СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЦЫППАР БАРӔДЖЫ ЦӔМӔ АМОНЫНЦ?
Цыппар барӕджы чи сты?
Чи зоны, адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ уыцы цыппар барӕджы ӕнахуыр сты ӕмӕ тас ӕфтауынц. Фӕлӕ хабар афтӕ нӕу. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Библийы фӕрцы, ӕмӕ ныртӕккӕ дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, уыцы барджытӕй алкӕцыдӕр кӕмӕ кӕнӕ цӕмӕ амоны, уый. Барджытӕ кӕй рацыдысты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зӕххыл бӕллӕхтӕ уыдзӕн, фӕлӕ уӕддӕр уый дӕуӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн хорз хабар дӕр у. Цымӕ цӕмӕн? Фыццаг уал базонӕм, уыцы барджытӕй алкӕцыдӕр кӕмӕ кӕнӕ цӕмӕ амоны, уый.
БАРӔГ УРС БӔХЫЛ
Цӕстылуайӕн райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Акастӕн, ӕмӕ федтон урс бӕх. Чи йыл бадт, уымӕ уыди ӕрдын. Лӕвӕрд ын ӕрцыд кадыхуд, ӕмӕ рацыд йе знӕгтыл уӕлахиз кӕнгӕйӕ, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уа» (Раргомад 6:2).
Урс бӕхыл чи бады, уыцы барӕг кӕмӕ амоны? Дзуапп ын ис Библийы, Раргомады чиныджы. Раргомады чиныг уыцы уӕларвон барӕджы хоны «Хуыцауы Дзырд» (Раргомад 19:11–13). Уый у Йесо Чырысти, Хуыцауы минӕвар (Иоанны 1:1, 14). Библи ма йӕ хоны «паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау» ӕмӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, у «Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг» (Раргомад 19:11, 16). Бӕрӕг у, Паддзахы бартӕ лӕвӕрд ын кӕй ис ӕмӕ Хъомысджын Ӕфсӕддон кӕй у. Чырысти йӕ тыхы фӕрцы йӕхи пайдайӕн ницы аразы ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан нӕ хӕссы. Фӕлӕ уӕддӕр ӕвзӕры фарстатӕ.
Чырыстийӕн ахӕм бар чи радта, цӕмӕй йе знӕгтыл фӕуӕлахиз уа? (Раргомад 6:2). Пехуымпар Данел цы цӕстылуайӕн федта, уым Мессийӕйы, ома Чырыстийы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «адӕймаджы фырты» хуызӕн у, ӕмӕ йын Йегъовӕ Хуыцау *, раджы замантӕй фӕстӕмӕ чи ис, уый, радта «хицауы бартӕ, кад ӕмӕ паддзахад» (Данел 7:13, 14). Уӕдӕ паддзахы ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы бартӕ Йесойӕн радта Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау. Урс бӕх амоны, Хуыцауы Фырт цы рӕстаг хӕсты хӕцы, уымӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы урс арӕх фӕамоны рӕстдзинадмӕ (Раргомад 3:4; 7:9, 13, 14).
Уыцы барджытӕ кӕд рацыдысты? Фыццаг барӕг, Чырысти, рацыд, кадыхуд куы райста, уӕд (Раргомад 6:2). Йесо уӕлӕрвты Паддзахӕй ӕвӕрд кӕд ӕрцыд? Йӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд нӕ. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй йӕ цасдӕр рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта, уыцы рӕстӕг кӕд хъуамӕ фӕуыдаид ӕмӕ уӕлӕрвты паддзахы бартӕ кӕд хъуамӕ райстаид, уый цӕмӕй базонӕн уыдзӕн, уый. Загъта сын, паддзахиуӕг кӕнын куы райдайа, уӕд дунейы уавӕртӕ цӕхгӕр кӕй фӕивдзысты – хӕстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ фыднизтӕ сарӕх уыдзысты (Матфейы 24:3, 7; Лукайы 21:10, 11). 1914 азы Фыццаг дунеон хӕст куы ныггуыпп кодта, уӕд рабӕрӕг, уыцы уӕззау рӕстӕг кӕй райдыдта. Уыцы рӕстӕг Библи хоны «фӕстаг бонтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1–5).
