ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2018 аз, январь

Ацы брошюрӕйы ис, 2018 азы 26 февралӕй 1 апрелмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

УЫДОН УЫДЫСТЫ ЦӔТТӔ

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Мадагаскар

Базонгӕ у, Мадагаскары Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕн зынгзӕрдӕйӕ чи ӕххуыс кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутимӕ.

«Уый фӕллад адӕймагӕн ратты тых»

Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕна, афтӕ зындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты. 2018 азы стих нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйӕ хъарутӕ курӕм.

Ӕрымысӕн изӕр нӕ иудзинадӕн куыд ахъаз кӕны

Ӕрымысӕн изӕр Хуыцауы адӕмы иудзинадӕн куыд ахъаз кӕны? Ӕрымысӕн изӕр фӕстаг хатт кӕд сбӕрӕг кӕндзыстӕм?

Алцыдӕр кӕй къухы ис, уымӕн нӕ бон раттын цы у?

Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн иу мадзал у мысайнӕгтӕ дӕттын. Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый кӕй фӕдӕттӕм, уый нын цавӕр пайда хӕссы?

Адӕймаджы цавӕр уарзондзинад кӕны амондджын?

Хуыцауы уарзын, 2 Тимофеймӕ 3:2–4 кӕй кой цӕуы, уыцы уарзондзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны? Ацы фарстайӕн дзуапп куы зонӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕцӕг амондджын ӕмӕ зӕрдӕрухс уӕм.

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

Ацы фӕстаг бонты адӕммӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон куыд хицӕн кӕнынц, Хуыцауы адӕммӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй?

Зыдтай йӕ?

Цымӕ рагон Израилы адӕм, Моисейы закъоны чи уыд ӕмӕ адӕймаджы бартӕ чи хъахъхъӕдта, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайдтой?