Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс «ноджы тынгдӕр» ӕфтауӕм!

Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс «ноджы тынгдӕр» ӕфтауӕм!

«Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм... кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (ДЗУТ. 10:24, 25).

ЗАРДЖЫТӔ: 90, 87

1. Апостол Павел фыццаг ӕнусы дзуттаг чырыстӕттӕн цӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс «ноджы тынгдӕр» ӕфтауой?

НӔ ЭРӔЙЫ фыццаг ӕнусы апостол Павел дзуттаг чырыстӕттӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25). Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, чи зоны, хъуыды кодтой, зӕгъгӕ нын Павел цӕмӕн бафӕдзӕхста кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс «ноджы тынгдӕр» ӕфтауын. Фондз азы дӕр нӕ рацыд, афтӕ Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕттӕ бамбӕрстой, Павел уыцы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта, уый. Уыдон уыдтой, «Йегъовӕйы... бон» кӕй ӕрбаввахс кӕны ӕмӕ бамбӕрстой, Йесо сын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ горӕтӕй лидзын кӕй хъӕуы (Лук. 21:20–22; Хъуыд. 2:19, 20). Уыцы бон ралӕууыд н. э. 70 азы, ромӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд.

2. Абон нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у?

2 Абон мах дӕр ахӕм уавӕры стӕм. Йегъовӕйы «стыр бон, адӕймагыл тас [чи] ӕфтауы», уыцы бон тынг хӕстӕг у (Иоил 2:11). Пехуымпар Софони загъта: «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны» (Соф. 1:14). Ацы ныхӕстӕ мах рӕстӕгмӕ дӕр хауынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзут. 10:24). Абон уӕлдай ахсджиаг у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм нӕ хъус дарын, цӕмӕй-иу сын бахъуаджы сахат сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм.

ЙӔ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУЫН КӔМӔН ФӔХЪӔУЫ?

3. Апостол Павел иннӕты ныфс уадзыны тыххӕй цы загъта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 «Сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы, хорз ныхас та зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы» (Ӕмб. 12:25). Ацы ныхӕстӕ махӕй алкӕмӕ дӕр хауынц. Алкӕмӕн дӕр нӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы йӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ныфс бауадзын кӕй фӕхъӕуы, иннӕты фидар кӕныны хӕс кӕуыл ис, суанг уыдоны дӕр. Уый Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Тынг бӕллын уӕ фенынмӕ, цӕмӕй уын бахай кӕнон, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй, ӕмӕ сфидар уат. Уӕвгӕ, растдӕр уаид зӕгъын, цӕмӕй кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм – ӕз сымах уырнындзинадӕй, сымах та мӕн уырнындзинадӕй» (Ром. 1:11, 12). Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй-иу хатгай Павелӕн йӕхи дӕр хъуыди бафидар кӕнын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:30–32.)

4, 5. Йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын кӕмӕн фӕхъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

4 Сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын ма фӕхъӕуы ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн дӕр, зӕгъӕм, пионертӕн. Уыдон сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой, цӕмӕй ахӕм хуызы лӕггад кӕной. Уый зӕгъӕн ис миссионертӕй, районон цӕстдарджытӕй ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕй, стӕй, филиалты ӕмӕ тӕлмацгӕнджыты офисты чи лӕггад кӕны, уыдонӕй дӕр. Сӕхи цӕмӕйдӕрты кӕй фӕцух кодтой, уый фӕрцы сӕ бон у Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын. Уӕдӕ сын сӕ ныфсыл ныфс куыннӕ хъуамӕ ӕфтауӕм! Фӕлӕ ма ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ раздӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтой, фӕлӕ сӕ ныр сӕ уавӕртӕ нал амонынц. Ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ ныфсыл ныфс куы бафтауынц, уӕд тынг фӕбузныг вӕййынц.

5 Сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын фӕхъӕуы, йӕхи бинонтӕ кӕмӕн нӕма ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр. Уыдон бинонтӕ уый тыххӕй не скӕнынц, ӕмӕ сӕ фӕнды сӕ цард, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ баиу кӕнын, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр фӕдзӕхсы, афтӕ (1 Кор. 7:39). Устытӕн дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафты, сӕ лӕгтӕ сӕ кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй бузныг кӕй сты, уый сын куы фӕдзурынц, уӕд (Ӕмб. 31:28, 31). Йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын ма фӕхъӕуы, ӕфхӕрд чи ӕййафы ӕмӕ йе ’нӕниздзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, уыцы чырыстӕттӕн дӕр (2 Фес. 1:3–5). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр стыр удӕнцой дӕттынц. (Бакӕс 2 Фессалоникӕгтӕм 2:16, 17.)

