Элиас Гуттер ӕмӕ йӕ диссаджы тӕлмацтӕ
ДӔ БОН У Библи дзуттаг ӕвзагыл кӕсын? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Чи зоны, дзуттаг ӕвзагыл Библи уынгӕ дӕр никуы фӕкодтай. Фӕлӕ дӕ Библийӕн тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ, иу-16 ӕнусы чи цард, уыцы ахуыргонд Элиас Гуттеры тыххӕй ӕмӕ дзуттаг ӕвзагмӕ кӕй ратӕлмац кодта, уыцы дыууӕ Библийы тыххӕй куы базонай, уӕд.
Элиас Гуттер райгуырд 1553 азы, Германийы иу гыццыл горӕт Гёрлицы, абон уыцы горӕт ис Польшӕ ӕмӕ Чехы Республикӕйы арӕнмӕ ’ввахс. Гуттер ахуыр кодта скӕсӕйнаг ӕвзӕгтӕ лютерайнаг университеты Йенӕйы. Лейпцигы йӕ дзуттаг ӕвзаджы профессорӕй куы сӕвӕрдтой, уӕд ыл 24 азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Ахуырады ивындзинӕдтӕ кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ фӕстӕдӕр Нюрнбергы бакодта скъола, ӕмӕ дзы цыппар азы дӕргъы ахуыргӕнинӕгтӕ ахуыр кодтой дзуттаг, грекъаг, латинаг ӕмӕ немыцаг ӕвзӕгтӕ. Уӕды заман иннӕ скъолаты ӕмӕ университетты уый фадат нӕ уыд.
«ДИССАДЖЫ КОНД»
1587 азы Гуттер дзуттаг ӕвзагыл мыхуыры рауагъта, Рагон Фӕдзӕхст кӕй хонынц, уыцы Дзуттаг Фыстытӕ. Йӕ чиныг схуыдта «Дерех ха-Кодеш», йӕ ном ын райста Исайы 35:8 стихӕй ӕмӕ нысан кӕны «Сыгъдӕг фӕндаг». Рӕсугъд шрифтӕй фыст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзырдтой: «Алцӕмӕй дӕр бӕрӕг у, диссаджы конд кӕй у». Фӕлӕ ацы Библийӕн йе стырдӕр пайда уый мидӕг уыд, ӕмӕ студенттӕн ӕххуыс кодта дзуттаг ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн.
Гуттеры Библи цы пайда уыди, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм, дзуттаг ӕвзаг чи ахуыр кодта, уый-иу Библи кӕсгӕйӕ цы дыууӕ зындзинадыл сӕмбӕлд, уымӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ йӕ алфавит иннӕ алфавитты хуызӕн нӕу, стӕй у ӕнахуыр, уымӕн ӕмӕ дзырдтӕ кӕсын хъӕуы рахизӕй галиуырдӕм. Дыккаг та уый, ӕмӕ уидагмӕ цы разӕфтуантӕ ӕмӕ фӕсӕфтуантӕ ӕфтыд цӕуынц, уыдоны тыххӕй зын бамбарӕн вӕййы, дзырд цы нысан кӕны, уый. Ӕркӕсӕм дзуттаг дзырдмӕ נפש (не́феш), зӕгъгӕ, нысан кӕны «уд». Йезекилы 18:4 стихы уыцы дзырд фыст у разӕфтуанимӕ ה (ха) ӕмӕ дзы рауад вазыгджын дзырд הנפשׁ (ханне́феш). Дзуттаг ӕвзагыл ахуыр чи нӕу, уый дзырд הנפשׁ (ханне́феш) куы бакӕса, уӕд ӕм дзырд נפשׁ (не́феш) хуызӕн нӕ фӕкӕсдзӕн.
Цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕнцондӕр уыдаид, уый тыххӕй Гуттер ӕрхъуыды кодта диссаджы мадзал – дзуттаг дамгъӕтӕ мыхуыр кодта ставд фыстӕй ӕмӕ лыстӕг фыстӕй. Алы дзырды уидаг дӕр мыхуыр кодта ставд фыстӕй, разӕфтуантӕ ӕмӕ фӕсӕфтуантӕ та мыхуыр кодта лыстӕг фыстӕй. Уыцы хуымӕтӕг мадзалы фӕрцы ахуыргӕнинӕгтӕ дзуттаг дзырдты ӕнцонӕй хицӕн кодтой уидаг, разӕфтуан ӕмӕ фӕсӕфтуан. Англисаг ӕвзагыл «Библи – Ног дунейы тӕлмац» фиппаинӕгтимӕ куы тӕлмац кодтой, уӕд уыцы мадзалӕй пайда кодтой фиппаинӕгты. Уидаг у ставдӕй фыст, разӕфтуантӕ ӕмӕ фӕсӕфтуантӕ та ӕнӕуи дамгъӕтӕй. Нывтӕн сӕ уӕллаг хайы фенӕн ис, Гуттер Дзуттаг Фыстыты Йезекилы 18:4 куыд ныммыхуыр кодта, ӕмӕ уыцы стих фиппаинӕгтимӕ Библийы куыд фыст у, уый.
