Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Йегъовӕйы бар бакӕнут

Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Йегъовӕйы бар бакӕнут

«Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр [Йегъовӕйы] бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 ПЕТ. 5:7).

ЗАРДЖЫТӔ: 38, 7

1, 2. а) Адӕймаг цӕмӕн фӕмӕт кӕны? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

АБОН Хӕйрӕг «богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый» (1 Пет. 5:8; Рарг. 12:17). Уымӕ гӕсгӕ цард у уӕззау, ӕмӕ суанг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр сагъӕсты бын фӕвӕййынц. Рагзаманты дӕр-иу Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ мӕт ӕмӕ сагъӕс кодтой. Зӕгъӕм, паддзах Давид цӕуылдӕрты мӕт кодта (Пс. 13:2). Апостол Павелӕн та «ӕппӕт ӕмбырдты мӕт» ӕнцой нӕ лӕвӕрдта (2 Кор. 11:28). Фӕлӕ сагъӕсты бын куы фӕуӕм, уӕд нӕ бон цы у саразын?

2 Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд йӕ лӕггадгӕнджытӕн рагзаманты дӕр удӕнцой ссарынӕн ӕххуыс кодта, ӕмӕ абон махӕн дӕр афтӕ ӕххуыс кӕны. Библи нын зӕгъы: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Пет. 5:7). Цымӕ уый куыд ис саразӕн? Мах ӕркӕсдзыстӕм цыппар хъуыддагмӕ. Дӕ бон у 1) кувын, 2) Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын, 3) Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕн бар дӕттын, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна ӕмӕ 4) кӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ раргом кӕнын. Ацы цыппар хъуыддагыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон цавӕр уынаффӕтӕй уаид спайда кӕнын, ууыл.

«ДӔ УАРГЪ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ СӔВӔР»

3. Дӕ бон куыд у «дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрын»?

3 Фыццаджыдӕр нӕ хъӕуы Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скувын. Истӕуыл куы фӕмӕт кӕныс, уӕд дӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды фӕфӕнды, цӕмӕй йын дӕ зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ ӕргом кӕнай. Псаломзарӕггӕнӕг Давид Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд». Уыцы псаломы ма Давид ноджыдӕр загъта: «Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн» (Пс. 55:1, 22). Кӕд, дӕ уавӕры дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый сарӕзтай, фӕлӕ ма уӕддӕр тыхсыс, уӕд уый ницы пайда уыдзӕн. Стырдӕр ӕххуыс дын уыдзӕн, уыцы хъуыддаджы тыххӕй Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куы кувай. Уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сагъӕсты бын ма фӕуай? (Пс. 94:18, 19).

4. Сагъӕсты бын куы фӕвӕййӕм, уӕд кувын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн вӕййы?

4 Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7. Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй ӕмӕ ӕппынӕдзух куы фӕкувӕм, уӕд нын куыд баххуыс кӕны? Нӕ зӕрдӕтӕ нын ӕрсабыр кӕны ӕмӕ нӕ ӕвзӕр хъуыдытӕй ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй фервӕзын кӕны. Ӕмӕ кӕд адӕймаг раздӕр цӕмӕйдӕрты тарсти ӕмӕ сагъӕсты бын уыди, уӕд ын ныр та Хуыцау йӕ зӕрдӕйы ӕрцӕрын кодта, адӕймаджы зонд кӕуыл не ’ххӕссы, ахӕм фарн. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц, уыцы фарн цы у, уый. Дӕуӕн дӕр ӕй дӕ бон у дӕхиуыл бавзарын. «Хуыцауы фарны» фӕрцы цыфӕнды зындзинадыл дӕр фӕуӕлахиз уыдзынӕ! Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дар, уымӕн ӕмӕ уый зӕгъы: «Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 41:10).

ХУЫЦАУЫ НЫХАС ДӔТТЫ ФАРН

5. Хуыцауы Ныхас фарнӕй куыд хайджын кӕны?

5 Дыккаг уый, ӕмӕ, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы фарн уа, уый тыххӕй хъӕуы Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Библийы не Сфӕлдисӕг ныффыссын кодта, пайда нын чи у, ахӕм уынаффӕтӕ. Мӕт кӕнын куыддӕр райдайай, афтӕ-иу дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн Хуыцауы хъуыдытӕ ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, йӕ уынаффӕтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты, ууыл. Афтӕмӕй бафидар уыдзынӕ, стӕй уый фӕрцы, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ сагъӕстӕ фӕкъаддӕр уой кӕнӕ сӕ фервӕзай, йе та мӕт ӕмӕ сагъӕсӕй дӕхи бынтондӕр бахизай. Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй, цӕмӕй адӕймаг «хъӕбатыр ӕмӕ фидар» уа ӕмӕ «ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрса», уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ Ныхас кӕса (Йес. Н. 1:7–9).

