Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алцыдӕр кӕй къухы ис, уымӕн нӕ бон раттын цы у?

Алцыдӕр кӕй къухы ис, уымӕн нӕ бон раттын цы у?

«Нӕ Хуыцау, арфӕ [дын] кӕнӕм ӕмӕ дын дӕ рӕсугъд ном кадджын кӕнӕм» (1 АЗ. 29:13).

ЗАРДЖЫТӔ: 80, 50

1, 2. Йегъовӕ рӕдау Хуыцау кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

ЙЕГЪОВӔ у рӕдау Хуыцау. Цыдӕриддӕр нӕм ис, уый уымӕй цӕуы. Зӕххы хъӕздыгдзинӕдтӕ иууылдӕр Йегъовӕйы сты, ӕмӕ сӕ афтӕ пайда кӕны, цӕмӕй зӕххыл цард уа (Пс. 104:13–15; Аг. 2:8). Библийы фыст ис, Йегъовӕ-иу йӕ адӕмы тыххӕй зӕххы хъӕздыгдзинӕдтӕй диссаджы хуызы куыд спайда кодта, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ.

2 Зӕгъӕм, израилӕгтӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд сын Йегъовӕ лӕвӕрдта маннӕ ӕмӕ дон (Рац. 16:35). Ӕмӕ адӕм «ницы цух уыдысты» (Неем. 9:20, 21). Фӕстӕдӕр та Йегъовӕ пехуымпар Елисейы уылты идӕдз сылгоймагӕн диссаджы хуызы баххуыс кодта – йӕ дурыны цы гыццыл сой уыд, уый йын сбирӕ кодта. Уый фӕрцы уыцы сылгоймагӕн йӕ бон баци йӕ хӕстӕ бафидын, ӕмӕ ма йӕ бинонтӕм цӕрыны фаг ӕхца дӕр баззад (2 Пад. 4:1–7). Йегъовӕйы ӕххуысӕй-иу Йесо дӕр диссаджы хуызы адӕмӕн хӕринаг лӕвӕрдта, иу хатт та, цӕмӕндӕр ӕхца куы бахъуыд, уӕд сӕ диссаджы хуызы самал кодта (Матф. 15:35–38; 17:27).

3. Ацы статьяйӕ дзуаппытӕ цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

3 Зӕххы ӕвӕрӕнтӕ иууылдӕр Йегъовӕйы къухы кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ йӕ бон у афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ мацы цух уой. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй йын йӕ организацийӕн, сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕной (Рац. 36:3–7; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:9). Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йын, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый дӕттӕм? Раджы заманты-иу Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ йӕ хъуыддагӕн мысайнагӕй куыд ӕххуыс кодтой? Абон Йегъовӕйы организаци мысайнӕгтӕй куыд пайда кӕны? Ацы фарстатӕн дзуаппытӕ базондзыстӕм ацы статьяйӕ.

ЦЫ НӔМ ИС, УЫЙ ЙЕГЪОВӔЙӔН ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ДӔТӔМ?

4. Йегъовӕйы хъуыддагӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй цы ӕвдисӕм?

4 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй йын, цы нӕм ис, уый не ’вгъау кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ цас хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ рӕдаудзинадӕн тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм. Паддзах Давид, кувӕндон саразынӕн цытӕ хъӕуы, уый тыххӕй адӕмӕн куы дзырдта, уӕд загъта, адӕймагмӕ цыдӕриддӕр ис, уый Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы, ӕмӕ йын кӕд исты дӕттӕм, уӕддӕр, йӕхӕдӕг нын цы радта, уый. (Бакӕс 1 Азфыстыты 29:11–14.)

5. Библийӕ куыд зыны, Хуыцауы хъуыддагӕн нӕ мысайнӕгтӕй кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый дӕр нӕ лӕггадмӕ кӕй хауы?

