Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕразондзинад – ныфс сӕттын чи нӕ уадзы, уыцы миниуӕг

Фӕразондзинад – ныфс сӕттын чи нӕ уадзы, уыцы миниуӕг

АЦЫ «фӕстаг бонты» цард уӕззауӕй-уӕззаудӕр кӕны, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмы ныр куыд хъӕуы фӕразондзинад, афтӕ никуыма (2 Тим. 3:1–5). Нӕ алыварс адӕмӕн сӕ фылдӕр сты хиуарзон, зындзырд ӕмӕ сӕхиуыл хӕцын нӕ зонынц. Ахӕм миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыдонмӕ фӕразондзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Уымӕ гӕсгӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Мыййаг, фӕразондзинад кӕмӕ нӕй, уыдоны хуызӕн не сдӕн? Фӕразон уай, уый цӕуыл дзурӕг у? Цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ацы миниуӕг мӕ удыхъӕды сфидар уа?»

ФӔРАЗОНДЗИНАД ЦЫ У?

Библийы дзырд «фӕразондзинад» уымӕ нӕ амоны, ӕмӕ исты зындзинадӕн ӕнӕуи быхсай. Фӕразон адӕймаджы ныфс вӕййы, уавӕр кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн, уымӕй. Ахӕм адӕймаг ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ фӕхъуыды кӕны, фӕлӕ ма иннӕты ӕнкъарӕнтыл дӕр, суанг ӕй чи смӕсты кӕны кӕнӕ йӕ чи бафхӕры, уыдоны ӕнкъарӕнтыл дӕр. Ныфс ӕй вӕййы, хъуыддаг кӕй банывыл уыдзӕн, уымӕй. Уӕдӕ Библийы, уарзондзинадӕй * чи цӕуы, уыцы миниуджыты тыххӕй кӕм фыст ис, уым фыццаг «бирӕ фӕразыны» кой дзӕгъӕлы нӕй (1 Кор. 13:4). «Бирӕфӕразондзинад» у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу (Гал. 5:22, 23) *. Уӕдӕ нӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕг фӕразон уӕм?

ФӔРАЗОНДЗИНАД НӔМ ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗӔН?

Цӕмӕй нӕм фӕразондзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм. Уыцы тыхӕй Хуыцау хайджын кӕны, йӕ зӕрдӕ йыл чи дары, уыдоны (Лук. 11:13). Ӕмӕ кӕд Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон алцыдӕр у, уӕддӕр хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр, цы курӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм (Пс. 86:10, 11). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй алы бон дӕр фӕразондзинад ӕвдисӕм ӕмӕ уыцы миниуӕг нӕ зӕрдӕйы арф уидӕгтӕ ауадза. Фӕлӕ уӕддӕр хатгай фӕразон нӕ разынӕм. Цымӕ ма нын цы баххуыс кӕндзӕн ацы миниуӕгыл кусынӕн?

Хъуамӕ, Чырысти куыд архайдта, уый тыххӕй фылдӕр базонӕм ӕмӕ йӕ фӕзмӕм. Апостол Павел чырыстӕттӕн афтӕ куы загъта, «уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут [кӕнӕ «уӕ уӕлӕ скӕнут ног»]», зӕгъгӕ, уӕд бамбарын кодта, фӕразондзинад уыцы ног удыхъӕды миниуджытӕм кӕй хауы. Ӕмӕ сӕ стӕй баразӕнгард кодта: «Уадз уӕ зӕрдӕты мидӕг хицау уӕд Чырыстийы фарн» (Кол. 3:10, фип., 12, 15). Цӕмӕй махӕн дӕр нӕ зӕрдӕйы уыцы фарн уа, уый тыххӕй хъуамӕ Чырыстийы фӕзмӕм ӕмӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ йӕ афоныл алцыдӕр кӕй сраст кӕндзӕн. Йесойау Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд, нӕ алыварс цыфӕнды ма цӕуа, уӕддӕр-иу фӕразон разындзыстӕм (Иоан. 14:27; 16:33).

Мах не ’ппӕт дӕр бӕллӕм, цӕмӕй ног дуне тагъддӕр ралӕууа. Фӕлӕ Йегъовӕ немӕ куыд фӕразон у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын сахуыр уыдзыстӕм. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕныныл фӕстиат нӕ кӕны, кӕд иуӕй-иутӕ уый фӕстиатыл нымайынц, уӕддӕр, фӕлӕ уын быхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Уӕдӕ, Йегъовӕ немӕ куыд фӕразон у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд иннӕтимӕ ноджы фӕразондӕр уыдзыстӕм (Ром. 2:4). Цавӕр уавӕрты нӕ фӕхъӕуы фӕразонӕй архайын?

ФӔРАЗОНДЗИНАД ЦАВӔР УАВӔРТЫ ФӔХЪӔУЫ?

