Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрыгӕттӕ, Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрут?

Ӕрыгӕттӕ, Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрут?

«Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты» (ӔМБ. 16:3).

ЗАРДЖЫТӔ: 135, 144

1–3. а) Ӕрыгӕтты се ’ппӕты дӕр цавӕр уынаффӕ фӕхъӕуы рахӕссын? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Ӕрыгон чырыстӕттӕн уыцы хъуыддаджы цы баххуыс кӕндзӕн?

ЗӔГЪӔМ, сфӕнд кодтай ӕндӕр горӕтмӕ цавӕрдӕр ахсджиаг хабары фӕдыл ацӕуын, ӕмӕ дӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы дард балц. Вокзалы, дуне адӕм ӕмӕ автобустӕ дыууӕрдӕм куыд кӕнынц, уый куы федтай, уӕд фыццаг фӕтыхстӕ. Фӕлӕ хорз у, ӕмӕ бӕлвырдӕй зоныс, кӕдӕм дӕ цӕуын хъӕуы ӕмӕ дӕ кӕцы автобус хъӕуы, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕцыфӕнды автобусыл куы сбадай, уӕд бынатмӕ нӕ фӕхӕццӕ уыдзынӕ.

2 Ӕрыгӕттӕ, сымахмӕ дӕр разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы дард балц. Фӕлӕ уыцы балцы автобусыл ацӕуӕн нӕй. Уыцы балц у уӕ цард! Хатгай сымах дӕр фӕтыхсут, уымӕн ӕмӕ уӕ фӕхъӕуы бирӕ ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлӕ уын царды бӕлвырд нысан куы уа, уӕд уын раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕнцондӕр уыдзӕн. Уӕдӕ царды хъуамӕ цавӕр фӕндаг равзарат?

3 Ацы статья уын баххуыс кӕндзӕн ацы фарстайӕн дзуапп ссарынӕн. Ноджыдӕр ма уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уын царды алцӕмӕй ахсджиагдӕр уа Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ та хъуамӕ рухс кӕнат уӕ царды алы хъуыддагӕй дӕр, дзырд ахуырыл, куыстыл, бинонтӕ скӕныныл, цот рауадзыныл ӕви ӕндӕр истӕуыл цӕуа, уӕддӕр. Хуыцауы зӕрдӕ ма ноджыдӕр хъуамӕ рухс кӕнат, уӕ лӕггады уӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрут, уыдонӕй дӕр. Ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын уын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд уын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ уӕ фӕндтӕ уӕ къухы бафтдзысты. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 16:3.)

ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДАДЖЫ УӔ УӔ РАЗЫ НЫСӔНТТӔ ӔВӔРЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?

4. Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

4 Адӕймаг ӕрыгонӕй Хуыцауы хъуыддаджы йӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕра, уый зондыл дзурӕг у. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Мах ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг дыууӕмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд базондзыстӕм, адӕймаг Хуыцауы хъуыддаджы цавӕрдӕр нысӕнттӕм куы фӕтырны, уӕд ӕм афтӕмӕй ӕнгомдӕр кӕй фӕкӕны. Ӕртыккаг хъуыддагмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд та базондзыстӕм, ӕрыгӕттӕ сӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕрой, уӕд сын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн.

5. Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ фыццаджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕвӕрат?

5 Ӕрыгӕттӕ, Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ фыццаджыдӕр уымӕн хъуамӕ ӕвӕрат, ӕмӕ афтӕмӕй равдисдзыстут, йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй ӕмӕ дзы йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стут. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Хорз у Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнын... О Йегъовӕ, дӕ хъуыддӕгтӕ мын ӕрхастой стыр циндзинад, дӕ къухты хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнгӕйӕ фырцинӕй зарын» (Пс. 92:1, 4). Ахъуыды-ма кӕнут, Йегъовӕ уын цас цыдӕртӕ радта: цард, уырнындзинад, Библи, ӕмбырд ӕмӕ фидӕнӕй диссаджы ныфс. Хуыцауы хъуыддӕгтӕ уын фыццаг бынаты куы уой, уӕд ӕм ӕнгомдӕр кӕндзыстут, стӕй уымӕй равдисдзыстут, цы арфӕдзинӕдтӕй уӕ схайджын кодта, уыдоны тыххӕй дзы бузныг кӕй стут.

