Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн

Йегъовӕ арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн

«Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны» (ДЗУТ. 11:6).

ЗАРДЖЫТӔ: 136, 139

1, 2. а) Уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинад куыд баст сты? б) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

НӔ УӔЛАРВОН Фыд Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын арфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ уымӕй равдыста, кӕй нӕ уарзы. «Фыццаг [нӕ] Хуыцау бауарзта», ӕмӕ йӕ мах дӕр уымӕн уарзӕм (1 Иоан. 4:19). Ӕмӕ йӕ цас фылдӕр уарзӕм, уыйас нӕ уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕны. Ӕмӕ нӕ тынгдӕр бауырны, кӕй уарзы, уыдонӕн ӕнӕмӕнг кӕй арфӕ кӕндзӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:6.)

2 Йегъовӕ у нӕ Фыд, ӕмӕ йын ӕхсызгон у йӕ лӕггадгӕнджыты хорздзинӕдтӕй хайджын кӕнын. Уый йӕ удыхъӕды ис. Ӕмӕ кӕд дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн, ууыл, уӕд нӕ уырнындзинад ӕххӕст нӕу. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ «уырнындзинад... уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа» (Дзут. 11:1). Кӕд Хуыцауыл ӕууӕндӕм, уӕд нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, арфӕдзинӕдтӕй нӕ кӕй схайджын кӕндзӕн. Уӕдӕ Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый нын цы пайда хӕссы? Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн раджы заманты куыд арфӕ кодта ӕмӕ сын ныр та куыд арфӕ кӕны? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕм ӕркӕсӕм.

ЙЕГЪОВӔ ЗАГЪТА, ЙӔ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔН КӔЙ АРФӔ КӔНДЗӔН

3. Малахийы 3:10 стихы нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

3 Йегъовӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн, уымӕй. Ӕмӕ нын дзуры, цӕмӕй йын, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый дӕттӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, уый тыххӕй нын кӕй арфӕ кӕндзӕн, ууыл. Йегъовӕ загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, бафӕлварут мӕ... кӕддӕра уын ӕз арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ уыл арфӕдзинад не ’руадзин, цух куыд ницӕмӕйуал ӕййафат, афтӕ» (Мал. 3:10). Уӕдӕ-иу Йегъовӕйы куы бафӕлварӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, ахӕм фадаты тыххӕй дзы тынг бузныг кӕй стӕм.

4. Матфейы 6:33 фыст ныхӕстыл ӕппындӕр цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

4 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы ӕвӕрой, уӕд сын Хуыцау кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс Матфейы 6:33.) Уыдон афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты – Йесо зыдта, Хуыцау йӕ ныхас кӕй никуы фӕсайы ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны (Ис. 55:11). Мах дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕйыл фидарӕй куы ’ууӕндӕм, уӕд йӕ ныхас ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн, зӕгъгӕ дӕ «никуы... ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (Дзут. 13:5). Ацы ныхӕстӕ нын баххуыс кӕндзысты, Йесо Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад агурыны тыххӕй цы загъта, ууыл дӕр тынгдӕр баууӕндынӕн.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, сӕхи цӕмӕйдӕр кӕй фӕцух кодтой, уый тыххӕй арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты (кӕс 5 абзац)

5. Йесо Петрӕн цы дзуапп радта, уый нӕ алкӕй дӕр ныфс куыд уадзы?

5 Иухатт апостол Петр Йесойы бафарста: «Мах ӕппӕт дӕр нӕ ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл нӕ рацыдыстӕм? Цы нын уыдзӕн хорзӕй?» (Матф. 19:27). Йесо йын уыцы фарстайы тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, ӕмӕ, цыфӕнды ма ныууадзой ӕмӕ сӕхи цӕмӕйфӕнды ма фӕцух кӕной,– Хуыцау сын уый тыххӕй раарфӕ кӕндзӕн. Зӕгъӕм, апостолтӕ ӕмӕ ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уӕлӕрвты Йесоимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ. Фӕлӕ ныр дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ арфӕдзинӕдтӕ цух не сты. Йесо загъта: «Мӕ номы тыххӕй йӕ хӕдзӕрттӕ, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууагъта, уый ссардзӕн, цы ныууагъта, уымӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ уыдзӕн ӕнусон цардӕй хайджын» (Матф. 19:29). Абон Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй алчидӕр ӕмбырды йӕхицӕн ссары фыдӕлтӕ, мадӕлтӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕхи цӕмӕй фӕцух кодтам, уыдӕттӕ ахӕм арфӕдзинады раз цы сты?!

