Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уый фӕллад адӕймагӕн ратты тых»

«Уый фӕллад адӕймагӕн ратты тых»

2018 азы стих: «Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдоны ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн» (ИС. 40:31).

ЗАРДЖЫТӔ: 3, 47

1. Цавӕр зындзинӕдтимӕ нӕ фӕхъӕуы тох кӕнын? Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй райгонд цӕмӕн у? (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.)

АЦЫ дунейы иу адӕймаг дӕр зындзинӕдтӕй хызт нӕу. Сымах дӕр, зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлут. Чидӕртӕ уӕ цавӕрдӕр уӕззау низӕй рынчын сты. Чидӕртӕ та, сӕхӕдӕг ӕрыгон нал сты, афтӕмӕй кӕсынц сӕ ацӕргӕ хӕстӕджытӕм. Кӕмӕндӕрты та зын у сӕ бинонты фӕдарын, ӕмӕ дзырд зынаргъ дзауматыл нӕ цӕуы, фӕлӕ, цардӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, ууыл. Ӕмӕ йӕ мах ӕмбарӕм, бирӕты уӕ уыцы иу рӕстӕг цалдӕр зындзинадимӕ кӕй хъӕуы тох кӕнын! Уый тыххӕй адӕймаджы бахъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ, стӕй йын ууыл бирӕ ӕхца ацӕуы. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр сымах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнут, Йегъовӕ уын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Сымах уӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарут, Хуыцау нын зӕрдӕ цы рухс фидӕнӕй бавӕрдта, ууыл. Ӕмӕ уӕ уый тыххӕй Йегъовӕ тынг райгонд у!

2. Исайы 40:29 стихы ныхӕстӕ нӕ ныфс куыд уадзынц? Цавӕр рӕдыд зондахастӕй нын у тӕссаг?

2 Фӕлӕ нӕм, чи зоны, хатгай афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ бон нал у нӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын. Уӕд нӕ рох ма уӕд, ӕрмӕст мах кӕй не стӕм ахӕм уавӕры. Рагзаманты дӕр-иу Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕдӕрты афтӕ каст, ӕмӕ сӕ бон нал у сӕ зындзинӕдтӕн быхсын (1 Пад. 19:4; Иов 7:7). Фӕлӕ уыдон уӕддӕр сӕ къухтӕ не ’руагътой, ӕмӕ Йегъовӕйӕ куырдтой, цӕмӕй сын хъарутӕ лӕвӕрдтаид. Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл сты. Библийы дзӕгъӕлы нӕй афтӕ фыст, зӕгъгӕ, Хуыцау «фӕллад адӕймагӕн ратты тых» (Ис. 40:29). Хъыгагӕн, нӕ рӕстӕджы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ зындзинӕдтӕй фервӕздзысты, цасдӕр рӕстӕг Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕной, уӕд. Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый арфӕдзинадыл нал нымайынц, фӕлӕ уӕззау уаргъыл. Гъемӕ Хуыцауы Ныхас нал фӕкӕсынц, ӕмбырдтӕ цух кӕнын райдайынц ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ нал фӕцӕуынц. Ӕмӕ Хӕйрӕг та растдӕр уымӕ бӕллы.

3. а) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕг ма фӕцудын кӕна? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

3 Хӕйрӕг зоны, Хуыцауы хъуыддӕгты зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд уый фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ уый нӕ фӕнды, цӕмӕй фидар уӕм. Уӕдӕ дӕм хъару куы нал уа ӕмӕ дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕр-иу Йегъовӕйӕ ма адард у. Архай-иу, цӕмӕй йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уай, уымӕн ӕмӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры, зӕгъгӕ уӕ Хуыцау «бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 Пет. 5:10; Иак. 4:8). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕйы зынг кӕй тыххӕй ӕрмынӕг вӕййы, дыууӕ ахӕм хъуыддагмӕ. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн нын Библийы уагӕвӕрдтӕ куыд баххуыс кӕндзысты, уый дӕр. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм Исайы 40:26–31 стихтыл ӕмӕ фенӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон куыд у йӕ лӕггадгӕнджыты хъарутӕ бауадзын.

ЙӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ЧИ ДАРЫ, УЫДОНЫ НОГӔЙ ТЫХТӔ БАЦӔУДЗӔН

4. Исайы 40:26 стихы ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

4 Бакӕс Исайы 40:26. Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, Дун-дунейы цыдӕриддӕр стъалытӕ ис, уыдон банымайын. Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ӕрмӕст мах галактикӕйы, Ӕрфӕны фӕды, чи зоны, ис 400 миллиард стъалыйы бӕрц. Фӕлӕ кӕд стъалытӕ афтӕ бирӕ сты, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ алкӕцыйӕн дӕр ном радта. Цымӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Кӕд Йегъовӕ, удӕгас цы нӕу, ахӕм цӕмӕдӕрты йӕ хъус дары, уӕд дӕумӕ та, йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ, йӕ хъус куыннӕ дардзӕн! Уӕвгӕ дыл куыннӕ хъуамӕ тыхса, кӕд ӕмӕ йын уый тыххӕй лӕггад кӕныс, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕныс, дӕ хӕсыл ӕй кӕй нымайыс, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ (Пс. 19:1, 3, 14). Нӕ уӕларвон Фыд махӕй алкӕй тыххӕй дӕр алцыдӕр зоны, суанг, нӕ сӕрыл цал сӕрыхъуыны ис, уый дӕр (Матф. 10:30). Псаломзарӕггӕнӕг та афтӕ загъта: «Йегъовӕ зоны, ӕнаипп чи у, уыдоны цард» (Пс. 37:18). Ӕцӕгдӕр, Хуыцау уыны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уыдон, ӕмӕ дын йӕ бон у уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн тыхтӕ дӕр раттын.

5. Фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у махӕн тыхтӕ раттын?

5 Бакӕс Исайы 40:28. Йегъовӕ у ӕгӕрон тыхы хицау. Цы стыр хъару йӕм ис, уый бамбарыны тыххӕй ахъуыды кӕнӕм, зӕгъӕм, хурӕй цас энерги рацӕуы, ууыл. Иу ахуыргонд-фыссӕг, Дэвид Боданис, куыд загъта, афтӕмӕй хурӕй алы секунд дӕр уыйбӕрц энерги рацӕуы, ӕмӕ йӕ абарӕн ис, миллиардгай атомон бомбӕты рӕмыгъдӕй цас энерги рацӕуид, уыимӕ. Иу иртасӕг та куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй, хурӕй ӕрмӕст иу секундмӕ цы энерги рацӕуы, уый фаг у, цӕмӕй 200 000 азы дӕргъы ӕнӕхъӕн зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн фаг электроэнерги уа! Ӕцӕгдӕр, хурӕн ахӕм энерги чи дӕтты, уымӕн йӕ бон куыннӕ хъуамӕ уа махӕн уыйбӕрц тыхтӕ раттын, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтӕн фӕразӕм.

6. Йесойы ныхӕстӕ, «ме ’фсондз у ӕнцонхӕсӕн», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты ӕмӕ уый дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

6 Бакӕс Исайы 40:29. Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын хӕссы стыр циндзинад. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Удӕнцой ссардзыстут. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:28–30). Ӕвӕдза, уыцы ныхӕстӕ куыд раст сты! Хатгай, чи зоны, ӕмбырдмӕ кӕнӕ хъусын кӕнынмӕ фӕлладӕй ацӕуӕм. Фӕлӕ фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ та нӕ хабар куыд вӕййы? Фенцондӕр нын вӕййы, ӕмӕ цӕттӕ вӕййӕм дарддӕр дӕр нӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнынмӕ. Ӕцӕгдӕр, Йесойы ӕфсондз у ӕнцонхӕссӕн!