6. а) Хуыцауы хъуыддаджы ма нӕ разы нысӕнттӕ ноджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕвӕрӕм? б) Ӕрыгӕттӕн сӕ бон сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у ӕвӕрын?

6 Дыккаджы та, нӕ разы нысӕнттӕ уымӕн хъуамӕ ӕвӕрӕм, ӕмӕ уыцы нысӕнттӕм тырнгӕйӕ мах фӕаразӕм, Йегъовӕйы цӕсты хорз цы у, уый. Ӕмӕ йӕм афтӕмӕй дӕр ӕнгомдӕр кӕнӕм. Апостол Павел зӕрдӕ бавӕрдта: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (Дзут. 6:10). Афтӕ макуы хъуыды кӕнут, ӕмӕ нырма ӕгӕр ӕрыгон стут, цӕмӕй уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрат. Зӕгъӕм, иу ӕрыгон чызг, Кристин, 10-аздзыдӕй йӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдта, цӕмӕй иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты биографитӕ ӕдзухдӕр кастаид. Иу 12-аздзыд лӕппу та, Тоби, зӕгъгӕ, йӕ разы нысан сӕвӕрдта, донаргъуыд райсыны размӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй бакӕсдзӕн. Максимыл цыди 11 азы, йӕ хо Ноэмийыл та – 10 азы, сӕ дыууӕ дӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд. Ӕмӕ уый фӕстӕ дыууӕйӕ дӕр райдыдтой сӕ нысанмӕ тырнын – фӕндыди сӕ Вефилы лӕггад кӕнын. Цӕмӕй сӕ нысан рохуаты ма аззадаид, уый тыххӕй сӕ хӕдзары къулыл бакодтой Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Мыййаг, дӕ бон нӕу дӕ разы исты нысӕнттӕ сӕвӕрын ӕмӕ архайын, цӕмӕй дӕ къухы бафтой? (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:10, 11.)

7, 8. а) Адӕймаг йӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕра, уӕд ын уый уынаффӕтӕ хӕссынӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн? б) Иу ӕрыгон чызг университетмӕ цӕуылнӕ бацыд?

7 Ӕртыккаджы та, адӕймаг йӕ разы нысӕнттӕ ӕрыгонӕй куы ’вӕра, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн ахуыры, куысты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгты фӕдыл раст уынаффӕтӕ хӕссын. Уынаффӕтӕ хӕссын абарӕн ис фӕндаг ӕвзарынимӕ. Дӕ разы цалдӕр фӕндаджы куы уа, уӕд дын раст фӕндаг равзарын ӕнцондӕр уыдзӕн, кӕдӕм цӕуыс, уый бӕлвырд куы зонай, уӕд. Раст афтӕ, цавӕрдӕр бӕлвырд нысӕнттӕ дын куы уа, уӕд дын уынаффӕтӕ хӕссын ӕнцондӕр уыдзӕн. Ӕмбисӕндты 21:5 стихы фыст ис: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда». Ӕрыгӕттӕ, уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын цас раздӕр райдайат, уыйас тагъддӕр уӕ къухы бафтдзысты. Иу хо, Дамарис, йӕхицӕй зоны, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Уый ӕрыгонӕй хъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын.

