Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи цы дзуры?

Библи цы дзуры?

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

ИУӔЙ-ИУТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ, зӕгъгӕ, уый амоны, Хуыцау адӕймаджы зӕрдӕйы кӕй ис, уымӕ. Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та уый у, адӕмӕн сӕхи хъаруйы фӕрцы сӕ къухы цы сабырдзинад ӕмӕ хӕлардзинад бафты, уый. Ды та куыд хъуыды кӕныс?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад... Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы [зӕххон] паддзахӕдтӕ иууылдӕр» (Данел 2:44). Хуыцауы Паддзахад у ӕцӕг хицауад.

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН

Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн?

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТТИС?

  • Уый ничи зоны

  • Тагъд

  • Никуы

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Хорз хабар ӕнӕхъӕн зӕххыл хъуыстгонд куы ’рцӕуа, уӕд Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй ацы фыддунейӕн кӕрон скӕна.

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН

  • Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, уый ничи зоны (Матфейы 24:36).

  • Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Хуыцауы Паддзахад тагъд ӕрцӕудзӕн (Матфейы 24:3, 7, 12).