӕр хъуыддаг бакодтой. Мӕ хӕс уыд, цӕмӕй-иу, Галаады скъола каст чи фӕци, уыцы миссионертӕн визӕтӕ райсынӕн баххуыс кодтаин ӕмӕ-иу сын сӕ балцмӕ алцыдӕр бацӕттӕ кодтаин. Уыцы рӕстӕг хӕдтӕхӕгмӕ билеттӕ уыдысты тынг зынаргъ, ӕмӕ-иу Африкӕмӕ ӕмӕ Азимӕ кӕй снысан кодтой, уыдонӕн-иу сӕ фылдӕр уӕзласӕн наутыл ацыдысты. Цасдӕры фӕстӕ билетты ӕргътӕ куы ’рхаудысты, уӕд-иу миссионертӕн сӕ фылдӕр, кӕдӕм-иу сӕ снысан кодтой, уыцы бӕстӕтӕм хӕдтӕхӕгыл атахтысты.

Галаады скъола каст чи хъуамӕ фӕуа, уыдонӕн дипломтӕ цӕттӕ кӕнын

БАЛЦЫТӔ КОНГРЕССТӔМ

1960 азы мӕ куыст фӕфылдӕр. 1961 азы хъуамӕ Европӕйы ӕхсӕнадӕмон конгресстӕ ауагътаиккой, ӕмӕ мын бахӕс кодтой, уырдӕм Иугонд Штаттӕй цӕуинаг чи уыд, уыдоны тыххӕй авиакомпанитимӕ рагацау баныхас кӕнын ӕмӕ сын ахӕм билеттӕ самал кӕнын, цӕмӕй къордтӕй атахтаиккой. Мӕхӕдӕг цы ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ ацыдтӕн, уый уыд Германийы, горӕт Гамбургы. Конгрессы фӕстӕ ӕз ӕмӕ ма Вефилӕй ӕртӕ ӕфсымӕры машинӕ баххуырстам ӕмӕ Германийӕ ацыдыстӕм Италимӕ, Риммӕ, цӕмӕй филиал бабӕрӕг кодтаиккам. Уырдыгӕй араст стӕм Францимӕ, Пиренейаг хӕхтыл ахызтыстӕм ӕмӕ Испанимӕ бахӕццӕ стӕм. Уыцы рӕстӕг Испанийы хъусын кӕныны бар нал уыд. Барселонӕйы цы ӕфсымӕртӕ цард, уыдонӕн немӕ литературӕйӕ цыдӕртӕ раластам, лӕвӕрттау сӕ рӕсугъд цӕмдӕр батыхтам, афтӕмӕй. Ӕмӕ семӕ куы фембӕлдыстӕм, уӕд сыл тынг фӕцин кодтам! Уырдыгӕй та ацыдыстӕм Амстердаммӕ ӕмӕ уым хӕдтӕхӕгмӕ билеттӕ балхӕдтам, цӕмӕй фӕстӕмӕ Нью-Йоркмӕ ацыдаиккам.

1963 азы ӕгас дунейы дӕр хъуамӕ ауагътаиккой сӕрмагонд ӕхсӕнадӕмон конгресстӕ, «Ӕнусон хорз хабар», зӕгъгӕ. Ӕмӕ мын уымӕй иу аз раздӕр бахӕс кодтой, уыцы конгресстӕм чи хъуамӕ ацыдаид, уыдонӕн сӕ балцимӕ баст хъуыддӕгты баххуыс кӕнын. Ӕвзӕрст ӕрцыдысты 583 хо ӕмӕ ӕфсымӕры, цӕмӕй ацыдаиккой Европӕмӕ, Азимӕ ӕмӕ Сабыр океаны хуссар хайы бӕстӕтӕм, стӕй Гавайы сакъадӕхтӕм, горӕт Гонолулумӕ, ӕмӕ фӕстагмӕ штат Калифорнимӕ, горӕт Пасадинӕмӕ. Фӕндагыл ма хъуамӕ ӕрлӕууыдаиккой Ливаны ӕмӕ Иорданийы дӕр, цӕмӕй сын экскурси скодтаиккой, ӕмӕ, Библийы цы зӕххыты кой цӕуы, уыдон сӕхи цӕстӕй федтаиккой. Вефилы цы хайады лӕггад кодтон, уымӕн бабар кодтой уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнын билеттӕ балхӕнынӕн, цалдӕр бӕстӕмӕ визӕтӕ райсынӕн ӕмӕ уазӕгдзӕрӕнты къомнӕттӕ баххуырсынӕн.