8 Дамарис скъола хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ фӕци. Ӕмӕ йӕ бон уыди университетмӕ бацӕуын, цӕмӕй юристыл сахуыр кодтаид, йӕ ахуырӕн ӕй ӕхца фидын дӕр нӕ хъуыдаид, афтӕмӕй. Фӕлӕ уый бӕсты бацыд, ӕнӕхъӕн бон кусын ӕй кӕм нӕ хъуыдаид, ахӕм куыстмӕ, кӕд дзы стыр мызд нӕ фыстой, уӕддӕр. Цымӕ ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахаста? Уымӕн ӕмӕ хӕрзӕрыгонӕй йӕ разы пионерӕй лӕггад кӕныны нысан сӕвӕрдта. Дамарис загъта: «Цӕмӕй пионерӕй лӕггад кодтаин, уый тыххӕй мӕ хъуыди, ӕнӕхъӕн бон кӕм нӕ куыстаин, ахӕм куыст ссарын. Юристыл куы сахуыр кодтаин, уӕд мӕ бон уыдаид бирӕ ӕхца кусын, фӕлӕ мӕ ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм нӕ хъуыдаид, ахӕм куыст зынтӕй ссардтаин». Дамарис ныр 20 азы лӕггад кӕны пионерӕй. Ӕрыгонӕй йӕ разы цы нысан сӕвӕрдта ӕмӕ цы уынаффӕ рахаста, ууыл, мыййаг, фӕсмон кӕны? Ӕппындӕр нӕ! Мӕнӕ цы загъта: «Куыстмӕ нӕм бирӕ юристтӕ ӕрбацӕуы. Ӕз дӕр университет куы фӕуыдаин, уӕд, уыдон цы куыст кӕнынц, ахӕм куыст кодтаин. Фӕлӕ сӕ бирӕтӕн сӕ куыстӕй сӕ зӕрдӕ ӕппындӕр нӕ райы. Ӕз та кӕддӕр мӕ разы раст нысан кӕй сӕвӕрдтон, уый фӕрцы уал азы дӕргъы Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ мӕ куыстӕй дӕр фыдӕнхъӕл нӕ фӕдӕн».

9. Ӕмбырды ӕрыгӕттӕ раппӕлинаг цӕмӕн сты?

9 Ӕгас зӕххыл дӕр не ’мбырдты цы мингай ӕрыгӕттӕ ис, уыдон сты раппӕлинаг. Уыдон сӕхи Йегъовӕйы бар бакодтой ӕмӕ сын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр у, Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрдтой, уыдонмӕ тырнын. Уыцы ӕрыгӕттӕ алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайынц, дзырд ахуырыл цӕуа, куыстыл ӕви бинонты цардыл, уӕддӕр. Ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ царды хорздзинӕдтӕй цух сты. Паддзах Соломон загъта: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл... Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмб. 3:5, 6). Чырыстон ӕмбырды цы ӕрыгӕттӕ ис, уыдон Йегъовӕйӕн зынаргъ сты. Уый сӕ тынг уарзы, хъахъхъӕны сӕ, разамынд сын дӕтты ӕмӕ сын арфӕ кӕны.

УӔХИ ХОРЗ ЦӔТТӔ КӔНУТ, ЦӔМӔЙ УӔ БОН УА ИННӔТӔН ХЪУСЫН КӔНЫН

10. а) Хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ царды ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй иу цӕмӕн у? б) Хъусын кӕныны хъуыддаджы арӕхстджындӕр цӕй фӕрцы кӕндзыстут?

10 Царды уын ӕппӕты сӕйрагдӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын куы уа, уӕд уӕ фӕнддзӕн иннӕтӕн дӕр Хуыцауы тыххӕй дзурын. Йесо Чырысти куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ «хъуамӕ хорз хабар... хъуыстгонд ӕрцӕуа» (Мар. 13:10). Уыцы хъуыддаг ӕвӕстиатӕй кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ уый хъуамӕ уа нӕ царды ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй сӕ иу. Уӕ бон нӕ уаид уӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайат? Уӕ бон нӕ уаид пионертӕй лӕггад кӕнын райдайын? Ӕмӕ кӕд хъусын кӕнын уӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уӕд уын цы баххуыс кӕндзӕн? Уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнат? Баххуыс уын кӕндзысты дыууӕ хъуыддаджы: уӕхи хорз цӕттӕ кӕнут ӕмӕ-иу уӕ разы исты цӕлхдур куы фӕзына, уӕддӕр-иу уӕ къухтӕ ма ’руадзут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд ма дис дӕр бакӕндзыстут, хъусын кӕныны хъуыддаг цас циндзинад хӕссы, ууыл.

