Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ ДЫН ФЫЛДӔР ПАЙДА КӔД ӔРХӔСДЗӔН?

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библи кӕсын райдайай?

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библи кӕсын райдайай?

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библи кӕсын дӕ зӕрдӕмӕ цӕуа ӕмӕ дын фылдӕр пайда хӕсса? Дӕлдӕр ис фондз хорз уынаффӕйы.

Сабыр бынат ссар. Ссар, сабыр кӕм у ӕмӕ дӕ кӕм ницы хъыгдардзӕн, ахӕм ран. Фаг рухс дзы куы уа ӕмӕ уӕлдӕф сыгъдӕг куы уа, уӕд, цы кӕсыс, уый хуыздӕр ӕмбардзынӕ.

Раст зӕрдӕйы уагимӕ йӕ кӕс. Библи ныффыссын кодта нӕ уӕларвон Фыд. Уымӕ гӕсгӕ дын фылдӕр пайда хӕсдзӕн, ахӕм зӕрдӕйы уагимӕ йӕ куы кӕсай, цӕмӕй дзы истӕуыл сахуыр уай, сывӕллон йӕ фыдӕй куыд фӕахуыр кӕны, афтӕ. Кӕд Библи Хуыцауы комытӕфӕй фыст чиныгыл нӕ нымайыс, уӕд дӕ зондахаст аив, ӕмӕ дӕ уӕд Хуыцау ахуыр кӕндзӕн (Псалом 25:4).

Кӕсыны размӕ-иу скув. Библийы Хуыцауы хъуыдытӕ фыст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ йӕ цӕмӕй бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ йе ’ххуыс ӕнӕмӕнг хъӕуы. Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, сыгъдӕг тых кӕй ратдзӕн, «чи дзы куры, уыдонӕн» (Лукайы 11:13). Сыгъдӕг тых дын баххуыс кӕндзӕн, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, уый бамбарынӕн. Ӕмӕ дын уый фӕстӕ та ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбарай «суанг Хуыцауы арф зонд дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 2:10).

Цы кӕсыс, ууыл-иу хъуыды кӕн. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ цас фылдӕр бакӕсай, уыйас хуыздӕр. Цы кӕсай, ууыл-иу лӕмбынӕг хъуыды кӕн. Дӕхимӕ-иу ахӕм фарстатӕ ратт: «Кӕй тыххӕй кӕсын, уыцы адӕймагмӕ цавӕр миниуджытӕ ис? Цы базыдтон, уымӕй мӕ царды куыд спайда кӕнон?»

Дӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ ӕвӕр. Цӕмӕй дын Библи кӕсын пайда хӕсса, уый тыххӕй-иу хъуыды кӕн, цы кӕсыс, уымӕй дӕ бон зондӕн райсын цы у, ууыл. Дӕ разы ӕвӕр бӕлвырд нысӕнттӕ, зӕгъӕм, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын, дӕ удыхъӕд аивын, архайын, цӕмӕй хуыздӕр сӕрыхицау кӕнӕ хуыздӕр бинойнаг суай. Уый фӕстӕ-иу Библийы бацагур, дӕ нысӕнттӕ дын дӕ къухы бафтынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм скъуыддзӕгтӕ *.

Ацы фондз уынаффӕйы дын баххуыс кӕндзысты Библи кӕсын райдайынӕн. Фӕлӕ дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ацы чиныг кӕсын бауарзай? Уый фӕдыл иннӕ статьяйы ис цалдӕр уынаффӕйы.

^ 8 абз. Дӕ уавӕры дын Библийӕ кӕцы скъуыддзӕгтӕ баххуыс кӕндзысты, уый куы нӕ зонай, уӕд-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бафӕрс.