Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕг сӕрибардзинадӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм?

Ӕцӕг сӕрибардзинадӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм?

«Кӕд [уӕ] Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар» (ИОАН. 8:36).

ЗАРДЖЫТӔ: 54, 36

1, 2. а) Адӕм сӕ сӕрибардзинадыл куыд тох кӕнынц? б) Сӕрибардзинадыл кӕй тох кӕнынц, уый арӕх цӕмӕ ӕркӕны?

АБОН бирӕтӕ тох кӕнынц, цӕмӕй адӕмӕн иухуызон бартӕ уа ӕмӕ алкӕмӕн дӕр уа сӕрибардзинад. Бирӕ бӕстӕты адӕм ӕфхӕрд ӕййафынц, сӕ бартӕ сын ссӕндынц ӕмӕ мӕгуыр цард кӕнынц, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй уыдӕттӕй ссӕрибар уой. Чидӕртӕ та тох кӕнынц, цӕмӕй сӕ бон уа сӕрибарӕй сӕ хъуыдытӕ дзурын, уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ, сӕ цард, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ аразын. Иудзырдӕй, адӕм кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр бӕллынц сӕрибар цардмӕ.

2 Бирӕтӕ сӕрибардзинадыл тох кӕнгӕйӕ скӕнынц митингтӕ ӕмӕ ма суанг революцитӕ дӕр. Фӕлӕ цымӕ сӕ фӕндтӕ ӕцӕгдӕр сӕ къухы бафтынц? Кӕцӕй! Уый нӕ, фӕлӕ ма уыдӕттӕ арӕх уымӕ дӕр ӕркӕнынц, ӕмӕ бирӕтӕ бабын вӕййынц. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, паддзах Соломоны ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Еккл. 8:9).

3. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕцӕг амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд уӕм?

3 Чырыcтийы ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста, адӕймаг ӕцӕг амондджын ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзӕн, уый тыххӕй: «Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон лӕмбынӕг чи иртасы ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уый... уыдзӕн амондджын» (Иак. 1:25). Уыцы «ӕнаипп закъон» чи радта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи зоны, адӕймаджы цы хъӕуы, цӕмӕй амондджын ӕмӕ зӕрдӕрухс уа. Уый фыццаг дыууӕ адӕймаджы схайджын кодта ӕцӕг сӕрибардзинадӕй ӕмӕ ма сӕ амондджынӕй цӕрынӕн ноджыдӕр цы хъуыди, уый сын радта.

АДӔМ ӔЦӔГ СӔРИБАРДЗИНАДӔЙ ХАЙДЖЫН КУЫ УЫДЫСТЫ, УЫЦЫ РӔСТӔГ

4. Адам ӕмӕ Евӕ цавӕр сӕрибардзинадӕй уыдысты хайджын? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

4 Райдианы чиныджы фыццаг дыууӕ сӕры кӕсгӕйӕ фенӕн ис, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы кӕй схайджын кодта, адӕм кӕмӕ батӕхуды кӕниккой, ахӕм сӕрибардзинадӕй ӕмӕ амондджын цардӕй. Уыдон цух ницӕмӕй уыдысты, ницӕмӕй тарстысты ӕмӕ сӕ ӕфхӕргӕ дӕр ничи кодта. Хӕринаг кӕм самал кӕной ӕмӕ куыст кӕм ссарой, уыдӕттыл тыхсын сӕ нӕ хъуыди. Стӕй сын низтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг нӕ уыд (Райд. 1:27–29; 2:8, 9, 15). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон уыди? Цӕй ӕмӕ йыл аныхас кӕнӕм.

5. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сӕрибардзинад цы у, фӕлӕ адӕмы ӕцӕгӕй цы хъӕуы, цӕмӕй сӕрибар уой?

