Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕймаджы цавӕр уарзондзинад кӕны амондджын?

Адӕймаджы цавӕр уарзондзинад кӕны амондджын?

«Амондджын сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у!» (ПС. 144:15).

ЗАРДЖЫТӔ: 111, 109

1. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, ахӕм рӕстӕг никуыма уыд?

АБОН цы рӕстӕджы цӕрӕм, ахӕм рӕстӕг никуыма уыд. Библийы куыддӕриддӕр загъд уыд, афтӕ Йегъовӕ ӕмбырд кӕны «тынг бирӕ адӕмы... ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй». Уыдон сты «тыхджын адӕм», сӕ нымӕц у аст милуанӕй фылдӕр. Уыцы адӕм Хуыцауӕн «ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц» ӕмӕ сты амондджын (Рарг. 7:9, 15; Ис. 60:22). Хуыцауы ӕмӕ адӕмы чи уарзы, уыдон абон куыд бирӕ сты, афтӕ никуыма.

2. Нӕ рӕстӕджы бирӕтӕм цы уарзондзинад ис, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

2 Фӕлӕ ма Библийы загъд уыд ӕндӕр уарзондзинады тыххӕй дӕр, ӕмӕ уыцы уарзондзинадӕн Хуыцауы ӕмӕ иннӕты уарзынимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Апостол Павел ныффыста: «Фӕстаг бонты... адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг... Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ» (2 Тим. 3:1–4). Ахӕм адӕм ӕрмӕстдӕр сӕ уды дзӕбӕхӕн фӕцӕрынц. Фӕлӕ ахӕм зондахаст кӕмӕн ис, уыдон амондджын никуы уыдзысты, кӕд уымӕ фӕбӕллынц, уӕддӕр. Ӕмӕ адӕмӕй бирӕтӕ хиуарзон кӕй сты, «тынг уӕззау рӕстӕг» дӕр уымӕн скодта.

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

3 Павел зыдта, ӕрмӕст йӕ уды дзӕбӕхӕн чи цӕры, ахӕм адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕндзысты ӕмӕ чырыстӕттӕн дӕр тӕссаг кӕй уыдзӕн, ахӕм зондахастӕй куы фӕхъӕстӕ уой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «ахӕмтӕм хӕстӕг дӕр ма цӕут» (2 Тим. 3:5). Фӕлӕ, хиуарзон адӕмӕй нӕхи бынтондӕр бахизӕм ӕмӕ сыл макуы сӕмбӕлӕм, уый гӕнӕн нӕй. Уӕдӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ныл сӕ зондахаст ма фӕзына ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ, уарзондзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы зӕрдӕ, рухс кӕнӕм? Ӕркӕсӕм-ма, 2 Тимофеймӕ 3:2–4 стихты цы уарзондзинады кой цӕуы, уый, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы уарзондзинадӕй куыд хицӕн кӕны. Стӕй нӕ бон уыдзӕн нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, адӕймаджы амондджын чи кӕны, ахӕм уарзондзинад нӕ бон куыд у ӕвдисын, ууыл.

ХУЫЦАУЫ УАРЗӔМ ӔВИ НӔХИ?

4. Адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй исты ис? Бамбарын ӕй кӕн.

4 Павел ныффыста: «Адӕм уыдзысты хиуарзон». Адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй исты ис? Нӕ. Уӕвгӕ нӕ афтӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг скодта. Йесо загъта: «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Мар. 12:31). Адӕймаг йӕхи куы нӕ уарза, уӕд иннӕты та куыд хъуамӕ уарза! Библийы ма ноджыдӕр фыст ис: «Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ буц дары» (Еф. 5:28, 29). Уӕдӕ, адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй ницы ис.

5. Йӕхи ӕгӕр тынг чи уарзы, уыдон сӕхи куыд фӕдарынц?

