Уыдон уыдысты цӕттӕ – Мадагаскар
ПИОНЕРӔЙ чи лӕггад кӕны, иу ахӕм 27-аздзыд чызг, Сильвианӕ, радзырдта: «Ме ’мбӕлттӕ лӕггад кодтой, пионерты ӕххуыс кӕм хъуыд, ахӕм ран, ӕмӕ сын уый стыр циндзинад хаста. Сӕ хабӕрттӕ-иу мын куы ракодтой, уӕд-иу мӕн дӕр бафӕндыд ахӕм ран лӕггад кӕнын. Фӕлӕ мӕ ныфс нӕ хастон, зӕгъын, мӕ бон куы нӕ бауа».
Мыййаг дын Сильвианӕйы ӕнкъарӕнтӕ зонгӕ сты? Чи зоны, дӕу дӕр фӕнды, хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ран лӕггад кӕнын, фӕлӕ дызӕрдыг кӕныс, уый искуы дӕ къухы кӕй бафтдзӕн, ууыл. Кӕд афтӕ у, уӕд дӕ къухтӕ ма ӕруадз! Йегъовӕйы ӕххуысӕй мингай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ахӕм ран лӕггад кӕнын райдыдтой, кӕд сӕ цыдӕртӕ къуылымпы кодта, уӕддӕр. Йегъовӕ уыдонӕй кӕмӕндӕрты куыд баххуыс кодта, уый базондзыстӕм, Мадагаскары чи лӕггад кӕны, уыдоны цӕвиттонтӕй.
Мадагаскар дунейы ӕппӕты стырдӕр сакъадӕхты ’хсӕн ахсы цыппӕрӕм бынат. Йӕ цӕрджытӕй бирӕтӕ Библийӕн тынг аргъ кӕнынц. Фӕстаг дӕс азмӕ ацы африкӕйаг сакъадахмӕ 11 бӕстӕйӕ * ӕрцыдысты зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ пионертӕ, уыдысты 70 адӕймагӕй фылдӕр. Бынӕттон хъусынгӕнджытӕй дӕр бирӕтӕ бӕстӕйӕн йӕхимидӕг ӕндӕр рӕттӕм лӕггад кӕнынмӕ ацыдысты, цӕмӕй уымыты дӕр Хуыцауы Паддзахады хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа. Цӕй ӕмӕ дзы иуӕй-иутимӕ базонгӕ уӕм.
СӔ НЫФС БАХАСТОЙ ӔМӔ СӔ КЪУХТӔ НЕ ’РУАГЪТОЙ
Луи ӕмӕ Перрин Мадагаскармӕ ӕрцыдысты Францийӕ, сӕ дыууӕйыл дӕр цӕуы 30 азӕй фылдӕр. Уый размӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуыныл цалдӕр азы дӕргъы хъуыды кодтой, фӕлӕ Перрин уымӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Перрин радзырдта: «Тарстӕн ӕнӕзонгӕ ранмӕ ацӕуын. Мӕт кодтон, зӕгъын, нӕ бинонтӕ, не ’мбырд, нӕ хӕдзар, стӕй, ахуыр кӕуыл стӕм, уыцы цард куы ныууадзӕм, уӕд куыд уыдзыстӕм. Ӕппӕты тынгдӕр мӕ уый къуылымпы кодта». Фӕлӕ фӕстӕдӕр Перрин йӕхимӕ уыйбӕрц ныфс ссардта, ӕмӕ Мадагаскармӕ ацӕуыныл сразы. Гъемӕ 2012 азы йӕ цардӕмбалимӕ уырдӕм ацыд. Цымӕ ныр уый тыххӕй цы хъуыды кӕны? Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Мах Йегъовӕйы къух нӕхи царды федтам, ӕмӕ нӕ уырнындзинад уый фӕрцы тынг бафидар». Луи та афтӕ загъта: «Ахъуыды-ма кӕнут, ацы бӕстӕйы фыццаг хатт Ӕрымысӕн изӕры куы уыдыстӕм, уӕд уырдӕм ӕрбацыд, Библи ахуыр кӕнын кӕимӕ райдыдтам, уыдонӕй дӕс адӕймаджы!»