5 Йегъовӕйӕн, цы нӕм ис, уый куы фӕдӕттӕм, уӕд ма йын афтӕмӕй лӕггад дӕр фӕкӕнӕм. Апостол Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, уым Йегъовӕйы уӕларвон лӕггадгӕнджытӕ дзырдтой: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (Рарг. 4:11). Ӕцӕгдӕр, ӕппӕт кад ӕмӕ намыс дӕр Йегъовӕмӕ ӕмбӕлы, ӕмӕ йын хъуамӕ, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый ма ’вгъау кӕнӕм. Йегъовӕ Моисейы уылты израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу афӕдзы мидӕг ӕртӕ бӕрӕгбоны сбӕрӕг кодтаиккой. Ӕрмӕст-иу «Йегъовӕйы размӕ... афтидкъухӕй [хъуамӕ] мачи ӕрбацыдаид» (Дык. з. 16:16). Ӕмӕ-иу мысайнаг кӕй ӕрбахастой, уый дӕр сӕ лӕггадмӕ хауди. Абон дӕр хабар афтӕ у. Йегъовӕйы организаци цы куыст кӕны, уымӕн нӕ мысайнӕгтӕй кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый дӕр нӕ лӕггадмӕ хауы. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг вӕййы, уыцы куыстӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм.

6. Цы нӕм ис, уымӕй иннӕтӕн куы хай кӕнӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр цы пайда уыдзӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

6 Адӕймаг, цы йӕм ис, уымӕй иннӕтӕн куы фӕхай кӕны, уӕд уый йӕхицӕн дӕр пайда вӕййы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 29:21.) Зӕгъӕм, сывӕллон фембырд кодта, йӕ ныййарджытӕ-иу ын цы ’хца авӕрдтой, уыдон, ӕмӕ сын цасдӕры фӕстӕ уыцы ’хцайӕ цавӕрдӕр лӕвар балхӕдта. Ныййарджытӕ уыцы лӕварыл куыннӕ цин кӕндзысты! Кӕнӕ та, зӕгъӕм, йӕ ныййарджытимӕ чи цӕры, ахӕм ӕрыгон пионер сын ӕхца радта, цӕмӕй сын хӕдзары хӕрдзтӕ бафидынӕн баххуыс кӕна. Кӕд ӕм йӕ ныййарджытӕ уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсынц, уӕддӕр, чи зоны, уыцы ӕхца райсой, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕ сывӕллонӕн йӕ бон уыдзӕн, сӕ хорздзинӕдты тыххӕй сӕ бузныг кӕй у, уый равдисын. Афтӕ Йегъовӕ дӕр зоны, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын куы дӕттӕм, уӕд уый нӕхи пайдайӕн дӕр кӕй уыдзӕн.

РАДЖЫ ЗАМАНТЫ АДӔМ ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДАГӔН КУЫД ӔХХУЫС КОДТОЙ

7, 8. Раджы заманты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ а) сӕ мысайнӕгтӕй цавӕр хъуыддӕгты ӕххуыс кодтой? б) Хуыцауы хъуыддаджы ахсджиаг хӕстӕ чи ӕххӕст кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕн куыд ӕххуыс кодтой?

7 Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы адӕммӕ-иу мысайнаг дӕттыны ӕгъдау кӕй уыд. Хатгай-иу мысайнӕгтӕ лӕвӕрдтой, исты саразын кӕнӕ-иу сцалцӕг кӕнын куы хъуыд, уӕд. Зӕгъӕм, Моисей израилӕгты баразӕнгард кодта, цӕмӕй мысайнӕгтӕ радтаиккой Хуыцауы цатыр саразынӕн. Паддзах Давид та адӕмӕн загъта, цӕмӕй мысайнӕгтӕ ӕрбахастаиккой кувӕндон саразынӕн (Рац. 35:5; 1 Аз. 29:5–9). Паддзах Иоасы рӕстӕджы та сауджынтӕ адӕмы мысайнӕгты руаджы кувӕндон сцалцӕг кодтой (2 Пад. 12:4, 5). Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды дӕр уыди ахӕм ӕгъдау. Зӕгъӕм, иуафон Иудейӕйы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд чырыстӕттӕ «бауынаффӕ кодтой, алчидӕр сӕ, йӕ бон цас у, уыйас кӕй ратдзӕн», цӕмӕй уым цӕрӕг ӕфсымӕртӕн баххуыс кодтаиккой (Хъуыд. 11:27–30).

