Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

«Фендзыстут... Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (МАЛ. 3:18).

ЗАРДЖЫТӔ: 127, 101

1, 2. Ацы фӕстаг бонты Хуыцауы адӕмӕн тӕссаг цӕмӕй у? (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.)

БИРӔ дохтыртӕ фӕдзӕбӕх кӕнынц, хӕцгӕ низӕй рынчын чи вӕййы, ахӕм адӕймӕгты. Тынг сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын баххуыс кӕной. Фӕлӕ хъуамӕ сӕхи дӕр хъахъхъӕной, цӕмӕй сыл сӕ рынчынты низ ма бахӕца. Раст ахӕм уавӕры абон сты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр. Мах цӕрӕм, Хуыцауы миниуджытӕ кӕмӕ нӕй ӕмӕ ацы дунейы зондахастӕй хъӕстӕ чи у, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ мах дӕр хъӕуы нӕхи хъахъхъӕнын.

2 Ацы фӕстаг бонты, Хуыцауы чи нӕ уарзы, уыцы адӕм ын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ ӕппындӕр ницӕмӕ дарынц. Апостол Павел Тимофеймӕ йӕ дыккаг фыстӕджы ныффыста, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыдонмӕ цы миниуджытӕ уыдзӕн, уый тыххӕй. Павел загъта, кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕна, афтӕ ахӕм адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕндзысты. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1–5, 13.) Сӕхи куыд фӕдарынц, уый уынгӕйӕ хатт арвыцӕфау фӕвӕййӕм. Фӕлӕ нӕм кӕд сӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ раст нӕ фӕкӕсынц, уӕддӕр нын тӕссаг у, сӕ зондахаст ӕмӕ сын сӕ уагахаст фӕзмын куы райдайӕм, уымӕй (Ӕмб. 13:20). Цымӕ, ацы фӕстаг бонты адӕммӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй куыд хицӕн кӕнынц? Ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ахӕм адӕмӕн Хуыцауы базонынӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ сӕ зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуаппытӕ базонӕм.

3. 2 Тимофеймӕ 3:2–5 цавӕр адӕмы кой цӕуы?

3 Павел загъта, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг». Ӕмӕ уый фӕстӕ ранымадта, бирӕтӕм чи уыдзӕн, 19 ахӕм миниуӕджы. Ахӕм миниуджыты кой ма Павел кодта йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм 1:29–31 стихты дӕр. Фӕлӕ, Тимофеймӕ йӕ дыккаг фыстӕджы цы миниуджыты тыххӕй ныффыста, уыдонӕй кӕцыдӕрты кой Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕндӕр никуы ис. Павел уыцы ӕвзӕр миниуджытӕ ранымайыны размӕ загъта, зӕгъгӕ, «уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты». Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы миниуджытӕ адӕммӕ се ’ппӕтмӕ не сты. Чырыстӕтты кой куы кӕнӕм, уӕд уыдонмӕ ис бынтон ӕндӕрхуызон миниуджытӕ. (Бакӕс Малахийы 3:18.)

НӔХИМӔ ЦАВӔР ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСӔМ?

4. Йӕ сӕр бӕрзӕндты чи фӕхӕссы, уыдон цавӕр адӕймӕгтӕ вӕййынц?

4 Адӕмӕй бирӕтӕ хиуарзон ӕмӕ ӕхцауарзаг кӕй уыдзысты, Павел уый кой куы скодта, уӕд ма стӕй ныффыста, хиппӕлой ӕмӕ сӕрбӕрзонд кӕй уыдзысты, стӕй сӕ сӕр бӕрзӕндты кӕй хӕсдзысты. Ахӕм адӕм арӕх сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл фӕнымайынц, рӕсугъд кӕй сты кӕнӕ сӕм цавӕрдӕр курдиӕттӕ кӕй ис, уый тыххӕй, йе та, хъӕздыг кӕй сты кӕнӕ цавӕрдӕр стыр бынат кӕй ахсынц, уый тыххӕй. Фӕфӕнды сӕ, цӕмӕй сын иннӕтӕ кад кӕной ӕмӕ сӕ ӕппӕлой. Иу ахуыргонд сӕрбӕрзонд адӕймӕгты тыххӕй ныффыста: «Сӕ зӕрдӕты ис „гыццыл кувӕндон“, ӕмӕ уыцы кувӕндоны, хуыцауӕн куыд кувай, афтӕ сӕхицӕн фӕкувынц». Иуӕй-иутӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй сӕрбӕрзонддзинад ахӕм ӕвзӕр миниуӕг у, ӕмӕ, сӕрбӕрзонд адӕмӕн суанг сӕхи зӕрдӕмӕ дӕр нӕ фӕцӕуынц, уыцы миниуӕг кӕмӕ ис, уыдон.

5. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй-иу чидӕртӕ куыд ссӕрбӕрзонд сты, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

5 Йегъовӕ сӕрбӕрзонддзинадӕй йе сӕфт уыны. Уымӕн «хъал цӕстытӕ» ӕнад сты (Ӕмб. 6:16, 17). Сӕрбӕрзонд адӕймагӕн йӕ бон никуы бауыдзӕн, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уа (Пс. 10:4). Уыцы миниуӕг фыццаг Хӕйрӕгмӕ фӕзынд (1 Тим. 3:6). Хъыгагӕн-иу Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй дӕр чидӕртӕ ссӕрбӕрзонд сты. Зӕгъӕм, йӕ хабар афтӕ рауад Иудӕйы паддзах Озийӕн. Бирӕ азты дӕргъы Ози Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, «фӕлӕ хъомысджын куы сси, уӕд йӕ зӕрдӕ схъал, ӕмӕ йӕхи бабын кодта. Йӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз сарӕзта тӕригъӕд, Йегъовӕйы кувӕндонмӕ бацыд, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл буд ссыгътаид». Фӕстӕдӕр йӕ хабар афтӕ рауад паддзах Езекийӕн дӕр. Уый йӕ зӕрдӕйы сӕрбӕрзонддзинадӕн бынат радта, кӕд афтӕ рӕстӕгмӕ уыд, уӕддӕр (2 Аз. 26:16; 32:25, 26).

6. Давид цавӕр хорздзинӕдтӕй уыд хайджын, фӕлӕ йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын цӕуылнӕ райдыдта?

6 Иуӕй-иутӕ ссӕрбӕрзонд вӕййынц, рӕсугъд кӕй сты, зындгонд кӕй сты, цӕуылдӕр хорз кӕй цӕгъдынц, тыхджын кӕй сты кӕнӕ цавӕрдӕр стыр бынат кӕй ахсынц, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, Давидӕн йӕ бон уыд уыцы хъуыддӕгтӕй алкӕцыйӕ дӕр йӕхицӕй раппӕлын, фӕлӕ уӕддӕр алкӕддӕр уыд сӕрныллӕг. Голиафы куы амардта ӕмӕ йын уый фӕстӕ паддзах Саул йӕ чызджы куы лӕвӕрдта, уӕд Давид загъта: «Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты Израилы мӕ хиуӕттӕ, мӕ фыды хӕдзарвӕндаг, цӕмӕй паддзахы сиахс суон?» (1 Сам. 18:18). Цымӕ Давидӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын ма райдыдтаид? Давид зыдта, цы миниуджытӕ ӕмӕ цы курдиӕттӕй хайджын уыд, стӕй йын цы кадджын хӕстӕ уыд, уыдон ын Йегъовӕйӕ лӕвӕрд кӕй уыдысты. Хуыцау ӕм «ӕргуыбыр кодта», ома сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ йӕм йӕ хъус ӕрдардта (Пс. 113:5–8). Давидӕй рох никуы уыд, цы хорздзинӕдтӕй уыд хайджын, уыдон Йегъовӕйӕ кӕй уыдысты. (Абар 1 Коринфӕгтӕм 4:7.)

7. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм?

7 Давидау абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр архайынц, цӕмӕй сӕрныллӕг уой. Мах зонӕм, Йегъовӕ – Дун-дунейы ӕппӕты кадджындӕр чи у, уый – йӕхӕдӕг дӕр сӕрныллӕг кӕй у, ӕмӕ нӕ уый стыр дисы ӕфтауы (Пс. 18:35). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын: «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон» (Кол. 3:12). Стӕй ма зонӕм уый дӕр, ӕмӕ уарзондзинад «йӕхицӕй не ’ппӕлы» ӕмӕ «йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы» (1 Кор. 13:4). Нӕ сӕрныллӕгдзинад нын иннӕтӕ куы уыной, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда Йегъовӕйы базонын. Зӕгъӕм, ӕнӕуырнӕг лӕгтӕй чидӕртӕ сӕ устыты хорз уагахаст уынгӕйӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ куыд свӕййынц, раст афтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты сӕрныллӕгдзинад уынгӕйӕ, чи зоны, иннӕтӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой (1 Пет. 3:1).

ИННӔТӔМ ЦАВӔР ЗӔРДӔ ХЪУАМӔ ДАРӔМ?