«УЫЦЫ НЫФС МАХӔН У НАУӔНГУЫРАУ»

6. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн арфӕдзинӕдтӕй зӕрдӕ цӕмӕн ӕвӕры?

6 Абон бӕгуыдӕр стӕм стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын. Фӕлӕ фидӕны та ноджы стырдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, ӕмӕ сӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм (1 Тим. 4:8). Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн арфӕдзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый сын ӕххуыс кӕны зын рӕстӕджыты фидар фӕлӕууынӕн. Цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ, «зӕрдиагӕй [йӕ] чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны» (Дзут. 11:6).

7. Ныфс науӕнгуыримӕ абарӕн цӕмӕн ис?

7 Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд йӕ зындгонд раныхасы загъта: «Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг,– афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыд, уыдоны дӕр» (Матф. 5:12). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иутӕн сӕ хӕрзиуӕг ис уӕлӕрвты. Иннӕтӕн та сӕ хӕрзиуӕг уыдзӕн ӕнусон цард зӕххыл дзӕнӕты , ӕмӕ уый тыххӕй сӕ зӕрдӕтӕ куыннӕ хъуамӕ райой ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ цин кӕной (Пс. 37:11; Лук. 18:30). Уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрдзыстӕм ӕви зӕххыл,– нӕ ныфс у «науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» (Дзут. 6:17–20). Денджызы тыхдымгӕ куы сысты, уӕд науӕнгуыры фӕрцы нау иу ран фӕлӕууы. Раст афтӕ махӕн дӕр нӕ ныфс ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зын рӕстӕджы фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ ма фӕцудӕм. Уыцы ныфс нӕ хъарутӕ бауадзы.

8. Цы ныфс нын ис, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнӕм?

8 Цы ныфс нын ис, уый фӕрцы цӕуылдӕрты афтӕ тынг нӕ фӕмӕт кӕнӕм. Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ нын фӕлмӕн сойау нӕ мӕтгӕнаг зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕнынц. Мах ӕй зонӕм, нӕ бон кӕй у нӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрын ӕмӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ уымӕй адӕймагӕн куыд фенцон вӕййы! (Пс. 55:22). Хуыцауӕн «йӕ бон у, цы дзы курӕм йе та ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын», ӕмӕ ууыл иу мисхал дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм (Еф. 3:20). Ахъуыды-ма кӕн: Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ фылдӕр сараздзӕн, фӕлӕ, дам, бирӕ фылдӕр!

9. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нын кӕй арфӕ кӕндзӕн?

9 Цӕмӕй нӕ хӕрзиуӕг райсӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм. Моисей Израилы адӕмӕн загъта: «Йегъовӕ [дын] ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл. Фӕлӕ дын арфӕ ӕрмӕстдӕр уӕд кӕндзӕн, дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ куы хъусай ӕмӕ дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг куы ’ххӕст кӕнай. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, зӕрдӕ дын куыд бавӕрдта, афтӕ» (Дык. з. 15:4–6). Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд дын кӕй арфӕ кӕндзӕн, уый дӕ фидарӕй уырны? Уый ӕнӕмӕнг афтӕ уыдзӕн.

ЙЕГЪОВӔ СЫН АРФӔ КОДТА

10, 11. Йегъовӕ Иосифӕн куыд раарфӕ кодта?

10 Библи фыст ӕрцыд мах пайдайӕн. Нӕ бон дзы бакӕсын у, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыд арфӕ кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ ахӕм цӕвиттонтӕ иу ӕмӕ дыууӕ не сты (Ром. 15:4). Сӕ иу дзы у Иосифы цӕвиттон. Иосифы йе ’фсымӕртӕ цагъарӕй ауӕй кодтой. Уый фӕстӕ йыл йӕ хицауы ус тугтӕ ӕрымысыд, ӕмӕ Иосифы ахӕстоны ныппӕрстой. Цымӕ дзы уыцы рӕстӕг Йегъовӕ дард уыд? Нӕ уыд. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ йӕ уарзта ӕнувыд уарзтӕй... Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ, цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ арфӕ кодта» (Райд. 39:21–23). Ахӕм уӕззау рӕстӕг дӕр Иосиф йӕ Хуыцаумӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст.