Фил. 4:13). Луи загъта: «Йегъовӕ нын нӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ нӕ йӕ фарнӕй схайджын кодта. Йе ’ххуысы фӕрцы нӕ бон уыд дарддӕр дӕр ацы ран цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Стӕй нӕм Францийӕ дӕр не ’мбӕлттӕ фыстой ӕмӕ-иу нӕ ныфс бауагътой» (Фил. 4:6, 7; 2 Кор. 4:7).
Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Луи ӕмӕ Перрин цавӕрдӕр зындзинадыл сӕмбӕлдысты. Цымӕ сын цы баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр уыцы бӕстӕйы лӕггад кодтаиккой? Уыдон Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын фидар фӕлӕууынӕн хъарутӕ лӕвӕрдтаид (Йегъовӕ Луи ӕмӕ Перринӕн сӕ фидардзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Луи загъта: «2014 азы нӕ фӕхуыдтой Скъоламӕ чырыстон бинонтӕн *, ахуыр кӕнын дзы райдыдтам октябры. Уыцы скъола нын уыд Йегъовӕйы стыр лӕвар». Скъолайы фӕстӕ уыцы бинонты фӕстӕмӕ Мадагаскармӕ снысан кодтой, ӕмӕ сын уый тынг ӕхсызгон уыд.
«МАХ УӔ СӔРЫСТЫР УЫДЗЫСТӔМ!»
Дидье ӕмӕ Надин сты Францийӕ. 2010 азы ацы бинонтӕ дӕр Мадагаскармӕ ӕрцыдысты, кӕд сӕ дыууӕйыл дӕр 50 азӕй фылдӕр цыди, уӕддӕр. Дидье радзырдта: «Ӕрыгонӕй лӕггад кодтам пионертӕй. Фӕлӕ нӕ стӕй не ’ртӕ сывӕллоны хъомыл кӕнын кӕй хъуыди, уый тыххӕй нӕ бон нал уыд пионертӕй лӕггад кӕнын. Куы байрӕзтысты, уӕд райдыдтам хъуыды кӕнын, цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацыдаиккам». Надин загъта: «Нӕ сывӕллӕттӕй дард кӕй уыдзыстӕм, уыцы хъуыды мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Фӕлӕ нын уыдон загътой: „Мах уӕ сӕрыстыр уыдзыстӕм, ӕндӕр бӕстӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ куы ацӕуат, уӕд!” Сӕ ныхӕстӕ мӕ ныфс бауагътой. Ӕмӕ сӕ кӕд ныр тынг дард стӕм, уӕддӕр семӕ арӕх фӕныхас кӕнӕм, ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон у».
Дидье ӕмӕ Надинӕн малагасиаг ӕвзаг ахуыр кӕнын ӕнцон нӕ уыд. «20-аздзыдтӕ нал стӕм»,– худгӕйӕ загъта Надин. Ӕмӕ сын цымӕ цы баххуыс кодта? Фыццаг уал цыдысты французаг ӕмбырдмӕ. Фӕстӕдӕр та, бынӕттон ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн сын рӕстӕг куы фӕзынд, уӕд ахызтысты малагасиаг ӕмбырдмӕ. Надин радзырдта: «Уацамынды цы адӕмыл фембӕлӕм, уыдонӕй бирӕты фӕфӕнды Библи ахуыр кӕнын. Арӕх нын фӕарфӕтӕ кӕнынц, кӕй сӕ бабӕрӕг кӕнӕм, уый тыххӕй. Фыццӕгты мӕм афтӕ каст, цыма фыны дӕн. Ацы ран лӕггад кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Райсомӕй куы рабадын, уӕд мӕхицӕн фӕзӕгъын: „Цы хорз у, абон та уацамынды кӕй цӕуын!“»
Дидье худгӕйӕ радзырдта, малагасиаг ӕвзаг ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл иухатт цы хабар ӕрцыд, уый: «Иу ахӕмы ӕмбырд уагътон, фӕлӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ дзуаппыты цы дзырдтой, уый ӕппындӕр не ’мбӕрстон. Бынӕттон ӕвзагыл сын мӕ бон „бузныг“ йеддӕмӕ ницы уыд зӕгъын. Гъемӕ иу хо дзуапп куы радта ӕмӕ йын ӕз бузныг куы загътон, уӕд мын, йӕ фӕстӕ чи бадт, уыдон сӕ къухтӕй амонын байдыдтой, раст дзуапп нӕ радта, зӕгъгӕ. Уӕд уайтагъд ӕндӕр ӕфсымӕры бафарстон, цӕмӕй раст дзуапп раттаид. Цы загъта, уымӕн ӕппындӕр ницы бамбӕрстон, фӕлӕ мӕ ныфс ис, йӕ дзуапп раст кӕй уыд».
