Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Фӕлварӕнты фидар чи у, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы арфӕдзинӕдтӕ

Фӕлварӕнты фидар чи у, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы арфӕдзинӕдтӕ

«ДЫ ЦӔЙ фыд дӕ? Зӕрдӕ дын нӕй! – бафидис мын кодта КГБ-йы * кусӕг.– Дӕ сывӕрджын усы ӕмӕ дӕ гыццыл чызджы ныууагътай, ӕмӕ сӕ ныр чи дардзӕн? Ныууадз дӕ митӕ ӕмӕ хӕдзармӕ аздӕх!» Ӕз ын дзуапп радтон: «Ӕз мӕ бинонты нӕ ныууагътон. Сымах мӕ ӕрцахстат. Ӕмӕ цӕй тыххӕй?» Уый загъта: «Ӕвдисӕн уай, уымӕй стырдӕр фыдракӕнд нӕй».

Уый уыд 1959 азы ахӕстоны, горӕт Иркутскы. Фӕнды мӕ радзурын, мӕ бинойнаг Марийӕимӕ «рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмар кӕнынмӕ» цӕттӕ цӕмӕн уыдыстӕм ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй арфӕгонд куыд ӕрцыдыстӕм, уый (1 Пет. 3:13, 14).

Ӕз райгуырдтӕн 1933 азы Украинӕйы, хъӕу Золотникийы. 1937 азы нӕм Францийӕ ӕрцыдысты мӕ мады хо йӕ лӕгимӕ. Уыдон уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ нын ныууагътой Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕхсӕнады уагъд чингуытӕ «Хицауад» ӕмӕ «Ирвӕзындзинад». Мӕ фыд уыцы чингуытӕ куы бакаст, уӕд Хуыцауыл ногӕй баууӕндыд. Хъыгагӕн, 1939 азы тынг фӕрынчын, фӕлӕ йӕ мӕлӕты размӕ мӕ мадӕн загъта: «Ай рӕстдзинад у. Нӕ сывӕллӕтты-иу ацы фӕндагыл сӕвӕр».

СЫБЫР – ХЪУСЫН КӔНЫНӔН НОГ БЫНАТ

1951 азы апрелы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Советон Цӕдисы ныгуылӕн хайӕ Сыбырмӕ ӕрвитын райдыдта. Мӕн мӕ мадимӕ ӕмӕ мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Григориимӕ сыстын кодтой Украинӕйӕ. Поездыл Сыбырмӕ фӕцыдыстӕм 6 000 километрӕй фылдӕр, ӕмӕ ӕрхӕццӕ стӕм горӕт Тулунмӕ. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ та мӕ хистӕр ӕфсымӕр Богдан ӕрцыд, тыхкуыст кӕм кодтой, ахӕм лагермӕ, горӕт Ангарскмӕ, махмӕ хӕстӕг. Радтой йын 25 азы.

Мӕ мадимӕ ӕмӕ Григориимӕ хъусын кодтам Тулунмӕ хӕстӕг хъӕуты, фӕлӕ-иу нӕ ныхас райдайынӕн хъуыди цыдӕртӕ ӕрхъуыды кӕнын. Зӕгъӕм-иу бафарстам: «Ам хъуг уӕййаг никӕмӕ ис?» Ахӕм адӕймаг-иу куы разынд, уӕд-иу, хъуг куыд диссаджы конд у, уый кой скодтам. Ӕмӕ-иу гыццыл фӕстӕдӕр нӕ ныхас рахызт Сфӕлдисӕгмӕ. Уӕд дын иу газеты куы ныффыссиккой, Ӕвдисӕнтӕ, дам, хъугӕлхӕнӕг зилынц, фӕлӕ, дам, ӕцӕгӕй та фысты агурынц! Ӕмӕ-иу бӕгуыдӕр ссардтам фысау сабыр адӕмы. Уыцы рӕтты цы сӕрныллӕг ӕмӕ уазӕгуарзон адӕм уыд, уыдонимӕ нын Библи ахуыр кӕнын тынг ӕхсызгон уыд. Ныртӕккӕ Тулуны ис, 100 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр кӕм ис, ахӕм ӕмбырд.