8 Йегъовӕйы адӕм ма ӕххуыс кодтой, Хуыцауы хъуыддаджы ахсджиаг хӕстӕ чи ӕххӕст кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕн дӕр. Зӕгъӕм, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ левиттӕн иннӕ мыггӕгтӕй уӕлдай бынӕн лӕвӕрд ницы цыди. Фӕлӕ сын израилӕгтӕ сӕ исбонӕй дӕсӕм хай кӕй лӕвӕрдтой, уый фӕрцы сӕ бон уыд сӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауы цатыры лӕггад кӕнынмӕ саразын (Ным. 18:21). Фыццаг ӕнусы дӕр израилаг сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ уыдысты тынг рӕдау, ӕмӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕн, «цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой, ӕмӕ сын афтӕмӕй лӕггад кодтой» (Лук. 8:1–3).

9. Раджы заманты-иу Хуыцауы адӕммӕ, мысайнагӕн цы лӕвӕрдтой, уый кӕцӕй ӕфтыд?

9 Фӕлӕ цымӕ Хуыцауы адӕммӕ, мысайнагӕн цы лӕвӕрдтой, уый кӕцӕй ӕфтыд? Зӕгъӕм, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд Хуыцауы цатыр саразынӕн радтой, ӕвӕццӕгӕн, семӕ Египетӕй цы рахастой, уый (Рац. 3:21, 22; 35:22–24). Фыццаг ӕнусы та-иу чырыстӕттӕй чидӕртӕ сӕ исбон, зӕгъӕм, сӕ зӕххытӕ кӕнӕ сӕ хӕдзӕрттӕ, ауӕй кодтой, ӕмӕ-иу уыцы ӕхца апостолтӕм ӕрбахастой. Апостолтӕ та-иу уыцы ӕхца байуӕрстой, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдоныл (Хъуыд. 4:34, 35). Иннӕтӕ та-иу ӕдзухдӕр се ’хцайӕ иуцасдӕр рахицӕн кодтой, ӕмӕ-иу уый мысайнагӕн радтой (1 Кор. 16:2). Афтӕмӕй се ’ппӕт дӕр, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, Хуыцауы хъуыддагӕн ӕххуыс кодтой (Лук. 21:1–4).

НӔ РӔСТӔДЖЫ АДӔМ ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДАГӔН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫНЦ

10, 11. а) Нӕ бон куыд у Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты рӕдаудзинад бафӕзмын? б) Дӕ бон Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын кӕй у, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

10 Нӕ рӕстӕджы дӕр афтӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ организацийӕн фӕхъӕуы ӕхцайӕ баххуыс кӕнын. Чи зоны, уе ’мбырд спълан кодта ног Паддзахады зал саразын кӕнӕ та, ныртӕккӕ кӕм ӕмбырд кӕнут, уыцы зал бацалцӕг кӕнын. Чи зоны, фехъуыстам, нӕ бӕстӕйы филиалы цавӕрдӕр арӕзтадон куыстытӕ кӕй цӕуы кӕнӕ регионалон конгресс кӕй уыдзӕн, йе та кӕмдӕр ӕрдзон бӕллӕх кӕй ӕрцыд ӕмӕ ӕхцайӕ фӕкӕсын кӕй хъӕуы. Нӕ мысайнӕгтӕй ма ӕххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадӕн ӕмӕ нын ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр цы филиалтӕ ис, уыдонӕн, цӕмӕй сӕ куыст размӕ цӕуа. Ноджыдӕр ма нӕ мысайнӕгты фӕрцы ӕххуыс кӕнӕм миссионертӕн, сӕрмагонд пионертӕн ӕмӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕн. Уымӕй уӕлдай ма, ӕвӕццӕгӕн, уе ’мбырд резолюцимӕ гӕсгӕ филиалмӕ ӕдзухдӕр иу цасдӕр ӕхца фервиты, цӕмӕй алыхуызон бӕстӕты Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ арӕзт цӕуой. Ӕмӕ уый стыр ӕххуыс у, ӕнӕхъӕн зӕххыл нын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонӕн.