ЗӔРДИАГӔЙ СРАЗЫ ИС ӔНДӔР БӔСТӔМӔ АЦӔУЫНЫЛ
2005 азы облӕстон конгрессы Тьерри ӕмӕ йӕ бинойнаг Надя бакастысты Библийыл арӕзт драмӕмӕ Тимофейы
тыххӕй, «Хуыцауӕн кад цы хӕссы, уымӕ тырнут», зӕгъгӕ. Уыцы драмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ афтӕ бацагайдта, ӕмӕ сӕ ноджы тынгдӕр бафӕндыд, хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ранмӕ ацӕуын. Тьерри радзырдта: «Драмӕйы фӕстӕ куы ӕмдзӕгъд кодтам, уӕд мӕ бинойнаджы бафарстон: „Кӕдӕм цӕуӕм?“ Уый та мын афтӕ, ӕз дӕр, дам, ныртӕккӕ растдӕр ууыл хъуыды кодтон». Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы бинонтӕ архайын райдыдтой, цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафтыдаид. Надя загъта: «Сабыргай нӕ дзаумӕттӕ къаддӕрӕй-къаддӕр кодтам, цалынмӕ нӕм, цыппар чемонданы цы бацыдаид, уый нӕ баззад, уӕдмӕ!»Тьерри ӕмӕ Надя Мадагаскармӕ ӕрцыдысты 2006 азы ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ лӕггадӕй тынг райгонд сты. Надя загъта: «Ацы ран бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынц, ӕмӕ нын уый стыр цины хос вӕййы!»
Фӕлӕ ӕхсӕз азы фӕстӕ ацы бинонтӕ иу зындзинадыл сӕмбӕлдысты. Надяйы мад, Мари-Мадлен, ахауд ӕмӕ йӕ къух асаста, стӕй йӕ сӕр дӕр тынг ныццавта. Тьерри ӕмӕ Надя Мари-Мадлены дохтыримӕ куы аныхас кодтой, уӕд Мари-Мадленӕн загътой, цӕмӕй сӕм Мадагаскармӕ цӕрынмӕ ӕрцыдаид. Кӕд ыл уӕд 80 азы цыди, уӕддӕр зӕрдиагӕй сразы. Цымӕ йӕ ног цӕрӕнбынаты тыххӕй цы хъуыды кӕны? Мари-Мадлен загъта: «Ног бынатыл сахуыр уай, уый ӕнцон кӕцӕй у. Ӕмӕ кӕд мӕ бон бирӕ нал у, уӕддӕр мӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕмбырды гыццыл ӕххуыс уӕддӕр дӕн. Фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр ууыл цин кӕнын, ӕмӕ ацы ран мӕ чызг ӕмӕ мӕ сиахсӕн сӕ бон у ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын».
«ЙЕГЪОВӔ МӔМ ЙӔ ТӔККӔ АФОНЫЛ ЙӔ КЪУХ ӔРБАДАРДТА»
Ӕфсымӕр Риныл цӕуы 22 азы. Рин схъомыл скӕсӕн Мадагаскары, Алаотра-Мангоро чи хуыйны, уыцы регионы. Скъолайы хорз ахуыр кодта ӕмӕ йӕ фӕндыд уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕуын. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ хъуыды фӕивта. Рин радзырдта: «Ӕз бацархайдтон, цӕмӕй скъола раздӕр фӕуыдаин. Йегъовӕйӕн ныхас радтон, зӕгъын мын экзаментӕ раттын куы рауайа, уӕд пионерӕй лӕггад кӕнын райдайдзынӕн». Рин йӕ ахуыр куы фӕци, уӕд йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Йӕхицӕн ссардта, ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм нӕ хъуыд, ахӕм куыст. Цӕргӕ та кодта иу пионер-ӕфсымӕримӕ. Рин загъта: «Уый уыд, мӕ царды цы уынаффӕтӕ рахастон, уыдонӕй ӕппӕты хуыздӕр».