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔ НЫН НӔ НЫФСЫЛ НЫФС КУЫД ӔФТАУЫНЦ

6. Исайы 32:1, 2 стихтӕм гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс цы у?

6 Бакӕс Исайы 32:1, 2. Тынг уӕззау рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй ныл арӕх ӕрцӕуы, нӕ ныфс кӕй тыххӕй асӕтты, ахӕм хабӕрттӕ. Фӕлӕ нын Йесо Чырысти нӕ ныфсыл ныфс бафтауы «кънйӕзты» уылты, ома, йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕй ӕмӕ ӕндӕр фыстӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ чи сты, уыдоны уылты. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхи нӕ «уырнындзинадӕн хицау [нӕ] кӕнынц», фӕлӕ «сты... [не] ’мкусджытӕ». Уыдоны фӕнды, цӕмӕй нын нӕ циныл цин ӕфтауой (2 Кор. 1:24).

7, 8. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕты ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй куыд бафидар кӕнынц?

7 Иннӕтӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хорз цӕвиттон ныууагъта апостол Павел. Ӕфхӕрд чи ӕййӕфта, уыцы фессалоникаг чырыстӕттӕм Павел ныффыста: «Афтӕ тынг уӕ уарзӕм, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдыстӕм цӕттӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар фехъусын кодтаиккам, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдыстӕм сымахӕн нӕ удтӕ раттынмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕн систут адджын» (1 Фес. 2:8).

8 Павел ма равдыста, иннӕты ӕрмӕст ныхасӕй фидар кӕнын фаг кӕй нӕу. Павел Ефесы цӕрӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта: «Лӕмӕгътӕн... хъуамӕ ӕххуыс кӕнат. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у“» (Хъуыд. 20:35). Павел йе ’фсымӕрты тыххӕй цӕттӕ уыд йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ. Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Ӕз сымах тыххӕй, цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ мӕхи ӕгасӕй дӕр нӕ бавгъау кӕндзынӕн» (2 Кор. 12:15). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’фсымӕрты зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй кӕй барӕвдауынц, уымӕй уӕлдай ма сын хъуыддагӕй дӕр баххуыс кӕнынц. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, сӕ хорзыл кӕй тыхсынц (1 Кор. 14:3).

9. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у иннӕты ныфс бауадзын, уынаффӕ сын куы дӕттой, уӕд?

9 Адӕймаджы бафидар кӕныны тыххӕй хатгай хистӕр нӕлгоймӕгты фӕхъӕуы уынаффӕ раттын дӕр. Ӕмӕ Библийӕ базонӕн ис, уыцы хъуыддаг аразгӕйӕ дӕр сӕ бон куыд у адӕймаджы ныфс бауадзын. Уыцы хъуыддаджы ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон ныууагъта Йесо. Куы райгас, уый фӕстӕ Къаннӕг Азийы кӕцыдӕр ӕмбырдтӕн бауайдзӕф кодта. Фӕлӕ ма нӕ хъус ӕрдарӕм, уыцы хъуыддаг куыд сарӕзта, уымӕ. Ефесы, Пергамы ӕмӕ Фиатирӕйы ӕмбырдтӕн цалынмӕ нӕ бауайдзӕф кодта, уӕдмӕ сӕ сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй раппӕлыд (Рарг. 2:1–5, 12, 13, 18, 19). Лаодикийы ӕмбырдӕн та загъта: «Ӕз, кӕй уарзын, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уайдзӕф бакӕнын ӕмӕ сын зонд бацамонын. Уӕдӕ зынгзӕрдӕ у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн» (Рарг. 3:19). Уӕдӕ хорз уаид, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ искӕмӕн уынаффӕ дӕтгӕйӕ Йесойы куы фӕзмиккой.

ИННӔТЫ НЫФСЫЛ НЫФС ӔФТАУЫН ӔРМӔСТ ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТЫ ХӔС НӔУ

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын? (кӕс 10 абзац)

10. Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын?