Фӕлӕ 1914 азы Чырысти Паддзах куы сси, уӕд уавӕртӕ хуыздӕр нӕ, фӕлӕ фыддӕр цӕмӕн фесты? Уымӕн ӕмӕ уыцы аз Чырысти Паддзах сси уӕлӕрвты, зӕххыл нӕ, фӕлӕ. Уый фӕстӕ уӕлӕрвты хӕст райдыдта, ӕмӕ Паддзах Йесо – Раргомады чиныг ма йӕ хоны Михаил дӕр – Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дӕлимонты зӕхмӕ раппӕрста (Раргомад 12:7–9, 12). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Сайтанӕн йӕ бар ӕрмӕстдӕр зӕххыл цӕуы, ӕмӕ тынг мӕсты у, уымӕн ӕмӕ зоны, йӕ бонтӕ нымад кӕй сты. Бирӕ нал хъӕуы, Хуыцау Хӕйрӕгыл йӕ тӕрхон кӕд сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ дзы зӕхх кӕд ссӕрибар кӕндзӕн, уыцы бонмӕ (Матфейы 6:10). Ныр та уал ӕркӕсӕм иннӕ ӕртӕ барӕгмӕ. Уыдон дӕр кӕй рацыдысты, уымӕй бӕрӕг у, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм. Фыццаг барӕгӕй уӕлдай, уыдон кӕмӕдӕр нӕ амонынц, фӕлӕ ӕгас дуне дӕр цы уавӕры ис, уымӕ.
БАРӔГ СЫРХ-СЫРХИД БӔХЫЛ
«Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, сырх-сырхид, бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырдзинад айсыны бар, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзи марой. Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыди стыр хъама» (Раргомад 6:4).
Уыцы барӕг амоны хӕстмӕ. Уымӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй сабырдзинад цалдӕр адӕмыхаттӕй нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй айса. 1914 азы цы хӕст райдыдта, уым цал бӕстӕйы архайдта, уыйбӕрц иу хӕсты дӕр никуы. Йӕ фӕстӕ райдыдта Дыккаг дунеон хӕст, ӕмӕ уым та ноджы фылдӕр адӕм фӕцагъды. Иуӕй-иуты нымадмӕ гӕсгӕ, 1914 азӕй фӕстӕмӕ цы хӕстытӕ ӕмӕ змӕстытӕ уыди, уыдоны фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр! Уӕдӕ цӕфтӕй ӕмӕ сахъатӕй чи баззад, уыдон дӕр къаддӕр нӕ уыдысты.
Цӕмӕй бӕрӕг у, хӕстытӕ нӕ рӕстӕгмӕ кӕй амонынц? Историйы мидӕг афтӕ никуы уыд, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыдаид зӕххыл цард скуынӕг кӕнын, фӕлӕ абон та уый сӕ бон у. Сабырдзинад бахъахъхъӕныныл чи архайы, суанг уыцы организацитӕн дӕр, зӕгъӕм, Иугонд Нациты Организацийӕн, сӕ бон нӕу, сырх-сырхид бӕхыл чи рацыд, уыцы барӕджы бауромын.
БАРӔГ САУ БӔХЫЛ
«Ӕмӕ федтон сау бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ къухы уыди барӕнтӕ. Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс, цыма цыппар херувимы ’хсӕнӕй чидӕр радзырдта: „Мӕнӕуы къус динарыл. Хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл. Оливӕйы сой ӕмӕ сӕнмӕ та ма бавнал“» (Раргомад 6:5, 6).