Фӕлӕ Рины хӕстӕджытӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, уӕлдӕр ахуырмӕ кӕй нӕ бацыд, уый. Рин загъта: «Мӕ фыд, мӕ фыды ӕфсымӕр ӕмӕ мын мӕ фыдымады хо дзырдтой, цӕмӕй уӕлдӕр ахуырмӕ бацыдаин. Фӕлӕ мӕн фӕндыд дарддӕр пионерӕй лӕггад кӕнын». Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Рин сфӕнд кодта, хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъуыд, ахӕм ранмӕ ацӕуын. Ахӕм фӕнд ӕм цӕмӕн фӕзынд? Уый радзырдта: «Иухатт нӕм хӕдзармӕ къӕрныхтӕ бабырыдысты ӕмӕ мын мӕ дзаумӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ адавтой. Уӕд ахъуыды кодтон Йесойы ныхӕстыл, „уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты“, зӕгъгӕ. Гъемӕ мӕхицӕн загътон, ноджы зӕрдиагдӕрӕй кӕй архайдзынӕн, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы хъӕздыг кӕнон» (Матф. 6:19, 20). Рин цӕрынмӕ ацыд сӕ бӕстӕйы хуссар хаймӕ, йӕ хӕдзарӕй 1 300 километры дарддӕр чи у, уыцы хурсыгъд регионмӕ. Уыцы ран цӕры, антандруй чи хуыйны, уыцы адӕмыхатт. Фӕлӕ цымӕ уыцы бынат цӕмӕн равзӕрста?
Къӕрныхтӕ сӕ куы фӕхастой, уымӕй иу мӕй раздӕр Рин Библи ахуыр кӕнын райдыдта, антандруй адӕмыхаттӕй чи уыд, дыууӕ ахӕм нӕлгоймагимӕ. Се ’взагыл сын цыдӕр ныхӕстӕ сахуыр кодта. Уый зыдта, уыцы адӕмыхаттӕй бирӕтӕ хорз хабар кӕй никуыма фехъуыстой. Рин загъта: «Йегъовӕмӕ скуывтон, цӕмӕй мын, ӕвзаг тандруйыл кӕм дзурынц, уыцы регионмӕ ацӕуынӕн баххуыс кодтаид».
Рин уыцы регионмӕ лӕггад кӕнынмӕ куы ацыд, уӕд сӕмбӕлд иу зындзинадыл – куыст ссарын дзы йӕ бон нӕ уыд. Иу лӕг ын загъта: «Адӕм куыстагур, ды кӕцӕй ӕрцыдтӕ, уырдӕм куы цӕуынц, уӕд дӕ ардӕм цы ’рхаста?!» Дыууӕ къуырийы фӕстӕ Рин регионалон конгресмӕ ацыд, ӕхца йӕм нал уыд, афтӕмӕй. Мӕт кодта, йӕ хабар дарддӕр куыд уыдзӕн, ууыл. Фӕлӕ йӕм конгрессы фӕстаг бон иу ӕфсымӕр бацыд ӕмӕ йын йӕ дзыппы цыдӕр нывӕрдта. Куы йӕм ӕркаст, уӕд ӕхца разынд. Уыцы ӕхцайӕ Ринӕн йӕ бон баци фӕстӕмӕ ацӕуын, стӕй ма дзы гыццыл бизнес дӕр райдыдта – йогурттӕ уӕй кодта. Уый радзырдта: «Йегъовӕ мӕм йӕ тӕккӕ афоныл йӕ къух ӕрбадардта. Уый фӕрцы мӕ бон уыд дарддӕр дӕр, Йегъовӕйы тыххӕй чи никуыма фехъуыста, ахӕм адӕмӕн ӕххуыс кӕнын!» Уӕдӕ бынӕттон ӕмбырды дӕр ӕххуыс тынг хъуыди. Рин загъта: «Раныхас-иу хъуамӕ радзырдтаин дыууӕ къуырийӕ дыууӕ къуыримӕ. Афтӕмӕй мӕ Йегъовӕ йӕ организацийы фӕрцы ахуыр кодта». Абон дӕр Рин лӕггад кӕны, ӕвзаг тандруйыл кӕм дзурынц, уыцы ран ӕмӕ ӕххуыс кӕны, Йегъовӕйы базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмӕн.