11 Азтӕ рацыд, ӕмӕ Египеты фараон Иосифы ахӕстонӕй рауагъта, ӕмӕ уыцы сӕрныллӕг цагъар сси фараоны фӕстӕ дыккаг лӕг (Райд. 41:1, 37–43). Иосифӕн райгуырд дыууӕ лӕппуйы, ӕмӕ «йӕ хистӕр фырты схуыдта Манасси, уымӕн ӕмӕ загъта: „Хуыцау мын ферох кӕнын кодта мӕ зындзинӕдтӕ иууылдӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр“. Йӕ дыккаг фырты та схуыдта Ефрем, уымӕн ӕмӕ загъта: „Бирӕ мӕстытӕ кӕм бавзӕрстон, уыцы зӕххыл мын Хуыцау радта зӕнӕг“» (Райд. 41:51, 52). Йегъовӕ Иосифӕн йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кодта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон сси Иаковы байзӕддӕгты дӕр ӕмӕ египетӕгты дӕр ӕххормаг рӕстӕг аирвӕзын кӕнын. Иосиф зыдта, уыцы арфӕдзинӕдтӕ Йегъовӕйӕ кӕй уыдысты (Райд. 45:5–9).

12. Йесо фӕлварӕнты иузӕрдионӕй цӕй фӕрцы баззад?

12 Йесо Чырысти дӕр алыхуызон фӕлварӕнты уыди Хуыцауӕн коммӕгӕс, ӕмӕ йын Йегъовӕ уый тыххӕй раарфӕ кодта. Йесойӕн цы баххуыс кодта иузӕрдионӕй баззайынӕн? Хуыцауы Ныхас нын дзуапп дӕтты: «Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй худинаг ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста» (Дзут. 12:2). Йесойӕн уыд Хуыцауы ном срухс кӕныны фадат, ӕмӕ йын уый стыр циндзинад хаста. Уымӕй уӕлдай ма хайджын уыд йӕ Фыды хорзӕхӕй ӕмӕ ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр арфӕдзинӕдтӕй. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс». Ӕндӕр ран та кӕсӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцау [ӕй] ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй уӕлдӕр чи у, ахӕм ном» (Фил. 2:9).

ЦЫ АРАЗӔМ, УЫЙ ЙЕГЪОВӔЙӔ РОХ НӔУ

13, 14. Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ номыл цы аразӕм, уымӕ?

13 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕн тынг аргъ кӕны. Нӕ ныфс цӕмӕдӕр куы нӕ фӕхӕссӕм кӕнӕ нӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ цӕмӕдӕр нӕ сарӕхсдзыстӕм, уӕд нын нӕ катӕйттӕ хорз фембары. Куыстыл кӕнӕ, нӕ бинонты куыд фӕдарӕм, ууыл куы фӕтыхсӕм, науӕд, рынчын кӕнӕ ныфссаст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ бон раздӕрау бирӕ лӕггад кӕнын куы нал вӕййы, уӕд дӕр нӕ Йегъовӕ фембары. Ӕмӕ йыл зындзинӕдты дӕр иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕн тынг аргъ кӕны. Ууыл хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:10, 11.)

14 Стӕй дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ кӕй у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау». Ӕмӕ йӕм куы фӕкувӕм, уӕд-иу ӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, лӕмбынӕг нӕм кӕй хъусы (Пс. 65:2). «Тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» нын ратдзӕн, цыдӕриддӕр хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕм алкӕддӕр ӕввахс уӕм. Иуӕй-иу хатт нын баххуыс кӕны нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты (2 Кор. 1:3). Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, нӕхӕдӕг дӕр иннӕты рыст куы фембарӕм. «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад» (Ӕмб. 19:17; Матф. 6:3, 4). Уӕдӕ рӕдаудзинад куы равдисӕм ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ хорздзинад банымайы, цыма нӕ ӕфстау райста, афтӕ. Ӕмӕ нын зӕгъы, уыцы хорздзинад нын кӕй бафиддзӕн.

АРФӔДЗИНӔДТӔ АБОН ӔМӔ ӔНУСТӔМ

15. Ды цавӕр арфӕдзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

15 Сӕрст чырыстӕттӕн ис ныфс, Йесо сын хӕрзиуӕгӕн кӕй ратдзӕн «рӕстдзинады кадыхуд» (2 Тим. 4:7, 8). Фӕлӕ кӕд дӕуӕн ӕндӕр ныфс ис, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дын Хуыцауы цӕсты къаддӕр аргъ ис. Йесойы «ӕндӕр фыстӕ» дӕр – милуантӕ – тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ хӕрзиуӕгмӕ – ӕнусон цардмӕ зӕххыл дзӕнӕты. Уыдон уым «фарнӕй бафсӕддзысты» (Иоан. 10:16; Пс. 37:11).

16. 1 Иоанны 3:19, 20 стихтӕ нын ныфсы хос куыд сты?