МӔ НОГ ӔМБӔЛЦЦОН

1963 азы ӕрцыд мӕ царды ахсджиагдӕр хабӕрттӕй сӕ иу. 29 июны мӕ цард баиу кодтон Лайлӕ Роджерсимӕ. Лайлӕ уыд штат Миссурийӕ ӕмӕ Вефилы лӕггад кӕнын райдыдта 1960 азы. Нӕ чындзӕхсӕвӕй иу къуырийы фӕстӕ мах дӕр, ӕгас дунейы цы конгресстӕ цыд, уырдӕм абалц кодтам. Уыдыстӕм Грецийы, Египеты ӕмӕ Ливаны. Ливаны сӕйраг горӕт Бейрутӕй хӕдтӕхӕгыл атахтыстӕм Иорданимӕ. Уыцы рӕстӕг уым нӕ хъуыддаг ӕхгӕд уыди, ӕмӕ нын загътой, хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн визӕтӕ кӕй нӕ ратдзӕн. Ӕмӕ хъуыдытӕ кодтам, цымӕ куы ныццӕуӕм, уӕд хабар куыд уыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ куы бахӕццӕ стӕм, уӕд кӕсӕм, ӕмӕ дын аэропорты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ плакатимӕ лӕууынц. Уыцы плакатыл фыст уыд: «Ӕгас цӕут, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ!» Нӕ дисӕн ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон нал уыд! Стӕй, Библийы цы зӕххыты кой цӕуы, уыдон дӕхи цӕстӕй фенай, уый дӕр диссаг куыннӕ у! Мах ӕрзылдыстӕм, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков кӕм цардысты, Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ апостолтӕ кӕм хъусын кодтой, стӕй, чырыстон дин фыццаг кӕм апарахат, уыцы зӕххытыл (Хъуыд. 13:47).

Лайлӕимӕ Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнӕм 55 азы дӕргъы, ӕмӕ цыфӕнды хӕстӕ ма ӕххӕст кодтаиккам, уӕддӕр-иу алкӕддӕр мӕ фарсмӕ уыд. Испанийы ӕмӕ Португалийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг ӕхгӕд куы уыд, уыцы рӕстӕг дзы цалдӕр хатты уыдыстӕм. Хотӕ ӕмӕ-иу ӕфсымӕрты бафидар кодтам ӕмӕ-иу сын литературӕ ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр цы хъуыд, уыдӕттӕ аластам. Стӕй ма нын фадат фӕци, Испанийы горӕт Кадисы ахӕстоны цы ӕфсымӕртӕ бадт, уыдонӕй кӕйдӕрты бабӕрӕг кӕнынӕн. Уым сын раныхас радзырдтон, ӕмӕ ууыл тынг цин кодтон.

Патриши ӕмӕ Джерри Молохентимӕ, конгресмӕ «Сабырдзинад зӕххыл» куы цыдыстӕм, уӕд, 1969 аз

1963 азӕй фӕстӕмӕ цалдӕр азы дӕргъы ӕххуыс кодтам, алыхуызон бӕстӕтӕм-иу ӕхсӕнадӕмон конгресстӕм чи цыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн. Конгресстӕ-иу ауагътой Австралийы, Азийы, Африкӕйы, Гавайы сакъадӕхтыл, Европӕйы, Ног Зеландийы, Пуэрто-Рикойы ӕмӕ Централон ӕмӕ Хуссар Америкӕйы. Лайлӕимӕ иумӕ уыдыстӕм, ферохгӕнӕн кӕй нӕй, бирӕ ахӕм конгрессты. Зӕгъӕм, 1989 азы уыдыстӕм, Польшӕйы, горӕт Варшавӕйы цы стыр конгресс уыд, уым. Уыцы конгресмӕ Уӕрӕсейӕ дӕр бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрцыд. Уый уыд сӕ фыццаг конгресс! Кӕимӕ дзы базонгӕ стӕм, уыдонӕй чидӕртӕ Советон Цӕдисы рӕстӕг сӕ дины тыххӕй ахӕстӕтты бирӕ азты дӕргъы фӕбадтысты.

