Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Мӕ къухтӕ ӕруадзын никуы бауагътон

Мӕ къухтӕ ӕруадзын никуы бауагътон

ВЕФИЛЫ мӕ ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ фырбуцӕн арӕх фӕхонынц, мӕ фыды хай, зӕгъгӕ. 89-аздзыдӕй мӕ афтӕ кӕй хонынц, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Уыцы фӕлмӕн ныхӕстӕ мын хӕрзиуӕгӕй уӕлдай не сты. Йегъовӕ мӕ уыцы хӕрзиуӕгӕй схайджын кодта, 72 азы йын ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнын, уый тыххӕй. Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ мыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ гӕсгӕ мӕ бон у уыцы ӕрыгӕттӕн фидарӕй зӕгъын: уӕ къухтӕ куы не ’руадзат, уӕд уын уӕ фыдӕбоны тыххӕй уыдзӕн хӕрзиуӕг (2 Аз. 15:7).

МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ ӔМӔ МӔ ХОТӔ ӔМӔ МЕ ’ФСЫМӔРТӔ

Мӕ ныййарджытӕ Украинӕйӕ Канадӕмӕ алыгъдысты ӕмӕ ӕрцардысты горӕт Росберны, провинци Манитобӕйы. Мӕ мадӕн райгуырд 8 лӕппуйы ӕмӕ 8 чызджы, ӕз уыдтӕн цыппӕрдӕсӕм. Фаззон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ мын нӕ уыд. Мӕ фыд Библи уарзта ӕмӕ-иу нын ӕй алы хуыцаубон дӕр райсомӕй касти. Фӕлӕ дины разамонджытӕй та афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ сӕхицӕн ӕхца кусынц, адӕмы мӕт та сӕ ӕппындӕр нӕй. Арӕх-иу хынджылӕгӕй загъта: «Цымӕ Чырыстийӕн та чи фыста, адӕмӕн кӕй хъусын кодта ӕмӕ сӕ кӕй ахуыр кодта, уый тыххӕй?»

Ме ’фсымӕртӕй цыппар ӕмӕ мӕ хотӕй дӕр цыппар фӕстӕдӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдысты. Мӕ хотӕй иу, Роуз, пионерӕй фӕлӕггад кодта суанг йӕ мӕлӕты онг. Йӕ царды фӕстаг бонты-иу иннӕты разӕнгард кодта, цӕмӕй-иу Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккой ӕмӕ-иу сын загъта: «Ног дунейы дӕ куы фенин, уый мӕ фӕнды». Мӕ хистӕр ӕфсымӕр та, Тед, раздӕр цавӕрдӕр диныл хӕст уыд, ӕмӕ-иу алы хуыцаубон дӕр радиойӕ дзырдта, тӕригъӕдджынтӕ зындоны ӕнустӕм кӕй хъизӕмар кӕндзысты. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ уый дӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыд ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта.

ӔХХӔСТРӔСТӔГ ЛӔГГАД КӔНЫН КУЫД РАЙДЫДТОН

Иу бон нӕхимӕ скъолайӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд хӕрӕндоны стъолыл ауыдтон брошюрӕ, «Тагъд ӕппӕт дӕр ногӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн» *, зӕгъгӕ. Уый уыди 1944 азы июны. Бакастӕн ын йӕ фыццаг фарс, стӕй дыккаг, ӕмӕ ма мӕ чи баурӕдтаид! Брошюрӕ ӕнӕхъӕнӕй куы бакастӕн, уӕд мӕхицӕн загътон, ӕз дӕр Чырыстийау Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзынӕн.

Уыцы брошюрӕ нын чи ӕрбахаста? Мӕ хистӕр ӕфсымӕр Стив загъта, чингуытӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ чи «уӕй кодта», дыууӕ ахӕм лӕджы нӕм кӕй ӕрбацыд. Стӕй ма загъта: «Ацы брошюрӕ аслам уыди, ӕмӕ йӕ ӕз дӕр балхӕдтон». Уыцы нӕлгоймӕгтӕ та иннӕ хуыцаубоны дӕр ӕрбацыдысты. Уыдон нын загътой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты ӕмӕ адӕмы фарстатӕн дзуапп Библийы фӕрцы кӕй дӕттынц. Уый нӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ ныййарджытӕ сахуыр кодтой Хуыцауы Ныхасӕн аргъ кӕнын. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ ма нын загътой, горӕт Виннипегы тагъд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн конгресс кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ ӕз дӕр сфӕнд кодтон уыцы конгресмӕ ацӕуын. Уыцы горӕты цард мӕ хо, Элси.

