Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Лӕггад кӕнут, сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауӕн

Лӕггад кӕнут, сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауӕн

«Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад» (2 КОР. 3:17).

ЗАРДЖЫТӔ: 49, 73

1, 2. а) Апостол Павелы заман адӕмӕн сӕрибардзинад ӕмӕ цагъарадимӕ баст фарстатӕ ӕнцой цӕуылнӕ лӕвӕрдтой? б) Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕцӕг сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы?

ФЫЦЦАГ ӕнусы Ромы паддзахад сӕрыстыр уыд, цы закъӕттӕ дзы уыд, уыдонӕй, стӕй дзы адӕмӕн бирӕ бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад кӕй уыд, уымӕй. Фӕлӕ уыцы хъомысджын паддзахадӕн цы бантыст, уый йын сӕйраджыдӕр бантыст йӕ цагъарты руаджы. Иуафон дзы цагъар уыд алы ӕртыккаг адӕймаг дӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, сӕрибардзинад ӕмӕ цагъарадимӕ баст фарстатӕ уыдысты, хуымӕтӕг адӕмӕн ӕнцой чи нӕ лӕвӕрдта, ахӕм фарстатӕ. Ӕмӕ уыцы паддзахады цӕрӕг чырыстӕтты дӕр куыннӕ тыхсын кодтаиккой.

2 Сӕрибардзинады тыххӕй арӕх фыста апостол Павел. Фӕлӕ уӕды заманы цӕрӕг адӕмӕй уӕлдай Павел ууыл нӕ архайдта, цӕмӕй адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кодтаид. Уый йе ’мчырыстӕттимӕ иумӕ иннӕтӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар базонынӕн ӕмӕ, Йесо Чырыстийы нывондӕн цы стыр аргъ ис, уый бамбарынӕн. Павел йе ’мчырыстӕттӕн бамбарын кодта, ӕцӕг сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уый. Зӕгъӕм, коринфӕгтӕм Павел ныффыста: «Йегъовӕ у ӕнӕуынгӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад» (2 Кор. 3:17).

3, 4. а) Павел 2 Коринфӕгтӕм 3:17 стихы размӕ цӕй кой кодта? б) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, Йегъовӕйӕ чи цӕуы, уыцы сӕрибардзинадӕй схайджын уӕм?

3 Павел ма коринфӕгтӕм йӕ дыккаг фыстӕджы ныффыста, Моисей Йегъовӕйы зӕды разӕй куы рацыд ӕмӕ Синайы хохӕй куы ’рхызт, уӕд цы ’рцыд, уый тыххӕй. Йӕ цӕсгомӕй калди рухс! Ӕмӕ израилӕгтӕ Моисейы афтӕмӕй куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты, ӕмӕ уый дӕр йӕ цӕсгом бамбӕрзта (Рац. 34:29, 30, 33; 2 Кор. 3:7, 13). Павел дарддӕр ныффыста: «Фӕлӕ се ’ргом Йегъовӕмӕ куы раздахынц, уӕд уыцы ӕмбӕрзӕн ист ӕрцӕуы» (2 Кор. 3:16). Цымӕ Павелы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

4 Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй ӕгӕрон сӕрибардзинад ис ӕрмӕстдӕр не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы «сыгъдӕг тых кӕм ис», уым сӕрибардзинад дӕр ис. Фӕлӕ Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй уыцы сӕрибардзинадӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ не ’ргом Йегъовӕмӕ раздахӕм, ома йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй нӕ, фӕлӕ адӕймаджы цӕстӕй кастысты. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл уыди ӕмбӕрзӕн. Египетӕй рацӕугӕйӕ цы сӕрибардзинадӕй схайджын сты, уымӕй раст нӕ пайда кодтой – сӕ буары монцтӕ ӕфсадыныл систы (Дзут. 3:8–10).