11 Махӕй алкӕй бон дӕр у Хуыцауы хъуыддагӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын. Мысайнаг чи цас ратты, уый арӕхдӕр ничи фӕзоны. Паддзахады залты нын цы мысайнӕгты асыччытӕ вӕййы, уым цас ныппарӕм, уый иннӕтӕн нӕ фӕзӕгъӕм. Чи зоны, афтӕ ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, мӕ мысайнаг ахӕм гыццыл у, ӕмӕ зынгӕ дӕр никуы ракӕндзӕн. Фӕлӕ организацийы цы мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдонӕн сӕ фылдӕр ахӕм гыццыл мысайнӕгтӕ вӕййынц. Мӕгуыр уавӕрты чи цӕры, суанг ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр вӕййынц рӕдау, раст фыццаг ӕнусы Македонийы чырыстӕтты хуызӕн. Уыцы чырыстӕттӕ «кӕд тынг мӕгуыр уыдысты, уӕддӕр» ӕфсымӕртӕн зӕрдиагӕй лӕгъстӕ кодтой, зӕгъгӕ нӕ уый аккаг скӕнут, ӕмӕ мах дӕр исты раттӕм. Ӕмӕ кӕнгӕ дӕр афтӕ бакодтой (2 Кор. 8:1–4).

12. Нӕ организаци куыд архайы, цӕмӕй мысайнӕгтӕй раст пайда кӕна?

12 Разамонӕг совет нӕ организацийы мысайнӕгтӕй куыд пайда кӕны, уыцы хъуыддаджы у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын (Матф. 24:45). Ӕхца хардз куыд цӕудзӕн, уый пълан кӕнгӕйӕ уыцы ӕфсымӕртӕ Хуыцаумӕ скувынц, цӕмӕй сын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕна (Лук. 14:28). Рагзаманты-иу мысайнӕгтӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ сӕ хъус лӕмбынӕг дардтой, цӕмӕй ӕхца хардзгонд цыдаид, адӕм-иу ӕй цӕй тыххӕй радтой, ууыл, ома Хуыцауы хъуыддагыл. Зӕгъӕм, Ездрӕ Иерусалиммӕ йемӕ аласта, Персы паддзах ын мысайнагӕн цы радта, уый – сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дзауматӕ. Сӕ аргъ абоны ӕхцатӕй нымайгӕйӕ ӕдӕппӕтӕй уыд 100 милуан доллӕрӕй фылдӕр. Ездрӕ уыцы мысайнаг нымадта, Йегъовӕйӕн кӕй скодтой, ахӕм лӕварыл. Ӕмӕ сӕ балц дард кӕй уыд, стӕй, фӕндагыл абырджытӕй тӕссаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Ездрӕ алцыдӕр сарӕзта, цӕмӕй уыцы хӕзнатӕй мацы фӕхъуыдаид (Езд. 8:24–34). Апостол Павел та иухатт ӕхца ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн баххуыс кодтаид. Павел ӕмӕ йын уыцы ӕхца бынатмӕ фӕхӕццӕ кӕнынӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ «архайдтой ӕппӕт дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй аразыныл, ӕмӕ ӕрмӕст Йегъовӕйы раз нӕ, фӕлӕ адӕмы раз дӕр». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 8:18–21.) Нӕ организаци дӕр ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты Ездрӕ ӕмӕ Павелау ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй фӕархайы.

