ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2018 аз, апрель

Ацы брошюрӕйы ис, 2018 азы 4 июнӕй 8 июлмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Ӕцӕг сӕрибардзинадӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм?

Ӕфхӕрд чи ӕййафы, йӕ бартӕ кӕмӕн ссӕндынц кӕнӕ мӕгуыр цард чи кӕны, уыдон бӕллынц, цӕмӕй уыдӕттӕй ссӕрибар уой. Чидӕртӕ та бӕллынц, цӕмӕй сӕ бон уа сӕрибарӕй сӕ хъуыдытӕ дзурын, уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ сӕ цард, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ аразын. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕм ӕцӕг сӕрибар уой?

Лӕггад кӕнут, сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауӕн

Йегъовӕйы сыгъдӕг тых нӕ цӕмӕй ссӕрибар кодта? Ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд сӕрибардзинадӕй раст нӕ пайда кӕнӕм?

Бӕрнон ӕфсымӕртӕ, Тимофей уын фӕзминаг уӕд

Тимофей апостол Павелимӕ лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд фыццаг рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныфс нӕ хаста йӕ ног хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ Тимофейы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?

Фӕзмут Йегъовӕйы, ныфсдӕттӕг Хуыцауы

Йегъовӕйы адӕмӕн алкӕддӕр хъуыди сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын.

Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс «ноджы тынгдӕр» ӕфтауӕм!

Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй-иу сын бахъуаджы сахат сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм.

Ӕрыгӕттӕ, Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрут?

Ӕрыгӕтты фӕхъӕуы бирӕ ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕссын. Цымӕ сын цы баххуыс кӕндзӕн, сӕ цард куыд араздзысты, уый фӕдыл раст уынаффӕ рахӕссынӕн?

Кӕсджыты фарстатӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд публикацитӕ къопи кӕнӕн ӕмӕ сӕ алыхуызон сайтты ӕмӕ социалон сетьты ӕвӕрӕн цӕуылнӕ ис?

Кӕсджыты фарстатӕ

«Ног дунейы тӕлмац»-ы Псалом 144:12–15 стихтӕ ӕндӕрхуызон цӕмӕн ратӕлмац кодтам?