5. а) Йегъовӕйы сыгъдӕг тых цавӕр сӕрибардзинад дӕтты? б) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, искӕй цагъар чи у кӕнӕ ахст чи у, суанг уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у, ӕмӕ уыцы сӕрибардзинадӕй схайджын уой? в) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

5 Фӕлӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тых цы сӕрибардзинад дӕтты, уый нӕ ӕнӕуи цавӕрдӕр цагъарадӕй нӕ сӕрибар кӕны. Уыцы сӕрибардзинад у, адӕм хъуыды дӕр кӕуыл никуы кодтой, ахӕм сӕрибардзинад. Уый фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ ссӕрибар уӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй, стӕй мӕнг динимӕ баст ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты цагъарадӕй дӕр (Ром. 6:23; 8:2). Уый цӕй диссаджы сӕрибардзинад у! Искӕй цагъар чи у кӕнӕ ахст чи у, суанг уыдонӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ уыцы сӕрибардзинадӕй схайджын уой (Райд. 39:20–23). Уый зӕгъӕн ис хо Нэнси Юэнӕй ӕмӕ ӕфсымӕр Харольд Кингӕй дӕр. Кӕд сӕ дыууӕ дӕр сӕ уырнындзинады тыххӕй бирӕ азты дӕргъы ахӕстоны фӕбадтысты, уӕддӕр уыцы сӕрибардзинадӕй хайджын уыдысты. Сӕ интервьютӕм сын бакӕсӕн ис нӕ интернет-телеуынынады. Фӕлӕ цымӕ махӕн та нӕ бон куыд у, уыцы сӕрибардзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисын? Стӕй нӕ бон куыд у уыцы сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнын? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатыл аныхас кӕнӕм.

ХУЫЦАУӔЙ ЛӔВӔРД СӔРИБАРДЗИНАДӔН АРГЪ КӔНӔМ

6. Цӕмӕй бӕрӕг у, израилӕгтӕ, Йегъовӕ сын цы сӕрибардзинад радта, уымӕн кӕй не саргъ кодтой?

6 Исчи нын зынаргъ лӕвар куы скӕны, уӕд дзы тынг бузныг вӕййӕм. Фӕлӕ израилӕгтӕ не саргъ кодтой, Йегъовӕ сын цы сӕрибардзинад радта, уымӕн. Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты, уымӕй цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, цы хӕрӕм, уый нын нӕй, зӕгъгӕ. Хъаст кодтой, Йегъовӕ сын цы маннӕ лӕвӕрдта, уымӕй дӕр. Ӕмӕ ма сӕ суанг фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхын дӕр ӕрфӕндыд! Ахъуыды-ма кӕн, кӕсаг, джитъритӕ, харбызтӕ, хъӕдындзтӕ ӕмӕ сын нурытӕ, Хуыцау сын цы сӕрибардзинад радта ӕмӕ ныр сӕ бон Йегъовӕйӕн кувын кӕй уыд, уымӕй зынаргъдӕр систы! Уӕдӕ диссаг дӕр нӕу, Йегъовӕйы маст сӕм тынг кӕй ссыгъд, уый (Ным. 11:5, 6, 10; 14:3, 4). Сӕ хабар нын у зондзонӕн.

7. Павел, 2 Коринфӕгтӕм 6:1 стихы цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг куыд архайдта ӕмӕ йӕ нӕ бон бафӕзмын куыд у?

7 Апостол Павел чырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕ бузныг уыдаиккой, йӕ Фырт Йесо Чырыстийы фӕрцы сын цы сӕрибардзинад радта, уый тыххӕй. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 6:1.) Павел йӕхӕдӕг дӕр удхар кодта, тӕригъӕды цагъар кӕй уыди, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр загъта: «Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!» Стӕй йе ’мчырыстӕттӕн загъта: «Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн цард чи дӕтты, уыцы сыгъдӕг тыхы закъон... [сымах] ссӕрибар кодта тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъонӕй» (Ром. 7:24, 25; 8:2). Павелау махӕй дӕр хъуамӕ рох макуы уа, Йегъовӕ нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Чырыстийы нывонды руаджы махӕн нӕ бон у Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ нын уый у стыр цины хос (Пс. 40:8).