5 Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕцӕг сӕрибардзинад у, цыдӕриддӕр дӕ фӕнды, уый куы аразай ӕмӕ дын уый куы ницы зиан хӕсса. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сӕрибардзинад у, «адӕймагӕн йӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайын кӕй у, уый». Уыцы энциклопедийы ма куыд фыст ис, афтӕмӕй адӕмы сӕрибар схонӕн ис, хицауад сын сӕ бартӕ куы не ссӕнда ӕмӕ сын ӕнӕхъӕугӕ кӕнӕ зынӕххӕстгӕнӕн закъӕттӕ куы не ’ххӕст кӕнын кӕна, уӕд (The World Book Encyclopedia). Уӕдӕ иугӕр ӕнӕхъӕугӕ закъӕттӕ ис, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъӕугӕ закъӕттӕ дӕр ис. Ӕмӕ уыцы закъӕттӕ уый тыххӕй фӕхъӕуынц, цӕмӕй алы адӕймагӕн дӕр уа сӕрибардзинад. Фӕлӕ цымӕ уый бар кӕмӕн ис, ӕмӕ скъуыддзаг кӕна, цавӕрдӕр закъон зынӕххӕстгӕнӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕугӕ у ӕви нӕ, стӕй адӕмӕн сӕ бартӕ ссӕнды ӕви нӕ?

6. а) Ӕгӕрон сӕрибардзинад ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн цӕмӕн ис? б) Адӕм цавӕр сӕрибардзинадӕй сты хайджын ӕмӕ цӕмӕн?

6 Хъуамӕ нӕ рох ма уа, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй ис ӕгӕрон сӕрибардзинад. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уый у Сфӕлдисӕг, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ Дун-дунейы Хицау (1 Тим. 1:17; Рарг. 4:11). Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, паддзах Давид, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у ӕмӕ цы бӕрзонд бынаты ис, уый кой кӕнгӕйӕ цы аив ныхӕстӕй спайда кодта, уыдон. (Бакӕс 1 Азфыстыты 29:11, 12.) Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн та,– зӕдтӕ уой ӕви адӕм,– сӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон нӕу. Уӕдӕ хъуамӕ алчидӕр ӕмбара, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй ис уый бар, ӕмӕ цавӕрдӕр закъӕттӕ дӕтта. Ӕмӕ Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд сын цы закъӕттӕ радта, уыдон нӕдӕр зынӕххӕстгӕнӕн уыдысты, нӕдӕр сӕ ӕнӕхъӕугӕ схонӕн уыд, стӕй сын сӕ бартӕ дӕр не ссӕстой.

7. Хуыцау адӕмӕн сӕ мидӕг цавӕр закъӕттӕ бавӕрдта?

7 Кӕд Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы сӕрибардзинадӕй схайджын кодта, уӕддӕр уыцы сӕрибардзинад ӕгӕрон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыди цавӕрдӕр закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын. Уыцы закъӕттӕй сын иуӕй-иутӕ Хуыцау сӕ мидӕг бавӕрдта. Зӕгъӕм, афтӕ сӕ скодта, ӕмӕ, цӕмӕй цардаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди улӕфын, хӕрын, фынӕй кӕнын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнын. Уый тыххӕй сӕм, мыййаг, афтӕ каст, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ бартӕ ссӕндгӕ кӕны? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йегъовӕ сӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сын уыцы хъуыддӕгтӕ ӕхсызгондзинад ӕмӕ циндзинад хастаиккой (Пс. 104:14, 15; Еккл. 3:12, 13). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, сыгъдӕг уӕлдӕфӕй дӕ риуыдзаг сулӕфай, адджын хӕринаг бахӕрай кӕнӕ дзӕбӕх фӕфынӕй кӕнай, уый ӕхсызгон куыннӕ у! Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ нын сты цины хос ӕмӕ сӕ уаргъыл нӕ нымайӕм. Ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕ дӕр уыцы хъуыддӕгтӕм ахӕм цӕстӕй куыннӕ кастаиккой.

8. Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймагӕн цы бафӕдзӕхста ӕмӕ цӕмӕн?

