Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Хъусӕй нӕ хъусын, фӕлӕ уӕддӕр иннӕты ахуыр кодтон

Хъусӕй нӕ хъусын, фӕлӕ уӕддӕр иннӕты ахуыр кодтон

Донаргъуыд райстон 1941 азы, 12 азы мыл куы цыди, уӕд. Фӕлӕ 1946 азы онг Библийы рӕстдзинад дзӕбӕх не ’мбӕрстон. Афтӕ куыд рауад? Цӕй ӕмӕ уын мӕ хабӕрттӕ ракӕнон.

МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ иу-1910 азы Тбилисийӕ алыгъдысты ныгуылӕн Канадӕмӕ ӕмӕ ӕрцардысты фермӕйы иу гыццыл хӕдзары, горӕт Пеллимӕ хӕстӕг (провинци Саскачеван). Ӕз райгуырдтӕн 1928 азы, ӕмӕ ӕхсӕз сывӕллонӕй уыдтӕн ӕппӕты кӕстӕр. Мӕ фыд амард мӕ райгуырдӕй ӕхсӕз мӕйы раздӕр, мӕ мад та амард, афӕдз мыл куы цыд, уӕд. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр та амард мӕ хистӕр хо Луси, цыди йыл 17 азы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ хъомыл кодта нӕ мадыфсымӕр Ник.

Иухатт, 2 азы мыл куы цыди, уӕд, нӕ бинонтӕ ауыдтой, нӕ бӕхтӕй иуы къӕдзил куыд ивазын, уый. Куы мӕ ныццӕва, уымӕй мын тынг фӕтарстысты, ӕмӕ мӕм хъӕр кӕнын райдыдтой, ныууадз ӕй, йӕ къӕдзил ын ма иваз, зӕгъгӕ. Ӕз сӕм чъылдымырдӕм лӕууыдтӕн, стӕй сын сӕ хъӕр дӕр нӕ хъуыстон. Хорз, ӕмӕ мын бӕх ницы зиан ракодта. Фӕлӕ мӕ хиуӕттӕ уыцы бон базыдтой, хъусӕй кӕй нӕ хъусын, уый.

Нӕ бинонтӕн уыди иу хорз ӕмбал, ӕмӕ сын уый загъта, зӕгъгӕ, дам, хорз нӕ уаид, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм сывӕллӕттимӕ куы ахуыр кӕнид. Ӕмӕ мӕ Ник радта ахӕм скъоламӕ горӕт Саскатуны (провинци Саскачеван). Уыцы скъола нӕ хӕдзарӕй дард уыди. Ӕмӕ мӕныл та фондз азы йеддӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ тынг тарстӕн. Нӕхимӕ ацӕуын мӕ бон уыд ӕрмӕстдӕр бӕрӕгбӕтты рӕстӕг, стӕй сӕрды каникулты. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ къухӕйамонгӕ ӕвзаг сахуыр кодтон, ӕмӕ иннӕ сывӕллӕттимӕ хъазын мӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдта.

РӔСТДЗИНАД БАЗЫДТОН

1939 азы мӕ хистӕр хотӕй иу, Мэрион, смой кодта Билл Данильчукмӕ, ӕмӕ мӕн ӕмӕ нӕ иннӕ хо Френсисы сӕхимӕ акодтой. Нӕ бинонтӕй ӕппӕты фыццаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи уыдон райдыдтой ахуыр кӕнын. Сӕрды каникулты-иу куы ’рцыдтӕн, уӕд-иу мын, Библийӕ-иу цытӕ базыдтой, уыдӕттӕ радзурыныл архайдтой, сӕ бон куыд уыд, афтӕ. Семӕ ныхас кӕнын мын ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ къухӕйамонгӕ ӕвзаг нӕ зыдтой. Фӕлӕ уӕддӕр уыдтой, Йегъовӕйы тыххӕй-иу цы базыдтон, уыдӕттӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй цыдысты. Ӕз ӕй ӕмбӕрстон, цы аразынц, уый Библимӕ гӕсгӕ кӕй уыд, ӕмӕ-иу ӕз дӕр семӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдтӕн. Цасдӕры фӕстӕ мӕ бафӕндыд донаргъуыд райсын, ӕмӕ мын 1941 азы 5 сентябры Билл ӕфсӕйнаг цистернӕйы донаргъуыд радта. Йӕ мидӕг цы дон уыд, уый ист уыд цъайӕ, ӕмӕ уыди ихы хуызӕн уазал.

Хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ Кливленды (штат Огайо), 1946 аз

1946 азы сӕрды нӕхимӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд ацыдыстӕм конгресмӕ Кливлендмӕ (штат Огайо, АИШ). Уым мын фыццаг бон мӕ хо цыбыртӕй фыста, конгрессы дзырд цӕуыл цыди, уый, цӕмӕй ӕз дӕр программӕ ӕмбӕрстаин. Фӕлӕ дыккаг бон базыдтон, кӕй дзы ис, къухӕйамонгӕ ӕвзагмӕ кӕмӕн тӕлмац кодтой, ахӕм къорд, ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Кӕдӕй-уӕдӕй мӕ бон уыд, Библи цы дзуры, уый ӕмбарын!

ИННӔТӔН РӔСТДЗИНАД АМОНЫН

Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уӕд адӕм иууылдӕр архайдтой, сӕ бӕстӕ кӕй уарзынц ӕмӕ йыл ӕнувыд кӕй сты, уый равдисыныл. Фӕлӕ ӕз та конгрессӕй ахӕм фӕндимӕ ӕрыздӕхтӕн, скъолайы цыфӕнды уавӕры дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдзынӕн. Гъемӕ тырысайӕн нал табу кодтон ӕмӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл гимн дӕр нал зарыдтӕн. Стӕй ма бӕрӕгбӕттӕ дӕр нал бӕрӕг кодтон ӕмӕ иннӕ сывӕллӕттимӕ аргъуанмӕ нал цыдтӕн. Афтӕ кӕй кодтон, уый ахуыргӕнджыты зӕрдӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ цӕмӕй мӕ хъуыды аивтаин, уый тыххӕй-иу мӕм ӕртхъирӕнтӕ кодтой, стӕй-иу цавӕрдӕр мӕнг ныхӕстӕ ӕрымысыдысты. Ме ’мкъласӕгтӕ дӕр уыдӕттӕ куыннӕ бафиппайдтаиккой, ӕмӕ мын уый фӕрцы уыд фадат, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кодтаин. Чидӕртӕ сӕ, зӕгъӕм, Ларри Андрософф, Норман Диттрик ӕмӕ Эмиль Шнайдер, систы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ йын ныр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц.

Ӕндӕр горӕтмӕ-иу куы ацыдтӕн, уӕд-иу алы хатт дӕр бацархайдтон, цӕмӕй дзы, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмы ссардтаин ӕмӕ сын хорз хабар фехъусын кодтаин. Зӕгъӕм, Монреалы, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон-иу цы клубы ӕрӕмбырд сты, уым хъусын кодтон иу ӕрыгон нӕлгоймагӕн, Эдди Тейгерӕн. Уый сси Хуыцауы лӕггадгӕнӕг. Хъыгагӕн, фарон фӕзиан. Фӕлӕ йӕ мӕлӕты онг лӕггад кодта, Лавалы (провинци Квебек) къухӕйамонгӕ ӕвзагыл цы ӕмбырд ис, уым. Стӕй ма базонгӕ дӕн иу ӕрыгон лӕппуимӕ, Хуан Арданесимӕ. Уый дӕр рагон вериӕгтау алцыдӕр лӕмбынӕг иртӕста, цӕмӕй-иу сбӕлвырд кодтаид, Библийы ӕцӕгдӕр афтӕ фыст ис ӕви нӕ (Хъуыд. 17:10, 11). Уый дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг сси, ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй Оттавӕйы (провинци Онтарио).

Хъусын кӕнын уынджы, 1950 азты райдиан

1950 азы ацыдтӕн Ванкувермӕ. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонимӕ Библийыл ныхас кӕнын тынг уарзын. Фӕлӕ иухатт, хъусӕй чи хъуыста, иу ахӕм сылгоймагӕн уынджы куыд хъусын кодтон, уый никуы ферох кӕндзынӕн. Йӕ ном уыд Крис Спайсер, ӕмӕ сразы нӕ журналтӕ рафыссыныл. Стӕй ма мын загъта, цӕмӕй йӕ сӕрыхицау Гариимӕ дӕр фембӕлдаин. Гъемӕ сӕм ӕз дӕр хӕдзармӕ ӕрбацыдтӕн, ӕмӕ тынг бирӕ фӕныхас кодтам, цы зӕгъинаг уыдыстӕм, уый-иу гӕххӕттыл афыстам, афтӕмӕй. Уый фӕстӕ сӕ цалдӕр азы нӕ федтон. Ӕмӕ ма мӕ дисӕн кӕрон кӕм уыд, иухатт мӕм конгрессы Торонтойы (провинци Онтарио) куы ’рбацыдысты, уӕд. Гари хъуамӕ уыцы бон донаргъуыд райстаид. Уыцы диссаджы хабар мын ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хъусын кӕнын тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ рӕстдзинад уидӕгтӕ кӕд ӕмӕ кӕм ауадздзӕн, уый нӕ зонӕм.