5 Фӕлӕ, 2 Тимофеймӕ 3:2 цы уарзондзинады кой ис, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Йӕхи ӕгӕр тынг чи уарзы, уыдон сӕхицӕй, цы сты, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл вӕййынц. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:3.) Иннӕтӕ сӕм нымады дӕр нӕ вӕййынц, ӕрмӕстдӕр сӕ сӕхи мӕт вӕййы. Исты раст куы нӕ рауайы, уӕд сӕ рӕдыдыл нӕ басӕттынц, фӕлӕ иннӕты аххосджын кӕнынмӕ фӕвӕййынц. Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы хиуарзон адӕм барст цӕуынц уызынтимӕ. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, уызын йӕхи куы атымбыл кӕны, уӕд мидӕгӕй йӕхицӕн фӕлмӕн вӕййы, ӕддӕмӕ та дзы сындзытӕ йеддӕмӕ ницы фӕзыны. Ахӕм адӕм ӕцӕг амондджын никуы вӕййынц.

6. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нын цавӕр пайда хӕссы?

6 Иуӕй-иу Библи иртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Павел ӕвзӕр миниуджытӕ куы ранымадта, уӕд ӕппӕты фыццаг хиуарзондзинады тыххӕй уымӕн загъта, ӕмӕ иннӕ ӕвзӕр миниуджытӕ дӕр адӕймагмӕ уый тыххӕй фӕзынынц. Хуыцауы чи уарзы, уыдонмӕ та ис хорз миниуджытӕ: цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ хиуылхӕцындзинад (Гал. 5:22, 23). Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Амондджын сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у!» (Пс. 144:15). Йегъовӕ у амондджын Хуыцау, ӕмӕ йӕ адӕм дӕр сты амондджын. Искӕмӕй исты ратона, ӕрмӕст ууыл чи вӕййы, ахӕм хиуарзон адӕмӕй уӕлдай, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕн хорздзинад аразынц, ӕмӕ уый фӕрцы сты зӕрдӕрухс (Хъуыд. 20:35).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хиуарзон ма суӕм? (кӕс 7 абзац)

7. Нӕхи Хуыцауӕй тынгдӕр уарзын райдыдтам ӕви нӕ, уый бамбарынӕн нын цавӕр фарстатӕ баххуыс кӕндзысты?

7 Фӕлӕ, мыййаг, нӕхи Хуыцауӕй тынгдӕр уарзын нӕ райдыдтам? Цымӕ уый нӕ бон куыд у бамбарын? Ӕркӕсӕм-ма, Филиппӕгтӕм 2:3, 4 стихты цы уынаффӕ ис, уымӕ: «Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут. Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр». Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ацы уынаффӕмӕ хъусын? Архайын, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнон? Ӕмбырды ӕмӕ уацамынды иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн фадӕттӕ фӕагурын?» Нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ иннӕтӕн ма ’вгъау кӕнӕм, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Уый тыххӕй фӕхъӕуы фыдӕбон кӕнын, стӕй хъуамӕ цӕттӕ уӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ дӕр. Фӕлӕ йӕ куы зонӕм, Дунедарӕг Хуыцау нӕ райгонд кӕй у, уӕд ма уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа!

8. Иуӕй-иу чырыстӕтты, Хуыцауы кӕй уарзынц, уый цӕмӕ баразӕнгард кӕны?

8 Иуӕй-иу чырыстӕттӕн ахӕм фадат вӕййы, цӕмӕй хуыздӕр куыстмӕ бацӕуой ӕмӕ схъӕздыг уой. Фӕлӕ уыдон уыцы фадатӕй не спайда кӕнынц, Хуыцауы кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ йӕ хъуыддаджы фылдӕр аразын кӕй фӕфӕнды, уый тыххӕй. Эрикӕ цӕры Иугонд Штатты ӕмӕ у дохтыр. Хуыздӕр бынаты кусыны бӕсты райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ ма йӕ цардӕмбалимӕ иумӕ цалдӕр бӕстӕйы дӕр балӕггад кодтой. Эрикӕ загъта: «Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ ныл ӕрцыд бирӕ диссаджы хабӕрттӕ, стӕй нын фӕзынд ног ӕмбӕлттӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы систӕм ӕцӕг хъӕздыг». Эрикӕ ныр дӕр ма дохтырӕй кусы. Фӕлӕ йӕ рӕстӕг фылдӕр хардз кӕны, цӕмӕй адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад амона, стӕй хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕна. Ӕмӕ йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йын уый хӕссы стыр циндзинад ӕмӕ йӕ цардӕй у райгонд.