7. Матфейы 11:28–30 стихты ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

7 Иу хомӕ, схонӕм ӕй Келли, ахӕм низ ис, ӕмӕ ӕдзух вӕййы фӕллад (синдром хронической усталости). Стӕй ма йын ис депресси ӕмӕ йӕ сӕр дӕр арӕх тынг фӕриссы. Уый тыххӕй йын ӕмбырдтӕм цӕуын хатгай тынг зын вӕййы. Фӕлӕ иу бон ӕмбырдмӕ ацыд, кӕд ын уый ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр, ӕмӕ мӕнӕ цы ныффыста: «Уыцы бон дзы уыд раныхас, адӕймагӕн йӕ ныфс куы асӕтты, уый фӕдыл. Ӕфсымӕр афтӕ дзырдта, раст мын цыма мӕ зӕрдӕйы рыст ӕмбӕрста. Йӕ раныхас мӕ зӕрдӕйыл афтӕ сӕмбӕлд, ӕмӕ ма мӕ цӕссыгтӕ дӕр ӕркалдысты. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъын, ӕмбырд у, кӕм хъуамӕ уон, уыцы бынат». Келли гъе-уӕд ӕмбырдмӕ ацӕуыныл ӕппӕт тыхтӕй кӕй бацархайдта, ууыл тынг цин кодта!

8, 9. Апостол Павел афтӕ кӕй загъта, «лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын», зӕгъгӕ, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд?

8 Бакӕс Исайы 40:30. Чи зоны, цӕмӕдӕрты арӕхсӕм, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ нӕ бон алцыдӕр у. Ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ рох ма уа. Апостол Павел дӕр кӕд бирӕ цӕмӕдӕрты арӕхст, уӕддӕр йӕ бон алцы нӕ уыд. Иухатт Хуыцауӕн йӕ сагъӕстӕ куы радзырдта, уӕд ын уый загъта: «Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады». Павел бамбӕрста, уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый, ӕмӕ афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын» (2 Кор. 12:7–10). Цымӕ Павелы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?

9 Павел ӕмбӕрста, ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй йӕ бон бирӕ цыдӕртӕ кӕй нӕ бауыдзӕн. Хъару-иу ӕм куы нал баззад, уӕд-иу ӕй Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бафидар кодта. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма йын Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕххуыс кодта, йӕхи хъаруйы фӕрцы кӕй никуы бакодтаид, уыцы хъуыддӕгтӕ бакӕнынӕн дӕр. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ у. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы хай кӕна, уӕд фидар уыдзыстӕм!

10. Йегъовӕ Давидӕн йӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн куыд ӕххуыс кодта?

10 Псаломзарӕггӕнӕг Давид дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс йӕхиуыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бавзӕрста. Давид зарыд: «Дӕ фӕрцы мӕ бон у абырджыты ныхмӕ рацӕуын дӕр. Мӕ Хуыцауы фӕрцы мӕ бон у къулыл сбырын дӕр» (Пс. 18:29). Хатгай нӕ разы сӕвзӕры, нӕхи хъаруйӕ нӕ бон «сбырын» кӕуыл нӕ вӕййы, ахӕм къултӕ, ома зындзинӕдтӕ. Ӕмӕ нӕ уӕд фӕхъӕуы Йегъовӕйы ӕххуыс.

11. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын нӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

11 Бакӕс Исайы 40:31. Цӕргӕсӕн йӕ бон у арвы бӕрзӕндты бирӕ рӕстӕг тӕхын. Фӕлӕ йын уый ӕрмӕст йӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ фӕуайы. Цӕргӕс фӕпайда кӕны, зӕххӕй хӕрдмӕ цы хъарм уӕлдӕф фӕцӕуы, уымӕй, ӕмӕ йӕ уыцы уӕлдӕф хӕрдмӕ сисы. Афтӕмӕй тӕхгӕ-тӕхын тынг нӕ бафӕллайы. Уӕдӕ исты стыр зындзинадыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд-иу цӕргӕсы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Йегъовӕйӕн-иу лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй-иу нӕ «ӕххуысгӕнӕджы» фӕрцы, ома йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы, хъарутӕ бауадза (Иоан. 14:26). Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курын нӕ бон у кӕдфӕнды дӕр, боны мидӕг 24 сахаты дӕргъы. Ӕмӕ нӕ йе ’ххуыс, чи зоны, уӕлдай тынгдӕр бахъӕуа, ӕмбырды искӕимӕ нӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд. Фӕлӕ цымӕ чырыстӕтты ’хсӕн афтӕ цӕмӕн рауайы?