Дӕ сӕрибардзинадӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн пайда кӕныс ӕви дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынӕн? (кӕс 8–10 абзацтӕ)

8, 9. а) Апостол Петр, нӕ сӕрибардзинадӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм, уый фӕдыл цавӕр уынаффӕ радта? б) Афтӕ цӕй тыххӕй рауайы, ӕмӕ адӕймаг йӕ сӕрибардзинадӕй раст нӕ фӕпайда кӕны?

8 Хуыцау нын цы сӕрибардзинад дӕтты, уый тыххӕй йын ӕрмӕст бузныг хъуамӕ ма дзурӕм, фӕлӕ ма дзы раст пайда кӕнӕм. Зӕгъӕм, апостол Петр чырыстӕтты бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын уыцы сӕрибардзинад ӕвзӕр митӕ ӕмбӕхсынӕн ма уыдаид. (Бакӕс 1 Петры 2:16.) Петры ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, ӕдзӕрӕг быдыры чи уыд, уыцы израилӕгтыл цы ’рцыд, уый. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ абон махмӕ ноджы тынгдӕр хауынц. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне адӕмы алыхуызон дзаумӕттӕй, хӕринӕгтӕй, ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты сайынц. Рекламӕйы куыст чи кӕны, уыдон сӕ рекламӕты рӕсугъд ӕмӕ зындгонд адӕймӕгты февдисынц, цӕмӕй адӕм, ӕцӕгӕй сӕ хъӕугӕ дӕр чи нӕ кӕны, ахӕм дзауматӕ ӕлхӕной. Ацы дунейы къӕппӕджы чи бахауы, уыдон сӕ сӕрибардзинадӕй раст нал фӕпайда кӕнынц. Ӕмӕ уыцы къӕппӕджы та ӕнцонтӕй ис бахауӕн!

9 Петры ныхӕстӕ ма хауынц, ноджы ахсджиагдӕр чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕм дӕр, зӕгъӕм, уӕлдӕр ахуыримӕ кӕнӕ куыстимӕ баст фарстатӕм. Цӕвиттон, скъоладзауты фӕразӕнгард кӕнынц сӕ хъарутӕ иууылдӕр ахуырмӕ саразынмӕ, цӕмӕй стӕй сӕ бон уа хорз университеттӕм бацӕуын. Ахӕм зондыл сӕ фӕаразынц, ӕмӕ, уӕлдӕр ахуыр куы райсой, уӕд сӕ бон уыдзӕн, бирӕ ӕхца кӕм кусдзысты ӕмӕ сын иннӕты цӕсты кад кӕй фӕрцы уыдзӕн, ахӕм куыст ссарын. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ, дарддӕр сӕ цард куыд араздзысты, уый фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуынц, ӕмӕ сын уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕуын хуыздӕр уыдзӕн. Фӕлӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ дӕр сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

10. Ӕрмӕстдӕр нӕхимӕ чи хауы, ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

10 Чидӕртӕ, чи зоны, хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, иугӕр адӕймаг ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл йӕхӕдӕг хӕссы уынаффӕтӕ, уӕд мын уый бар ис, ӕмӕ, мӕхимӕ хуыздӕр цы кӕсы ӕмӕ мын ме ’фсарм бар цӕмӕн дӕтты, уый равзарон. Чи зоны, дзурой, зӕгъгӕ, Павел дӕр афтӕ куы загъта: «Мӕ сӕрибардзинадӕн кӕйдӕр ӕфсарм тӕрхонгӕнӕг цӕмӕн хъуамӕ уа?» (1 Кор. 10:29). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дзырд уӕлдӕр ахуырыл кӕнӕ куыстыл куы цӕуа, уӕд махӕй алкӕмӕн дӕр ис, нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ растдӕр чи у, ахӕм уынаффӕ рахӕссыны бар. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, нӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон кӕй нӕу ӕмӕ нӕ алы уынаффӕ дӕр цӕмӕдӕр кӕй ӕркӕндзӕн. Ӕмӕ Павел афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Алцы кӕныны бар дӕр ис, фӕлӕ алцы пайда нӕу. Алцы кӕныны бар дӕр ис, фӕлӕ алцы нӕ фидар кӕны» (1 Кор. 10:23). Уӕдӕ нын кӕд уынаффӕтӕ хӕссыны бар ис, уӕддӕр иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ, нӕхи цы фӕнды, уымӕй бирӕ ахсджиагдӕр сты.