Алы бон дӕр ахӕм уавӕрты бахауӕм, ӕмӕ нӕ фӕхъӕуы фӕразонӕй архайын. Зӕгъӕм, махмӕ гӕсгӕ ахсджиаг цы у, ахӕм исты зӕгъинаг куы вӕййӕм, уӕд нӕ фӕхъӕуы фӕразондзинад, цӕмӕй-иу иннӕтӕн сӕ ныхас ӕрдӕгыл ма аскъуынӕм (Иак. 1:19). Фӕразондзинад ма нӕ фӕхъӕуы, не ’мчырыстӕттӕй искӕй хъӕндзинӕдтӕм куы фӕмӕсты кӕнӕм, уӕд дӕр. Уыцы адӕймагмӕ-иу исты сдзурыны бӕсты фӕлтау ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо нӕхи лӕмӕгъдзинӕдтӕм цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл. Уыдон се ’ргом нӕ рӕдыдтытӕм не здахынц, фӕлӕ нӕ хорз миниуджытӕм, ӕмӕ фӕразонӕй фӕкӕсынц, нӕ удыхъӕд аивыныл куыд фӕархайӕм, уымӕ (1 Тим. 1:16; 1 Пет. 3:12).

Фӕразондзинад ма нӕ ноджыдӕр фӕхъӕуы, исчи нын куы бауайдзӕф кӕны, «раст нӕ уыдтӕ» кӕнӕ «раст нӕ бакодтай», зӕгъгӕ, уӕд. Ахӕм уавӕры адӕймаг арӕх фӕтӕргай вӕййы кӕнӕ та йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕвӕййы. Фӕлӕ нын Библи дзуры: «Фӕразон адӕймаг хуыздӕр у сӕрбӕрзондӕй. Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у, уымӕн ӕмӕ тӕргайгӕнаг ӕнӕзӕндтӕ сты» (Еккл. 7:8, 9). Исчи нӕ мӕнгӕй куы фӕаххосджын кӕна, уӕддӕр-иу хъуамӕ фӕразон уӕм ӕмӕ-иу исты зӕгъыны размӕ ахъуыды кӕнӕм. Йесо дӕр афтӕ архайдта, иннӕтӕ йӕ ӕнаххосӕй куы аххосджын кодтой, уӕд (Матф. 11:19).

Ныййарджыты дӕр фӕхъӕуы фӕразондзинад, уӕлдайдӕр та, сӕ сывӕллӕттӕн сӕ зондахаст сраст кӕнынӕн кӕнӕ та сын се ’взӕр фӕндтимӕ тох кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд. Ӕркӕсӕм-ма, Скандинавийы филиалы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕры, Маттиасы, хабармӕ. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уӕд-иу дзы йӕ къласӕгтӕ ӕдзухдӕр йӕ дины тыххӕй хынджылӕг кодтой. Хабар афтӕ кӕй у, уый йӕ ныййарджытӕ фыццаг нӕ зыдтой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бафиппайдтой, сӕ лӕппу рӕстдзинадыл дызӕрдыг кӕнын кӕй райдыдта. Маттиасы фыд, Йиллис, загъта, уыцы уавӕры сӕ йӕ бинойнагимӕ стыр фӕразондзинад кӕй хъуыди. Маттиас-иу сӕм ахӕм фарстатӕ радта: «Хуыцау чи у? Уӕдта ма Библи Хуыцауы Ныхас нӕу. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ, Библийы цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдон Хуыцауӕй сты?» Йӕ фыдӕн ма-иу афтӕ дӕр бакодта: «Кӕд, сымах цы уырны, уыдӕттӕ мӕн нӕ уырнынц, уӕд мын уый тыххӕй уайдзӕф кӕнын хъӕуы?»

Йиллис загъта: «Хатгай-иу нӕм фарстатӕ мӕстыйӕ лӕвӕрдта. Нӕ ныхмӕ-иу нӕ дзырдта, фӕлӕ рӕстдзинады ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ, рӕстдзинад кӕй зоны, зындзинӕдтыл дӕр уый тыххӕй ӕмбӕлы». Йиллис йӕ фыртӕн куыд баххуыс кодта? Уый радзырдта: «Афтӕ-иу уыд, ӕмӕ-иу Маттиасимӕ сахатгай фӕныхас кодтам. Фылдӕр хатт-иу ӕм ӕнӕдзургӕйӕ хъуыстон ӕмӕ-иу ӕм рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фарстатӕ лӕвӕрдтон, цӕмӕй-иу бамбӕрстаин, йӕ зӕрдӕйы ӕмӕ йӕ зонды цы ис, уый. Хатгай-иу ын исты куы бамбарын кодтон, уӕд-иу ын иу кӕнӕ цалдӕр боны радтон, цӕмӕй-иу ыл ахъуыды кодтаид, ӕмӕ та-иу стӕй нӕ ныхас адарддӕр кодтам. Ӕндӕр хӕттыты та-иу мӕхи бахъуыд цалдӕр боны, цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл-иу цы загъта, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Ӕдзухдӕр-иу афтӕ кӕй ныхас кодтам, уый фӕрцы Маттиас сабыргай ӕмбарын райдыдта, Чырыстийы йӕхи нывондӕн раттын цӕмӕн бахъуыд, уый, стӕй, Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый дӕр. Нӕ фыртӕн баххуыс кӕнынӕн нӕ бирӕ рӕстӕг бахъуыд, стӕй-иу нын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ гыццылгай Йегъовӕйы уарзын райдыдта, ӕмӕ уыцы уарзондзинад йӕ зӕрдӕйы тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта. Нӕ фыртӕн йе ’рыгон бонты фӕразонӕй кӕй ӕххуыс кодтам, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Йӕ зӕрдӕмӕ йын фӕндаг ссардтам, ӕмӕ тынг амондджын стӕм!»

