Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Цымӕ рагон Израилы адӕм, Моисейы закъоны чи уыд ӕмӕ адӕймаджы бартӕ чи хъахъхъӕдта, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайдтой?

ИУӔЙ-ИУ ХАТТ архайдтой. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Дыккаг закъоны 24:14, 15 фыст ис: «Тыхст уавӕры чи ис ӕмӕ мӕгуыр чи у, ахӕм ӕххуырст кусӕджы ма фӕсай, фӕнды де ’фсымӕр уӕд, фӕнды дӕ зӕххыл, дӕ горӕты, цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг. [...] Науӕд Йегъовӕйӕн дӕуӕй рахъаст кӕндзӕн, ӕмӕ дын уыцы ми нымад ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдыл».

Зӕхкусӕджы хъаст фыст кӕуыл ӕрцыд, уыцы ӕлыг къӕйы саст

Нӕ эрӕйы размӕ ӕвдӕм ӕнусы иу чидӕр ахӕм хъуыддаджы фӕдыл хъаст балӕвӕрдта. Уыцы хъаст фыст уыд ӕлыг къӕйы састыл ӕмӕ йӕ ссардтой горӕт Ашдодмӕ хӕстӕг. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ныффыстой иу зӕхкусӕджы номӕй. Уыцы кусӕг йӕ куыст, чи зоны, куыд ӕмбӕлы афтӕ нӕ бакодта – иу бонмӕ цас хъуыд, уыйбӕрц хор нӕ ӕрӕмбырд кодта. Фыст дзы уыд афтӕ: «Цалдӕр боны размӕ, дӕ лӕггадгӕнӕг [ома, хъаст чи балӕвӕрдта, уый] тыллӕг ӕфснайд куы фӕци, уӕд ӕрбацыд Шобайы фырт Хошайаху ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнӕджы дарӕс ахаста. [...] Судзгӕ хуры бын мемӕ тыллӕг чи ӕфснайдта, уыдонӕй алчидӕр ӕвдисӕн ныллӕудзӕн... ӕцӕг цы у, уый кӕй дзурын. Ӕз йӕ разы аххосджын ницӕмӕй дӕн. [...] Кӕд мӕ хицау йӕхи хӕсджыныл нӕ нымайы, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнӕджы дарӕс фӕстӕмӕ раттын кӕна, уӕд ын тӕригъӕд уӕддӕр фӕкӕнӕд! Йӕ лӕггадгӕнӕг ӕнӕ дарӕсӕй кӕй баззад, уымӕ ӕнцад куыд хъуамӕ кӕса!»

Историк Симон Шамӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы хъаст «ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, уыцы кусӕгӕн... [йӕ дарӕс] кӕй ахастой, уый тыххӕй тыхст уавӕры уыд... Уымӕй ма бӕрӕг у, хъаст чи балӕвӕрдта, уый Библийы закъон кӕй зыдта, бӕлвырдӕй та, Левиты ӕмӕ Дыккаг закъоны чиныджы, адӕймаг мӕгуыртӕн куыд хъуамӕ уыдаид, уый тыххӕй цы фыст уыди, уый».