ХУЫЦАУӔН ЛӔГГАД КӔНГӔЙӔ НӔ СӔРИБАРДЗИНАДӔЙ ӔМБАРГӔЙӔ ПАЙДА КӔНӔМ

11. Хуыцау нӕ цӕмӕн ссӕрибар кодта?

11 Петр, нӕ сӕрибардзинадӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм, уый кой кӕнгӕйӕ бамбарын кодта, уыцы сӕрибардзинад нын цӕмӕн ӕрцыд лӕвӕрд, уый. Петр загъта, уыцы сӕрибардзинад нӕ уый тыххӕй кӕй хъӕуы, цӕмӕй «Хуыцауы цагъартау цӕрӕм». Ӕндӕр ныхӕстӕй нӕ Йегъовӕ Йесойы фӕрцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй уымӕн ссӕрибар кодта, цӕмӕй нӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр уымӕн лӕггад кӕнынӕн раттӕм.

12. Ной ӕмӕ нын йӕ бинонтӕ фӕзминаг цӕмӕй сты?

12 Нӕ сӕрибардзинадӕй раст пайда кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн раттын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ацы дунейы зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ уыдзыстӕм ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕйраг не суыдзысты (Гал. 5:16). Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг сты Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ. Кӕд фыдзӕрдӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау адӕмы ’хсӕн цардысты, уӕддӕр сӕ зондыл нӕ ацыдысты. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзтой, Йегъовӕ сын цы бахӕс кодта, уымӕ – нау арӕзтой, сӕхицӕн ӕмӕ цӕрӕгойтӕн хӕринаг ӕмбырд кодтой ӕмӕ адӕмы, цы бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй фӕдзӕхстой. Библийы фыст ис: «Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта» (Райд. 6:22). Ӕмӕ кӕд уӕды дуне Доны хъаймӕты сӕфт ӕрцыд, уӕд Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ та аирвӕзтысты (Дзут. 11:7).

13. Йегъовӕ нын цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта?

13 Ӕмӕ махӕн та Йегъовӕ цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта? Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ уӕвгӕйӕ мах зонӕм, Хуыцауы раз ныл цавӕр хӕс ис, уый. (Бакӕс Лукайы 4:18, 19.) Ацы дунейы хуыцау адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ сӕрызонд бакуырм кодта, ӕмӕ уый тыххӕй сты мӕнг динты, коммерцийы ӕмӕ политикӕйы цагъарады (2 Кор. 4:4). Махмӕ та ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ Йесойау адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы, сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы, базоной ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдайой (Матф. 28:19, 20). Уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Иуӕй-иу бӕстӕты адӕм хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ ма нӕм дзы чидӕртӕ мӕсты дӕр равӕййынц, Хуыцауы тыххӕй сын куы фӕдзурӕм, уӕд. Фӕлӕ нын уыцы хъуыддаг Йегъовӕ кӕй бахӕс кодта, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнӕм: «Мӕ бон у мӕ сӕрибардзинадӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразон?»

14, 15. Йегъовӕйы адӕмӕй бирӕтӕ цавӕр уынаффӕ рахастой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

14 Куыд ӕхсызгон у, Йегъовӕйы адӕмӕй бирӕтӕ кӕй ӕмбарынц, ацы дунейы кӕрон куыд тынг хӕстӕг у, уый ӕмӕ сӕ цард кӕй фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, цӕмӕй пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтаиккой (1 Кор. 9:19, 23). Чидӕртӕ сӕ лӕггад кӕнынц, кӕм цӕрынц, уым, чидӕртӕ та ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм. Фӕстаг фондз азмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта 250 000 хо ӕмӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕр, ӕмӕ ныртӕккӕ ӕдӕппӕтӕй сты 1 100 000 адӕймагӕй фылдӕр. Мах тынг цин кӕнӕм, уыйбӕрц адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ кӕй пайда кӕнынц ӕмӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц! (Пс. 110:3).

