Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бӕрнон ӕфсымӕртӕ, Тимофей уын фӕзминаг уӕд

Бӕрнон ӕфсымӕртӕ, Тимофей уын фӕзминаг уӕд

ФАРОН ӕгас зӕххыл дӕр мингай ӕфсымӕрты снысан кодтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй. Кӕд ды дӕр уыцы ӕфсымӕртӕм хауыс, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг цин кӕныс, уыцы кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕныны кад дӕм кӕй ӕрхауд, ууыл.

Иннӕмӕй та, чи зоны, иу гыццыл тыхсыс. Иу ӕрыгон хистӕр нӕлгоймаг, Джейсон, загъта: «Хистӕр нӕлгоймагӕй мӕ куы снысан кодтой, уӕд мӕм фыццаг афтӕ каст, ӕмӕ мын мӕ бар ӕгӕр бирӕ хӕстӕ бакодтой». Моисей ӕмӕ Йеремимӕ дӕр афтӕ каст, ӕмӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн, Йегъовӕ сын цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын (Рац. 4:10; Йер. 1:6). Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ вӕййы, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй семӕ тох кӕнай ӕмӕ дӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕнай? Ӕркӕсӕм-ма Чырыстийы ахуыргӕнинаг Тимофейы цӕвиттонмӕ (Хъуыд. 16:1–3).

ТИМОФЕЙЫ ФӔЗМУТ

Тимофейыл, ӕвӕццӕгӕн, 20 азы онг кӕнӕ уымӕй гыццыл фылдӕр куы цыди, уӕд ӕй апостол Павел йемӕ уацамындон балцы акодта. Нырма ахӕм ӕрыгон кӕй уыд, уый тыххӕй, чи зоны, йӕ ныфс нӕ хаста йӕ ног хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ (1 Тим. 4:11, 12; 2 Тим. 1:1, 2, 7). Фӕлӕ уымӕй дӕс азы куы рацыд, уӕд Павел Филиппты ӕмбырдмӕ ныффыста: «Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы [мӕ] ныфс ис, ӕмӕ уӕм тагъд Тимофейы кӕй арвитдзынӕн... Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй» (Фил. 2:19, 20).

Тимофей ахӕм хорз хистӕр нӕлгоймаг цӕй фӕрцы сси? Ӕркӕсӕм-ма, йӕ цӕвиттонӕй цавӕр ӕхсӕз хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

1. Адӕмыл зӕрдиагӕй тыхсти. Павел Филиппты цӕрӕг ӕфсымӕртӕн загъта, Тимофей сыл зӕрдиагӕй кӕй батыхсдзӕн (Фил. 2:20). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Тимофей адӕмыл тыхсти. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кодтаиккой ӕмӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста, цӕмӕй сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодтаид.

Цӕвиттонӕн ис ӕрхӕссӕн автобусы шофыры. Зӕгъӕм, алы остановкӕмӕ дӕр афоныл бахӕццӕ уа, уый йын адӕмы сбадын кӕнынӕй сӕйрагдӕр куы уа, уӕд ӕй хорз шофыр схонӕн зынтӕй уыдзӕн. Уӕдӕ ахӕм шофыры хуызӕн ма ут! Хистӕр нӕлгоймагӕй 20 азӕй фылдӕр чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Уильям, сӕ бӕрны цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ кӕмӕн бакӕнынц, уыдонӕн фӕзӕгъы: «Ӕфсымӕрты уарзут. Уӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ уын сӕйрагдӕр уӕд, уыдоны цы тыхсын кӕны, уый, алцыдӕр пъланыл уа, уый нӕ, фӕлӕ».

2. Фыццаг бынаты йын уыд хъусын кӕныны хъуыддаг. Тимофей иннӕ чырыстӕттӕй цӕмӕй хицӕн кодта, уый тыххӕй Павел загъта: «Иннӕтӕ иууылдӕр, сӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл хъуыды кӕнынц, Йесо Чырыстийыл нӕ, фӕлӕ» (Фил. 2:21). Павел ацы ныхӕстӕ куы ныффыста, уӕд уыди Ромы ӕмӕ уыдта, бынӕттон чырыстӕттӕ сӕ царды хъуыддӕгтыл кӕй систы. Уыдон хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй нӕ архайдтой. Фӕлӕ Тимофейӕ уый зӕгъӕн нӕ уыд. Фылдӕр хъусын кӕнынӕн-иу ын фадат куы фӕзынд, уӕд-иу дзы спайда кодта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу уый дӕр пехуымпар Исайау загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:8).

Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕхи хъуыддӕгтыл дӕр ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгтыл дӕр ӕххӕссай? Фыццаджыдӕр уал ахъуыды кӕн, царды дын сӕйрагдӕр цы у, ууыл. Павел дӕр афтӕ загъта: «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут» (Фил. 1:10). Хуыцау ахсджиагыл цы нымайы, уый дӕуӕн дӕр ахсджиаг уӕд. Дыккаджы та, дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕн. Дӕхи хиз, дӕ рӕстӕг ӕмӕ дын дӕ хъарутӕ чи исы, уыцы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй. Павел Тимофейӕн ахӕм уынаффӕ радта: «Ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард лидз. Ӕмӕ уый бӕсты тырн рӕстдзинадмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ ӕмӕ фарнмӕ» (2 Тим. 2:22).