12, 13. а) Афтӕ цӕмӕн рауайы, ӕмӕ чырыстӕттӕ кӕрӕдзи нӕ бамбарынц? б) Иосифы хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

12 Кӕрӕдзи хатгай уымӕн нӕ бамбарӕм, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ исчи ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй фӕхъыг кӕна, йе та искӕмӕ хъыг фӕкӕса, нӕхӕдӕг цы загътам кӕнӕ цы сарӕзтам, уый. Уыдӕттӕ нын, гӕнӕн ис, фӕлварӕн суой. Фӕлӕ ахӕм уавӕрты нӕ бон у, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисын. Ӕмӕ цӕмӕй уый нӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уӕм нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнын. Кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ уарзы. Ӕмӕ сӕ уӕд мах та куыннӕ хъуамӕ уарзӕм!

Йегъовӕ Иосифы нӕ ныууагъта, ӕмӕ дӕу дӕр никуы ныууадздзӕн(кӕс 13 абзац)

13 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕлварӕнтӕй нӕ ирвӕзын кӕны. Уый бӕрӕг у Иосифы хабарӕй. Иосиф нырма ӕрыгон лӕппу уыди, афтӕмӕй йӕ йе ’фсымӕртӕ сӕ фырхӕлӕгӕй Египетмӕ цагъарӕй ауӕй кодтой (Райд. 37:28). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ уыдӕттӕ уыдта. Ӕмӕ йын кӕд зын уыд, уӕддӕр бауагъта, цӕмӕй йӕ хӕлар Иосиф ахӕм фыдӕвзарӕнты бахаудаид. Цасдӕры фӕстӕ, Потифары ус Иосифы мӕнгӕй куы фӕаххосджын кодта, тыхми бакӕнинаг мын уыд, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ахӕстоны куы сбадын кодтой, уӕд дӕр Йегъовӕ Иосифы нӕ фервӕзын кодта. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ныууагъта? Нӕ! Библийы фыст ис: «Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ, цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ арфӕ кодта» (Райд. 39:21–23).

14. Нӕ маст цӕмӕн хъуамӕ «ныууадзӕм»?

14 Нӕ бон ма у Давиды хабармӕ дӕр ӕркӕсын. Давид дӕр уыд Йегъовӕйы хӕлар. Ацы адӕймаг цы зындзинӕдтӕ баййӕфта, ахӕм зындзинӕдтӕ стӕмтӕ баййафынц. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы маст никӕмӕ хаста. Мӕнӕ цы ныффыста йӕхӕдӕг: «Ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх. Ма мӕсты кӕн – уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн!» (Пс. 37:8). Нӕ маст «ныууадзын» нӕ сӕйраджыдӕр уымӕн хъӕуы, ӕмӕ афтӕмӕй бафӕзмдзыстӕм Йегъовӕйы. Уый нын, «нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ цы хъӕуы, уый... нӕ бакӕны», фӕлӕ нын сӕ ныххатыр кӕны (Пс. 103:10). Фӕлӕ ма нӕ нӕ маст «ныууадзын» уый тыххӕй дӕр хъӕуы, ӕмӕ уый нӕхи пайдайӕн у. Адӕймаг мӕстыгӕр куы уа, уӕд уый, гӕнӕн ис, алыхуызон низтӕм дӕр расайа, зӕгъӕм, йӕ туджы ӕлхъывдад схиза, рӕуджыты низ ӕм фӕзына, йе та йӕ йӕ игӕр кӕнӕ йӕ ахсӕн хъыгдарын райдайа. Уымӕй уӕлдай ма адӕймаг мӕсты куы фӕкӕны, уӕд йӕ бон рӕстмӕ хъуыды кӕнын дӕр нал вӕййы. Иуӕй-иу хатт та адӕймаг, йӕ маст куы нӕ бауромы, уӕд уый фӕстӕ йӕхимӕ ныхъхъусы, ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг йӕхимӕ не ’рцӕуы. Уӕдӕ бирӕ хуыздӕр у, адӕймаг йӕхиуыл хӕцын куы зона. Библийы дӕр афтӕ фыст ис: «Сабыр зӕрдӕ буарӕн у цард» (Ӕмб. 14:30). Уӕдӕ нӕ не ’мчырыстӕттӕй исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм? Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты, Библийы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдон.