Виннипегмӕ велосипедыл фӕцыдтӕн 320 километры бӕрц. Фӕлӕ уырдӕм цӕугӕйӕ ӕрлӕууыдтӕн горӕт Келвуды ӕмӕ иуцасдӕр уым баззадтӕн. Келвуды цардысты, хӕдзармӕ нӕм цы дыууӕ Ӕвдисӕны ӕрбацыдысты, уыдон. Уым фембӕлдмӕ ацыдтӕн ӕмӕ базыдтон, ӕмбырд цы у, уый. Стӕй ма базыдтон, иууылдӕр, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, стырӕй-чысылӕй, Чырыстийау хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъуамӕ хъусын кӕной.

Виннипегы фембӕлдтӕн мӕ хистӕр ӕфсымӕрыл, Джекыл. Уый дӕр конгресмӕ ӕрцыд цӕгат Онтариойӕ. Конгрессы фыццаг бон фехъусын кодтой, чидӕртӕ донаргъуыд кӕй исдзысты. Гъемӕ Джекимӕ нӕхицӕн загътам, хъуамӕ ацы конгрессы донаргъуыд райсӕм ӕмӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдайӕм, зӕгъгӕ. Джек пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта конгрессы фӕстӕ. Мӕныл та уӕд 16 азы цыд, ӕмӕ мӕ хъуыди скъола фӕуын. Фӕлӕ иннӕ аз ӕз дӕр сдӕн пионер.

БИРӔ ЦӔУЫЛДӔРТЫ САХУЫР ДӔН

Пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон ӕфсымӕр Стен Николсонимӕ, провинци Манитобӕйы чи ис, уыцы горӕт Сурисы. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрстон, пионерӕй лӕггад кӕнын алы хатт лӕгъз фӕндагыл цӕуӕгау кӕй нӕ вӕййы. Не ’хца сабыргай фӕуд кодта, фӕлӕ мах уӕддӕр нӕ куыст кодтам. Иу бон уацамынды ӕнӕхъӕн бон уыдыстӕм ӕмӕ нӕхимӕ зыбыты ӕххормагӕй ӕрбацыдыстӕм, нӕ дзыппы капекк дӕр нал уыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ дын кӕсӕм, ӕмӕ къӕсӕрыл лӕууы хӕринӕгтӕй йедзаг стыр дзӕкъул. Нӕ дисӕн ма кӕрон кӕм уыд! Абоны онг дӕр ӕй нӕ зонӕм, чи йӕ ӕрбахаста, уый. Фӕлӕ уыцы изӕр паддзӕхтау нӕхи хорз федтам. Цӕй стыр хӕрзиуӕг уыд уый, нӕ къухтӕ кӕй не ’руагътам, уый тыххӕй! Уыцы мӕйы кӕрон куыд хӕрзхуыз уыдтӕн, афтӕ никуы.

Цалдӕр мӕйы фӕстӕ нӕ снысан кодтой, Сурисӕй иу-240 километры цӕгатырдӕм чи у, уыцы горӕт Гилберт-Плейнсмӕ. Уыцы рӕстӕг алы ӕмбырдӕн дӕр сценӕйыл уыди стыр таблицӕ, ӕмӕ дзы ӕвдыст уыд, ӕмбырд алы мӕй дӕр куыд хъусын кодта, уый. Иу мӕй таблицӕйы нымӕцтӕ куы фӕкъаддӕр сты, уӕд мӕ раныхасы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ хъус ӕрдардтон, уыцы хъуыддаг сӕ фӕхуыздӕр кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕ. Пионерӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ йӕ лӕг чырыстон кӕмӕн нӕ уыд, иу ахӕм ацӕргӕ хо мӕм ӕмбырды фӕстӕ цӕссыгкалгӕйӕ ӕрбацыд ӕмӕ мын афтӕ: «Бӕргӕ архайын, фӕлӕ уымӕй фылдӕр мӕ бон нӕу». Уӕд ӕз дӕр мӕ цӕссыг нал баурӕдтон, ӕмӕ дзы хатыр ракуырдтон.

Ӕрыгон ӕмӕ хъаруджын ӕфсымӕртыл, гӕнӕн ис, мӕн хуызӕн рӕдыд ӕрцӕуа ӕмӕ уый тыххӕй сӕхи хӕрой. Фӕлӕ йӕ мӕхицӕй зонын: дӕ къухтӕ ӕруадзай, уымӕй хуыздӕр у, дӕ рӕдыдӕй истӕуыл сахуыр уай, уый. Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕ ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ ныууадздзӕн.