8. а) Сывӕллӕттӕ ӕгоммӕгӕс кӕй вӕййынц, уымӕ абон иуӕй-иутӕ цы цӕстӕй кӕсынц? б) Библи сывӕллӕттӕн цы фӕдзӕхсы?

8 Павел ныффыста, фӕстаг бонты адӕм кӕрӕдзимӕ цавӕр зӕрдӕ дардзысты, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, ныффыста, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕй нӕ кӕсдзысты. Абон бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, сывӕллон йӕ ныййарджыты коммӕ ма кӕса, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, ӕмӕ уыцы зондахаст бӕрӕг у, иуӕй-иу чингуыты цы фыст вӕййы, стӕй, киноты ӕмӕ телепередачӕты цы февдисынц, уымӕй. Ӕцӕгӕй та сывӕллӕтты ӕгоммӕгӕсдзинад бинонты фарн халгӕ кӕны. Ӕмӕ уый ӕхсӕнадыл дӕр ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕвӕййы. Сывӕллӕтты ӕгоммӕгӕсдзинад бинонтӕн зиан кӕй хӕссы, уый адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕмбӕрстой. Зӕгъӕм, рагон Грецийы ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу йӕ ныййарӕджы чи ныццавта, уыцы адӕймаджы-иу, закъонмӕ гӕсгӕ йын цы бартӕ уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕнӕхай фӕкодтой. Ромы закъонмӕ гӕсгӕ та, фыдмӕ къух сисын нымад уыд уӕззау фыдракӕндыл, ӕмӕ-иу уый тыххӕй адӕймагӕн хаст ӕрцыд, лӕгмарӕн-иу кӕй рахастой, ахӕм тӕрхон. Дзуттаг Фыстыты дӕр ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр ис ахӕм фӕдзӕхст, цӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕн кад кӕной (Рац. 20:12; Еф. 6:1–3).

9. Сывӕллӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой?

9 Сывӕллӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уой ӕмӕ ӕгоммӕгӕс ма суой? Сӕ ныййарджытӕ сӕ хорзыл кӕй тыхсынц, ууыл куы хъуыды кӕной, уӕд сӕ бузныг уыдзысты ӕмӕ сӕ фӕнддзӕн сӕ коммӕ кӕсын. Стӕй ма хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы дӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй коммӕгӕс уой. Ӕрыгӕттӕ се ’мгӕртты раз сӕ ныййарджыты хорзы кой куы кӕной, уӕд уыдон дӕр сӕ ныййарджытӕн кад кӕндзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджыты аххосӕй бинонты ’хсӕн уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд сывӕллӕттӕн зын уыдзӕн сӕ коммӕ кӕсын. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ куы уыной, ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ ӕцӕгдӕр уарзынц, уӕд сӕ коммӕ кӕсдзысты, уый сын ӕнцон куы нӕ уа, уӕд дӕр. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Остин, дзуры: «Арӕх-иу мӕ фӕндыд, мӕ ныййарджытӕ-иу мӕ цӕмӕй бафӕдзӕхстой, уый саразын. Фӕлӕ мӕ уыдон уӕддӕр раст зондыл арӕзтой, ӕмбарын мын кодтой, цыдӕр мын цӕмӕн аразын кӕнынц кӕнӕ мын цӕмӕндӕр бар цӕуылнӕ дӕттынц. Стӕй-иу арӕх мемӕ ӕргом ныхас кодтой. Уый фӕрцы мын сӕ коммӕ кӕсын ӕнцондӕр уыд. Уыдтон ӕй, мӕ хорзыл кӕй тыхсынц, ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ сӕ зӕрдӕ рухс кодтаид».

10, 11. а) Адӕм кӕрӕдзи кӕй нӕ уарзынц, уый цавӕр миниуджытӕй у бӕрӕг? б) Ӕцӕг чырыстӕттӕ иннӕтӕм цы уарзондзинад ӕвдисынц, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

10 Павел ма ноджыдӕр цы ӕвзӕр миниуджытӕ ранымадта, уыдонӕй дӕр бӕрӕг у, фӕстаг бонты адӕм кӕрӕдзи кӕй нӕ уарздзысты. Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕй нӕ кӕсдзысты, уый хӕдфӕстӕ Павел загъта, зӕгъгӕ, адӕм хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты. Павел ма загъта, адӕм кӕй уыдзысты мӕнгард. Стӕй ма уыдзысты зындзырд, ома иннӕтимӕ нӕ фидаудзысты. Хуыцауы фаудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, ома Хуыцауӕн, стӕй кӕрӕдзийӕн дӕр ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕндзысты. Уымӕй уӕлдай ма иннӕты фыдкой кӕндзысты, ома кӕрӕдзийӕ алыхуызон мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй кӕрӕдзийы номыл цъыф бакалой *.