10 Иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгты хӕс нӕу. Павел чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр баразӕнгард кодта: «Дзурут, хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой» (Еф. 4:29). Уӕдӕ-иу махӕй алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна, йӕ бон иннӕтӕн баххуыс кӕнын цӕмӕй у, ууыл. Павел дзуттаг чырыстӕттӕм ныффыста: «Бафидар кӕнут, йӕ къухтӕ чи ӕруагъта ӕмӕ йӕ уӕрджытӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ сты, уыдоны. Ӕмӕ уӕхицӕн аразут раст фӕндӕгтӕ, цӕмӕй къуылыхӕн йӕ къах ма фелвӕса, фӕлӕ сдзӕбӕх уа» (Дзут. 12:12, 13). Не ’ппӕтӕн дӕр, суанг сывӕллӕттӕн дӕр, нӕ бон у иннӕтӕн зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ дзурын.

11. Мартӕ йӕхимӕ куы ныхъхъуыста, уӕд ын цы баххуыс кодта?

11 Иуафон йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, иу ахӕм хо, Мартӕ *, ныффыста: «Иу бон Хуыцаумӕ скуывтон, цӕмӕй мӕ ныфс бауагътаид, ӕмӕ уыцы бон фӕстӕдӕр фембӕлдтӕн, мӕнӕй хистӕр чи уыд, иу ахӕм хойыл. Уый мын мӕ рыст йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ мӕ фӕлмӕн ныхасӕй барӕвдыдта. Уыцы рӕстӕг мӕ растдӕр ахӕм ӕххуыс хъуыди. Уыцы хо мын радзырдта, кӕддӕр йӕхӕдӕг дӕр ахӕм уавӕры кӕй уыди, ӕмӕ уӕд бамбӕрстон, ахӕм зындзинадимӕ ӕрмӕст ӕз кӕй нӕ тох кӕнын». Уыцы хо, чи зоны, уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ Мартӕйы ахӕм стыр ныфс бауадздзысты.

12, 13. Нӕ бон куыд у, Филиппӕгтӕм 2:1–4 стихты фыст уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын?

12 Павел Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Кӕд, Чырыстиимӕ иудзинады кӕй стут, уый уын уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕны, кӕд уарзтӕй рӕвдыд стут, кӕд уӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнут, кӕрӕдзийы фӕлмӕн уарзтӕй уарзут ӕмӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, уӕд мын мӕ циндзинадыл ноджыдӕр бафтаут: ӕмхуызон хъуыды кӕнут ӕмӕ ӕмхуызон уарзут уӕ кӕрӕдзийы, ут ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд. Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут. Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Фил. 2:1–4).

13 Хъуамӕ не ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынӕн фадӕттӕ агурӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты нӕ уарзтӕй куы рӕвдауӕм, куы сыл хъуыды кӕнӕм, фӕлмӕн уарзтӕй сӕ куы уарзӕм ӕмӕ сын сӕ зын куы ’мбарӕм, уӕд сын афтӕмӕй сӕ ныфсыл ныфс ӕфтаудзыстӕм.

ИННӔТЫ НЫФСЫЛ НЫФС БАФТАУӔН КУЫД ИС

14. Ныфсы хос нын цы вӕййы?

14 Нӕ ныфсыл ныфс бафты, рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн кӕмӕн баххуыс кодтам, уыдон Хуыцауӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй куы фехъусӕм, уӕд. Апостол Иоанн ныффыста: «Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр... мын цы хъуамӕ уа!» (3 Иоан. 4). Пионертӕй бирӕтӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, кӕддӕр рӕстдзинад базонынӕн кӕмӕн баххуыс кодтой, уыдон абоны онг Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, чидӕртӕ та сӕ пионертӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй фехъусын. Уӕдӕ, цӕйдӕр тыххӕй ныфссаст чи у, ахӕм пионерӕн, йӕ фыдӕбон цы тыллӕг ӕрхаста, уый йӕ зӕрдыл куы ’рлӕууын кӕнӕм, уӕд ын афтӕмӕй йӕ ныфсыл ныфс бафтаудзыстӕм.

15. Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕн куыд ис?