НӔ ТОХ КВЕБЕКЫ

Ахӕм стыр кад мӕм ӕрхауд, ӕмӕ 1950 азы 21-аздзыдӕй ахуыр кодтон Галаады скъолайы 14-ӕм къласы! Каст ӕй фӕдӕн уыцы аз февралы. Мемӕ цы 103 адӕймаджы ахуыр кодта, уыдонӕй иу-25 снысан кодтой Канадӕмӕ, французаг ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы провинци Квебекмӕ. Уыцы ран Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ тынг цыдысты. Мӕн та снысан кодтой Валь-д’Ормӕ. Уыцы горӕт ис Квебекӕн йӕ хуссар-ныгуылӕн хайы. Иухатт къордӕй хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм сыхаг хъӕу Валь-Сенвильмӕ. Уым нӕм сауджын бартхъирӕн кодта, ныртӕккӕ ардыгӕй куы нӕ ацӕуат, уӕд уын мах, цы хъӕуы, уый бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕз ыл тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдтон. Мӕ хъуыддаг мын куы равзӕрстой, уӕд уыцы сауджыны фӕивар кодтой *.

Хорз хабары сӕрыл тох кӕнгӕйӕ-иу ныл Квебекы бирӕ ахӕм хабӕрттӕ ӕрцыд. Уыцы провинцийы Ромаг католикон аргъуанӕн 300 азӕй фылдӕр уыд стыр бартӕ. Сауджынтӕ ӕмӕ, сӕ фарс чи уыд, уыцы хицӕуттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ цыдысты. Уый ӕнцон рӕстӕг нӕ уыд, стӕй бирӕйӕ нӕ уыдыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ къухтӕ ӕруадзын нӕ бауагътам. Бынӕттон цӕрджытӕй сыгъдӕгзӕрдӕ чи уыд, уыдон-иу хорз хабармӕ байхъуыстой. Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдон рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айстой, ӕмӕ уый мӕнӕн уыд стыр кад. Иу бинонтимӕ ахуыр кодтон, уыдысты дӕсӕй, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой. Сӕ хъӕбатырдзинад уынгӕйӕ иннӕтӕ дӕр сфӕнд кодтой Католикон аргъуан ныууадзын. Дарддӕр дӕр кӕй хъусын кодтам, уый фӕрцы уыцы тохы фӕуӕлахиз стӕм!

ӔФСЫМӔРТЫ СӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГЫЛ АХУЫР КӔНӔМ

1956 азы мӕ снысан кодтой Гаитимӕ. Уырдӕм цы миссионертӕ ӕрцыд, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕн фыццаг ӕнцон нӕ уыд французаг ӕвзаг ахуыр кӕнын, фӕлӕ сӕм адӕм уӕддӕр хъуыстой. Уыдонӕй сӕ иу, Стенли Боггэс, загъта: «Адӕм-иу нын зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтой, цӕмӕй-иу, цы зӕгъинаг уыдыстӕм, уый-иу нӕ бон зӕгъын уыдаид, ӕмӕ нӕ уый дисы ӕфтыдта». Уыцы миссионертӕй уӕлдай, мӕнӕн мӕ хабар хуыздӕр уыд, уымӕн ӕмӕ французаг ӕвзаг Квебекы сахуыр кодтон. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрстам, бынӕттон ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕр ӕрмӕстдӕр гаитиаг креойлаг ӕвзагыл кӕй дзурынц. Уӕдӕ цӕмӕй ӕнтыстджын уыдаиккам, уый тыххӕй нӕ хъуыди бынӕттон ӕвзаг сахуыр кӕнын, ӕмӕ йӕ уӕвгӕ сахуыр кодтам. Ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ фыдӕбоны тыххӕй раарфӕ кодта.