«ДӔ ФӔНДТӔ ДӔ КЪУХЫ БАФТДЗЫСТЫ»
Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты» (Ӕмб. 16:3). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй алыхуызон зындзинӕдты сӕрты ахизынмӕ цӕттӕ куы вӕййӕм, уӕд нын Йегъовӕ раарфӕ кӕны. Ӕркӕсӕм-ма, статьяйы райдианы кӕй кой скодтам, Мадагаскарӕй уыцы хо Сильвианӕйы хабармӕ. Хъуыды ма йӕ кӕнут, ӕндӕр ранмӕ ацӕуынмӕ йӕ ныфс кӕй нӕ хаста, уый? Цымӕ цӕуылнӕ? Сильвианӕ загъта: «Мӕ галиу къах мӕ рахиз къахӕй иу-9 сантиметры цыбырдӕр у. Уый тыххӕй тынг къуылых фӕцӕуын, ӕмӕ уайтагъд афӕллайын».
Фӕлӕ 2014 азы Сильвианӕ йе ’мбырдӕй иу ӕрыгон пионер-хоимӕ, Сильви Эннимӕ, цӕрынмӕ ацыд, сӕ горӕтӕй 85 километры дарддӕр чи у, иу ахӕм гыццыл хъӕумӕ. Кӕд Сильвианӕйы цыдӕртӕ къуылымпы кодта, уӕддӕр йӕ бӕллиц сӕххӕст! Ӕмӕ цӕй стыр арфӕдзинадӕй схайджын, уый та! Уый загъта: «Ног ран иу аз йеддӕмӕ нӕ балӕггад кодтон, афтӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, иу ахӕм сылгоймаг, Доратин, районон конгрессы донаргъуыд райста».
«ӔЗ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗЫНӔН»
Ацы статьяйы цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кой кодтам, уыдон фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй цӕттӕ разындысты алыхуызон зындзинӕдты сӕрты ахизынмӕ. Ӕмӕ сӕ куы фӕзмӕм, уӕд нӕхицӕй зондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕцӕг кӕй у. Хуыцау загъта: «Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 41:10). Ӕмӕ Йегъовӕйы къух нӕ царды куы уынӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма, фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ куы уӕм,– фӕнды нӕхи бӕстӕйы, фӕнды ӕндӕр бӕстӕйы,– уӕд уый фӕрцы хуыздӕр цӕттӕ уыдзыстӕм, ног дунейы нӕм Хуыцауы хъуыддаджы цы куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр Дидье дӕр афтӕ загъта: «Хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ран лӕггад кӕнын адӕймаджы цӕттӕ кӕны, фидӕны нӕм цы куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ!» Ныфс нӕ ис, хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ран чи лӕггад кӕны, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕндзысты!
^ 4 абз. Мадагаскармӕ ӕрцыдысты хъусынгӕнджытӕ Великобританийӕ, Гваделупӕйӕ, Германийӕ, Иугонд Штаттӕй, Канадӕйӕ, Люксембургӕй, Ног Каледонийӕ, Францийӕ, Чехийы Республикӕйӕ, Швейцарийӕ ӕмӕ Швецийӕ.
^ 8 абз. Уыцы скъолайы бӕсты арӕзт ӕрцыд Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола. Ӕндӕр бӕстӕты чи лӕггад кӕны ӕмӕ фӕзминаг чи у, уыцы ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у курдиат бадӕттын, цӕмӕй ацы скъола сӕхи бӕстӕйы кӕнӕ йӕ сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕм уадздзысты, уыцы бӕстӕйы рацӕуой.