6. Йесойы ныхӕстӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты?

6 Библийы фыст ис, Йесо-иу адӕмимӕ куыд ныхас кодта, уый тыххӕй. Уыдон ӕм хъусын тынг уарзтой, уымӕн ӕмӕ-иу сын йӕ ныхӕстӕ хастой удӕнцой ӕмӕ-иу сӕ ног тыхтӕ бауагътой. Уӕлдайдӕр та стыр ӕххуыс уыдысты ныфссаст адӕмӕн. (Бакӕс Матфейы 11:28–30.) Йесо иннӕтыл алкӕддӕр тыхсти ӕмӕ сын сӕ хъуыдытӕн ӕмӕ се ’нкъарӕнтӕн аргъ кодта (Мар. 6:30–32). Йӕ апостолтӕн, йемӕ-иу чи уыд, уыдонӕн, зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ абон мах дӕр нӕ ныууадздзӕн. Цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ йӕ разы уӕм. Йесо у нӕ уӕларвон Паддзах, ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый ныр дӕр хъуыддагӕй ӕвдисы. Уӕдӕ истӕуыл куы мӕт кӕнай, уӕд ӕй фидарӕй зон, растдӕр дын йӕ афоныл кӕй баххуыс кӕндзӕн. Йесойы ныхӕстӕ нӕ уадзынц ныфс, ӕххуыс нын кӕнынц, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у нӕ сагъӕстӕй фервӕзын (Дзут. 2:17, 18; 4:16).

СЫГЪДӔГ ТЫХЫ ДЫРГЪМӔ ЧИ ХАУЫ, УЫЦЫ МИНИУДЖЫТӔ

7. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

7 Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, уӕ уӕларвон Фыдӕй сыгъдӕг тых куы курат, уӕд уын ӕй ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн (Лук. 11:10–13). Ацы ӕртыккаг хъуыддаг нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнӕм? Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон у, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцаумӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон нӕ удыхъӕды фидар кӕнын (Кол. 3:10). Библи уыцы миниуджытӕ хоны Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъ. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:22, 23.) Ацы диссаджы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды куы рӕзын кӕнӕм, уӕд нын иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын ӕнтысдзӕн. Афтӕмӕй, мӕт кӕнын кӕй тыххӕй райдайдзыстӕм, ахӕм уавӕртӕй нӕхи бахиздзыстӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ нын бӕлвырд хъуыддӕгты куыд баххуыс кӕндзысты, уымӕ.

8–12. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты?

8 «Уарзондзинад, цин, фарн». Иннӕтӕн куы кад кӕнай, уӕд ӕй фендзынӕ, дӕ сагъӕстӕ кӕй фӕкъаддӕр сты. Цымӕ куыд? Де ’фсымӕрты куы уарзай, иннӕтимӕ фӕлмӕн куы уай ӕмӕ сын куы аргъ кӕнай, уӕд къаддӕр мӕсты кӕндзынӕ, стӕй-иу нӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзынӕ. Уый фӕрцы дын ӕнцондӕр уыдзӕн иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын (Ром. 12:10).

9 «Бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад». Библийы фыст ис: «Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ӕмӕ... кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Еф. 4:32). Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ нӕхи бахиздзыстӕм, сагъӕсты бын кӕй тыххӕй фӕуыдзыстӕм, ахӕм уавӕртӕй. Стӕй нын ӕнцондӕр уыдзӕн, не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй чи фӕзыны, ахӕм уавӕрты, раст куыд у, афтӕ бакӕнын.

10 «Уырнындзинад». Абон арӕх нӕ сагъӕстӕ баст вӕййынц ӕхцаимӕ кӕнӕ мулк самал кӕнынимӕ (Ӕмб. 18:11). Цымӕ нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уыдӕттыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм? Хъуамӕ мах дӕр апостол Павелау, «цы... [нын] ис, уый фагыл нымайӕм». Йегъовӕйыл фидарӕй куы ’ууӕндӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕй нӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн. Уый нын зӕрдӕ бавӕрдта: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн». Уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон у Павелау зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Дзут. 13:5, 6).