13. Нӕ организаци ӕрӕджы цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ цӕмӕн скодта?

13 Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыцы бинонты хатгай бахъӕуы, се ’хца куыд хардз кӕнынц, уыцы хъуыддаджы цыдӕртӕ фӕивын ӕмӕ ма сӕ цард фӕхуымӕтӕг кӕнын дӕр. Ӕмӕ нӕ организацийӕн дӕр йӕ хабар афтӕ у. Фӕстаг азты нӕ организацимӕ бирӕ пълӕнттӕ уыд. Фӕлӕ-иу цыдӕр аразын куы райдыдтам, уӕд-иу хатгай нӕ хӕрдзтӕ, цы мысайнӕгтӕ-иу нӕм ӕрӕмбырд, уыдонӕй бирӕ фылдӕр рауадысты. Уымӕ гӕсгӕ ныр нӕ организаци архайы, цӕмӕй йӕ хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кӕна, ӕмӕ уый тыххӕй арӕзт ӕрцыдысты цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ. Уый фӕрцы, рӕдауӕй кӕй дӕттӕм, уыцы мысайнӕгтӕ, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ хардз цӕуынц.

НӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦАВӔР ӔХХУЫС СТЫ?

Нӕ мысайнӕгтӕ стыр ахъаз сты, ӕгас зӕххыл цы куыст кӕнӕм, уымӕн (кӕс 14–16 абзацтӕ)

14–16. а) Нӕ мысайнӕгты фӕрцы цавӕр хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц? б) Хуыцауы организаци нын цы дӕтты, уыдӕттӕ дӕуӕн цавӕр пайда хӕссынц?

14 Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ нын нӕ организаци абон цас лӕвӕрттӕ кӕны, уыйбӕрц никуыма. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у! Ныртӕккӕ нын ис нӕхи сайт, стӕй нӕхи интернет-телеуынынад. Бирӕ ӕвзӕгтыл рацыд «Библи – Ног дунейы тӕлмац». 2014 ӕмӕ 2015 азы та 14 горӕты, зӕххыл цы стырдӕр стадионтӕ ис, уыдонӕй кӕцыдӕрты ауагътам, ӕртӕ боны чи цыди, ахӕм ӕхсӕнадӕмон конгресстӕ, «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад!», зӕгъгӕ. Уыцы конгрессты чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр тынг цин кодтой!

15 Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, Йегъовӕйы организаци сын цы дӕтты, уый тыххӕй тынг бузныг кӕй сты. Зӕгъӕм, Азийы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм бинонтӕ нӕ интернет-телеуынынады тыххӕй ныффыстой: «Мах снысан кодтой иу гыццыл горӕтмӕ. Ӕмӕ нӕм хатгай афтӕ фӕкӕсы, цыма бынтон иунӕг стӕм. Айрох нӕ вӕййы, Йегъовӕйы хъуыддаг ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕй цӕуы. Фӕлӕ нӕ интернет-телеуынынады алыхуызон программӕтӕм куы бакӕсӕм, уӕд та йӕ ирдӕй фенӕм, ӕгас зӕххыл нын бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ис. Бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн нӕ телеуынынад сӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Арӕх фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕрвылмӕйон программӕмӕ куы бакӕсӕм, уӕд ӕй банкъарӕм, Разамонӕг советимӕ ӕнгом кӕй стӕм. Ныр ноджы сӕрыстырдӕр сты, Хуыцауы организацийы кӕй сты, уымӕй».