МАРИЙӔЙЫ УЫРНЫНДЗИНАД ФӔЛВӔРД ӔРЦЫД

Мӕ бинойнаг Марийӕ рӕстдзинад базыдта Украинӕйы Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг. 18 азы йыл куы цыд, уӕд иу КГБ-йы кусӕг йӕ фӕдыл бафтыд, фӕндыди йӕ, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Фӕлӕ Марийӕ йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууыд. Иу бон сӕхимӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд кӕсы, ӕмӕ уыцы лӕг йӕ хуыссӕны хуыссы. Ӕмӕ Марийӕ дӕр лидзынмӕ фӕци. КГБ-йы кусӕг ӕм, мӕстӕй фыцгӕйӕ, ӕртхъирӕнтӕ кодта, Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый тыххӕй, дам, дӕ ӕз ахӕстоны бамидӕг кӕндзынӕн. Ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр 1952 азы 10 азмӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Иосиф. Уый дӕр ахӕстонмӕ бахауд, йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕй нӕ сивта, уый тыххӕй (Райд. 39:12, 20). Марийӕйы тӕрхондонӕй ахӕстонмӕ чи ласта, уыцы нӕлгоймаг ын загъта: «Ма тӕрс. Ахӕстонмӕ бирӕтӕ бахауынц, фӕлӕ сӕ сӕрыкад нӕ фесафынц». Уыцы ныхӕстӕ йӕ тынг бафидар кодтой.

1952 азӕй 1956 азмӕ Марийӕ уыди лагеры горӕт Горькиймӕ ӕввахс (ныртӕккӕ хуыйны Нижний Новгород). Йӕ куыст уыд бӕлӕсты бындзӕфхӕдтӕ къахын, ӕмӕ уый хъуамӕ арӕзтаид, хъызт уазал куы уыд, уӕд дӕр. Уым йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта. Фӕлӕ 1956 азы ссӕрибар ӕмӕ ацыд Тулунмӕ.

МӔ БИНОЙНАГӔЙ ӔМӔ МӔ СЫВӔЛЛӔТТӔЙ УЫДТӔН ДАРД

Тулуны мын иу ӕфсымӕр загъта, иу хо, дам, нӕм хъуамӕ ӕрцӕуа. Ӕмӕ ӕз дӕр мӕ велосипедыл йӕ размӕ автобусы остановкӕмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй йӕм йӕ дзаумӕттӕ хӕссынмӕ фӕкастаин. Куыддӕр Марийӕйы федтон, афтӕ мӕ зӕрдӕйы ныххауд. Ӕнцон мын нӕ уыд йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарын, фӕлӕ мын ӕппынфӕстаг бантыст. Ӕмӕ 1957 азы нӕ цард баиу кодтам. Иу азы фӕстӕ райгуырд нӕ чызг Иринӕ. Фӕлӕ мӕ мӕ хъӕбулыл фӕцин кӕнын дӕр нӕ бауагътой. 1959 азы мӕ ӕрцахстой, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ кӕй мыхуыр кодтон, уый тыххӕй. Афӕдзы ’рдӕг ахӕстоны камерӕйы фӕбадтӕн иунӕгӕй. Цӕмӕй мӕ зӕрдӕйы фарн уыдаид, уый тыххӕй-иу ӕдзух Йегъовӕмӕ куывтон, Паддзахады зарджытӕ-иу зарыдтӕн ӕмӕ-иу мӕ цӕстытыл ауайын кодтон, куы ссӕрибар уон, уӕд та куыд хъусын кӕндзынӕн, уый.

Лагеры, 1962 аз

Иухатт мӕм ахӕстоны слестгӕнӕг йӕхимӕ куы фӕдзырдта ӕмӕ мӕ куы фӕрафӕрс-бафӕрс кодта, уӕд иуафон ныхъхъӕр кодта: «Кӕсгӕ-ма кӕнут, тагъд уӕ мыстытау куы нӕ сыскъуыйын кӕнӕм!» Ӕз ын дзуапп радтон: «Чырысти загъта, Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд кӕй ӔРЦӔУДЗӔН, ӕмӕ уый никӕй бон у бауромын». Уӕд слестгӕнӕг йӕ ныхас иннӕрдӕм фӕзылдта ӕмӕ мын, райдианы куыд загътон, афтӕ, дзурын райдыдта, дӕ дин ныууадз, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йе ’ртхъирӕнтӕй ӕмӕ йӕ гӕдыныхӕстӕй куы ницы рауад, уӕд мӕ авд азмӕ арвыстой лагермӕ горӕт Саранскмӕ хӕстӕг. Фӕндагыл базыдтон, ноджыдӕр ма мын иу чызг кӕй райгуырд, Ольгӕ. Кӕд мӕ бинойнаг ӕмӕ мӕ чызджытӕ дард уыдысты, уӕддӕр мын удӕнцой хаста, Марийӕимӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззадыстӕм, уый.

Марийӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ, Ольгӕ ӕмӕ Иринӕ, 1965 аз

Марийӕ-иу мӕм афӕдз иу хатт Саранскмӕ ӕрцыд, кӕд Тулунӕй уырдӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ поездыл 12 боны хъуыди цӕуын, уӕддӕр. Ӕмӕ-иу мын алы аз дӕр ӕрласта иу фӕлыст ног дзабыртӕ. Сӕ зӕвӕтты та-иу ӕмбӕхст уыд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕстаг номыртӕ. Фӕлӕ мын иу аз уӕлдай зынаргъ лӕвар скодта: нӕ дыууӕ гыццыл чызджы дӕр йемӕ ӕрласта. Мӕнӕй амондджындӕр ма кӕм уыди: кӕдӕй-уӕдӕй сӕ федтон ӕмӕ уыдыстӕм иумӕ!

НОГ БЫНӔТТӔ – НОГ ЗЫНДЗИНӔДТӔ

1966 азы мӕ лагерӕй рауагътой, ӕмӕ мӕ бинонтимӕ цӕрынмӕ ацыдтӕн горӕт Армавирмӕ, у Сау денджызмӕ хӕстӕг. Уым нын райгуырдысты Ярослав ӕмӕ Павел.

Уырдӕм куы ’рцыдыстӕм, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нын КГБ-йы кусджытӕ нӕ хӕдзар джигул кӕнын райдыдтой, агуырдтой-иу Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ. Кӕм-иу ӕй нӕ агуырдтой, ахӕм нӕ уыд, суанг ма фосы холладжы дӕр. Иуахӕмы та нӕм куы джигул кодтой, уӕд уыди тынг тӕвд бон, ӕмӕ сӕ хид цъыкк-цъыкк кодта, сӕ уӕлӕдарӕс та рыгӕй нал зынд. Марийӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уыдон, дам, ӕрмӕстдӕр кӕйдӕр бардзырдтӕ ӕххӕст кӕнынц. Гъемӕ сын кампот ӕркодта, стӕй сын рахаста дзаумӕттӕ сыгъдӕггӕнӕн щеткӕ, тасы дон ӕмӕ хисӕрфӕнтӕ. Фӕстӕдӕр сӕ хицау куы ’рбацыд, уӕд ын радзырдтой, хорз цӕстӕй сӕм кӕй ракастыстӕм, уый тыххӕй. Куы цыдысты, уӕд нӕм сӕ хицау йӕ мидбылты бахудт ӕмӕ нӕм йӕ къух фӕтылдта, дзӕбӕх ут, зӕгъгӕ. «Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз» кодтам, ӕмӕ нын уый ӕхсызгон уыд (Ром. 12:21).

Кӕд нӕ ӕнцад нӕ уагътой, уӕддӕр Армавиры дарддӕр хъусын кодтам. Уымӕй уӕлдай ма ӕххуыс кодтам, хӕстӕг нӕм чи уыд, уыцы горӕты, Курганинск, зӕгъгӕ, цы гыццыл къорд уыд, уымӕн дӕр. Ныртӕккӕ Армавиры ис ӕхсӕз ӕмбырды, Курганинскы та – цыппар, ӕмӕ ууыл тынг цин кӕнын.

Ахӕм рӕстӕджытӕ дӕр-иу уыди, ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлд, афтӕ нал лӕггад кодтам. Фӕлӕ дзы тынг бузныг уыдыстӕм, иузӕрдион ӕфсымӕрты уылты-иу нын нӕ рӕдыдтытӕм кӕй бацамыдта ӕмӕ-иу нын нӕ уырнындзинад кӕй бафидар кодта, уый тыххӕй (Пс. 130:3). Стыр фӕлварӕн ма нын уыди, не ’мбырдты-иу КГБ-йы кусджытӕ кӕй уыд, уый, мах та-иу ӕй зонгӕ дӕр нӕ кодтам. Сӕ удӕй-иу арт уагътой ӕмӕ-иу зӕрдиагӕй лӕггад кодтой. Чидӕртӕ ма дзы суанг бӕрнон ӕфсымӕртӕ дӕр систы. Фӕлӕ сӕ ӕппынфӕстаг базыдтам.