Цӕмӕй бынӕттон ӕфсымӕртӕн нӕ бон дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕнын уыдаид, уый тыххӕй Разамонӕг советӕй бар ракуырдтам, цӕмӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ гаитиаг креойлаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын райдыдтаиккам, ӕмӕ нын уый бар радта. Уый фӕрцы уыцы бӕстӕйы, ӕмбырдтӕм чи цыд, уыдоны нымӕцыл азӕй-азмӕ ӕфтыд. 1950 азы Гаитийы уыд 99 хъусынгӕнӕджы, 1960 азмӕ та уыдысты 800 фылдӕр. Уыцы рӕстӕг мӕ фӕхуыдтой Вефилмӕ. 1961 азы мын бахӕс кодтой, цӕмӕй Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола ауадзынӕн баххуыс кодтаин. Уыцы скъолайы ахуыр кодта 40 ӕфсымӕры – ӕмбырды цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕрмагонд пионертӕ. 1962 азы январы конгрессы бынӕттон фӕлтӕрд ӕфсымӕрты баразӕнгард кодтам фылдӕр хъусын кӕнынмӕ, ӕмӕ дзы кӕйдӕрты сӕрмагонд пионертӕй снысан кодтой. Уый уыд йӕ тӕккӕ афоныл, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой.

Конгрессӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ, 23 январы, мӕн ӕмӕ ма иу миссионеры, Эндрю Д’Амикойы, филиалы ӕрцахстой. Стӕй ма байстой 1962 азы 8 январы «Райхъал ут!»-ы экземпляртӕ французаг ӕвзагыл. Уыцы номыры уыд иуӕй-иу французаг газеттӕй скъуыддзӕгтӕ, ӕмӕ дзы фыст уыди, Гаитийы цӕрджытӕ спиритизмимӕ (вудуимӕ) баст хъуыддӕгты кӕй архайынц. Уыцы ныхӕстӕ кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты, ӕмӕ загътой, ацы статья, дам, филиалы ныффыстат. Цалдӕр къуырийы фӕстӕ миссионерты уыцы бӕстӕйӕ арвыстой *. Фӕлӕ, Бӕрнон ӕфсымӕрты скъолайы чи сахуыр кодта, уыцы бынӕттон ӕфсымӕртӕ, сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой, ӕмӕ хъуыддаг размӕ цыди. Абон ӕз дӕр семӕ цин кӕнын, гъеуӕд фидар кӕй разындысты ӕмӕ сӕ уырнындзинад кӕй сфидар, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма сӕм ныр ис «Библи – Ног дунейы тӕлмац» гаитиаг креойлаг ӕвзагыл. Уыцы бӕллиццаг хабар искуы ӕрцӕудзӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдыстӕм!

АРӔЗТАДОН КУЫСТЫТӔ ЦЕНТРАЛОН-АФРИКАГ РЕСПУБЛИКӔЙЫ

Гаитийы фӕстӕ мӕ снысан кодтой Централон-Африкаг Республикӕмӕ. Фӕстӕдӕр уыцы бӕстӕйы лӕггад кодтон цӕуӕг цӕстдарӕгӕй, уый фӕстӕ та филиалы цӕстдарӕгӕй.

Уыцы рӕстӕг уым Паддзахады залтӕй бирӕтӕ уыдысты тынг хуымӕтӕг арӕзт. Ӕз сахуыр дӕн хъӕмп ӕмбырд кӕнын ӕмӕ дзы залты сӕртӕ ӕмбӕрзын. Куыд хидкалгӕйӕ фыдӕбон кӕнын, уымӕ-иу бынӕттон цӕрджытӕ диссагмӕ кӕсӕгау кастысты. Бынӕттон ӕфсымӕртӕ та мӕнмӕ кӕсгӕйӕ ног залтӕ аразыныл ӕмӕ сын уӕдмӕ дӕр цы залтӕ уыди, уыдонмӕ зилыныл ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайын райдыдтой. Дины разамонджытӕ-иу ныл худтысты, уымӕн ӕмӕ нӕ залтӕй уӕлдай сӕ аргъуанты сӕртӕ зестӕй ӕмбӕрзт уыдысты. Фӕлӕ мах уӕддӕр арӕзтам хуымӕтӕг залтӕ хъӕмпӕй ӕмбӕрзт сӕртимӕ. Иухатт уыцы бӕстӕйы сӕйраг горӕты, Бангийы, тыхдымгӕ сыстад, ӕмӕ уыцы дины разамонджытӕм худын нал цыд. Дымгӕ иу аргъуаны сӕр систа, ӕмӕ сӕйраг уынджы астӕу ӕрхауд. Нӕ залты сӕртӕ та, куыддӕриддӕр уыдысты, афтӕмӕй баззадысты. Цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд хуыздӕр лӕвӕрдтаиккам, уый тыххӕй сарӕзтам ног филиал ӕмӕ миссионерты хӕдзар. Ӕмӕ нӕ уымӕн фондз мӕйы йеддӕмӕ нӕ бахъуыд *.