ХӔЗНАТӔ УӔЛӔРВТЫ ӔМБЫРД КӔНӔМ ӔВИ ЗӔХХЫЛ?

9. Ӕхцауарзаг адӕймаг амондджын цӕуылнӕ вӕййы?

9 Павел ныффыста, адӕм «ӕхцауарзаг» кӕй уыдзысты. Цалдӕр азы размӕ Ирландийы иу пионер-ӕфсымӕр иу нӕлгоймагимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кодта. Уыцы нӕлгоймаг йӕ дзыппӕй ӕхца систа ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ мӕ хуыцау!» Кӕд бирӕтӕ ахӕм ныхӕстӕ ӕргом нӕ зӕгъиккой, уӕддӕр ахӕм зондыл хӕст сты – ӕхца ӕмӕ, ӕхцайӕ балхӕнӕн цы ис, уыдӕттӕй тынгдӕр ницы уарзынц. Фӕлӕ Библийы фыст ис: «Ӕвзист чи уарзы, уый никуы бафсӕддзӕн ӕвзистӕй, ӕмӕ хъӕздыгдзинад чи уарзы, уый – мулкӕй» (Еккл. 5:10). Ӕхцауарзаг адӕймаг ӕхцайӕ ӕфсис нӕ фӕзоны, ӕмӕ йӕ цард фылдӕр ӕхца бакусыныл ацӕуы. Фӕлӕ уый тыххӕй йӕхи «бирӕ мӕстыты хай бакӕны» (1 Тим. 6:9, 10).

10. Иакейы фырт Агур мӕгуырдзинад ӕмӕ хъӕздыгдзинады тыххӕй цы ныффыста?

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон ӕнӕ ӕхцайӕ фӕцӕрӕн нӕй. Ӕмӕ Библийы дӕр фыст ис, ӕхца адӕймаджы иуӕй-иу хъуыддӕгты хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕны (Еккл. 7:12). Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагӕн, цардӕн ӕй цы хъӕуы, ӕрмӕст уый уа, фӕлӕ уӕддӕр амондджын уа? Куыннӕ. (Бакӕс Екклесиаст 5:12.) Иакейы фырт Агур ныффыста: «Мӕгуырдзинад дӕр мын ма ратт ӕмӕ хъӕздыгдзинад дӕр. Къӕбӕр мын дӕтт мӕ фаг». Зын бамбарӕн нӕу, афтӕ цӕмӕн скуывта, мӕгуырдзинад мын ма ратт, зӕгъгӕ. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй давын райдыдтаид, уымӕн ӕмӕ уӕд Хуыцауы ном фӕхудинаг кодтаид. Фӕлӕ цымӕ афтӕ та цӕмӕн скуывта, хъӕздыгдзинад мын ма ратт, зӕгъгӕ? Уый афтӕ бамбарын кодта: «Цӕмӕй ӕгӕр ма бафсӕдон ӕмӕ дӕ ма ныууадзон ӕмӕ ма зӕгъон: „Чи у Йегъовӕ?“» (Ӕмб. 30:8, 9). Агурӕй уӕлдай, абон бирӕтӕ сӕ ныфс дарынц сӕ хъӕздыгдзинӕдтыл, Хуыцауыл нӕ, фӕлӕ, ӕмӕ, чи зоны, нӕхӕдӕг дӕр ахӕмты зонӕм.

11. Йесо ӕхцайы фӕдыл цавӕр уынаффӕ радта?

11 Ӕхцауарзаг адӕймаг Хуыцауы зӕрдӕ никуы барухс кӕндзӕн. Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр». Уый размӕ та загъта: «Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут – ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, стӕй сӕм давджытӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц. Фӕлӕ уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты – уым сӕ нӕдӕр рӕмпӕг хӕры, нӕдӕр згӕ, уӕдӕ сӕм давджытӕ дӕр нӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ нӕ адавынц» (Матф. 6:19, 20, 24).

12. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ, адӕймаг хуымӕтӕг цард куы кӕна, уӕд ын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ архайынц хуымӕтӕг цард кӕныныл. Афтӕмӕй сын фылдӕр рӕстӕг вӕййы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, ӕмӕ уый фӕрцы амондджындӕр сты. Иугонд Штатты чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр, Джек, йе стыр хӕдзар ӕмӕ йӕ бизнес ауӕй кодта, цӕмӕй йӕ бинойнагау пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Мах цардыстӕм рӕсугъд ран, уыдис нын хорз хӕдзар ӕмӕ стыр зӕхх. Ӕмӕ мын сӕ ауӕй кӕнын ӕнцон кӕцӕй уыд. Иннӕмӕй та-иу мын куысты цы зындзинӕдтӕ уыд, уыдоны тыххӕй-иу афтӕ сдӕн, ӕмӕ-иу мӕ ницыуал хъуыд. Ӕмӕ афтӕ уыд бирӕ азты дӕргъы. Мӕ бинойнаг та пионерӕй лӕггад кодта ӕмӕ-иу алкӕддӕр уыцы хъӕлдзӕг уыди. Афтӕ-иу мын бакодта: „Мӕнӕн цы хицау ис, уымӕй хуыздӕр хицауӕн скӕнӕн нӕй!“ Ныр ӕз дӕр лӕггад кӕнын пионерӕй, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕн дӕр ис иу хицау, Йегъовӕ».

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма суӕм? (кӕс 13 абзац)

13. Ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый бамбарынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

13 Цӕмӕй, ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Мӕ цардӕй бӕрӕг у, Библи ӕхцайы тыххӕй цы зӕгъы, уыимӕ разы кӕй дӕн? Мӕ царды мын фыццаг бынаты ӕхца амал кӕнын у? Ахсджиагдӕр мын цы у: ӕхца ӕви мын Йегъовӕимӕ ӕмӕ адӕмимӕ цы хӕлардзинад ис, уый? Ӕцӕгдӕр мӕ уырны, Йегъовӕ мӕ, ӕнӕмӕнг мӕ цы хъӕуы, уый цух кӕй никуы ныууадздзӕн?» Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ, йӕ ныфс ыл чи дары, уыдоны кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн! (Матф. 6:33).

ЙЕГЪОВӔЙЫ УАРЗӔМ ӔВИ ИРХӔФСӔНТӔ?

14. Ирхӕфсӕнтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

14 Библийы куыддӕриддӕр загъд уыд, афтӕ абон бирӕтӕ «уарздзынц ирхӕфсӕнтӕ». Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй, адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, стӕй ацы царды ӕнӕ ӕхцайӕ фӕцӕрӕн нӕй. Ӕмӕ, нӕхи ирхӕфсыны кой куы кӕнӕм, уӕд уым дӕр ӕвзӕрӕй ницы ис. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ӕхсызгондзинад чи хӕссы, уыцы хъуыддӕгтӕй нӕхи бынтондӕр фӕцух кӕнӕм. Уӕвгӕ, Библийы дӕр фыст ис: «Адджынӕн хӕр дӕ къӕбӕр ӕмӕ хъӕлдзӕгзӕрдӕйӕ нуаз сӕн» (Еккл. 9:7). Ацы ныхӕстӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр хауынц.

15. 2 Тимофеймӕ 3:4 стихы дзырдбаст «уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ» цӕмӕ амоны?

15 2 Тимофеймӕ 3:4 дзырд цӕуы, ирхӕфсӕнты тыххӕй сӕ царды Хуыцауӕн бынат кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕмы тыххӕй дӕр. Дӕ хъус-ма ӕрдар, ацы стихы афтӕ фыст кӕй нӕй, ӕмӕ адӕм ирхӕфсӕнтӕ Хуыцауӕй фылдӕр уарздзысты. Уӕд афтӕ зӕгъӕн уаид, ӕмӕ Хуыцауы дӕр уарзынц. Фӕлӕ дзы фыст ис, «Хуыцауы нӕ уарздзысты», зӕгъгӕ. Ахӕм адӕмы тыххӕй ма Библийы фыст ис, зӕгъгӕ сын «зӕххон хиирхӕфсӕнтӕ сӕ хурхыл ныххӕцынц» (Лук. 8:14, «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз).

16, 17. Йесо ирхӕфсӕнтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?