15 Районон цӕстдарджытӕй бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕн дӕр тынг ӕхсызгон вӕййы, кӕй бабӕрӕг кӕнынц, уыцы ӕмбырдты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сын арфӕйы ныхӕстӕ куы ныффыссынц, уӕд. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис хистӕр нӕлгоймӕгтӕй, миссионертӕй, пионертӕй ӕмӕ вефилӕгтӕй дӕр. Уыдонӕн дӕр тынг ӕхсызгон вӕййы, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй сын куы раарфӕ кӕнынц, уӕд.

МАХӔЙ АЛКӔМӔН ДӔР ЙӔ БОН У ИННӔТЫ НЫФС УАДЗЫН

16. Адӕймаджы ныфсыл ныфс бафтауӕн куыд ис?

16 Чи зоны нын ӕнцон нӕ вӕййы иннӕтӕн, цы зӕрдӕ сӕм дарӕм, уый тыххӕй ӕргом дзурын. Фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтауай, уый ахӕм зын хъуыддаг дӕр нӕу. Адӕймагмӕ ӕнӕуи дӕ мидбылты бахудай, хатгай уый дӕр фаг вӕййы, цӕмӕй дзы ныфс бацӕуа. Фӕлӕ дӕм уый куы нӕ бахуда, уӕд уый, чи зоны, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕуылдӕр тыхсы. Ахӕм адӕймагмӕ лӕмбынӕг куы байхъусай, уӕд ын уый дӕр, чи зоны, стыр удӕнцойы хос фӕуа (Иак. 1:19).

17. Иу ӕрыгон ӕфсымӕры ныфс цы бауагъта?

17 Иу ӕрыгон ӕфсымӕрӕн, Генрийӕн, стыр масты хос уыд, йӕ бинонтӕй чидӕртӕ рӕстдзинад кӕй ныууагътой, уый. Се ’хсӕн уыд йӕ фыд дӕр, уый раздӕр лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй. Генри тынг кӕй маст кодта, уый бафиппайдта районон цӕстдарӕг, ӕмӕ йӕ кафемӕ фӕхуыдта, цӕмӕй йемӕ аныхас кодтаид, ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг байхъуыста. Куы аныхас кодтой, уӕд Генри бамбӕрста: цӕмӕй йӕ бинонтӕн фӕстӕмӕ рӕстдзинадмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕна. Стыр ныфс дзы бауагътой 46-ӕм псалом, стӕй Софонийы 3:17 стих ӕмӕ Марчы 10:29, 30 стихтӕ.

Не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын (кӕс 18 абзац)

18. а) Адӕймаджы ныфс цы бауадзы, уый фӕдыл паддзах Соломон цы ныффыста? б) Апостол Павел чырыстӕтты цӕмӕ баразӕнгард кодта?

18 Мартӕ ӕмӕ Генрийы хабарӕй бӕрӕг у, махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон кӕй у, ныфссаст чи у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Паддзах Соломон ныффыста: «Куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас! Рухс цӕстӕнгас хъӕлдзӕг кӕны адӕймаджы зӕрдӕ, хорз хабар фидар кӕны стджытӕ» (Ӕмб. 15:23, 30). Мыййаг, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, ахӕм искӕй зоныс? Дӕ бон нӕ уаид, зӕгъӕм, нӕ брошюрӕты кӕнӕ нӕ сайты исты зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ бацагурын ӕмӕ йын сӕ бакӕсын? Адӕймагӕн ма йӕ ныфсыл ныфс бафты, Паддзахады зарджытӕ куы фӕзары, уӕд дӕр. Уый бӕрӕг у Павелы ныхӕстӕй: «Кӕрӕдзийы ахуыр кӕнут ӕмӕ фидар кӕнут псаломтӕй, кады зарджытӕй ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ дины зарджытӕй ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй зарут» (Кол. 3:16; Хъуыд. 16:25).

19. Тагъд рӕстӕджы нӕ нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын тынгӕй-тынгдӕр цӕмӕн хъӕудзӕн ӕмӕ ныр цы хъуамӕ аразӕм?

19 Йегъовӕйы бон куыд хӕстӕгдӕр кӕна, афтӕ нӕ нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын тынгӕй-тынгдӕр хъӕудзӕн (Дзут. 10:25). Цӕй уӕдӕ архайӕм, Павел йӕ рӕстӕджы цӕрӕг чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фес. 5:11).

^ 11 абз. Нӕмттӕ ивд сты.