ЗЫНГЗӔРДӔ ЦАРДӔМБАЛ

Нӕ чындзӕхсӕвы бон

1976 азы нын Централон-Африкаг Республикӕйы нӕ хъуыддаг сӕхгӕдтой. Мӕн снысан кодтой сыхаг бӕстӕ Чадмӕ, сӕйраг горӕт Нджаменӕмӕ. Уым базонгӕ дӕн, Камерунӕй чи уыд, ахӕм зынгзӕрдӕ хоимӕ, йӕ ном Хэппи. Уӕд лӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй. 1978 азы 1 апрелы Хэппиимӕ нӕ цард баиу кодтам. Уыцы мӕй Чады мидхӕст райдыдта, ӕмӕ цӕрджытӕй бирӕтау мах дӕр бӕстӕйы хуссар хаймӕ алыгъдыстӕм. Хӕст куы фӕци ӕмӕ нӕ хӕдзармӕ фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтыстӕм, уӕд базыдтам, иу ӕфсӕддон къорд дзы йӕхицӕн штаб кӕй скодта. Нӕ литературӕ, стӕй Хэппийы чындздзон къаба ӕмӕ нын нӕ чындзӕхсӕвмӕ цы лӕвӕрттӕ скодтой, уыдон нал ӕрбаййӕфтам. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ къухтӕ ӕруадзын нӕ бауагътам. Сӕйрагдӕр уый уыд, ӕмӕ нӕ кӕрӕдзийӕ ничи фӕхицӕн кодта, ӕмӕ цӕттӕ уыдыстӕм дарддӕр лӕггад кӕнынмӕ.

Иу-дыууӕ азы фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Централон-Африкаг Республикӕйы фӕстӕмӕ сӕрибарӕй архайыны бар радтой. Ӕмӕ мах дӕр уыцы бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтыстӕм ӕмӕ дзы цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кодтон. Цӕргӕ та фургоны кодтам. Уыди нын дзы тухгӕ сынтӕг, 200 литры дон кӕм цыд, ахӕм боцкъа, газӕй чи куыста, ахӕм холодильник ӕмӕ гыццыл газы пец. Иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуын ӕнцон кӕцӕй уыд. Иухатт нӕ ӕппынкъаддӕр 117 постыл баурӕдтой.

Арӕх-иу уыцы бӕстӕйы уыди 50 градусы онг тӕвд, ӕмӕ-иу конгрессты рӕстӕг донаргъуыдӕн дон ссарын зын уыд. Гъемӕ-иу ӕфсымӕртӕ цӕугӕдӕтты хус донвӕдты зӕхх скъахтой ӕмӕ-иу дзы гыццылгай дон ӕрӕмбырд кодтой, цӕмӕй-иу донаргъуыд райсыны фаг уыдаид. Арӕх-иу афтӕ уыд, ӕмӕ-иу донаргъуыд боцкъаты райстой.

ДАРДДӔР ЛӔГГАД КӔНӔМ ИННӔ АФРИКАГ БӔСТӔТЫ

1980 азы нӕ снысан кодтой Нигеримӕ. Уым дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг ӕфсымӕртимӕ иумӕ архайдтам, цӕмӕй ног филиал саразынӕн алцыдӕр бацӕттӕ кодтаиккам. Ӕфсымӕртӕ балхӕдтой, скълад чи уыд, ахӕм дыууӕуӕладзыгон агъуыст. Хъуамӕ йӕ райхӕлдтаиккам ӕмӕ йӕ, филиал кӕм хъуамӕ уыдаид, уыцы ран фӕстӕмӕ сӕмбырд кодтаиккам. Иу бон райсомӕй уыцы агъуыст куы хӕлдтам, уӕд бӕрзонд сбырыдтӕн. Сихорырдӕм, кӕуылты схызтӕн, фӕстӕмӕ ууылты ӕрцӕйхызтӕн. Фӕлӕ дзы уӕдмӕ цыдӕртӕ райхӕлдтой, ӕмӕ мӕ къах кӕм авӕрдтаин, уый нӕ уыд, ӕмӕ уырдыгӕй рахаудтӕн. Мӕ хабар цыма хӕрзтӕй нӕ уыд, афтӕ мӕм каст, фӕлӕ мын рентген куы скодтой ӕмӕ мӕ дохтыр куы федта, уӕд Хэппийӕн загъта: «Ма тыхс. Цалдӕр уӕнгбӕттӕны дзы аскъуыд, ӕндӕр ын ницы у. Иу-къуырийы фӕстӕ йӕ къахыл слӕудзӕн».