1978 азы та Марийӕ, 45 азы йыл куы цыд, уӕд, ногӕй басывӕрджын. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ лӕмӕгъ кӕй уыд, уый тыххӕй йын дохтыртӕ тарстысты, ӕмӕ йын аборт кӕнын кодтой. Марийӕ сын не сразы. Уӕд уыдон дӕр йӕ фӕдыл рынчындоны шприцимӕ рацу-бацу кӕнын райдыдтой, хъавыдысты йын укол скӕнынмӕ, цӕмӕй йӕ сывӕллон афонӕй раздӕр райгуырдаид. Ӕмӕ Марийӕ дӕр сывӕллоны аирвӕзын кӕныны тыххӕй рынчындонӕй алыгъд.

Уый фӕстӕ нӕ КГБ горӕтӕй сыстын кодта. Гъемӕ ацыдыстӕм Эстонимӕ (уӕд хауди Советон Цӕдисмӕ) ӕмӕ ӕрцардыстӕм Таллинмӕ хӕстӕг иу хъӕуы. Ӕмӕ-иу кӕд дохтыртӕ хорзӕй ницы дзырдтой, уӕддӕр Таллины Марийӕйӕн райгуырди ӕнӕниз лӕппу, Виталий.

Фӕстӕдӕр Эстонийӕ алыгъдыстӕм станицӕ Незлобнӕймӕ, ис Уӕрӕсейы хуссар хайы. Мах-иу хъавгӕйӕ хъусын кодтам уырдӕм хӕстӕг горӕтты. Уыцы горӕттӕ сты курорттӕ, ӕмӕ-иу дзы цы адӕм улӕфыд, уыдон уыдысты нӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй. Уырдӕм-иу се ’нӕниздзинад фӕфидар кӕнынмӕ ӕрцыдысты, фӕстӕмӕ та-иу аздӕхтысты ӕнустӕм цӕрыны ныфсимӕ!

НӔ СЫВӔЛЛӔТТӔН ЙЕГЪОВӔЙЫ БАУАРЗЫН КОДТАМ

Мах архайдтам, цӕмӕй нӕ лӕппутӕн ӕмӕ нӕ чызджытӕн Йегъовӕйы бауарзын кодтаиккам, стӕй сӕ цӕмӕй бафӕндыдаид Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Нӕхимӕ-иу арӕх фӕхуыдтам, нӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг чи уыд, ахӕм ӕфсымӕрты. Уыдонӕй иу уыд ме ’фсымӕр Григорий, 1970 азӕй 1995 азмӕ лӕггад кодта цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Ӕнӕхъӕн бинонтӕй дӕр-иу йе ’рбацыдыл тынг цин кодтам, уымӕн ӕмӕ уыд хъӕлдзӕг ӕмӕ хъазаг адӕймаг. Уазджытӕ-иу нӕм куы уыд, уӕд-иу арӕх хъазыдыстӕм Библийыл арӕзт хъӕзтытӕй, ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ Библийы фыст хабӕрттӕ тынг бауарзтой.

Мӕ фырттӕ сӕ бинойнӕгтимӕ.

Галиуырдыгӕй рахизырдӕм, фӕстейӕ: Ярослав, Павел ӕмӕ Виталий

Разӕй: Аленӕ, Райӕ ӕмӕ Светланӕ

1987 азы нӕ фырт Ярослав ацыд Латвимӕ, горӕт Ригӕмӕ, ӕмӕ уым йӕ бон уыд сӕрибардӕрӕй хъусын кӕнын. Фӕлӕ ӕфсадмӕ ацӕуыныл куы не сразы, уӕд ын стӕрхон кодтой ӕмӕ йын афӕдз ӕмӕ ’рдӕг радтой. Ярослав фӕбадт 9 ахӕстоны. Ӕз ын кӕддӕр мӕхи хабӕрттӕ дзырдтон, ахӕстоны куыд бадтӕн, уый тыххӕй, ӕмӕ йын уый дӕр фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кодта. Фӕстӕдӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. 1990 азы нӕ фырт Павел, уӕд ыл цыд 19 азы, райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ сфӕнд кодта Сахалинмӕ ацӕуын, Японийы раз цӕгатырдӕм чи ис, уыцы сакъадахмӕ. Фыццаг ӕй нӕ уагътам. Ӕнӕхъӕн сакъадахыл 20 хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ нӕ уыд, стӕй не ’хсӕн уыди 9 000 километрӕй фылдӕр. Фӕлӕ фӕстагмӕ сразы стӕм, ӕмӕ нӕ фӕрӕдыдыстӕм. Адӕм дзы Библийы хабармӕ хорз хъуыстой. Цалдӕр азмӕ дзы фӕзынд 8 ӕмбырды. Павел Сахалины лӕггад кодта 1995 азмӕ. Уыцы рӕстӕг ма нӕ фарсмӕ нӕ сывӕллӕттӕй уыд ӕрмӕстдӕр нӕ кӕстӕр фырт Виталий. Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Библи кӕсын тынг уарзта. 14-аздзыдӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта, ӕмӕ ӕз дӕр йемӕ пионерӕй лӕггад кодтон 2 азы. Уый диссаджы рӕстӕг уыд. 19-аздзыдӕй Виталийы снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй, ӕмӕ уый дӕр ацыд.