Дӕхи хъусын кӕнынмӕ куыд фӕцӕттӕ кӕныс? (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

11, 12. а) Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у сӕхи хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ кӕнын? б) Иу лӕппуйӕн скъолайы хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзынд, уӕд дзы куыд спайда кодта?

11 Зӕгъӕм, уӕ бон у, уе ’мкъласӕгтӕм арӕхдӕр цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕй искӕцыйӕн дзуапп бацӕттӕ кӕнын. Уыцы хъуыддаджы уын баххуыс кӕндзӕн чиныг «Ответы на твои вопросы» (2-аг том). Зӕгъӕм, 36 сӕры дзы дзырд цӕуы, Хуыцау дӕ цӕмӕн уырны, уый иннӕтӕн бамбарын кӕнӕн куыд ис, ууыл. Ацы сӕр-иу бакӕсут ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнут, цавӕр дзуапп раттӕн ис ахӕм фарстайӕн: «Хуыцау дӕ цӕмӕн уырны?» Стӕй-иу ахъуыды кӕнут, уӕ бон спайда кӕнын кӕмӕй уыдзӕн, уыцы ӕртӕ стихыл: Дзуттӕгтӕм 3:4, Ромӕгтӕм 1:20 ӕмӕ Псалом 139:14. Ацы чиныджы цы уынаффӕтӕ ис, уыдоны фӕрцы уӕ бон уыдзӕн дзуаппытӕ бирӕ ӕндӕр фарстатӕн дӕр бацӕттӕ кӕнын. (Бакӕс 1 Петры 3:15.)

12 Иуӕй-иу ӕрыгон чырыстӕттӕ, фадат сын куы фӕзыны, уӕд се ’мкъласӕгтӕн равдисынц, нӕ публикациты фӕрцы сӕхи бон куыд у сӕ фарстатӕн дзуаппытӕ ссарын. Раст афтӕ бакодта иу лӕппу, Лука, зӕгъгӕ. Иухатт урочы алыхуызон динты кой куы кодтой, уӕд Лука бафиппайдта, кӕй ахуыр кодтой, уыцы чиныджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй цыдӕртӕ раст фыст кӕй нӕ уыд. Кӕд иу гыццыл тыхсти, уӕддӕр ахуыргӕнӕгӕй бар ракуырдта, цӕмӕй йе ’мкъласӕгтӕн бамбарын кодтаид, чиныджы цы фыст ис, уый раст кӕй нӕу. Ӕмӕ йын ахуыргӕнӕг дӕр бар радта. Лука ӕнӕхъӕн къласӕн, цӕуыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй ӕрмӕст дзургӕ нӕ ракодта, фӕлӕ ма сын равдыста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы публикацитӕ уадзынц, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ. Уый фӕстӕ сын ахуыргӕнӕг хӕдзармӕ куыст куы лӕвӕрдта, уӕд сын загъта, цӕмӕй сӕ алчидӕр бакастаид фломастерӕй ныв анимацимӕ, «Хылкъахджыты ныхмӕ фидар фӕлӕуу, хыл ма кӕн, афтӕмӕй!», зӕгъгӕ. Лука тынг цин кодта, йӕ бон кӕй баци йе ’мкъласӕгтӕн Йегъовӕйы тыххӕй радзурын.

13. Нӕ разы исты цӕлхдур куы фӕзына, уӕддӕр-иу нӕ къухтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ӕруадзӕм?

13 Уӕ разы исты цӕлхдур куы фӕзына, уӕддӕр-иу уӕ къухтӕ ма ’руадзут, фӕлӕ-иу дарддӕр дӕр уӕ нысӕнттӕм тырнут (2 Тим. 4:2). Зӕгъӕм, иу чызг, Катаринӕ, 17-аздзыдӕй йӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдта, цӕмӕй йе ’мкусджытӕй алкӕмӕн дӕр хорз хабар радзырдтаид. Сӕ иу ӕм цалдӕр хатты тызмӕгӕй сдзырдта, фӕлӕ Катаринӕ йӕ къухтӕ не ’руагъта. Йӕхи куыд уӕздан дардта, уый йе ’мкусджытӕй иуы, Гансы, зӕрдӕмӕ фӕцыд. Ганс райдыдта нӕ публикацитӕ кӕсын ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ стӕй донаргъуыд дӕр райста. Уӕдмӕ Катаринӕ цӕрынмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыд, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй нӕ зыдта. Уымӕй 13 азы куы рацыд, уӕд иубон йӕ бинонтимӕ ӕмбырды уыдысты, ӕмӕ сӕм раныхасимӕ цы ӕфсымӕр ӕрбацыд, уый Ганс куы разынид! Ахъуыды-ма кӕнут, Катаринӕ куыд цин кодтаид, йӕ рӕстӕджы йӕ къухтӕ кӕй не ’руагъта ӕмӕ дарддӕр дӕр йе ’мкусджытӕн кӕй хъусын кодта!