Фӕстӕдӕр ӕрыздӕхтӕн Саскатунмӕ. Уым базонгӕ дӕн иу сылгоймагимӕ, ӕмӕ йын уыд дыууӕ фаззон чызджы, Джин ӕмӕ Джоан Роттенбергер, сӕ дыууӕ дӕр хъусӕй нӕ хъуыстой. Сӕ мад мын загъта, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кодтаин. Кӕддӕр ӕз цы скъолайы ахуыр кодтон, уыдон дӕр уым ахуыр кодтой. Бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ дыууӕ чызджы дӕр се ’мкъласӕгтӕн дзурын райдыдтой, Библийӕ-иу цы базыдтой, уый. Ӕппынфӕстаг сӕ къласӕй фондзӕй систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Сӕ иу уыд Юнис Колин. Юнисимӕ базонгӕ дӕн, скъолайы фӕстаг аз куы ахуыр кодтон, уӕд. Куы базонгӕ стӕм, уӕд мын къафетт радта ӕмӕ мын загъта, зӕгъгӕ, дам, мӕ фӕнды, цӕмӕй ӕмбӕлттӕ уӕм.

Юнисимӕ 1960 азы ӕмӕ 1989 азы

Юнисы мад уый куы базыдта, ӕмӕ йӕ чызг Библи ахуыр кӕны, уӕд скъолайы директорӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ Библийы ахуыр ныууадзын кодтаид. Ӕмӕ кӕд директор Юнисӕн, Библи кӕй фӕрцы ахуыр кодта, уыцы публикацитӕ дӕр байста, уӕддӕр чызг Йегъовӕйыл уыд иузӕрдион. Донаргъуыд райсын ӕй куы бафӕндыд, уӕд та йын йӕ ныййарджытӕ загътой: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы суай, уӕд-иу нӕ хӕдзары къӕсӕрӕй кӕсгӕ дӕр мауал ӕрбакӕн!» Юнисыл 17 азы куы цыд, уӕд хӕдзарӕй ацыд, ӕмӕ йӕ бынӕттон Ӕвдисӕнтӕ суазӕг кодтой. Уый дарддӕр Библи ахуыр кодта, ӕмӕ стӕй донаргъуыд райста. Фӕстӕдӕр мӕ царды тынг ахсджиаг бынат бацахста – сси мӕ бинойнаг! 1960 азы нӕ цард баиу кодтам, ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ нӕ чындзӕхсӕвмӕ цӕугӕ дӕр не ’рбакодтой. Фӕлӕ азтӕ рацыд, ӕмӕ нын, цӕуыл ӕууӕндыдыстӕм ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кодтам, уый тыххӕй фылдӕр аргъ кӕнын райдыдтой.

ЙЕГЪОВӔ МЫЛ ТЫХСТИ

Мӕ фырт Николас ӕмӕ йӕ бинойнаг Деборӕ, лӕггад кӕнынц Вефилы, Лондоны

Ис нын авд лӕппуйы, ӕмӕ уыдон махӕй уӕлдай хъусӕй хъусынц. Уый тыххӕй нын сӕ хъомыл кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ сын уӕддӕр къухӕйамонгӕ ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн баххуыс кодтам, цӕмӕй кӕрӕдзи хорз ӕмбӕрстаиккам ӕмӕ сын нӕ бон рӕстдзинад амонын уыдаид. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нын тынг ӕххуыс кодтой. Зӕгъӕм, иу ӕфсымӕр нӕм гыццыл фыстӕг ныффыста, зӕгъгӕ, уӕ лӕппу Паддзахады залы ӕвзӕр ныхӕстӕ дзуры. Мах уайтагъддӕр бацархайдтам нӕ фырты раст зондыл саразыныл. Ныртӕккӕ мӕ фырттӕй цыппар, Джеймс, Джерри, Николас ӕмӕ Стивен, сты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ бинонтимӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма Николас ӕмӕ йӕ бинойнаг Деборӕ Великобританийы филиалы ӕххуыс кӕнынц къухӕйамонгӕ ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнынӕн, Стивен ӕмӕ йӕ бинойнаг Шэннан та сты, къухӕйамонгӕ ӕвзагмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы къорды Иугонд Штатты филиалы.

Мӕ фырттӕ Джеймс, Джерри ӕмӕ Стивен сӕ бинойнӕгтимӕ алыхуызӕтты ӕххуыс кӕнынц хъусын кӕныны хъуыддагӕн къухӕйамонгӕ ӕвзагыл

Хъыгагӕн, нӕ чындзӕхсӕвы боныл 40 азы бӕрц куы рацыд,– уыцы бонмӕ ма иу мӕй хъуыди,– уӕд Юнис фӕзиан. Уыди ракӕй рынчын, ӕмӕ йӕ низимӕ бирӕ фӕтох кодта. Фӕлӕ уыцы зын рӕстӕг дӕр йӕ ныфс, фидӕны кӕй райгас уыдзӕн, ууыл кӕй дардта, уый фӕрцы уыди фидар. Ӕз тынг бӕллын, ногӕй та йӕ куы фенон, уыцы бонмӕ.

Фей ӕмӕ Джеймс, Джерри ӕмӕ Эвелин, Шэннан ӕмӕ Стивен

2012 азы февралы ахаудтӕн ӕмӕ мӕ синыстӕг асастон. Ӕххуыс мӕ кӕй хъуыди, уымӕ гӕсгӕ мӕ мӕ фырттӕй иу ӕмӕ йӕ бинойнаг сӕхимӕ акодтой. Ныр лӕггад кӕнӕм, Калгарийы къухӕйамонгӕ ӕвзагыл цы ӕмбырд ис, уым, ӕмӕ уым дӕр лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй. Ахъуыды-ма кӕнут, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм ӕмбырды уӕдмӕ никуы лӕггад кодтон! 1946 азӕй фӕстӕмӕ лӕггад кодтон англисаг ӕмбырды. Уал азы дӕргъы мӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы уыд фидар? Йегъовӕ загъта, сидзӕр сывӕллоныл кӕй батыхсдзӕн, ӕмӕ мын уыцы азты дӕргъы ӕцӕгдӕр ӕххуыс кодта (Пс. 10:14). Ӕз тынг бузныг дӕн, гӕххӕттыл-иу мын йӕ зӕгъинӕгтӕ чи фыста, къухӕйамонгӕ ӕвзаг чи сахуыр кодта ӕмӕ, сӕ бон куыд уыд, афтӕ тӕлмац кӕныныл мын чи архайдта, уыдонӕй.

Пионерты скъолайы америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл, 79 азы мыл куы цыд, уӕд

Раст зӕгъгӕйӕ, афтӕ дӕр-иу уыди, ӕмӕ-иу, иннӕтӕ цы дзырдтой, уый не ’мбӕрстон, стӕй-иу мӕм хатт афтӕ каст, ӕмӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоны ничи ӕмбары. Уӕд-иу тынг ӕрӕнкъард дӕн ӕмӕ-иу мӕ мӕ къухтӕ ӕруадзынмӕ бирӕ нал хъуыд. Фӕлӕ-иу ахӕм уавӕрты ӕрхъуыды кодтон, апостол Петр Йесо Чырыстийӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ куы сты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ» (Иоан. 6:66–68). Хъусӕй чи нӕ хъусы ӕмӕ Йегъовӕйӕн бирӕ азтӕ чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртау ӕз дӕр сахуыр дӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Ӕз сахуыр дӕн мӕ ныфс Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл дарын, ӕмӕ мын уый ӕрхаста стыр пайда. Ныртӕккӕ ме ’взагыл уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг тынг бирӕ ис, стӕй, америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл чи вӕййы, уыцы ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм цӕуын мӕ бон кӕй у, уый мын цины хос куыннӕ у. Нӕ диссаджы Хуыцау Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, уый тыххӕй дӕн амондджын ӕмӕ мӕ цард у арфӕдзинӕдтӕй йедзаг.