16 Хатгай нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы тынг гыццыл аразӕм. Кӕнӕ та фӕхъуыды кӕнӕм, цымӕ Йегъовӕ мӕ лӕггадӕй райгонд у, зӕгъгӕ. Чи зоны нӕм суанг афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ Йегъовӕйы арфӕдзинӕдты аккаг не стӕм. Фӕлӕ хъуамӕ макуы рох кӕнӕм: «Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны». (Бакӕс 1 Иоанны 3:19, 20.) Кӕд нӕхимӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ, цы аразӕм, уый ницы у, уӕддӕр Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕны. Ӕууӕндгӕ йыл кӕй кӕнӕм ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй йын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн (Мар. 12:41–44).

17. Абон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын?

17 Мах цӕрӕм Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ фӕстаг бонты. Ӕмӕ суанг абон дӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кӕны. Уый нын дӕтты зонындзинӕдтӕ парахатӕй, стӕй не ’хсӕн ис фарн, ӕмӕ цыма ныр дӕр дзӕнӕты цӕрӕм, афтӕ стӕм (Ис. 54:13). Йесо зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ нын Йегъовӕ абон ӕцӕгдӕр радта уарзӕгой хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕгас зӕххыл дӕр (Мар. 10:29, 30). Стӕй ма, Хуыцауы зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн сӕ зӕрдӕты ӕрцард фарн, цардӕй сты райгонд ӕмӕ уыдонӕй амондджындӕр адӕм нӕй (Фил. 4:4–7).

18, 19. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы цӕстӕй кӕсынц, цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц, уыдонмӕ?

18 Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕхиуыл бавзӕрстой Йегъовӕйы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ. Зӕгъӕм, Германийӕ иу хо, Бианкӕ, зӕгъы: «Истӕуыл куы фӕтыхсын, уӕд мын Йегъовӕ алкӕддӕр баххуыс кӕны, стӕй алы бон дӕр вӕййы мӕ фарсмӕ. Ӕмӕ дзы куыд бузныг дӕн, уый зӕгъынӕн фаг ныхӕстӕ кӕм ссардзынӕн! Ацы дуне у змӕст ӕмӕ тызмӕг. Фӕлӕ Йегъовӕимӕ кӕй ӕмгуыст кӕнын, уый фӕрцы дӕн ӕдас, раст мӕ цыма йӕ хъӕбысмӕ систа, афтӕ. Йегъовӕйы тыххӕй мӕхи истӕмӕй куы фӕцух кӕнын, уӕд мын арфӕдзинӕдтӕ ратты сӕдӕ хатты фылдӕр».

19 Кӕнӕ-ма ахъуыды кӕнӕм 70-аздзыд Паулӕйы цӕвиттоныл. Паулӕ цӕры Канадӕйы ӕмӕ хъӕрзы йӕ астӕуыстӕджы уӕззау низӕй. Уый тыххӕй йӕ бон бирӕ аразын нӕу. «Кӕд тыххӕйты цӕуын, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ мӕ бон лӕггад кӕнын нӕу. Ӕз архайын ӕндӕр хуызы дӕр хъусын кӕныныл, зӕгъӕм, телефонӕй ӕмӕ мын фадат куы фӕзыны, уӕд. Иу цыдӕр ма мын ӕххуыс кӕны: мӕхицӕн скодтон тетрад, ӕмӕ дзы ныффыссын стихтӕ ӕмӕ нӕ публикацитӕй цавӕрдӕр хъуыдытӕ. Ӕмӕ сӕм рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕркӕсын. Хонын ӕй „мӕ ирвӕзынгӕнӕг тетрад“. Адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕ фылдӕр Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл куы уой, уӕд ныфссаст бирӕ рӕстӕг нӕ уыдзӕн. Цыфӕнды уавӕрты ма уӕм – Йегъовӕ ӕдзухдӕр вӕййы нӕ фарсмӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕны». Чи зоны, ды Бианкӕйы кӕнӕ Паулӕйы уавӕры нӕ дӕ. Фӕлӕ уӕддӕр ӕрхъуыды кӕндзынӕ, Йегъовӕ дӕуӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр куыд арфӕ кодта, уый. Ныр дӕр дын куыд арфӕ кӕны ӕмӕ дын фидӕны дӕр куыд раарфӕ кӕндзӕн, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн.

20. Йегъовӕйӕн дарддӕр ӕппӕт удӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕм хорзӕй цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

20 Рох дӕ макуы уӕд, Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куы кувай, уӕд кӕй «райсдзынӕ стыр хӕрзиуӕг». «Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕнай, уӕд райсдзынӕ, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдта, уый», ӕмӕ ууыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн (Дзут. 10:35, 36). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнӕм. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нын ӕнӕмӕнг кӕй раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын хӕрзиуӕг кӕй ратдзӕн! (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:23, 24.)