КЪУЫЛЫМПЫЙЫ ХОС УЫН МАЦЫ СУӔД

14, 15. а) Уе ’мгӕрттӕ уӕ сӕ зондыл куы кӕной, уӕд уӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарат? б) Уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уе ’мгӕртты зонды ныхмӕ фидар фӕлӕууат?

14 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй адӕймаг Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕна ӕмӕ йӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ ӕвӕра, уый тынг ахсджиаг у. Фӕлӕ уе ’мгӕрттӕй бирӕтӕн сӕ царды сӕйрагдӕр у сӕ рӕстӕг хорз ӕрвитын, ӕмӕ сымах дӕр, чи зоны, ахӕм зондыл аразой. Ӕмӕ, абон уа, райсом уа, уӕддӕр уӕ бахъӕудзӕн иннӕтӕн равдисын, уӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрдтат, уыдонӕй ахсджиагдӕр уын кӕй ницы ис. Уӕдӕ уын уе ’мгӕрттӕ къуылымпыйы хос макуы суӕнт! Уӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнут, статьяйы райдианы цы цӕвиттоны кой кодтам, уый. Вокзалмӕ куы ’рбацӕуат, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъӕлдзӕгдӕр кӕм у, ахӕм автобусы не сбаддзыстут, фӕлӕ уӕ бынатмӕ чи фӕхӕццӕ кӕна, ахӕмы.

15 Уӕдӕ уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уе ’мгӕртты зонды ныхмӕ фидар фӕлӕууат? Зӕгъӕм, уӕхи хизут, фӕрӕдийынӕй уын тӕссаг кӕм уа, ахӕм уавӕртӕй (Ӕмб. 22:3). Ахъуыды-иу кӕнут, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ уӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл (Гал. 6:7). Стыр ӕххуыс ма уын фӕуыдзысты хистӕрты уынаффӕтӕ дӕр. Уӕдӕ уын уӕ ныййарджытӕ кӕнӕ иннӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ исты уынаффӕ куы дӕттой, уӕд-иу сӕм сӕрныллӕгӕй байхъусут. (Бакӕс 1 Петры 5:5, 6.)

16. Кристофы цӕвиттонӕй куыд зыны, сӕрныллӕг уай, уый ахсджиаг кӕй у?

16 Уынаффӕмӕ байхъусынӕн сӕрныллӕгдзинад кӕй хъӕуы, уый бӕрӕг у Кристофы хабарӕй. Донаргъуыд куы райста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр райдыдта спортзалмӕ цӕуын. Уырдӕм ма цы лӕппутӕ цыди, уыдон ын дзырдтой, цӕмӕй сӕ спортклубмӕ бацыдаид. Кристоф хистӕр нӕлгоймагимӕ аныхас кодта, ӕмӕ йын уый загъта, цӕмӕй уал ахъуыды кодтаид, уый йыл куыд фӕзындзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, мыййаг, иннӕтӕй хуыздӕр уа, уымӕ чи бӕллы, уыдоны зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн? Кристоф уынаффӕмӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ уӕддӕр уыцы клубмӕ бацыд. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ федта, уыцы спорты тыхми кӕй ис ӕмӕ ма суанг цардӕн дӕр тӕссаг кӕй у. Ӕмӕ та ногӕй цалдӕр хистӕр нӕлгоймагимӕ аныхас кодта, ӕмӕ йын уыдон Библийӕ уынаффӕ радтой. Кристоф загъта: «Йегъовӕ мын хистӕр нӕлгоймӕгты уылты хорз уынаффӕтӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ йӕм кӕд уый размӕ нӕ байхъуыстон, уӕд ын ацы хатт та йӕ уынаффӕ мӕ зӕрдӕмӕ айстон». Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Фаг сӕрныллӕгдзинад дӕм ис, цӕмӕй-иу уынаффӕмӕ байхъусай?