НЕ ’МЧЫРЫСТӔТТӔЙ НӔ ИСЧИ КУЫ ФӔХЪЫГ КӔНА

15, 16. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?

15 Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:26. Ацы дунейы адӕмӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд нӕм уый афтӕ диссаг нӕ фӕкӕсы. Фӕлӕ нӕ не ’мчырыстӕттӕй кӕнӕ нӕ бинонтӕй исчи ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй куы фӕхъыг кӕны, уӕд нын тынг зын вӕййы. Зӕгъӕм, нӕ бон нӕу, чидӕр нӕ кӕй фӕхъыг кодта, уый ферох кӕнын. Уӕд, мыййаг, хъуыддаг уыйонг ӕруадздзыстӕм, ӕмӕ йӕм бирӕ азты дӕргъы нӕ зӕрдӕйы маст хӕссӕм? Ӕви нын Библи цы зондджын уынаффӕ дӕтты, уымӕ гӕсгӕ бацархайдзыстӕм, цӕмӕй хъуыддаг уайтагъд банывыл кӕнӕм? Цас фылдӕр фӕстиат кӕнӕм, уыйас нын стӕй зындӕр уыдзӕн уыцы адӕймагимӕ бафидауын.

16 Кӕд нӕ не ’мчырыстӕттӕй исчи фӕхъыг кодта ӕмӕ уыцы хабар нӕ бон ферох кӕнын нӕу, уӕд нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм? Фыццаджыдӕр уал хъуамӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скувӕм, цӕмӕй уыцы адӕймагимӕ сабырӕй аныхас кӕнӕм. Рох нӕ ма уӕд, уый дӕр Йегъовӕйы хӕлар кӕй у (Пс. 25:14). Йегъовӕ йӕ хӕлӕртты уарзы ӕмӕ сӕм у хӕларзӕрдӕ, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕм мах дӕр ахӕм зӕрдӕ дарӕм (Ӕмб. 15:23; Матф. 7:12; Кол. 4:6). Стӕй-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, уыцы адӕймагӕн цы зӕгъдзыстӕм, ууыл. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ барӕй фӕхъыг кодта. Чи зоны нын цыдӕр ӕнӕрхъуыдыйӕ загъта йе та йӕ мах раст нӕ бамбӕрстам. Стӕй, гӕнӕн ис, не ’хсӕн цыдӕр кӕй рауад, уым нӕ аххос дӕр уыд. Зӕгъӕм, нӕ бон ын у зӕгъын: «Знон раст нӕ уыдтӕн, дӕ ныхӕстӕм дын афтӕ тынг кӕй рамӕсты дӕн. Фӕлӕ мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ...». Кӕд уый фӕстӕ дӕр хъуыддаг нӕ банывыл уа, уӕд-иу ӕндӕр фадӕттӕ агур, цӕмӕй бафидауат. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй йӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын кӕна ӕмӕ йын ӕххуыс кӕна. Стӕй Хуыцауӕй ӕххуыс кур, цӕмӕй уыцы адӕймагӕн йӕ хорз миниуджытӕ уынай. Хабар куыдфӕнды ма рауайа, уӕддӕр ма дызӕрдыг кӕн, де ’фсымӕримӕ – Йегъовӕйы хӕларимӕ – бафидауыныл зӕрдиагӕй кӕй архайыс, уый тыххӕй дӕ Йегъовӕ тынг райгонд кӕй уыдзӕн.

