Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрымысӕн изӕр нӕ иудзинадӕн куыд ахъаз кӕны

Ӕрымысӕн изӕр нӕ иудзинадӕн куыд ахъаз кӕны

«Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (ПС. 133:1).

ЗАРДЖЫТӔ: 18, 14

1, 2. 2018 азы цавӕр ахсджиаг хабар бӕрӕг кӕндзыстӕм ӕмӕ уыцы хабар нӕ иудзинадӕн куыд ахъаз кӕны? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

2018 азы 31 мартъийы, хур куы аныгуыла, уӕд, милуангай адӕм ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Се ’хсӕн уыдзӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдон дӕр. Уыцы ахсджиаг хабар фӕбӕрӕг кӕнӕм алы аз дӕр, ӕмӕ уӕд рабӕрӕг вӕййы, не ’хсӕн цы диссаджы иудзинад ис, уый!

2 Ӕгас зӕххыл дӕр тынг бирӕ адӕм Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ куыд ӕрӕмбырд вӕййынц, уымӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо куыннӕ фӕцин кӕнынц. Апостол Иоанн ныффыста, цӕстылуайӕны цы федта, уый тыххӕй: «Федтон тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди – ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. [...] Ӕмӕ хъӕрӕй дзырдтой: „Нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ сты нӕ Хуыцау – паддзахбадӕныл чи бады, уый, ӕмӕ Уӕрыкк!“» (Рарг. 7:9, 10). Ӕмӕ уый стыр диссаг куыннӕ у, алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг уыйбӕрц адӕм кӕй ӕрӕмбырд вӕййы, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы скадджын кӕной!

3. Ацы статьяйы дзуаппытӕ цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

3 Ацы статьяйы дзуапп базондзыстӕм цалдӕр фарстайӕн. 1) Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у йӕхи Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй йын уыцы фембӕлд фылдӕр пайда ӕрхӕсса? 2) Ӕрымысӕн изӕр Хуыцауы адӕмы иудзинадӕн куыд ахъаз кӕны? 3) Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ иудзинад хъахъхъӕнӕм? 4) Афтӕ искуы уыдзӕн, ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр фӕстаг хатт сбӕрӕг кодтам? Кӕд о, уӕд кӕд?

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР НЫН ФЫЛДӔР ПАЙДА ЦӔЙ ФӔРЦЫ ӔРХӔСДЗӔН?

4. Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын ахсджиаг цӕмӕн у?

4 Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ ӕрбацӕуын ахсджиаг цӕмӕн у? Иу уый, ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм кӕй фӕцӕуӕм, уый дӕр нӕ лӕггадмӕ хауы. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо сӕ хъус фӕдарынц, уыцы ахсджиаг хабар сбӕрӕг кӕнынмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонмӕ. Ӕмӕ мах тынг фӕнды, цӕмӕй ацы аз дӕр, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы зӕрдӕ барухс кӕнӕм. Ӕмбырды фембӕлдтӕ ахсджиагыл кӕй нымайӕм, уый хъуыддагӕй куы ӕвдисӕм, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйӕн фадат ратдзыстӕм, цӕмӕй нын йӕ «зӕрдылдарӕн чиныджы», кӕнӕ «царды чиныджы», нӕ нӕмттӕ ныффысса. Уыцы чиныджы фыст цӕуынц, Йегъовӕ ӕнусон цард раттинаг кӕмӕн у, уыдоны нӕмттӕ (Мал. 3:16; Рарг. 20:15).

5. Ӕрымысӕн изӕры размӕ нӕ бон куыд уыдзӕн сбӕлвырд кӕнын, «уырнындзинады фидар стӕм ӕви нӕ»?