Конгресмӕ «ӕхсӕнадон транспортыл» фӕцӕуӕм

1986 азы ацыдыстӕм Кот-д’Ивуармӕ ӕмӕ уым дӕр лӕггад кодтон цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Уый фӕстӕ та ацыдыстӕм сыхаг бӕстӕ Буркина-Фасомӕ. Уӕд ууыл хъуыды дӕр нӕ акодтаин, ӕмӕ цалдӕр азы фӕстӕ Буркина-Фасо рӕстӕгмӕ нӕ хӕдзар суыдзӕн.

Цӕуӕг цӕстдарӕгӕй куы лӕггад кодтон, уӕд ацы фургон уыд нӕ хӕдзар

Канадӕйӕ ацыдтӕн 1956 азы, фӕлӕ 2003 азы, 47 азы фӕстӕ, уырдӕм Хэппиимӕ ӕрыздӕхтӕн. Уым лӕггад кодтам Вефилы. Кӕд гӕххӕттытӕм гӕсгӕ Канадӕйы цӕрджытӕ уыдыстӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ та Африкӕйы уыдысты.

Библийы ахуыр уадзын (Буркина-Фасо)

2007 азы та нӕ ногӕй Африкӕмӕ арвыстой! Уӕд мыл цыди 79 азы. Снысан та нӕ кодтой Буркина-Фасомӕ, ӕмӕ уым лӕггад кодтон бӕстӕйы комитеты. Цы офис дзы уыди, уымӕй скодтой тӕлмацгӕнджыты офис, ӕмӕ йӕм йӕ хъус дардта Бенины филиал. 2013 азы нӕ августы Бенины филиалмӕ снысан кодтой.

Хэппиимӕ, Бенины Вефилы куы лӕггад кодтам, уӕд

Кӕд мӕ ныр ме ’нӕниздзинад тынг хъыгдары, уӕддӕр зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнын. Фӕстаг ӕртӕ азы хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ мӕ бинойнаджы ӕххуысӕй Библи ахуыр кодтон дыууӕ нӕлгоймагимӕ, Жедеонимӕ ӕмӕ Фрейзисимӕ. Мӕхи цӕстӕй федтон, донаргъуыд куыд райстой, уый, ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон нӕ уыд. Ныр сӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц.

Цасдӕры фӕстӕ нӕ Хэппиимӕ арвыстой Хуссар-Африкаг Республикӕйы филиалмӕ. Ам мын Вефилы бинонтӕ хӕларзӕрдӕйӕ ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ мын ме ’нӕниздзинадыл тыхсынц. Хуссар-Африкаг Республикӕ у, Африкӕйы цы бӕстӕты лӕггад кодтон, уыдонӕй ӕвдӕм. 2017 азы октябры схайджын стӕм диссаджы арфӕдзинадӕй – Уорвичы (штат Нью-Йорк) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ног сӕйраг хайады агъуыстытӕ куы нывонд кодтой, уыцы бон мах дӕр уым уыдыстӕм. Уыцы хабар мӕ никуы ферох уыдзӕн!

1994 азы «Ӕрвылазон чиныджы» 255 фарсыл фыст уыд: «Бирӕ азты дӕргъы Хуыцауы хъуыддаджы чи архайы, уыдоны разӕнгард кӕнӕм: “Хъӕбатыр ут ӕмӕ уӕ къухтӕ ма ’руадзут, уымӕн ӕмӕ уын уӕ фыдӕбоны тыххӕй уыдзӕн хӕрзиуӕг“ (2 Аз. 15:7)». Мах Хэппиимӕ нӕхицӕн фидарӕй загътам, уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй архайдзыстӕм ӕмӕ иннӕты дӕр уымӕ кӕй разӕнгард кӕндзыстӕм.

^ 9 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1944 азы. Ныр мыхуыры нал цӕуы.

^ 18 абз. Кӕс 1953 азы 8 ноябры «Райхъал ут!», 3–5 фӕрстӕ (англ.).

^ 23 абз. Фылдӕр базонӕн ис 1994 азы «Ӕрвылазон чиныг»-ӕй, 148–150 фӕрстӕ (англ.).

^ 26 абз. Кӕс 1966 азы 8 майы «Райхъал ут!», 27 фарс (англ.).