16 Ныртӕккӕ ӕгас зӕххыл дӕр арӕзт кӕнӕ цалцӕггонд цӕуы 2 500 Паддзахады залы бӕрц. Гондурасы иу ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ ног Паддзахады залы ӕмбырд кӕнын куы райдыдтой, уӕд ныффыстой: «Мах тынг амондджын стӕм, Йегъовӕйӕн ӕнӕхъӕн Дун-дунейы цы бинонтӕ ис, уыдонӕй кӕй стӕм ӕмӕ нын ӕгас зӕххыл дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ис. Уыдоны фӕрцы нӕ бӕллиц сӕххӕст, ӕмӕ нын ныр, кӕм цӕрӕм, уым ис нӕхи Паддзахады зал». Бирӕтӕ ма ахӕм арфӕйы ныхӕстӕ ныффыссынц, се ’взагыл Библи кӕнӕ нӕ публикацитӕй искӕцы куы рацӕуы, йе та сын ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ куы баххуыс кӕнынц, уӕд дӕр. Стӕй ма нӕм бузныджы ныхӕстӕ ӕрбарвитынц, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын цы тыллӕг хӕссы, уый йӕхи цӕстӕй чи фены, уыдон дӕр.

17. Цӕмӕй у бӕрӕг, нӕ организацийы куыстӕн Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны?

17 Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ бон бамбарын нӕу, уымӕн гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ, нӕ организаци цы куыст кӕны, уый ӕрмӕст мысайнӕгты фӕрцы размӕ цӕуа. Иухатт иу стыр компанийы хицау нӕ типографитӕй иумӕ экскурсимӕ ӕрбацыд. Ӕмӕ йӕ куы базыдта, иууылдӕр дзы барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, стӕй куыст мысайнӕгты фӕрцы кӕй цӕуы ӕмӕ ӕхца ӕппындӕр кӕй никӕмӕй курӕм, уӕд бадис кодта, зӕгъгӕ, дам, афтӕмӕй ахӕм куыст размӕ куыд хъуамӕ цӕуа. Ӕмӕ мах йемӕ разы стӕм! Мах ӕй зонӕм, уымӕн гӕнӕн ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы кӕй ис, ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны (Иов 42:2).

ЙЕГЪОВӔЙӔН ДӔТТЫН У АРФӔЙАГ ХЪУЫДДАГ

18. а) Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы? б) Нӕ бон куыд у нӕ сывӕллӕтты, стӕй, ӕмбырды цы ногтӕ ис, уыдоны рӕдаудзинадыл ахуыр кӕнын?

18 Нӕ бон Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын кӕй у, уый мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм. Ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, уый тыххӕй нын арфӕ кӕй кӕндзӕн (Мал. 3:10). Хуыцау загъта, рӕдауӕй чи дӕтты, уыдон хорздзинӕдтӕй кӕй бафсӕддзысты. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 11:24, 25.) Уымӕй уӕлдай ма, цы нӕм ис, уымӕй иннӕтӕн куы фӕхай кӕнӕм, уӕд амондджын вӕййӕм, уымӕн ӕмӕ «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Цы фӕдзурӕм ӕмӕ цы фӕаразӕм, уымӕ кӕсгӕйӕ нӕ сывӕллӕттӕ, стӕй, ӕмбырды цы ногтӕ ис, уыдон дӕр ахуыр кӕндзысты Хуыцауы хъуыддагӕн рӕдауӕй ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ сын уый ӕрхӕсдзӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕ.

19. Ацы статья дӕ цӕмӕ баразӕнгард кодта?

19 Уӕдӕ нӕм цыдӕриддӕр ис, уый Йегъовӕйӕ цӕуы. Ӕмӕ йын «лӕвӕрттӕ» куы фӕдӕттӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ дзы алцӕй тыххӕй дӕр бузныг кӕй стӕм (1 Аз. 29:17). Израилӕгтӕ кувӕндон саразынӕн мысайнӕгтӕ куы лӕвӕрдтой, уӕд «цин кодтой, Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ кӕй хастой, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ хастой зӕрдиагӕй» (1 Аз. 29:9). Цӕй ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйӕн, йӕ рӕдау къухӕй нын алцыдӕр чи дӕтты, уымӕн, зӕрдиагӕй дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый.