Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕзмут Йегъовӕйы, ныфсдӕттӕг Хуыцауы

Фӕзмут Йегъовӕйы, ныфсдӕттӕг Хуыцауы

«Табу... Хуыцауӕн. Уый нын ныфс * дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 КОР. 1:3, 4).

ЗАРДЖЫТӔ: 7, 3

1. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕ адӕмӕн цавӕр ныфс радта?

ЙЕГЪОВӔ у ныфсдӕттӕг Хуыцау. Уый адӕмы ныфс уадзы, тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст куы систы, суанг уӕдӕй фӕстӕмӕ. Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уый хӕдфӕстӕ Йегъовӕ загъта, Райдианы 3:15 стихы чи ис фыст, уыцы пехуымпарад. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, «рагон калмӕн», Сайтан Хӕйрӕгӕн, стӕй йе ’ппӕт фыдхъуыддӕгтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн (Рарг. 12:9; 1 Иоан. 3:8). Ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ, уыцы пехуымпарад куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый куы бамбӕрстаиккой, уӕд сӕ уый стыр ныфс бауагътаид.

ЙЕГЪОВӔ РАГЗАМАНТЫ ЙӔ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТЫ НЫФС КУЫД УАГЪТА

2. Йегъовӕ Нойы ныфс куыд бауагъта?

2 Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Ной цард, фыдмитӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ чи кодта, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Уыцы рӕстӕг Хуыцауӕн ӕрмӕстдӕр йӕ бинонтӕ лӕггад кодтой. Ахӕм уавӕрты, гӕнӕн уыд, ӕмӕ Нойӕн йӕ ныфс асастаид (Райд. 6:4, 5, 11; Иуд. 6). Фӕлӕ дзы Йегъовӕ ныфс бауагъта, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр лӕггад кодтаид ӕмӕ, раст цы у, уый арӕзтаид (Райд. 6:9). Йегъовӕ Нойӕн загъта, фыдадӕмы се ’ппӕты дӕр фесафынмӕ кӕй хъавы ӕмӕ йын бацамыдта, йӕ бинонты аирвӕзын кӕныны тыххӕй йӕ цы кӕнын хъӕуы, уый (Райд. 6:13–18). Ной йӕхи цардӕй федта, Йегъовӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау кӕй у, уый.

3. Йегъовӕ Йесо Навины ныфс куыд бауагъта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Уымӕй цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд Йегъовӕ Йесо Навинӕн бахӕс кодта йӕ адӕмы Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакӕнын. Уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыди, цы адӕм дзы цард, уыдоны хъомысджын ӕфсӕдтимӕ хӕцын. Уый тыххӕй, гӕнӕн уыд, ӕмӕ Йесо Навины тас бацыдаид. Йегъовӕ уый ӕмбӕрста, ӕмӕ Моисейӕн загъта: «Йесойы разамонӕгӕй сӕвӕр, йӕ ныфсыл ын ныфс бафтау ӕмӕ йӕ бафидар кӕн, уымӕн ӕмӕ фаллаг фарсмӕ ацы адӕмы разӕй уый ахиздзӕн ӕмӕ сӕ уый бакӕндзӕн, кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бынӕн райсой» (Дык. з. 3:28). Ӕмӕ цалынмӕ Йесо Навин уыцы зӕхх бацахсынмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ дзы Йегъовӕ ныфс бауагъта: «Ӕз дын загътон: „Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у“. Уӕдӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ» (Йес. Н. 1:1, 9). Ацы ныхӕстӕ Йесо Навины стыр ныфс куыннӕ бауагътаиккой!

4, 5. а) Йегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмы ныфс куыд уагъта? б) Йегъовӕ-иу йӕ Фырты ныфс куыд бауагъта?

4 Йегъовӕ-иу ӕрмӕст иугай адӕймӕгты нӕ бауагъта ныфс, фӕлӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр. Зӕгъӕм, дзуттӕгтӕ Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд Йегъовӕ зыдта, сӕ ныфсыл сын ныфс бафтауын кӕй хъӕуы, ӕмӕ сын йӕ пехуымпары уылты зӕрдӕ бавӕрдта: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (Ис. 41:10). Йегъовӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн дӕр сӕ ныфс фидар кодта, ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр йӕ адӕмы ныфс уадзы. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4.)

5 Йегъовӕ-иу йӕ Фырт Йесойы дӕр ныфс бауагъта. Зӕгъӕм, Йесо донаргъуыд куы райста, уый хӕдфӕстӕ Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матф. 3:17). Цалынмӕ Йесо зӕххыл лӕггад кодта, уӕдмӕ йын уыцы ныхӕстӕ стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаиккой!

ЙЕСО ИННӔТЫ НЫФС КУЫД УАГЪТА

6. Йесо талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

6 Йесо дӕр йӕ Фыдау иннӕты ныфс уагъта ӕмӕ сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой. Зӕгъӕм, талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым хицау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕй дӕр раппӕлыд: «Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар! Гыццыл хъуыддаджы дӕхи ӕууӕнкджынӕй равдыстай, ӕмӕ дын дӕ бар стырдӕр хъуыддаг бакӕндзынӕн. Цин кӕн дӕ хицауимӕ» (Матф. 25:21, 23). Ацы ныхӕстӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм.

7. Йесо йӕ апостолты, ӕмӕ уӕлдайдӕр та Петры ныфс куыд бауагъта?

7 Йесо-иу йӕ апостолты алкӕддӕр ныфс уагъта, кӕд-иу ӕй хатгай фыдӕнхъӕл дӕр фӕкодтой, уӕддӕр. Уыдон-иу арӕх быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл, фӕлӕ-иу уый фӕразондзинад равдыста ӕмӕ-иу сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн сӕхи хицӕуттӕ ма кӕной, фӕлӕ кӕрӕдзийӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕной (Лук. 22:24–26). Петры кой куы кӕнӕм, уӕд уый Йесойы раз ӕндӕр хӕттыты дӕр фӕрӕдыд (Матф. 16:21–23; 26:31–35, 75). Фӕлӕ йыл Йесо йӕ къух нӕ систа. Уый дзы ныфс бауагъта ӕмӕ ма йын бахӕс кодта, цӕмӕй йе ’фсымӕрты фидар кодтаид (Иоан. 21:16).

РАГЗАМАНТЫ ХУЫЦАУЫ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔ ИННӔТЫ НЫФС КУЫД УАГЪТОЙ

8. Езеки ӕфсады хистӕрты ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты ныфс куыд бауагъта?

8 Хуыцауы Фырт зӕхмӕ куы нӕма ӕрцыд, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмбӕрстой, кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Зӕгъӕм, ассириӕгтӕ Иерусалим бацахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд Езеки ӕфсады хистӕрты ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй сын «сӕ зӕрдӕты ныфс бауагътаид». Ӕмӕ «Езекийы ныхӕстӕй адӕмы ныфс бацыд». (Бакӕс 2 Азфыстыты 32:6–8.)

9. Иовы чиныгӕй куыд зыны, цыфӕнды уавӕры дӕр нӕ бон кӕй у иннӕты ныфс уадзын?

9 Иннӕты ныфс уадзын куыд ахсджиаг у, уый ма бӕрӕг у Иовы хабарӕй дӕр. Иовӕн йӕхи дӕр фидар кӕнын хъуыди, афтӕмӕй иннӕтӕн равдыста, адӕймаджы ныфс уадзын куыд хъӕуы, уый. Йе ’ртӕ ӕмбалы йӕм куы ’рбацыдысты, цӕмӕй дзы ныфс бауагътаиккой, уӕд сын Иов загъта, сӕ бынаты куы уыдаид, уӕд куыд бакодтаид, уый: «Ӕз уын уӕ зӕрдӕтӕ ныхасӕй бафидар кодтаин, рӕвдауӕн ныхасӕй [уӕ] ӕрсабыр кодтаин» (Иов 16:1–5). Ӕппынфӕстаг Иовы ныфс бауагъта Елиуй, ӕмӕ ма стӕй Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр (Иов 33:24, 25; 36:1, 11; 42:7, 10).

10, 11. а) Йеффайы чызгӕн йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын цӕмӕн хъуыди? б) Нӕ рӕстӕджы дӕр сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын кӕмӕн фӕхъӕуы?

10 Йӕ ныфс бафидар кӕнын кӕмӕн хъуыд, уыдонӕй иннӕ уыд тӕрхонгӕнӕг Йеффайы чызг. Йеффай аммонӕгтимӕ куы хъуамӕ схӕцыдаид, уӕд Йегъовӕйӕн дзырд радта, зӕгъгӕ мын сӕ мӕ къухмӕ куы раттай, уӕд, мӕ хӕдзарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рацӕуа, уый дӕуӕн ратдзынӕн, цӕмӕй дын дӕ цатыры лӕггад кӕна. Йеффай йе знӕгтыл куы фӕуӕлахиз ӕмӕ сӕхимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ размӕ хъазгӕ-худгӕйӕ рацыд йӕ чызг, йӕ иунӕг хъӕбул. Йеффайӕн цыма йӕ зӕрдӕ чидӕр кардӕй барӕхуыста, уыйау фӕци. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныхас нӕ фӕсайдта ӕмӕ йӕ чызджы Силоммӕ арвыста, цӕмӕй цӕрӕнбонты уым Хуыцауы цатыры лӕггад кодтаид (Тӕрх. 11:30–35).

11 Кӕд Йеффайӕн уый тынг зын уыд, уӕд йӕ чызгӕн та ноджы зындӕр уыд. Фӕлӕ уӕддӕр, йӕ фыд Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый сӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ уыд (Тӕрх. 11:36, 37). Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йын бар нал уыдаид, цӕмӕй смой кодтаид, цот рауагътаид ӕмӕ йӕ фыды хӕдзарвӕндаг адарддӕр кодтаид. Уӕдӕ кӕд искӕмӕн йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын хъуыди, уӕд Йеффайы чызгӕн. Библийы фыст ис: «Израилы ӕрфидар ахӕм ӕгъдау: афӕдзӕй-афӕдзмӕ, афӕдз цыппар боны, Израилы чызджытӕ цыдысты Галаады цӕрӕг Йеффайы чызгмӕ, цӕмӕй-иу дзы феппӕлыдаиккой» (Тӕрх. 11:39, 40). Нӕ рӕстӕджы дӕр чырыстӕттӕй чидӕртӕ бинонтӕ не скӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразой (1 Кор. 7:32–35). Ӕмӕ уыдон дӕр уый аккаг куыннӕ сты, цӕмӕй сӕ ӕппӕлӕм ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм.

АПОСТОЛТӔ СЕ ’ФСЫМӔРТЫ НЫФС КУЫД УАГЪТА

12, 13. Петр йе ’фсымӕрты куыд фидар кодта?

12 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв апостол Петрӕн загъта: «Симон, Симон! Сайтан куырдта, цӕмӕй мӕнӕуау луӕрст ӕрцӕуат. Фӕлӕ ӕз зӕрдиагӕй куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фесафай. Ӕмӕ куы ’рфӕсмон кӕнай, уӕд-иу де ’фсымӕрты бафидар кӕн» (Лук. 22:31, 32).