5 Хорз уаид, Ӕрымысӕн изӕры размӕ-иу цалдӕр къуырийы дӕргъы иу-цасдӕр рӕстӕг куы рахицӕн кӕниккам, цӕмӕй-иу Йегъовӕмӕ скувӕм ӕмӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, цас ӕнгом ӕм стӕм, ууыл. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 13:5.) Цымӕ уый куыд ис аразӕн? Библийы фыст ис: «Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ». Уӕдӕ-иу нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттӕм: «Ӕцӕгдӕр мӕ уырны, Йегъовӕ йӕ фӕндон кӕй фӕрцы ӕххӕст кӕны, уыцы организацийы кӕй лӕггад кӕнын? Ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнон? Мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, кӕй мӕ уырны, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм ӕмӕ тагъд Хӕйрӕджы хицаудзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн? Мӕхи Йегъовӕ Хуыцауӕн куы снывонд кодтон, уӕд Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл куыд тынг ӕууӕндыдтӕн, ныр дӕр сыл афтӕ ӕууӕндын?» (Матф. 24:14; 2 Тим. 3:1; Дзут. 3:14). Ацы фарстаты фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, «цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый сбӕлвырд кӕнын».

6. а) Ӕнусон цардӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм? б) Иу хистӕр нӕлгоймаг алы аз дӕр йӕхи Ӕрымысӕн изӕрмӕ куыд фӕцӕттӕ кӕны ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон куыд у дӕхи уыцы хабармӕ бацӕттӕ кӕнын?

6 Нӕ бон куыд у нӕхи Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнын? Зӕгъӕм, нӕ бон у, уыцы хабар куыд ахсджиаг у, уый фӕдыл статьятӕ бакӕсын ӕмӕ сыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. (Бакӕс Иоанны 3:16; 17:3.) Цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг у Йегъовӕйы «базонын» ӕмӕ йын йӕ иунӕггуырд Фыртыл, Йесо Чырыстийыл, «ӕууӕндын». Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕхи бацӕттӕ кӕныны тыххӕй нӕ бон у, Хуыцаумӕ ӕмӕ Йесомӕ кӕй фӕрцы баввахс уыдзыстӕм, ахӕм ӕрмӕг иртасын. Ӕркӕсӕм-ма, хистӕр нӕлгоймаг рагӕй чи у, иу ахӕм ӕфсымӕры цӕвиттонмӕ. Бирӕ азты дӕргъы ӕмбырд кӕны ӕмӕ фӕиртасы, Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй, стӕй нӕм Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы уарзондзинад ӕвдисынц, уый тыххӕй дзырд кӕм цӕуы, ахӕм статьятӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй. Ӕмӕ сӕ Ӕрымысӕн изӕры размӕ цалдӕр къуырийы дӕргъы ногӕй фӕкӕсы ӕмӕ, уыцы хабар куыд ахсджиаг у, ууыл фӕхъуыды кӕны. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕм иу кӕнӕ дыууӕ статьяйы бафтауы. Уыцы статьятӕ, стӕй нын Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ вӕййы кӕсинаг, уыдон кӕй фӕкӕсы ӕмӕ сыл кӕй фӕхъуыды кӕны, уый фӕрцы алы аз дӕр ног цыдӕртӕ базоны. Сӕйраджыдӕр та, уый фӕрцы Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы ноджы тынгдӕр уарзын райдыдта, ӕмӕ йын уыцы уарзт азӕй-азмӕ тыхджындӕр кӕны. Ды дӕр ахӕм ӕрмӕг куы иртасай, уӕд Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы ноджы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ сӕ ноджы тынгдӕр бузныг уыдзынӕ. Ӕмӕ дын уый фӕрцы Ӕрымысӕн изӕр фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн.

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР НӔ ИУДЗИНАДӔН КУЫД АХЪАЗ КӔНЫ

7. а) Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд Хуыцаумӕ цӕй тыххӕй скуывта? б) Йегъовӕ Йесойы куывд кӕй фехъуыста, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

7 Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд Хуыцаумӕ скуывта, цӕмӕй, йӕхӕдӕг йемӕ цы иудзинады ис, ахӕм иудзинады кӕрӕдзиимӕ уой йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр. (Бакӕс Иоанны 17:20, 21.) Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ йӕ зынаргъ Фырты куывд фехъуыста. Ӕмӕ абон милуангай адӕмы уырны, Йегъовӕ Йесойы зӕхмӕ кӕй рарвыста. Стӕй Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис, Йесо йӕ куывды кӕй кой кодта, уыцы иудзинад. Ӕмӕ уыцы иудзинад ирдӕй фӕзыны сӕ фембӕлдты рӕстӕг, уӕлдайдӕр та Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг. Уыцы бон ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр алы бӕстӕты ӕрӕмбырд вӕййы милуангай адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй. Иуӕй-иу бӕстӕты адӕммӕ ӕнахуыр фӕкӕсы, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у, уыдон динимӕ баст хабӕртты фӕдыл иумӕ кӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, уый. Кӕмӕдӕрты та уый раст дӕр нӕ кӕсы. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо та уыцы хабармӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц. Уыдонӕн ӕхсызгон вӕййы, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг ахӕм иудзинад кӕй равдисӕм, уый!

8. Йегъовӕ пехуымпар Йезекилы уылты цы загъта, йӕ адӕмы ’хсӕн иудзинад кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй?

8 Махмӕ, Йегъовӕйы адӕммӕ, диссаг нӕ кӕсы, не ’хсӕн ахӕм иудзинад кӕй ис, уый. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй Йегъовӕ рагацау загъта пехуымпар Йезекилы уылты. Йегъовӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй дыууӕ лӕдзӕджы райстаид, иу «Иудӕйӕн», иннӕ та – «Иосифӕн», ӕмӕ сӕ баиу кодтаид, цӕмӕй иу лӕдзӕг бауыдаиккой. (Бакӕс Йезекилы 37:15–17.) Брошюрӕйы «Агур Хуыцауы Паддзахад, мулк нӕ, фӕлӕ» (bw572) рубрикӕйы «Кӕсджыты фарстатӕ» фыст уыд: «Йегъовӕ пехуымпар Йезекилы уылты загъта, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты ӕмӕ та кӕй баиу уыдзысты. Ацы пехуымпарад ма амоны, фӕстаг бонты Хуыцауӕн чи лӕггад кӕндзӕн, уыдон иу адӕм кӕй суыдзысты, уымӕ дӕр».

9. Йезекилы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг куыд рабӕрӕг вӕййы?

9 1919 азӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ ногӕй райдыдта сӕрст чырыстӕттӕн разамынд дӕттын. Хуыцау сӕ баиу кодта, ӕмӕ та систы «иу адӕм». Уыдонмӕ амоны «Иудӕйы лӕдзӕг». Фӕлӕ фӕстӕдӕр фылдӕр кӕнын райдыдтой, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн уыд, уыдон. Уыцы адӕммӕ та амоны «Иосифы лӕдзӕг». Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы дыууӕ лӕдзӕджы кӕй баиу кӕндзӕн ӕмӕ йӕ къухы «иу лӕдзӕг» кӕй бауыдзысты (Йез. 37:19). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ «ӕндӕр фысты» баиу кодта, ӕмӕ систы «иу дзуг» (Иоан. 10:16; Зах. 8:23). Абон уыцы дыууӕ къорды Йегъовӕйӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц. Уыдонӕн ис иу Паддзах, Йесо Чырысти. Йезекилы пехуымпарады йӕ Хуыцау схуыдта, «мӕ лӕггадгӕнӕг Давид», зӕгъгӕ (Йез. 37:24, 25). Алы аз дӕр сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд ирдӕй рабӕрӕг вӕййы, се ’хсӕн кӕй ис, Йезекил йӕ пехуымпарады цы иудзинады кой кодта, уый. Фӕлӕ цымӕ махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый хъахъхъӕна?

МАХӔЙ АЛКӔЙ БОН ДӔР КУЫД У НӔ ИУДЗИНАД ХЪАХЪХЪӔНЫН

10. Нӕ бон куыд у, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый хъахъхъӕнын?

10 Нӕ бон куыд у, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый хъахъхъӕнын? Фыццаг: хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, сӕхи кӕй хъуамӕ ныллӕг кӕной (Матф. 23:12). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ацы дунейы адӕмау нӕхицӕй хъал нӕ уыдзыстӕм. Уыцы миниуӕг нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, ӕмбырды йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдонӕн кад кӕнӕм ӕмӕ сӕм хъусӕм. Уый фӕрцы ӕмбырды уыдзӕн иудзинад. Сӕйраджыдӕр та, сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Уый «сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (1 Пет. 5:5).

11. Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ цӕмӕ амонынц, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа?

11 Дыккаг: Ӕрымысӕн изӕры размӕ ӕмӕ уӕлдайдӕр та уыцы фембӕлды рӕстӕг хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн цӕмӕ амонынц, ууыл (1 Кор. 11:23–25). Дзул амоны Йесойы ӕнӕтӕригъӕд буармӕ, мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, йӕ уыцы буармӕ. Сӕн та амоны, мах тыххӕй кӕй ныккалдта, йӕ уыцы тугмӕ. Фӕлӕ, уыцы нысӕнттӕ цӕмӕ амонынц, уый ӕнӕуи ӕмбарын фаг нӕу. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы нывонд цы стыр уарзондзинадыл дзурӕг у, уый. Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ мах тыххӕй йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта. Ӕмӕ нӕ Йесо дӕр афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард радта. Цы уарзондзинад равдыстой, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сӕ мах дӕр уарздзыстӕм. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый фӕрцы кӕрӕдзийыл стӕм фидар тӕгтӕй баст ӕмӕ не ’хсӕн ис иудзинад.

Кӕрӕдзийӕн нӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй нӕ иудзинад хъахъхъӕндзыстӕм (кӕс 12, 13 абзацтӕ)

12. Йесо цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕрцы куыд бамбарын кодта, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм?

12 Ӕртыккаг: хъуамӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн равдисын, Йегъовӕ нын Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм. Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнын куыд ахсджиаг у, уый бамбарын кӕнынӕн Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас паддзах ӕмӕ йӕ цагъарты тыххӕй. Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс Матфейы 18:23–34 стихтӕ ӕмӕ стӕй ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕн: «Йесо нӕ куыд ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ архайын мӕ фӕнды? Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртимӕ фӕразон вӕййын ӕмӕ фӕархайын, цӕмӕй-иу сӕ бамбарон? Исчи мӕ ныхмӕ исты тӕригъӕд куы ракӕны, уӕд ын ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййын?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕцыдӕр тӕригъӕдтӕ иннӕ тӕригъӕдтӕй уӕззаудӕр вӕййынц. Ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕймагӕн иуӕй-иу тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын тынг зын вӕййы. Фӕлӕ Йесойы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. (Бакӕс Матфейы 18:35.) Уӕдӕ, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн ис, не ’фсымӕртӕн ахӕм рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ дӕр нӕ рӕдыдтытӕ нӕ хатыр кӕндзӕн. Уыцы хабар нӕ хъуыдытыл куыннӕ ӕфтауы. Уӕдӕ цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм, Йесо нӕ куыддӕриддӕр ахуыр кӕны, афтӕ.

13. Фарнмӕ куы тырнӕм, уӕд уый нӕ иудзинадӕн куыд ахъаз кӕндзӕн?

13 Кӕрӕдзийӕн нӕ рӕдыдтытӕ кӕй ныххатыр кӕнӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы, фарнмӕ кӕй тырнӕм, уый. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, апостол Павел цы уынаффӕ радта, уый: «Зӕрдиагӕй архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:3). Ӕрымысӕн изӕры размӕ ӕмӕ уӕлдайдӕр та уыцы бон дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕс ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, иннӕтӕн куыд дӕ, ууыл. Дӕхимӕ-иу ахӕм фарстатӕ ратт: «Иннӕтӕн хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ чи вӕййы, ахӕм адӕймагӕй мӕ зонынц? Фарнмӕ ӕмӕ иудзинадмӕ ӕппӕт хъарутӕй чи тырны, ахӕм адӕймаг мӕ ис схонӕн?» Ацы фарстатӕ тынг ахсджиаг сты, ӕмӕ хорз уаид, ацы аз сыл Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг куы ахъуыды кӕниккам.

14. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ «уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн быхсӕм»?