НОГ ФӔДЗӔХСТ ДЗУТТАГ ӔВЗАГЫЛ
Гуттер ма ныммыхуыр кодта Ног Фӕдзӕхст, йӕ текст фыст уыд 12 ӕвзагыл. Уыцы чиныг мыхуыры рацыд 1599 азы Нюрнбергы, ӕмӕ йӕ арӕх фӕхонынц Нюрнбергы полиглотӕ. Гуттеры фӕндыд, цӕмӕй йӕ текст дзуттаг ӕвзагыл дӕр уыдаид. Фӕлӕ загъта, зӕгъгӕ, ахӕм тӕлмацыл «бирӕ ӕхца куы бафидон», уӕддӕр ӕй не ссардзынӕн *. Уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта, Ног Фӕдзӕхст грекъаг ӕвзагӕй дзуттаг ӕвзагмӕ йӕхӕдӕг кӕй ратӕлмац кӕндзӕн. Гуттер йӕ иннӕ куыстытӕ ныууагъта ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст иу азмӕ ратӕлмац кодта!
Цымӕ Гуттер Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ хорз ратӕлмац кодта? 19 ӕнусы ахуыргонд Франц Делич ныффыста: «Йӕ дзуттаг тӕлмацӕй бӕрӕг у, уыцы ӕвзаг хорз кӕй ӕмбӕрста, кӕд ӕмӕ чырыстӕтты ’хсӕн уый стӕм хатт фенӕн ис. Йӕ тӕлмац ныр дӕр ма стыр ӕххуыс у. Диссаг у, цы раст ӕмӕ рӕсугъд ныхӕстӕ ссардта, уый».
СТЫР ӔХХУЫС ФӔЦИ
Гуттер йӕ тӕлмацты фӕрцы не схъӕздыг, ӕвӕццӕгӕн, йӕ чингуытӕ ӕвзӕр уӕй кодтой. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ куыст уыд ахсджиаг ӕмӕ стыр ӕххуыс фӕци. Зӕгъӕм, дзуттаг ӕвзагмӕ кӕй ратӕлмац кодта, уыцы Ног Фӕдзӕхстыл ногӕй бакуыстой ӕмӕ йӕ мыхуыры рауагътой: 1661 азы Уильям Робертсон, 1798 азы та – Ричард Каддик. Гуттер грекъаг ӕвзагӕй дзырдтӕ Ки́риос (Хицау) ӕмӕ Тео́с (Хуыцау) ратӕлмац кодта «Йегъовӕ» (יהוה, ЙГЪВГЪ), ӕмӕ уыцы ном фыста, Дзуттаг Фыстытӕй дзы цы стихтӕ уыд, уыдоны кӕнӕ, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы кой кӕм цыд, уыцы рӕтты. Уый диссаг у, уымӕн ӕмӕ кӕд Ног Фӕдзӕхст бирӕтӕ тӕлмац кодтой, уӕддӕр дзы Хуыцауы ном нӕ фыстой. Уӕдӕ Гуттеры тӕлмацӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ном Чырыстон Грекъаг Фыстыты кӕй хъуамӕ уа.
Иннӕ хатт Хуыцауы ном, Йегъовӕ, Чырыстон Грекъаг Фыстыты куы фенай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн Элиас Гуттеры тӕлмац ӕмӕ йӕ диссаджы Библитӕ дзуттаг ӕвзагыл.
^ 9 абз. Ӕвӕццӕгӕн, ахуыргӕндтӕй чидӕртӕ уый размӕ Ног Фӕдзӕхст дзуттаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой. Уыдонӕй иу уыди Симон Аутоманос, византиаг сауджын (1360 азмӕ ’ввахс). Иннӕ та Освальд Шреккенфукс, немыцаг ахуыргонд (1565 азмӕ ’ввахс). Сӕ тӕлмацтӕ мыхуыры никуы рацыдысты ӕмӕ нӕ рӕстӕгмӕ не ’рхӕццӕ сты.