Апостолты фыстӕджытӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ныфс куыд уагътой, раст афтӕ абон мах дӕр стыр ныфс уадзынц (кӕс 12–17 абзацтӕ)

13 Петр уыд фыццаг ӕнусы «ӕмбырды цӕджындзтӕй» сӕ иу (Гал. 2:9). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр цы хъӕбатырдзинад равдыста, уый йе ’фсымӕрты стыр ныфс уагъта. Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы куы фӕлӕггад кодта, уӕд йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста: «Ацы цыбыр фыстӕг уӕм ныффыстон... цӕмӕй уын уӕ ныфсыл ныфс бафтауон ӕмӕ уын бамбарын кӕнон, Хуыцау уын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый ӕцӕг кӕй у. Ӕмӕ уыцы стыр хорзӕхыл фидар хӕцут» (1 Пет. 5:12). Петры фыстӕджытӕ йӕ рӕстӕджы цӕрӕг чырыстӕтты ныфс уагътой. Ӕмӕ абон дӕр стыр ныфс уадзынц, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куы сӕххӕст кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны! (2 Пет. 3:13).

14, 15. Ӕнусты дӕргъы апостол Иоанны Евангели ӕмӕ йӕ фыстӕджытӕ чырыстӕтты ныфс куыд уадзынц?

14 Апостол Иоанн дӕр уыд фыццаг ӕнусы «ӕмбырды цӕджындзтӕй» иу. Иоанны Евангелийӕ Йесойы лӕггады тыххӕй бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ ис базонӕн. Ацы чиныг ӕнусты дӕргъы чырыстӕтты ныфс уагъта, ӕмӕ абон мах дӕр стыр ныфс уадзы. Ӕрмӕстдӕр Иоанны Евангелийы ис фыст, Йесо кӕй загъта, чырыстӕтты сӕ уарзондзинадӕй базонӕн кӕй ис, уый тыххӕй. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35.)

15 Бирӕ ахсджиаг хъуыдытӕ ма фыст ис Иоаннӕн йе ’ртӕ фыстӕджы дӕр. Хатгай нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕ ныфс асӕтты. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ куы бакӕсӕм, «Йесойы туг [нӕ] сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр», зӕгъгӕ, уӕд нын стыр удӕнцой ӕрхӕссынц (1 Иоан. 1:7). Ӕмӕ ныл кӕд уӕддӕр нӕ зӕрдӕ фӕхуды, уӕд нӕ ацы ныхӕстӕ, «Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у», зӕгъгӕ, ныфс бауадзынц (1 Иоан. 3:20). Библи чи фыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Иоанн ныффыста ахӕм ныхӕстӕ, «Хуыцау у уарзондзинад», зӕгъгӕ (1 Иоан. 4:8, 16). Йӕ дыккаг ӕмӕ йе ’ртыккаг фыстӕджы та Иоанн раппӕлыд, «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... [чи] цӕры», уыцы чырыстӕттӕй (2 Иоан. 4; 3 Иоан. 3, 4).

16, 17. Апостол Павел фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ ныфс куыд фидар кодта?

16 Апостолтӕй се ’мчырыстӕтты ныфс фидар кӕныныл Павел цас архайдта, уыйбӕрц, ӕвӕццӕгӕн, ничи. Куыд зыны, афтӕмӕй, чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уыцы рӕстӕг апостолтӕн сӕ фылдӕр уыдысты Иерусалимы ӕмӕ разамонӕг совет дӕр уым уыд (Хъуыд. 8:14; 15:2). Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ хъусын кодтой, Хуыцау иу кӕй у, уый ӕнӕуи дӕр кӕй уырныдта, уыдонӕн. Апостол Павелы та Хуыцауы сыгъдӕг тых хъусын кӕнынмӕ арвыста, бирӕ хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдонмӕ, зӕгъӕм, грекъӕгтӕм, ромӕгтӕм ӕмӕ ӕндӕр ахӕм адӕмтӕм (Гал. 2:7–9; 1 Тим. 2:7).