8 Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй цот уагътаиккой, зӕхх байдзаг кодтаиккой ӕмӕ йӕм зылдаиккой (Райд. 1:28). Ахӕм фӕдзӕхст сын кӕй радта, уымӕй сын, мыййаг, сӕ бартӕ ссӕста? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Афтӕмӕй адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй се Сфӕлдисӕджы фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн баххуыс кодтаиккой, ома цӕмӕй зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт суыдаид ӕмӕ йыл ӕххӕст адӕм ӕнустӕм цардаиккой (Ис. 45:18). Абон бинонтӕ чи не скӕны кӕнӕ цот чи нӕ рауадзы, уыдонӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты хизынц. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр бинонтӕ скӕнынц ӕмӕ цот рауадзынц, кӕд, фӕстӕдӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты, уый фембарынц, уӕддӕр (1 Кор. 7:36–38). Уыдон уыцы зындзинӕдтӕй нӕ фӕтӕрсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс вӕййы, бинонтӕ сын куы уа, уӕд амондджын ӕмӕ зӕрдӕрухс кӕй уыдзысты (Пс. 127:3). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты куы нӕ ахызтаиккой, уӕд ӕнустӕм цардаиккой ӕмӕ сӕ бинонты цардӕй райгонд уыдаиккой.

АДӔМ ӔЦӔГ СӔРИБАРДЗИНАДӔЙ ӔНӔХАЙ КУЫД ФЕСТЫ

9. Афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ Райдианы 2:17 стихы Хуыцау цы фӕдзӕхст радта, уый адӕмӕн сӕ бартӕ ссӕста, стӕй ӕнӕхъӕугӕ ӕмӕ зынӕххӕстгӕнӕн уыд?

9 Йегъовӕ ма Адам ӕмӕ Евӕйӕн радта ноджыдӕр иу фӕдзӕхст, ӕмӕ йӕ сӕрты куы ахызтаиккой, уӕд ӕфхӕрд баййӕфтаиккой. Хуыцау Адамӕн загъта: «Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райд. 2:17). Мыййаг сын афтӕмӕй Йегъовӕ сӕ бартӕ ссӕста ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст ӕнӕхъӕугӕ ӕмӕ зынӕххӕстгӕнӕн уыди? Мыййаг сӕ афтӕмӕй сӕ сӕрибардзинадӕй ӕнӕхай фӕкодта? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Библи иртасджытӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы фӕдзӕхст уыди зондыл дзурӕг ӕмӕ раст. Зӕгъӕм, сӕ иу афтӕ ныффыста: «[Райдианы 2:16, 17 стихты] Хуыцау цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый зоны, адӕмӕн хорз цы уыдзӕн ӕмӕ цы нӕ уыдзӕн, уый. Ӕмӕ сын цӕмӕй „хорз“ уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауыл ӕууӕндой ӕмӕ йӕм хъусой. Куы нӕ йӕм хъусой, уӕд сӕ сӕхи хъӕудзӕн, хорз сын цы уыдзӕн ӕмӕ цы нӕ уыдзӕн, уый скъуыддзаг кӕнын». Ӕмӕ уый та адӕмӕн у, сӕхи бон хӕссын кӕй нӕу, ахӕм уӕззау уаргъ.

Адам ӕмӕ Евӕ цы уынаффӕ рахастой, уый ӕркодта ӕвирхъау бӕллӕхтӕм! (кӕс 9–12 абзацтӕ)

10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, сӕрибардзинадӕй хайджын уай ӕмӕ дын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар уа, уыдон иу кӕй не сты?