11 «Фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын». Ахъуыды кӕн, ацы миниуджытӕ дын куыд тынг баххуыс кӕндзысты, ууыл. Уыдоны фӕрцы ахӕмӕй ницы зӕгъдзынӕ ӕмӕ ницы сараздзынӕ, уый фӕстӕ дӕ мӕт кӕнын цӕуыл бахъӕуа. Стӕй дӕхи бахиздзынӕ «фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба... [ӕмӕ] ӕфхӕрӕн ныхасӕй» (Еф. 4:31).

12 Цӕмӕй «хъомысджын Хуыцауыл» дӕ ныфс дарай ӕмӕ «де ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнай», уый тыххӕй хъӕуы сӕрныллӕгдзинад (1 Пет. 5:6, 7). Сӕрныллӕг куы уай, уӕд дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дыл тыхсдзӕн. Дӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый куы ӕмбарай, уӕд дӕ ныфс дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауыл дардзынӕ. Ӕмӕ-иу уӕд сагъӕсты бын нӕ фӕуыдзынӕ (Мих. 6:8).

«МАКУЫ КАТАЙ КӔНУТ»

13. Йесойы ныхӕстӕ, «макуы катай кӕнут», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты?

13 Матфейы 6:34 стихы нын Йесо радта хорз уынаффӕ: «Макуы катай кӕнут». (Бакӕс ӕй.) Чи зоны дӕм афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй. Фӕлӕ, цымӕ, Йесойы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Гыццыл раздӕр дзырдтам, Давид дӕр ӕмӕ Павел дӕр хатт цӕуылдӕрты тынг кӕй мӕт кодтой. Йесойы афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уый мӕт никуы кӕндзӕн. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстаиккой, ӕгӕр куы мӕт кодтаиккой, уӕд сын уый сӕ уавӕр кӕй нӕ фӕивтаид. Зындзинӕдтӕ алы бон дӕр уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ сӕ мӕтыл мӕт хъуамӕ ма ӕфтауой, раздӕр цы уыд кӕнӕ фидӕны цы ’рцӕудзӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Дӕ бон куыд у Йесойы уынаффӕйӕ спайда кӕнын ӕмӕ дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнай?

14. Давидау дӕ цы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнай?

14 Иуӕй-иу хатт адӕймагӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц, кӕддӕр цы рӕдыдтытӕ ӕруагъта, уыдон, ӕмӕ йӕ уый дӕр мӕты бафтауы. Чи зоны, йӕхи фӕсмонӕй хӕра, цы сарӕзта, уый тыххӕй, кӕд уымӕй бирӕ азтӕ рацыд, уӕддӕр. Хатт-иу паддзах Давидыл йӕ рӕдыдтытӕ уӕззау уаргъау уӕз кодтой. Уый загъта: «Хъӕр кӕнын мӕ зӕрдӕйы рыстӕй» (Пс. 38:3, 4, 8, 18). Уыцы уавӕры Давид куыд архайдта, уый уыд зондыл дзурӕг. Уый йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцауыл. Ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта, уый зонгӕйӕ Давид уыд тынг амондджын. (Бакӕс Псалом 32:1–3, 5.)

15. а) Давиды цардӕй ма цы ис зондӕн райсӕн? б) Дӕ бон ма цы у бакӕнын, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнай? (Кӕс рамкӕ « Цы ис саразӕн, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнӕм».)

15 Фӕлӕ ма, чи зоны, фӕмӕт кӕныс, ныртӕккӕ дын цы зындзинӕдтӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, Давид 55 псалом куы фыста, уыцы рӕстӕг уыд тӕссаг уавӕры, марынмӕ йӕ хъавыдысты (Пс. 55:2–5). Фӕлӕ кӕд Давид ууыл мӕт кодта, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр дардта Йегъовӕйыл. Давид Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, фӕлӕ ма ӕмбӕрста, йӕхӕдӕг дӕр цыдӕр кӕй хъуамӕ арӕзтаид (2 Сам. 15:30–34). Давиды цӕвиттонӕй дӕ бон цы у зондӕн райсын? Дӕ сагъӕстӕн уый бар ма дӕтт, цӕмӕй дӕ сӕ быны скӕной, фӕлӕ дӕ уавӕры дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араз ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дыл кӕй батыхсдзӕн, ууыл.

16. Хуыцауы номы нысаниуӕг дын дӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны?