1952 азы КГБ-йы кусӕг Марийӕйӕн загъта: «Дӕ дин куы нӕ ныууадзай, уӕд дӕс азы ахӕстоны баддзынӕ. Ӕмӕ куы рацӕуай, уӕд уыдзынӕ зӕронд ӕмӕ никӕй хъӕудзынӕ». Фӕлӕ хабӕрттӕ бынтон ӕндӕрхуызон рауадысты. Мах ӕй уыдтам, нӕ иузӕрдион Хуыцау Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, стӕй нӕ кӕй уарзынц нӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ, рӕстдзинад базонынӕн кӕмӕн баххуыс кодтам, уыдон дӕр. Марийӕимӕ-иу ацыдыстӕм, нӕ сывӕллӕттӕ кӕм лӕггад кодтой, уыцы рӕттӕм, ӕмӕ нын уый стыр циндзинад хаста. Нӕ хъӕбултӕ Йегъовӕйы базонынӕн кӕмӕн баххуыс кодтой, уыдон-иу сӕ тынг бузныг уыдысты, ӕмӕ нын уый дӕр ӕхсызгон куыннӕ уыд.

БУЗНЫГ СТӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ ХӔЛАРЗӔРДӔДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ

1991 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Уӕрӕсейы регистраци скодтой. Уый фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуын райдыдта. Не ’мбырд ма автобус дӕр балхӕдта, цӕмӕй алы къуырийы кӕрон дӕр нӕ бон уыдаид хӕстӕгдӕр хъӕутӕм ӕмӕ горӕттӕм хъусын кӕнынмӕ цӕуын.

Мӕ бинойнагимӕ 2011 азы

Тынг ӕхсызгон мын у, Ярослав йӕ бинойнаг Аленӕимӕ, стӕй Павел дӕр йӕ бинойнаг Райӕимӕ Вефилы кӕй лӕггад кӕнынц, Виталий та районон цӕстдарӕг кӕй у ӕмӕ йӕ бинойнаг Светланӕимӕ ӕмбырдтӕ кӕй бӕрӕг кӕнынц, уый. Нӕ хистӕр чызг Иринӕ йӕ бинонтимӕ цӕры Германийы. Йӕ лӕг Владимир ӕмӕ се ’ртӕ фырты лӕггад кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕй. Нӕ чызг Ольгӕ цӕры Эстонийы ӕмӕ мӕм телефонӕй арӕх фӕдзуры. Хъыгагӕн, Марийӕ, мӕ зынаргъ цардӕмбал, 2014 азы фӕзиан. Тынг бӕллын, куы райгас уа, уыцы бонмӕ. Тагъддӕр ма йӕ куы фенин! Ныр цӕрын горӕт Белгороды, ӕмӕ мын ам ӕфсымӕртӕ стыр ныфсы хос сты.

Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ бамбӕрстон, иузӕрдионӕй баззайын афтӕ ӕнцон кӕй нӕу. Фӕлӕ Йегъовӕ адӕймагӕн цы фарн ратты, уый у, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм хӕзна. Марийӕимӕ фӕлварӕнты фидар кӕй фӕлӕууыдыстӕм, уый тыххӕй ахӕм арфӕдзинӕдтӕй схайджын стӕм, ӕмӕ сыл хъуыды дӕр нӕ акодтаин. Цалынмӕ Советон Цӕдис 1991 азы нӕ фехӕлд, уӕдмӕ дзы уыд ӕрмӕстдӕр 40 мин хъусынгӕнӕджы бӕрц. Абон та, кӕддӕр Советон Цӕдисмӕ чи хауд, уыцы бӕстӕты ис 400 мин хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр! Ныр мыл цӕуы 83 азы, ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй. Йегъовӕ мын кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы мӕм алкӕддӕр уыд хъарутӕ фӕразынӕн ӕмӕ фидар лӕууынӕн. Йегъовӕ мӕ ӕцӕгдӕр стыр хорздзинӕдтӕй схайджын кодта (Пс. 13:5, 6).

^ 4 абз. КГБ у уырыссаг ныхас, нысан кӕны «Комитет государственной безопасности».