10 Йегъовӕ Адамӕн цы фӕдзӕхст радта, уый фӕдыл абон бирӕтӕ, чи зоны, зӕгъиккой, Адамӕн фаг сӕрибардзинад кӕй нӕ уыд. Фӕлӕ, сӕрибардзинадӕй хайджын уай, ома дын уынаффӕтӕ хӕссыны бар уа, ӕмӕ дын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар уа, уыдон иу не сты. Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ бон уыд, Хуыцауы коммӕ кӕсдзысты ӕви нӕ, уый фӕдыл уынаффӕ рахӕссын. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар та ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис. Ӕмӕ ууыл дзурӕг уыд, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны цы бӕлас сзайын кодта, уый дӕр – «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕлас» (Райд. 2:9). Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ мах алы хатт нӕ фӕзонӕм, хорзӕй нӕ истӕмӕ ӕркӕндзысты ӕви нӕ. Ӕмӕ арӕх афтӕ дӕр уымӕн рауайы, ӕмӕ адӕймаг цыдӕр йӕ хорз зӕрдӕйӕ саразы, фӕлӕ йын уый маст, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ зиан йеддӕмӕ ницы ӕрхӕссы (Ӕмб. 14:12). Ӕцӕгдӕр, адӕмӕн сӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон нӕу. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бӕласы дыргътӕй ма бахордтаиккой, уӕд сын афтӕмӕй бамбарын кодта, ӕцӕг сӕрибардзинадӕй хайджын ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзысты, ӕмӕ йӕм куы хъусой. Цымӕ Адам ӕмӕ Евӕ цавӕр уынаффӕ рахастой?

11, 12. Адам ӕмӕ Евӕ цы уынаффӕ рахастой, уый бӕллӕхтӕм цӕмӕн ӕркодта? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

11 Хъыгагӕн, нӕ рагфыдӕлтӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, раст уынаффӕ нӕ рахастой – Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты. Евӕ баууӕндыд, Хӕйрӕг ын цы мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, уыдоныл, зӕгъгӕ, «уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райд. 3:5). Цымӕ Адам ӕмӕ Евӕ ахӕм уынаффӕ кӕй рахастой, уый фӕрцы фылдӕр сӕрибардзинадӕй схайджын сты? Кӕцӕй! Уый нӕ, фӕлӕ ма уыдон сӕхиуыл бавзӕрстой, адӕймаг Йегъовӕйы ныхасы сӕрты куы ахизы, уӕд ӕй уый бӕллӕхтӕ йеддӕмӕ хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕны (Райд. 3:16–19). Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ адӕмӕн уый бар нӕ радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 20:24; Йеремийы 10:23.)

12 Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Цӕмӕй хӕдтӕхӕг бынатмӕ бахӕццӕ уа, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ пилот тӕра, рагацау ын кӕй бацамыдтой, уыцы фӕндагыл, стӕй хӕдтӕхӕджы прибортӕм йӕ хъус дара ӕмӕ диспетчерты амындтӕм гӕсгӕ архайа. Фӕлӕ пилот куы никӕмӕ хъуса ӕмӕ йӕхи фӕнд куы тӕра, уӕд уый, гӕнӕн ис, исты бӕллӕхмӕ дӕр ӕркӕна. Раст ахӕм пилотау Адам ӕмӕ Евӕйы дӕр бафӕндыд сӕхи зондӕй архайын. Уыдон Хуыцауы фӕдзӕхст ницӕмӕ ӕрдардтой. Ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта? Хорзӕй ницӕмӕ! Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ фӕстӕдӕр та сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ систы (Ром. 5:12). Уыдон бабӕллыдысты, цӕмӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой. Сӕ фӕнд сӕ къухы кӕй нӕ бафтыд, уый иу, фӕлӕ ма Хуыцауӕй лӕвӕрд сӕрибардзинадӕй дӕр – ӕцӕг сӕрибардзинадӕй – ӕнӕхай фесты.

ӔЦӔГ СӔРИБАРДЗИНАДӔЙ ЦӔЙ ФӔРЦЫ СХАЙДЖЫН УЫДЗЫСТӔМ?

13, 14. Ӕцӕг сӕрибардзинадӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм?