14 Цыппӕрӕм: хъуамӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, Йегъовӕ сӕ куыд уарзы, афтӕ (1 Иоан. 4:8). Мах нӕ фӕнды не ’мчырыстӕтты тыххӕй афтӕ хъуыды кӕнын: «Ме ’фсымӕртӕн быхсон, уый, чи зоны, мӕ хӕс у, фӕлӕ, мӕ зӕрдӕмӕ цӕуой, уый та мӕ хӕс нӕу». Ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕм, «уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут [кӕнӕ «быхсут»]», зӕгъгӕ (Еф. 4:2, фип.). Дӕ хъус-ма ӕрдар, ӕнӕуи афтӕ кӕй нӕ загъта, «кӕрӕдзийӕн быхсут», зӕгъгӕ, фӕлӕ, дам, «уарзондзинады фӕрцы». Уыцы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Не ’мбырдты ис алыхуызон адӕм, ӕмӕ сӕ се ’ппӕты дӕр Йегъовӕ ӕрбакодта (Иоан. 6:44). Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ алкӕй дӕр цӕйдӕр тыххӕй уарзы. Ӕмӕ сӕ кӕд Йегъовӕ уарзы, уӕд мах та афтӕ куыд хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ уарзты аккаг не сты? Уӕдӕ хъуамӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты, Йегъовӕ нын куыддӕриддӕр фӕдзӕхсы, афтӕ уарзӕм (1 Иоан. 4:20, 21).

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР ФӔСТАГ ХАТТ КӔД СБӔРӔГ КӔНДЗЫСТӔМ?

15. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр фӕстаг хатт сбӕрӕг кӕндзыстӕм?

15 Ахӕм рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр фӕстаг хатт сбӕрӕг кӕндзыстӕм. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Павел сӕрст чырыстӕттӕм ныффыста, алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕр куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд кӕй «фӕхъусын кӕнынц нӕ Хицауы мӕлӕты тыххӕй, цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (1 Кор. 11:26). Ацы ран Павел цы ӕрцыды кой кодта, уый кой кодта Йесо йӕхӕдӕг дӕр, кӕроны рӕстӕджы тыххӕй куы дзырдта, уӕд. Тагъд рӕстӕджы цы стыр бӕллӕх райдайдзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты бӕрӕггӕнӕн фӕзындзӕн арвыл, ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр ныхъхъарӕг кӕндзысты ӕмӕ сӕ риу ныххойдзысты, ӕмӕ фендзысты Адӕймаджы Фырты уӕларвон мигътыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ. Уадындз хъӕрӕй куы ныууаса, уӕд уый [ома Йесо] йӕ зӕдты арвитдзӕн, ӕмӕ йын йе ’взӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзысты цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, арвӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ» (Матф. 24:29–31). Йесо «йе ’взӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзӕн», сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг куы райсой, уӕд. Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн, стыр бӕллӕхӕн йӕ фыццаг хай куы фӕуа, уый фӕстӕ, фӕлӕ, Армагеддоны хӕст куы нӕма райдайа, уӕд. Уӕд Йесо ӕмӕ 144 000 сӕрст чырыстоны зӕххон паддзӕхтимӕ схӕцдзысты ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз уыдзысты (Рарг. 17:12–14). Уӕдӕ Йесо сӕрст чырыстӕтты ӕрӕмбырд кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уыцы хабары размӕ ма цы Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕндзыстӕм, уый уыдзӕн фӕстаг Ӕрымысӕн изӕр.

16. Цӕмӕн дӕ фӕнды ацы аз Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын?

16 Уӕдӕ нӕ фидар фӕнд уӕд, цӕмӕй, 2018 азы 31 мартъийы чи уыдзӕн, уыцы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуӕм. Стӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй, йӕ адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый хъахъхъӕнӕм. (Бакӕс Псалом 133:1.) Рох нӕ ма уӕд, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр фӕстаг хатт сбӕрӕг кӕндзыстӕм. Ныр та уал бацархайӕм, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуӕм, стӕй, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уымӕн аргъ кӕнӕм.