17, 18. а) Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрыгӕттӕн цы зӕгъы? б) Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд цӕуыл фӕфӕсмон кӕнынц? Цы уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сымахӕн дӕр уӕ хабар афтӕ ма рауайа? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

17 Библи ӕрыгӕттӕн дзуры: «Лӕппу [кӕнӕ чызг], де ’взонджы бонты царды цинӕй дӕхи рӕвдау, де ’рыгон бонты дӕ зӕрдӕ цинӕй райӕд» (Еккл. 11:9). Ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджын уат. Ацы статьяйӕ куыд базыдтат, афтӕмӕй уый уӕ къухы бафтдзӕн, Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕрат ӕмӕ алыхуызон уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ йӕ зондӕй куы архайат, уӕд. Цас тагъддӕр райдайат афтӕ кӕнын, уыйас тагъддӕр уӕхиуыл бавзардзыстут, Йегъовӕ дын разамынд дӕтта, хъахъхъӕна дӕ ӕмӕ дын арфӕ кӕна, уый куыд хорз у, уый. Ахъуыды-ма кӕнут, йӕ Ныхасы уылты уын цас хорз уынаффӕтӕ дӕтты! Ӕмӕ ацы уынаффӕ уӕ зӕрдӕмӕ айсут: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты» (Еккл. 12:1).

18 Ӕрыгӕттӕ тагъд сыстыр вӕййынц. Ӕмӕ сӕ, хъыгагӕн, бирӕтӕ стырӕй фӕфӕсмон кӕнынц, сӕ разы раст нысӕнттӕ кӕй нӕ сӕвӕрдтой кӕнӕ сын нысӕнттӕ ӕппындӕр кӕй нӕ уыд, ууыл. Нӕ зынаргъ ӕрыгӕттӕ, ныртӕккӕ Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕрат ӕмӕ сӕм куы тырнат, уӕд фӕстӕдӕр нӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстут. Ӕркӕсӕм-ма нӕ хо Мирйанӕйы хабармӕ. Мирйанӕйӕн ӕрыгонӕй спорты бирӕ ӕнтысти. Суанг ма йӕ Олимпаг хъӕзтытӕм дӕр фӕхуыдтой. Фӕлӕ Мирйанӕ не сразы, ӕмӕ райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Ныр 30 азӕй фылдӕр лӕггад кӕны пионерӕй, ӕмӕ йӕ лӕг дӕр у пионер. Мирйанӕ загъта, зӕгъгӕ, ацы дунейы кадмӕ, хъӕздыгдзинадмӕ кӕнӕ стыр бынатмӕ чи бӕллы, уыдон амондджын нӕ вӕййынц. Ноджыдӕр ма загъта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн ӕххуыс кӕнын царды ӕппӕты хуыздӕр нысан кӕй у.

19. Ӕрыгонӕй Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕрай, уый хорз цӕмӕн у?

19 Ӕрыгӕттӕ, сымах тынг раппӕлинаг стут, уымӕн ӕмӕ кӕд цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлут, уӕддӕр уын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын! Сымах Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрут ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг нымайут уӕ царды ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй иуыл. Уымӕй уӕлдай ма ацы дунейӕн уый бар нӕ дӕттут, цӕмӕй уӕ ныкъкъуылымпы кӕна. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнут, уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу. Хотӕ ӕмӕ уӕ ӕфсымӕртӕ бирӕ уарзынц ӕмӕ цӕттӕ сты уӕ фарсмӕ балӕууынмӕ. Уӕдӕ уӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕнут, ӕмӕ уӕ фӕндтӕ уӕ къухы бафтдзысты!