Тынг ма уарзтон, ӕгас дунейы дӕр нын цы филиалтӕ уыд, уыдон бӕрӕг кӕнын ӕмӕ вефилӕгты, стӕй миссионерты дӕр фидар кӕнын. Цы филиалтӕ бабӕрӕг кодтам, уыдонӕй фӕстаг уыд Хуссар Корейы филиал. Уым, горӕт Сувоны бабӕрӕг кодтам, ахӕстоны чи бадт, 50 ахӕм ӕфсымӕры. Уыцы ӕфсымӕртӕ сӕ ныфс асӕттын нӕ бауагътой ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, куы сӕ ссӕрибар кӕной, уӕд та ногӕй Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзысты, уымӕ. Кӕй сыл фембӕлдыстӕм, уый махӕн уыд стыр ныфсы хос! (Ром. 1:11, 12).

ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ ФЫЛДӔРӔЙ-ФЫЛДӔР КӔЙ КӔНЫНЦ, УУЫЛ ТЫНГ ЦИН КӔНЫН

Бирӕ азты дӕргъы уыдтон, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд арфӕ кӕны, уый. 1943 азы донаргъуыд куы райстон, уӕд хъусынгӕнджытӕ уыдысты иу-100 000, ныр та 240 бӕстӕйы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны 8 000 000 адӕймагӕй фылдӕр. Уыцы нымӕцыл афтӕ бирӕ кӕй бафтыд, уымӕн стыр ӕххуыс фесты, Галаады скъола чи фӕци, уыдон. Уыцы миссионертӕй бирӕтӕн ӕххуыс кодтон, кӕдӕм-иу сӕ снысан кодтой, уыцы бӕстӕтӕм ацӕуынӕн, ӕмӕ мын уый стыр циндзинад хаста.

Ӕз тынг цин кӕнын, ӕрыгонӕй мӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтон ӕмӕ Вефилы лӕггад кӕнын кӕй райдыдтон, ууыл. Йегъовӕ мын мӕ царды алы хъуыддаджы дӕр рӕдауӕй арфӕ кодта. Вефилы лӕггад кӕнгӕйӕ мах Лайлӕимӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм. Стӕй ма, Бруклины 50 азӕй фылдӕр алыхуызон ӕмбырдтимӕ кӕй лӕггад кодтам, уый фӕрцы нын бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ фӕзынд, ӕмӕ нын уый дӕр стыр циндзинад хаста.

Абоны онг лӕггад кӕнын Вефилы, ӕмӕ мын Лайлӕ алы бон дӕр ӕххуыс кӕны. Кӕд мыл ныр 84 азы цӕуы, уӕддӕр, мӕ бӕрны цы куыст ис, уый цингӕнгӕйӕ кӕнын – филиалмӕ цы писмотӕ ӕрбацӕуы, уыдон бакой кӕнын.

Лайлӕимӕ абон

Цӕй стыр цины хос у, Йегъовӕйы диссаджы организацийы уай ӕмӕ, Малахийы 3:18 стихы фыст ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый дӕхи цӕстӕй уынай, уый! Уыцы стихы фыст ис: «Уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнӕг ӕмӕ фыдгӕнӕг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый». Мах уынӕм, Хӕйрӕджы дуне бонӕй-бонмӕ фыддӕр кӕй кӕны. Адӕмӕн ма кӕд сӕ зӕрдӕ цӕмӕйдӕрты барухс вӕййы, уӕддӕр сӕ фидӕнӕй ӕппындӕр ныфс нӕй. Фӕлӕ Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдон ацы зын рӕстӕджыты цӕргӕйӕ дӕр сты амондджын ӕмӕ сӕ фидӕнӕй ис фидар ныфс. Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, Паддзахады хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый! (Матф. 24:14). Тынг бӕллӕм, тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад ацы дуне сӕфты хай куы бакӕна ӕмӕ ног дунейы йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр куы сӕххӕст кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд иу адӕймаг дӕр, низ цы у, уый нал зондзӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр амондджынӕй ӕнустӕм цӕрдзысты.