Йиллис ӕмӕ йӕ бинойнаг сӕ фыртӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтой. Йиллис загъта: «Маттиасӕн-иу арӕх дзырдтам, бирӕ йӕ кӕй уарзӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн кӕй фӕлӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй йын рӕстдзинад хуыздӕр бамбарынӕн баххуыс кӕна». Уыцы ныййарджытӕ тынг цин кӕнынц, фӕразонӕй кӕй архайдтой, ууыл!

Фӕразондзинад ма нӕ фӕхъӕуы, нӕ бинонтӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй исчи уӕззау низӕй рынчын куы вӕййы ӕмӕ йӕм кӕсын куы фӕхъӕуы, уӕд. Ӕркӕсӕм-ма Эллены * хабармӕ. Уый дӕр цӕры Скандинавийы.

Аст азы размӕ Эллены сӕрыхицаумӕ дыууӕ хатты уыди инсульт. Уый йӕ сӕры магъзы куыстыл афтӕ фӕзынд, ӕмӕ нал, цин ӕмӕ маст цы у, уый ӕмбары, нал иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын у йӕ бон. Элленӕн уый тынг зын у. Уый загъта: «Фӕхъӕуы мӕ стыр фӕразондзинад, ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕппынӕдзух фӕкувын». Йӕ ныхӕстӕм ма бафтыдта: «Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы Филиппӕгтӕм 4:13 стих: „Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы“. Ацы ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдӕ тынг ӕрсабыр кӕнынц». Йегъовӕйы хъару ӕмӕ ӕххуысы фӕрцы Эллен йӕ зындзинӕдтӕн фӕразы (Пс. 62:5, 6).

ФӔЗМУТ ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔРАЗОНДЗИНАД

Йегъовӕйӕ фӕразондӕр ничи у, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг (2 Пет. 3:15). Йегъовӕ-иу стыр фӕразондзинад куыд равдыста, уымӕн Библийы бирӕ цӕвиттонтӕ ис (Неем. 9:30; Ис. 30:18). Хъуыды ма йӕ кӕныс, Йегъовӕ Содом фесафынвӕнд куы скодта ӕмӕ йӕм Авраам уый фӕдыл цалдӕр фарстайы куы радта, уӕд Йегъовӕ куыд бакодта? Авраам ын йӕ сагъӕстӕ куы дзырдта, уӕд ын уый йӕ ныхас ӕрдӕгыл нӕ аскъуыдта, фӕлӕ йӕм лӕмбынӕг байхъуыста. Уый уымӕй у бӕрӕг, ӕмӕ-иу ӕй Авраам цӕмӕй фарста, уый-иу ногӕй йӕхӕдӕг дӕр загъта, стӕй йын зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы горӕты дӕс рӕстгӕнӕджы йеддӕмӕ куы нӕ разына, уӕд дӕр ӕй кӕй нӕ фесафдзӕн (Райд. 18:22–33). Йегъовӕ йӕм афтӕ лӕмбынӕг кӕй байхъуыста ӕмӕ йӕм кӕй не смӕсты, уымӕй цӕй стыр фӕразондзинад равдыста!

Уӕдӕ фӕразондзинад тынг ахсджиаг миниуӕг у, уымӕн ӕмӕ хауы, чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр сӕ уӕлӕ цы ног удыхъӕд хъуамӕ скӕной, уымӕ. Ӕппӕт хъарутӕй куы архайӕм, цӕмӕй нӕм уыцы миниуӕг уа, уӕд афтӕмӕй, стыр уарзондзинад ӕмӕ фӕразондзинад кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм. Стӕй уый фӕрцы уыдзыстӕм, Йегъовӕ «сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта», уыцы адӕмы ’хсӕн (Дзут. 6:10–12).

^ 4 абз. Ацы статьяйы дзырд «бирӕфӕразондзинад»-ы бӕсты пайда кӕндзыстӕм дзырд «фӕразондзинад»-ӕй.

^ 15 абз. Ном ивд у.