Библи цы дзуры?
Цымӕ дын Библи баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнай?
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
О
Нӕ
Чи зоны
Библийы фыст ис
«Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7). Библи нын зӕрдӕ ’вӕры, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у махӕн удӕнцой раттын, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм.
Библийӕ ма цы ис базонӕн
Куы кувай, уӕд «Хуыцауы фарнӕй» схайджын уыдзынӕ ӕмӕ тынг нӕ мӕт кӕндзӕн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).
Хуыцауы Ныхас куы кӕсай, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зындзинӕдты сӕрты хизай (Матфейы 11:28–30).
Искуы ӕнӕмӕтӕй цӕрдзыстӕм?
Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, ӕнӕ мӕтӕй ӕмӕ ӕнӕ сагъӕсӕй цард нӕй. Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та адӕймаг йӕ сагъӕстӕй фервӕзы, куы амӕлы, уӕд. Дӕумӕ та куыд кӕсы?
Библийы фыст ис
Хуыцау кӕрон скӕндзӕн, мӕты нӕ чи ’фтауы, уыцы хъуыддӕгтӕн. «Нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4).
Библийӕ ма цы ис базонӕн
Хуыцауы Паддзахады дӕлбар адӕм сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзысты (Исай 32:18).
Мӕт ӕмӕ сагъӕстӕ ферох уыдзысты (Исай 65:17).