15 Цымӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн цы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕной? Ӕркӕсӕм-ма, фӕстаг 30 азы алыхуызон бӕстӕты чи лӕггад кодта, иу ахӕм бинонты, Джон ӕмӕ Джудиты, хабармӕ. Куыд радзырдтой, афтӕмӕй 1977 азы Пионерты скъола куы фӕзынд, уӕд дзы чи ахуыр кодта, уыдоны разӕнгард кодтой, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕтты лӕггад кӕнынмӕ. Ӕмӕ Джон ӕмӕ Джудиты дӕр бафӕндыд ахӕм ран лӕггад кӕнын. Фӕлӕ цӕмӕй сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтаиккой, уый тыххӕй-иу Джоны арӕх бахъуыд йӕ куыст фӕивын. Цасдӕр куы рацыд, уӕд сӕ нысан сӕ къухы бафтыд – ӕндӕр бӕстӕмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацыдысты. Цымӕ сын цы баххуыс кодта, цы зындзинӕдтыл дзы ӕмбӕлдысты, уыдоны сӕрты хизынӕн, зӕгъӕм, цӕмӕй ног ӕвзаг сахуыр кодтаиккой, стӕй ног ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ног климӕтыл дӕр сахуыр уыдаиккой? Уыдон Йегъовӕмӕ куывтой ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ дардтой. Уал азы Йегъовӕйы хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй фыдӕбон кодтой, уый фӕдыл Джон мӕнӕ цы загъта: «Ӕз мӕхиуыл бавзӕрстон, ацы хъуыддаджы архайай, уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис! Мӕ цардӕй базыдтон, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ ныл уарзӕгой фыдау кӕй тыхсы. Ныр ноджы хуыздӕр ӕмбарын, цӕуыл дзурӕг сты Иаковы 4:8 стихы фыст ныхӕстӕ, „баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн“, зӕгъгӕ. Мӕн алкӕддӕр фӕндыд, цӕмӕй мӕ цардӕй райгонд уыдаин, ӕмӕ мӕ лӕггады руаджы уый мӕ къухы бафтыд».

16. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй мингӕйттӕ сӕ сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ куыд пайда кӕнынц?

16 Джон ӕмӕ Джудитау бирӕтӕ пионертӕй фӕлӕггад кӕнынц бирӕ азты дӕргъы. Йӕ уавӕр кӕй нӕ амоны, уыдон та пионертӕй иу цасдӕр балӕггад кӕнынц. Бирӕтӕ феххуыс кӕнынц, нӕ организаци ӕгас зӕххыл дӕр цы арӕзтадон куыстытӕ кӕны, уым. Зӕгъӕм, Уорвичы (штат Нью-Йорк) ног сӕйраг хайад куы арӕзтам, уӕд нын ӕххуыс кодтой иу-27 000 хо ӕмӕ ӕфсымӕры. Чидӕртӕ сӕ ӕрцыдысты дыууӕ къуыримӕ, чидӕртӕ та дзы балӕггад кодтой иу аз кӕнӕ уымӕй фылдӕр. Бирӕты сӕ уый тыххӕй бахъуыд сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы, сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы, кадджын кӕной. Ӕмӕ нын фӕзминаг куыннӕ сты!

17. Хуыцауӕй лӕвӕрд сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ чи пайда кӕны, уыдон фидӕны цавӕр арфӕдзинадӕй схайджын уыдзысты?

17 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, кӕй йӕ базыдтам, стӕй нӕ кӕй ссӕрибар кодта, уый тыххӕй. Уӕдӕ цы уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм, уыдонӕй бӕрӕг уӕд, уыцы сӕрибардзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Уыцы сӕрибардзинад нын ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ӕмбӕхсынӕн ма уӕд, фӕлӕ дзы афтӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд схайджын уыдзыстӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы арфӕдзинадӕй: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:21).