16 Йесо ирхӕфсӕнтӕм раст цӕстӕй каст. Зӕгъӕм, иухатт уыди «чындзӕхсӕвы», ӕндӕр хатт та – «стыр куывды» (Иоан. 2:1–10; Лук. 5:29). Чындзӕхсӕвы сӕн нал фаг кодта, ӕмӕ уӕд Йесо сарӕзта диссаг – дон сӕн фестын кодта. Иухатт та Йесо бамбарын кодта, хӕрыны ӕмӕ йын нуазыны тыххӕй фидистӕ чи кодта, уыдон рӕдыд зондыл хӕст кӕй уыдысты (Лук. 7:33–36).

17 Фӕлӕ Йесойӕн царды алцӕмӕй ахсджиагдӕр ирхӕфсӕнтӕ нӕ уыдысты. Уымӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Стӕй адӕмӕн дӕр удуӕлдайӕ ӕххуыс кодта. Адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цӕттӕ уыд хъизӕмӕртты хъӕдыл амӕлынмӕ дӕр. Йесо, йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдонӕн загъта: «Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ уыл алы ӕвзӕртӕ куы мысой. Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг,– афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыд, уыдоны дӕр» (Матф. 5:11, 12).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын ирхӕфсӕнтӕ сӕйраг ма суой? (кӕс 18 абзац)

18. Ирхӕфсӕнтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый бамбарынӕн нын цавӕр фарстатӕ баххуыс кӕндзысты?

18 Ирхӕфсӕнтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый бамбарынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Мыййаг мын ирхӕфсӕнтӕ ӕмбырдтӕй ӕмӕ мӕ лӕггадӕй ахсджиагдӕр не сты? Цӕттӕ дӕн, мӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕттӕй мӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй мӕ бон Хуыцауӕн лӕггад кӕнын уа? Ирхӕфсӕн ӕвзаргӕйӕ фӕхъуыды кӕнын, Йегъовӕ йӕм цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, ууыл?» Кӕд Йегъовӕйы ӕцӕг уарзтӕй уарзӕм, уӕд, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, нӕхи ӕрмӕст ахӕм ирхӕфсӕнтӕй нӕ хиздзыстӕм, фӕлӕ, гыццыл дӕр кӕуыл фӕдызӕрдыг уӕм, йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ, зӕгъгӕ, ахӕмтӕй дӕр. (Бакӕс Матфейы 22:37, 38.)

АМОНДДЖЫН ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫСТӔМ?

19. Амондджын чи никуы уыдзӕн?

19 Ныр 6 000 азы бӕрц Хӕйрӕджы дунейы цӕргӕйӕ адӕм удхар кӕнынц. Ӕмӕ ацы фӕстаг бонты адӕмӕн сӕ фылдӕр сты хиуарзон ӕмӕ ӕхцауарзаг, стӕй сын ирхӕфсӕнтӕй сӕйрагдӕр ницы ис. Кӕм цы ратоной, ӕрмӕстдӕр ууыл сты ӕмӕ сӕ сӕхи мӕт йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕй мӕт ис. Фӕлӕ ахӕм адӕм амондджын никуы уыдзысты. Адӕймаг ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы уыдзӕн, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Амондджын у уыцы адӕймаг, Иаковы Хуыцау йе ’ххуысгӕнӕг кӕмӕн у, йӕ ныфс йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл чи дары» (Пс. 146:5).

20. Дӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у, ӕмӕ, Хуыцауы кӕй уарзыс, уый фӕрцы амондджын дӕ?

20 Йегъовӕйы адӕмы кой куы кӕнӕм, уӕд уыдон та сӕ Хуыцауы уарзынц, ӕмӕ сын уыцы уарзт тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕны. Уымӕй уӕлдай ма сӕ нымӕц азӕй-азмӕ кӕны фылдӕр. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ тагъд зӕхмӕ диссаджы арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн. Мах тынг амондджын стӕм, Йегъовӕйы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм, уый тыххӕй. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон ӕнустӕм уыдзысты зӕрдӕрухс! Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, хиуарзон адӕймагмӕ цавӕр миниуджытӕ фӕзыны ӕмӕ базондзыстӕм, уыцы миниуджытӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй куыд хицӕн кӕнынц.