11 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕрӕй тынг хицӕн кӕнынц, уымӕн ӕмӕ иннӕты ӕцӕг уарзтӕй уарзынц. Ӕмӕ афтӕ уыд алкӕддӕр. Йесойы, Моисейы закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у, уымӕй куы бафарстой, уӕд загъта, фыццаг кӕй у Хуыцауы уарзын, дыккаг та – иннӕты уарзын (Матф. 22:37–39). Йесо кодта, грекъагау ага́пе чи хуыйны, уыцы уарзондзинады кой. Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, растдӕр уыцы миниуӕджы фӕрцы кӕй уыдзӕн базонӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты, уый. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35.) Ӕмӕ уыцы уарзондзинад чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕвдыстаиккой суанг се знӕгтӕм дӕр (Матф. 5:43, 44).

12. Йесо, иннӕты кӕй уарзта, уый куыд равдыста?

12 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, адӕмы куыд тынг уарзы, уый. Уый иу горӕтӕй иннӕмӕ цыд ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта. Куырмыты, къуылыхты, хъотырджынты ӕмӕ къуырматы дзӕбӕх кодта. Ӕмӕ ма мӕрдты дӕр ӕгас кодта (Лук. 7:22). Йесо ма суанг йӕ цард дӕр адӕмы тыххӕй радта, кӕд дзы бирӕтӕ се сӕфт уыдтой, уӕддӕр. Адӕммӕ ахӕм стыр уарзондзинад кӕй равдыста, уымӕй бафӕзмыдта йӕ уӕларвон Фыды. Ӕмӕ абон ӕнӕхъӕн зӕххыл цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр Йесойау иннӕты уарзынц.

13. Иннӕтӕм цы уарзондзинад ӕвдисӕм, уый уынгӕйӕ бирӕты цы бафӕнды?

13 Иннӕтӕм цы уарзондзинад ӕвдисӕм, уый уынгӕйӕ бирӕты бафӕнды нӕ уӕларвон Фыды базонын. Зӕгъӕм, Таиланды иу нӕлгоймаг нӕ регионалон конгресмӕ куы ӕрбацыд, уӕд ын йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад федта, уый. Сӕхимӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн загъта, цӕмӕй йӕм къуыри дыууӕ хатты Библи ахуыр кӕнынмӕ цӕуой. Уыцы нӕлгоймаг йӕ хӕстӕджытӕй алкӕмӕн дӕр Йегъовӕйы тыххӕй радзырдта. Конгрессӕй ӕхсӕз мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ йын ӕмбырды уыди фыццаг хӕслӕвӕрд, Библийӕ скъуыддзаг бакӕсинаг. Цымӕ махӕй дӕр ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ иннӕтӕм нӕ уарзондзинад ӕвдисӕм? Хорз уаид, алчидӕр нӕ ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнид: «Мӕ бинонтӕн, стӕй ӕмбырды ӕмӕ уацамынды иннӕтӕн зӕрдиагӕй феххуыс кӕнын? Архайын, цӕмӕй иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсон?»

БИРӔГЪТӔ ӔМӔ УӔРЫЧЧЫТӔ

14, 15. Ацы фӕстаг бонты ма бирӕтӕм цавӕр ӕвзӕр миниуджытӕ ис? Иуӕй-иутӕ хуыздӕрырдӕм цӕй фӕрцы аивтой?

14 Ацы фӕстаг бонты ма адӕммӕ ис, нӕхи кӕмӕй хъуамӕ хизӕм, ӕндӕр ахӕм миниуджытӕ дӕр. Зӕгъӕм, бирӕтӕ хорздзинад нӕ уарзынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма, хорз цы у, уымӕй се сӕфт дӕр уынынц. Хиуыл хӕцын нӕ зонынц ӕмӕ сты ӕгъатыр. Чидӕртӕ сӕ сты хивӕнд, ӕмӕ, сӕ митӕ иннӕтыл куыд фӕзындзысты, уый мӕт сӕ ӕппындӕр нӕй.