3. Хуыцауы хъуыддаджы йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта. Павел филиппӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Тимофейы тыххӕй... зонут, йӕхи цавӕр адӕймагӕй равдыста, уый: сывӕллон йӕ фыдимӕ куыд уа, афтӕ мемӕ цагъарау лӕггад кодта хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы» (Фил. 2:22). Тимофей зивӕггӕнаг нӕ уыд. Уый Павелимӕ ӕмгуыст кодта, йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта, афтӕмӕй, ӕмӕ уый фӕрцы хорз ӕмбӕлттӕ систы.

Абон Йегъовӕйы организацийы тынг бирӕ куыст ис. Уыцы куыст дын ӕрхӕсдзӕн стыр циндзинад, стӕй уый фӕрцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕнгомдӕр уыдзынӕ. Уӕдӕ дӕ нысан уӕд Хуыцауы хъуыддаджы «ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнын» (1 Кор. 15:58).

4. Цӕуыл сахуыр, уымӕ гӕсгӕ-иу архайдта. Павел Тимофеймӕ ныффыста: «Ды... алцӕмӕй дӕр мӕн бафӕзмыдтай: ӕз иннӕты куыд ахуыр кӕнын, куыд цӕрын, цӕмӕ тырнын, уый, мӕ уырнындзинад, мӕ бирӕфӕразондзинад, мӕ уарзондзинад, мӕ фидардзинад» (2 Тим. 3:10). Тимофей цӕуыл сахуыр, уымӕ гӕсгӕ-иу архайгӕ дӕр кӕй кодта, уый фӕрцы цӕттӕ уыд фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ (1 Кор. 4:17).

Хуыцауы хъуыддаджы дын фӕзминаг чи у, стӕй дӕуӕй хистӕр ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр чи у, ахӕм ӕмбал дын ис? Кӕд нӕ, уӕд хорз уаид, дӕхицӕн ахӕм ӕмбал куы ссарис. Бирӕ азты дӕргъы хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Том, радзырдта: «Иу фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаг мӕм йӕ хъус фӕдардта ӕмӕ мын бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта. Арӕх-иу дзы уынаффӕ ракуырдтон ӕмӕ-иу уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодтон. Бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ фӕныфсджындӕр дӕн».

5. Ӕппынӕдзух йӕхиуыл куыста. Павел Тимофейӕн бафӕдзӕхста: «Дӕхиуыл кус, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай – уый уӕд дӕ нысан» (1 Тим. 4:7). Зӕгъӕм, кӕд спортсменӕн тренер вӕййы, уӕддӕр йӕхи дӕр фӕхъӕуы тренировкӕтӕ кӕнын. Павел Тимофейӕн загъта: «Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай. [...] Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддӕгтӕм сараз, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 Тим. 4:13–15).

Дӕу дӕр хъӕуы ӕдзухдӕр дӕхиуыл кусын. Дарддӕр дӕр дӕ уырнындзинад фидар кӕн ӕмӕ дӕ хъус дар, нӕ организаци нын цы ног амындтӕ фӕдӕтты, уыдонмӕ. Стӕй дӕхицӕй ӕгӕр ныфсджын макуы су. Афтӕ макуы ахъуыды кӕн, ӕмӕ дӕм фаг фӕлтӕрддзинад ис, цӕмӕй ӕмбырды исты хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнай, нӕ публикациты йӕ бӕстон ма раиртасай, афтӕмӕй. Тимофейау «ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ» (1 Тим. 4:16).

6. Йӕ ныфс дардта Хуыцауы сыгъдӕг тыхыл. Павел Тимофейӕн загъта: «Нӕ мидӕг цы сыгъдӕг тых цӕры, уый фӕрцы хъахъхъӕн, дӕ бар чи ис, уыцы хӕзна» (2 Тим. 1:14). Цӕмӕй Тимофей йӕ лӕггад «хъахъхъӕдтаид», ома йын аргъ кодтаид ӕмӕ дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй архайдтаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди йӕ ныфс Хуыцауы сыгъдӕг тыхыл дарын.

Дӕсгай азтӕ хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Дональд, загъта: «Сӕ бӕрны цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ кӕмӕн ис, уыцы ӕфсымӕртӕ хъуамӕ аргъ кӕной, Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уымӕн. Афтӕмӕй „сӕ хъарутыл хъарутӕ ӕфтдзӕн“. Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых куы курой ӕмӕ сӕ удыхъӕды, сыгъдӕг тыхӕй цы миниуджытӕ цӕуы, уыдон куы фидар кӕной, уӕд се ’фсымӕртӕн удӕнцойы хос уыдзысты» (Пс. 84:7; 1 Пет. 4:11).

ЦЫ КАД ДӔМ ӔРХАУД, УЫМӔН АРГЪ КӔН

Куыд ӕхсызгон у, дӕуау Хуыцауы хъуыддаджы зӕрдиагӕй чи архайы ӕмӕ сӕ бӕрны цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ кӕмӕн бакодтой, ахӕм ӕфсымӕртӕ афтӕ бирӕ кӕй сты! Статьяйы райдианы кӕй кой скодтам, уыцы ӕфсымӕр Джейсон загъта: «Хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕдӕй нырмӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтон ӕмӕ бирӕ ныфсджындӕр сдӕн. Хистӕр нӕлгоймаг кӕй дӕн, ууыл ныр тынг цин кӕнын ӕмӕ уый мӕхицӕн стыр кадыл нымайын!»

Дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй архайдзынӕ, цӕмӕй дӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕнай? Дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр, цӕмӕй Тимофейы фӕзмай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ды дӕр Хуыцауы адӕмӕн уыдзынӕ удӕнцойы хос.