13 Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сын ӕгӕрон сӕрибардзинад куы уаид, уӕд сӕ цард бирӕ хуыздӕр уаид. Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕг сӕрибардзинад бирӕ пайда хӕссы. Фӕлӕ адӕм ӕгӕрон сӕрибардзинадӕй хайджын куы уаиккой, уӕд цард цыхуызӕн уаид, уый цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр зын у. Гыццыл раздӕр цы энциклопедийы кой скодтам, уым куыд фыст ис, афтӕмӕй, ӕхсӕнад цы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕры, уыдон хъуамӕ ахӕм уой, цӕмӕй адӕмӕн уыцы иу рӕстӕг сӕ бартӕ дӕр хъахъхъӕд цӕуой ӕмӕ сын ӕгӕрон сӕрибардзинад дӕр ма уа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый хуымӕтӕг хъуыддаг нӕу. Ӕмӕ уыйбӕрц закъӕттӕ дӕр уымӕн ис, стӕй уыйбӕрц юристтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ дӕр уымӕн хъӕуы, цӕмӕй уыцы закъӕттӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕной ӕмӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ уыдонӕй пайда кӕной.

14 Йесо Чырысти бамбарын кодта, ӕцӕг сӕрибардзинадӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм, уый. Уый загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоан. 8:31, 32). Уӕдӕ цӕмӕй ӕцӕг сӕрибардзинадӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы саразын. Фыццаг уый, ӕмӕ хъуамӕ, Чырысти кӕй бацамыдта, уыцы рӕстдзинад нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Дыккаг та уый, ӕмӕ хъуамӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ суӕм. Фӕлӕ нӕ цымӕ уыцы рӕстдзинад цӕмӕй ссӕрибар кӕндзӕн? Йесо загъта: «Тӕригъӕд чи аразы, уый у тӕригъӕды цагъар. Уӕдӕ уӕ кӕд Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар» (Иоан. 8:34, 36).

15. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Йесо зӕрдӕ цы сӕрибардзинадӕй бавӕрдта, уый фӕрцы «ӕцӕг сӕрибар» суыдзыстӕм?

15 Йесо зӕрдӕ цы сӕрибардзинадӕй бавӕрдта, уый, абон бирӕтӕ цы сӕрибардзинадмӕ бӕллынц, уымӕй бирӕ хуыздӕр у. Афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ «уӕ кӕд Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар», уӕд кодта, адӕм миназты дӕргъы цы цагъарады сты, уый кой, тӕригъӕды цагъарады кой. Ӕмӕ уымӕй фыддӕр цагъарадӕн та скӕнӕн нӕй. Тӕригъӕды аххосӕй хатгай саразӕм цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ. Стӕй ма нӕ уыцы тӕригъӕд фӕхъыгдары, раст цы у кӕнӕ нӕ бон цы у, уый аразын. Тӕригъӕды цагъартӕ кӕй стӕм, уый нын ӕрхӕссы бирӕ маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ ӕппынфӕстаг мӕлӕты хай бавӕййӕм (Ром. 6:23). Уыцы маст бавзӕрста апостол Павел дӕр. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:21–25.) Уӕдӕ ӕцӕг сӕрибардзинадӕй, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн кӕй радта, уыцы сӕрибардзинадӕй, схайджын уыдзыстӕм, тӕригъӕдӕй бынтондӕр куы ссӕрибар уӕм, уӕд.

16. Ӕцӕг сӕрибар цӕй фӕрцы суыдзыстӕм?

16 Йесойы ныхӕстӕ, «кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ цӕмӕй ссӕрибар кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи тыххӕй мауал цӕрӕм ӕмӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы амоны, уый аразӕм (Матф. 16:24). Чырысти нын зӕрдӕ куыддӕриддӕр бавӕрдта, афтӕ ӕцӕг сӕрибар суыдзыстӕм, йӕ нывонд фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй дӕр куы схайджын уӕм, уӕд.

17. а) Амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзыстӕм? б) Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?

17 Чырысти нын цы бацамыдта, уый куы аразӕм, уӕд амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм. Фидӕны та уый фӕрцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй бынтондӕр ссӕрибар уыдзыстӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:1, 2, 20, 21.) Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у, ныртӕккӕ цы сӕрибардзинадӕй стӕм хайджын, уымӕй раст пайда кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы, ӕцӕг сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы, ӕнустӕм кадджын кӕнын.