НӔ РАЗДӔРЫ РӔДЫДТЫТЫ ТЫХХӔЙ НӔХИ ФӔСМОНӔЙ КУЫ ХӔРӔМ

17. Чырыстон уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд ын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та йӕ хӕлар суа? Уыцы ӕххуысыл цӕмӕн хъуамӕ сразы уа?

17 Чидӕртӕ сӕхи Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны аккагыл нӕ нымайынц, кӕддӕр цавӕрдӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй. Адӕймаг уый тыххӕй йӕхи ӕгӕр куы хӕра, уӕд, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕйы фарн мауал уа, циндзинад ын мацыуал хӕсса ӕмӕ йӕм хъару дӕр мауал баззайа. Паддзах Давид дӕр йӕ рӕдыдтыты тыххӕй йӕхи фӕсмонӕй хордта, ӕмӕ афтӕ загъта: «Куы ницы дзырдтон, уӕд бон-изӕрмӕ хъӕрзыдтӕн ӕмӕ ме стджытӕ ныххус сты, уымӕн ӕмӕ мыл ӕхсӕвӕй-бонӕй дӕ къух уӕз кодта». Фӕлӕ фӕстӕдӕр Давидмӕ уыйбӕрц хъӕбатырдзинад разынд, ӕмӕ, Йегъовӕйы цӕсты раст куыд уыд, афтӕ бакодта. Давид ныффыста: «Ӕппынфӕстаг дын мӕ тӕригъӕд раргом кодтон. [...] Ӕмӕ мын ды мӕ рӕдыд ӕмӕ мӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтай» (Пс. 32:3–5). Кӕд цавӕрдӕр уӕззау тӕригъӕд сарӕзтам, уӕддӕр Йегъовӕ цӕттӕ у, цӕмӕй нын ӕй ныххатыр кӕна. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, ӕмӕ та фӕстӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Фӕлӕ нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ йе ’ххуысыл сразы уӕм, ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнӕм (Ӕмб. 24:16; Иак. 5:13–15). Хъуамӕ уыцы къахдзӕф скӕныныл фӕстӕ ма кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ не ’нусон цард ууыл баст у! Фӕлӕ, зӕгъӕм, нӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцыд, ӕмӕ уӕддӕр нӕхи хӕрӕм, уӕд та?

18. Йӕхи Хуыцауӕн лӕггад кӕныны аккагыл чи нӕ нымайы, уыдонӕн Павелы хабар куыд баххуыс кӕндзӕн?

18 Апостол Павелӕн дӕр-иу хатгай йӕ раздӕры рӕдыдтытӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Уый загъта: «Ӕз дӕн апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр ӕмӕ, апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрдтон Хуыцауы ӕмбырд». Фӕлӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ацы хӕс [мыл] ис Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы» (1 Кор. 15:9, 10). Кӕд Павел, чырыстон куы нӕма сси, уӕд стыр рӕдыдтытӕ ӕруагъта, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ уый аккагыл нымадта, цӕмӕй йын йӕ бар ахсджиаг хъуыддаг бакодтаид. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Павелӕй дӕр уый рох ма уыдаид. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы хатыр кӕнынмӕ. Уӕдӕ кӕд кӕддӕр цавӕрдӕр уӕззау тӕригъӕд сарӕзтай, фӕлӕ йыл стӕй зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радзырдтай, уӕд ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын дӕ тӕригъӕд кӕй ныххатыр кодта (Ис. 55:6, 7).

19. 2018 азӕн цавӕр стих ӕрцыд ӕвзӕрст ӕмӕ цӕмӕн?

19 Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕна, афтӕ зындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты. Фӕлӕ нӕ рох ма уӕд, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у, цӕмӕй нын нӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн тыхтӕ дӕтта. Йегъовӕ «фӕллад адӕймагӕн ратты тых, хъару кӕмӕ нал вӕййы, уый сфидар кӕны» (Ис. 40:29; Пс. 55:22; 68:19). Афӕдзы дӕргъы-иу ацы ахсджиаг хъуыды нӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, 2018 азӕн цы стих ӕвзӕрст ӕрцыд, уый фӕрцы: «Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдоны ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн» (Ис. 40:31).