16 Хатт чырыстӕттӕ фӕсагъӕс кӕнынц фидӕныл, фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, куыд уыдзӕн. Фӕлӕ цы нӕма ӕрцыд, ууыл мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ арӕхдӕр хабар, мах куыд ӕнхъӕл вӕййӕм, афтӕ ӕвзӕр нӕ рауайы. Стӕй дӕ рох ма уӕд, Хуыцауы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм уавӕр кӕй нӕй. Йӕ ном дӕр ма нын ууыл дзурӕг куы у, зӕгъгӕ, «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы» (Рац. 3:14). Фидӕныл нӕ ӕгӕр мӕт кӕнын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы номӕй бӕрӕг у, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕндтӕ ис, уыдон иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты. Дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, раздӕр цы уыд, ууыл, абоны боныл ӕмӕ фидӕныл ӕгӕр ма мӕт кӕной.

АНЫХАС КӔН, КӔУЫЛ ӔУУӔНДЫС, УЫИМӔ

17, 18. Иннӕтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты дӕ сагъӕстӕй фервӕзынӕн?

17 Цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнай, уый тыххӕй ма дын баххуыс кӕндзӕн цыппӕрӕм хъуыддаг дӕр – дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, кӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн радзур. Чи зоны дын дӕ цардӕмбал, де ’ввахс хӕлар кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг баххуыс кӕной дӕ уавӕр хуыздӕр бамбарынӕн. Библийы фыст ис: «Сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы, хорз ныхас та зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы» (Ӕмб. 12:25). Библийы ма ноджыдӕр фыст ис: «Ӕргом ныхас кӕм нӕ уа, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты, бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым та алцыдӕр рауайдзӕн» (Ӕмб. 15:22).

18 Цӕмӕй нӕ сагъӕстӕ фӕкъаддӕр уой, уымӕн ма нын стыр ӕххуыс сты не ’мбырдтӕ дӕр. Алы къуыри дӕр ӕмбырдты вӕййыс дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртимӕ. Уыдон дыл зӕрдиагӕй тыхсынц ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй дын дӕ ныфсыл ныфс бафтауой (Дзут. 10:24, 25). Уый фӕрцы дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн ӕмӕ, дӕ сагъӕстӕ цӕуылфӕнды куы уой, уӕддӕр сыл ӕнцондӕрӕй фӕуӕлахиз уыдзынӕ (Ром. 1:12).

ДЕ СТЫРДӔР НЫФС У ХУЫЦАУ!

19. Хуыцау дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?

19 Канадӕйӕ иу хистӕр нӕлгоймаг йӕхиуыл бавзӕрста, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй-иу адӕймаг йӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйы бар бакӕна. Уыцы ӕфсымӕр у ахуыргӕнӕг ӕмӕ тынг бафӕллайы, стӕй ма йе ’нӕниздзинад дӕр сӕ хӕрзтӕй нӕу, ӕмӕ ма ууыл дӕр фӕмӕт кӕны. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй сагъӕсты бын ма фӕуыдаид? Уыцы ӕфсымӕрӕн йӕ сӕйраг мӕт уыд, цӕмӕй Йегъовӕимӕ йӕ хӕлардзинад фидар уыдаид. Зын рӕстӕджыты-иу йе ’мбӕлттӕ алкӕддӕр йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты, стӕй-иу йӕ бинойнагӕй ницы сусӕг кодта ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый йын дзырдта. Уымӕй уӕлдай ма йын йӕ уавӕрмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй ракӕсынӕн ӕххуыс кодтой йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ районон цӕстдарӕг дӕр. Дохтыр та ӕфсымӕрӕн баххуыс кодта йӕ низ дзӕбӕх бамбарынӕн. Стӕй, йӕ рӕстӕг куыд пълан кодта, уым цыдӕртӕ фӕивта, ӕмӕ улӕфынӕн ӕмӕ йӕ буары уӕнгтӕ фидар кӕнынӕн дӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын райдыдта. Гыццылгай уыцы ӕфсымӕр йӕ уавӕрыл сахуыр ӕмӕ йын йе ’нкъарӕнтимӕ тох кӕнын фенцондӕр ис. Йӕ бар цӕуыл нӕ фӕцӕуы, уый та бакӕны Йегъовӕйы бар.

20. а) Нӕ бон куыд у нӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйы бар бакӕнын? б) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

20 Ацы статьяйӕ базыдтам, куыд ахсджиаг у Хуыцаумӕ кувын, йӕ Ныхас ын кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй нӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйы бар кӕнын. Стӕй ма базыдтам, тынг ахсджиаг кӕй у Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕн бар дӕттын, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, кӕуыл ӕууӕндӕм, уыдонӕй искӕимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Иннӕ статьяйӕ та базондзыстӕм, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, кӕй нын арфӕ кӕндзӕн, уымӕй нын зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, уымӕй (Дзут. 11:6).