15 Ахӕм ӕвзӕр миниуджытӕ кӕмӕ уыд, уыдонӕй бирӕтӕ тынг фӕивтой. Ӕмӕ ахӕм адӕмы тыххӕй загъд уыд Библийы дӕр. (Бакӕс Исайы 11:6, 7.) Ацы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, алыхуызон хъӕддаг сырдтӕ, зӕгъӕм, бирӕгътӕ ӕмӕ домбӕйттӕ, хъуамӕ хӕдзарон фосимӕ, зӕгъӕм, уӕрыччытимӕ ӕмӕ родтимӕ, иумӕ хызтаиккой ӕмӕ сын мацы зиан хастаиккой. Цымӕ уымӕн гӕнӕн цӕй фӕрцы хъуамӕ уыдаид? Пехуымпарады загъд уыд: «Уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй» (Ис. 11:9). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ сырдтӕ Йегъовӕйы базоной. Уӕдӕ ацы пехуымпарад, ног дунейы адӕм ӕмӕ сырдты ’хсӕн фарн кӕй уыдзӕн, ӕрмӕст уымӕ нӕ амоны, фӕлӕ ма, адӕмӕй бирӕтӕн сӕ удыхъӕд куыд хъуамӕ аивтаид, уымӕ дӕр.

Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕн сӕ цард цӕхгӕр фӕивы! (кӕс 16 абзац)

16. Библи бирӕтӕн сӕ удыхъӕд аивынӕн куыд баххуыс кӕны?

16 Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ раздӕр уыдысты ӕгъатыр, раст бирӕгъты хуызӕн. Фӕлӕ ныр иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрынц. Уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иуты тыххӕй бакӕсӕн ис, парахат кӕнынӕн брошюрӕты цы рубрикӕ вӕййы, «Библи ивы адӕймаджы цард», зӕгъгӕ, уым. Ацы дунейы адӕмӕй бирӕтӕ сӕхи афтӕ ӕвдисынц, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ, Йегъовӕйы чи базыдта ӕмӕ йын лӕггад кӕнын чи райдыдта, уыдон уыцы адӕмӕй тынг хицӕн кӕнынц. Кӕд раздӕр ӕгъатыр уыдысты, уӕддӕр ныр «[сӕ] удыхъӕд ногмӕ раивтой – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:23, 24). Хуыцауы чи базоны, уыдон бамбарынц, адӕймаг ын йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕра. Ӕмӕ сӕ бафӕнды сӕ царды цыдӕртӕ фӕивын, ӕмӕ уымӕ хауы, цӕуыл ӕууӕндынц, уый, стӕй сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр. Уый ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕны.

«АХӔМТӔМ ХӔСТӔГ ДӔР МА ЦУ»

17. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы адӕмӕн се ’взӕр миниуджытӕ фӕзмын ма райдайӕм?

17 Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр зыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, уый. Мах, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты, хъӕуы нӕхи хъахъхъӕнын, цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм. Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй, 2 Тимофеймӕ 3:2–5 стихты цы адӕмы кой цӕуы, уыдонмӕ хӕстӕг дӕр ма цӕуӕм. Ӕмӕ мах дӕр фӕнды уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы дунейы цӕргӕйӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ, ахӕм миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй нӕхи бынтондӕр бахизӕм. Ахӕм адӕмыл, чи зоны, ӕмбӕлӕм нӕ куысты кӕнӕ та скъолайы. Стӕй ахӕмтимӕ, чи зоны, цӕргӕ дӕр кӕнӕм. Фӕлӕ уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕхи сӕ зондахастӕй бахизӕм ӕмӕ сын се ’взӕр миниуджытӕ фӕзмын ма райдайӕм. Уый нӕ бон бауыдзӕн, нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм, уӕд. Уый тыххӕй та хъуамӕ Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоныл нӕхи бӕттӕм.

18. Нӕ ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ уагахаст иннӕты Йегъовӕйы базонынмӕ куыд баразӕнгард кӕнынц?

18 Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕнӕм. Уӕдӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ агурӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй, кӕд цы зӕгъын хъӕуы, уый зонӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый иннӕтӕ куы зоной, уӕд нӕ хорз уагахаст кад нӕхицӕн нӕ хӕсдзӕн, фӕлӕ нӕ Хуыцауӕн. Йегъовӕ нӕ ахуыр кӕны, «цӕмӕй ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзӕм ӕмӕ ацы дунейы уӕм ӕмбаргӕ, цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (Тит. 2:11–14). Уӕдӕ Хуыцауы куы фӕзмӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уый куы аразӕм, уӕд уый иннӕтӕ дӕр уындзысты, ӕмӕ сӕ, чи зоны, исчи афтӕ дӕр зӕгъа: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис» (Зах. 8:23).

^ 10 абз. Мивдисӕгӕй «фыдкой кӕнын» цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, диа́болос, зӕгъгӕ, уый нысан кӕны «фыдкойгӕнӕг». Уыцы дзырд Библийы фӕамоны Хӕйрӕгмӕ, Хуыцауы фыдкой чи кӕны, уымӕ.