Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Матфейы 18:15–17 Йесо радта уынаффӕ, исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд куыд кӕнгӕ у, уый фӕдыл. Цавӕр тӕригъӕды кой кодта?

Ам Йесо загъта, зӕгъгӕ, тӕригъӕд чи ракодта, уыимӕ йе ’фсымӕрӕн йӕ бон у хибарӕй аныхас кӕнын, фӕлӕ уый уӕддӕр куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕмбырдӕй ацух кӕной. Уцы тӕригъӕдмӕ хауы, зӕгъӕм, мӕнг ныхӕстӕ кӕнын кӕнӕ искӕй фыдкой кӕнын (bw570 7 ф.).

Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дын Библи фылдӕр пайда хӕсса?

Библи кӕсгӕйӕ дын раст зӕрдӕйы уаг уӕд; хъуыды кӕн, цы скъуыддзӕгтӕ кӕсыс, уыдонӕй цӕуыл сахуыр уыдзынӕ, ууыл; дӕхимӕ фарстатӕ дӕтт, зӕгъӕм, «Цы бакастӕн, уый фӕрцы мӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын?», стӕй-иу, цы бакастӕ, уый тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг бацагур (bw570 24–26 фф.).

Чырыстонӕн исчи куы амӕла ӕмӕ зианыл куы хъыг кӕна,– кӕд мӕрдты райгасыл ӕууӕнды, уӕддӕр,– уӕд истӕмӕй рӕдийы?

Кӕд чырыстон, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ӕууӕнды, уӕддӕр, исчи йын куы амӕлы, уӕд тынг фӕмаст кӕны. Зӕгъӕм, Авраам Саррӕйыл тынг маст кодта (Райд. 23:2). Фӕлӕ рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд зӕрдӕйы рыст фӕсабырдӕр вӕййы (bp170 4 ф.).

Йезекилы 9 сӕры цы цӕстылуайӕны кой ис, уым, писыры фыссӕнгӕрзтимӕ чи уыд, уыцы лӕг ӕмӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы ӕхсӕз лӕджы кӕмӕ амонынц?

Куыд ӕй ӕмбарӕм, афтӕмӕй уыдон амонынц уӕларвон ӕфсӕдтӕм – Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕд уыцы хъуыддаджы чи архайдта ӕмӕ Армагеддоны хӕсты та Хӕйрӕджы дуне чи фесафдзӕн, уыдонмӕ. Писыры фыссӕнгӕрзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы лӕг нӕ рӕстӕджы амоны Йесо Чырыстимӕ. Уый нысан сӕвӕрдзӕн, фервӕзыны аккагыл нымад чи ’рцӕудзӕн, уыдоныл (bw571 16, 17 фф.).

Библийӕн тӕссаг цӕмӕй уыд?

1) Библи фыстой папирусыл ӕмӕ пергаментыл, уыцы ӕрмӕджытӕ та-иу цасдӕры фӕстӕ бамбыдысты. 2) Политиктӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ архайдтой Библи фесафыныл. 3) Иуӕй-иутӕ архайдтой, цы хабар дзы ис фыст, уый аивыныл (bp172 4–7 фф.).

Чырыстонӕн йӕ бон куыд у йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын?

Ӕнӕмӕнг дӕ цы хъӕуы, уый сбӕрӕг кӕн ӕмӕ дзӕгъӕл хӕрдзтӕ ма кӕн. Ахъуыды кӕн, алы къуыри кӕнӕ дӕ алы мӕй ӕнӕмӕнг цы хъӕудзӕн ӕмӕ уыдӕттыл дӕ бон цас уыдзӕн хардз кӕнын, ууыл. Кӕмӕй нӕ пайда кӕныс, уыцы дзауматӕ ауӕй кӕн кӕнӕ сӕ искӕмӕн ратт, йе та сӕ аппар. Дӕ хӕстӕ бафид. Бацархай, цӕмӕй дӕ кусын къаддӕр рӕстӕг хъӕуа. Ахъуыды кӕн, дӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын куыд уаид, ууыл (bw572 10 ф.).

Библи сызгъӕринӕй кӕнӕ ӕвзистӕй зынаргъдӕр цы хоны?

Иовы 28:12, 15 фыст ис, Хуыцауы зонд сызгъӕринӕй кӕнӕ ӕвзистӕй зынаргъдӕр кӕй у. Уыцы зонд агургӕйӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр уай сӕрныллӕг ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕнай (bw573 18, 19 фф.).

Абон ӕфсымӕртӕн боцъотӕ дарӕн ис?

Иуӕй-иу рӕтты нӕлгоймӕгтӕ дзӕбӕх зылд боцъотӕ кӕй дарынц, уымӕ адӕм хорз цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ уый никӕй бахъыгдары хорз хабармӕ байхъусын. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ боцъотӕ нӕ дарынц (1 Кор. 8:9). Ис ахӕм бӕстӕтӕ, ӕмӕ сӕм боцъотӕ кадджын не сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр нӕ дарынц (bw574 21 ф.).

Давид ӕмӕ Голиафы хабарыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

Голиаф уыди нӕ рӕстӕджы ӕппӕты бӕрзонддӕр адӕймагӕй ӕрмӕстдӕр 15 сантиметры бӕрзонддӕр. Стӕй Давид ӕцӕгдӕр кӕй цард, уымӕн ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Зӕгъӕм, археологтӕ цы рагон фыстытӕ ссардтой, уыдонӕй иуы Давиды хӕдзары кой дӕр уыди. Уымӕй уӕлдай ма Йесо Чырысти дӕр дзырдта, Давид ӕцӕгдӕр кӕй цард, уый тыххӕй. Ӕмӕ дзы цы бынӕтты кой ис, уыдон дӕр ӕцӕгдӕр уыдысты (bp174 13 ф.).

Зонындзинӕдтӕ, ӕмбарындзинад ӕмӕ зонд цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

Зонындзинӕдтӕ кӕмӕ ис, уыцы адӕймаг базоны ног цыдӕртӕ. Ӕмбарындзинад кӕмӕ ис, уымӕн йӕ бон у бамбарын, иу хъуыддаг иннӕимӕ куыд баст у, уый. Зонд кӕмӕ ис, уыцы адӕймагмӕ та ис зонындзинӕдтӕ дӕр ӕмӕ ӕмбарындзинад дӕр, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын зоны (bw575 18 ф.).