17 Павел йӕ уацамындон балцыты рӕстӕг хъусын кодта, ныртӕккӕ Турци кӕм ис, уыцы рӕтты, стӕй Греци ӕмӕ Италийы дӕр. Павелы фӕрцы уымыты фӕзынд чырыстон ӕмбырдтӕ. Фӕлӕ, чырыстон дин чи райста, уыдонӕн сӕ цард ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕхи адӕмы къухӕй ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ хъуыди сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын (1 Фес. 2:14). Н. э. 50 азмӕ ӕввахс Павел, Фессалоникӕйы ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы ӕмбырдмӕ ныффыста: «Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм уе ’ппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ... ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ, уӕ уарзондзинад уӕ кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон ӕмӕ... куыд фидар стут, уый» (1 Фес. 1:2, 3). Стӕй ма уыцы ӕмбырды чырыстӕтты баразӕнгард кодта: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фес. 5:11).

РАЗАМОНӔГ СОВЕТ АБОН ДӔР ЧЫРЫСТӔТТЫ НЫФС КУЫД УАДЗЫ

18. Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет Филиппы ныфс куыд бауагъта?

18 Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет, ӕмбырды йӕхимӕ разамынд чи иста, уыдоны дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕтты дӕр ныфс уагъта. Филипп Самарийы Чырыстийы тыххӕй куы хъусын кодта, уӕд ын разамонӕг совет тынг баххуыс кодта. Петры ӕмӕ Иоанны (уыдон дӕр разамонӕг советӕй уыдысты) уырдӕм арвыста, цӕмӕй дзы чырыстон чи сси, уыдоны тыххӕй скуывтаиккой ӕмӕ уыдон дӕр сыгъдӕг тыхӕй схайджын уыдаиккой (Хъуыд. 8:5, 14–17). Разамонӕг совет афтӕ кӕй бакодта, уый Филиппы дӕр ӕмӕ уыцы ног чырыстӕтты дӕр ныфс куыннӕ бауагътаид!

19. Фыццаг ӕнусы ӕмбырдтӕн разамонӕг советы номӕй фыстӕг куы бакастысты, уӕд сыл уый куыд фӕзынд?

19 Цасдӕры фӕстӕ разамонӕг советы бахъуыд иу ахсджиаг фарста алыг кӕнын: дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕтты Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сунӕт кӕнын хъӕуы ӕви нӕ (Хъуыд. 15:1, 2). Гъемӕ Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых ракуырдтой ӕмӕ, уыцы фарстайы фӕдыл Фыстад цы дзуры, уымӕ ӕркастысты. Стӕй уынаффӕ рахастой, зӕгъгӕ сӕ сунӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Уыцы уынаффӕйы тыххӕй фыстӕджы ныффыстой ӕмӕ ӕфсымӕрты сӕ номӕй арвыстой, цӕмӕй йӕ уыдон ӕмбырдты бакастаиккой. Цымӕ уый хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл куыд фӕзынд? Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «фыстӕг куы бакастысты, уӕд бафидар сты ӕмӕ фӕцин кодтой» (Хъуыд. 15:27–32).

20. а) Абон Разамонӕг совет ӕнӕхъӕн зӕххыл цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ныфс куыд уадзы? б) Иннӕ статьяйӕ дзуапп цавӕр фарстайӕн базондзыстӕм?

20 Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет вефилӕгты ӕмӕ ӕндӕр сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕнӕхъӕн зӕххыл цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ныфс уадзы. Ӕмӕ уый фӕрцы мах дӕр фыццаг ӕнусы чырыстӕттау бафидар вӕййӕм ӕмӕ фӕцин кӕнӕм! Уымӕй уӕлдай ма 2015 азы Разамонӕг совет рауагъта брошюрӕ «Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх», цӕмӕй, рӕстдзинады фӕндагӕй чи адзӕгъӕл, уыдоны дӕр ныфс бауагътаид. Фӕлӕ цымӕ, йӕхимӕ разамынд чи исы, ӕрмӕстдӕр уыдон хъуамӕ фидар кӕной иннӕты? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

^ 2 абз. 2013 азы уагъд «Ног дунейы тӕлмац» (англ.).