Ацы барӕг амоны ӕххормагдзинадмӕ. Цӕстылуайӕны кӕсӕм, хӕринаджы аргъ ӕнахуыр зынаргъ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Мӕнӕуы къусы (700 граммы) аргъ уыди иу динар. Фыццаг ӕнусы-иу адӕймаг иу динарыл куыста ӕнӕхъӕн бон! (Матфейы 20:2). Ахӕм аргъ уыди хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусӕн дӕр (2 килӕйы ӕмӕ 100 граммы), кӕд ӕмӕ-иу хъӕбӕрхор мӕнӕуӕй бирӕ асламдӕр уыди. Уӕдӕ ахӕм уавӕрты стыр бинонтӕ фӕдарӕн куыд уыди? Адӕмӕн ма загъд уыд, цӕмӕй фӕстауӕрц кодтаиккой, ӕнӕмӕнг сӕ цы хӕринӕгтӕ хъуыди, уыдоныл. Цӕстылуайӕны уыцы хӕринӕгтӕ барст цӕуынц оливӕйы сой ӕмӕ сӕнимӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг уыдон алы хӕдзары дӕр уыдысты.
Цымӕ истӕмӕй бӕрӕг у, сау бӕхыл чи рацыд, уыцы барӕг 1914 азӕй фӕстӕмӕ размӕ кӕй бырсы? 20 ӕнусы ӕххормагӕй амарди 70 милуан адӕймаджы бӕрц. Иу ран фыст уыд: «2012–2014 азмӕ мамӕлайы къӕбӕрӕй цардысты 805 милуан адӕймаджы – зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фарӕстӕм хай». Ӕндӕр ран та фыст уыди: «Алы аз дӕр ӕххормагӕй амӕлы, СПИД-ӕй, тӕфсӕгӕй ӕмӕ рӕуджыты низӕй иумӕ цас адӕм амӕлы, уымӕй фылдӕр». Ӕмӕ кӕд бирӕтӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй ӕххормаг мачи ӕййафа, уӕддӕр сау бӕхыл чи ис, уыцы барӕг дарддӕр размӕ бырсы.
БАРӔГ ФӔЛУРС БӔХЫЛ
«Акастӕн, ӕмӕ федтон фӕлурс бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ ном уыди Мӕлӕт. Йӕ фӕдыл та цыд ингӕн. Ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххӕн йӕ цыппӕрӕм хай хъамайӕ, ӕххормагдзинадӕй, фыднизӕй ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕй марыны бар» (Раргомад 6:8).
Цыппӕрӕм барӕг амоны, адӕм низтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхты тыххӕй кӕй цагъды кӕндзысты, уымӕ. 1914 азы райдианы сыстад фыдниз – грипп «испанкӕ», ӕмӕ дзы амард дӕсгай милуантӕ. Уыцы грипп бахӕцыд иу-500 милуан адӕймагыл, зӕгъӕн ис, уӕд зӕххыл чи цард, уыдонӕй алы ӕртыккаг адӕймаг дӕр фӕрынчын!
Фӕлӕ уыцы грипп уыди фыднизтӕн сӕ райдиан. Эксперттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй 20 ӕнусы 300 милуанӕй фылдӕр амардысты хӕбузнизӕй (оспа). Ӕмӕ кӕд абон медицинӕйӕн бирӕ ӕнтысы, уӕддӕр СПИД-ӕй, рӕуджыты низӕй, тӕфсӕгӕй амӕлынц милуантӕ.
Уӕдӕ хӕстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ фыднизтӕ хӕссынц мӕлӕт. Ингӕн йӕ амӕттӕгты ӕмбырд кӕны, ӕмӕ сӕ ныфс дӕр ницӕмӕй ис.
РАЗӔЙ ДИССАДЖЫ ФИДӔН!
Абон цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдонӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: 1914 азы Чырысти урс бӕхыл рацыд ӕмӕ Хӕйрӕджы зӕхмӕ ӕрӕппӕрста. Фӕлӕ Йесойӕн йӕ уӕлахизы балц ууыл нӕ фӕци (Раргомад 6:2; 12:9, 12). Тагъд, Армагеддон куы райдайа, уӕд Чырысти афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕгӕн йӕ бар макӕуылуал цӕуа, ӕмӕ адӕмӕй йӕ фарс чи у, уыдоны дӕр фесафдзӕн (Раргомад 20:1–3). Чырысти бауромдзӕн, цы ӕртӕ барӕджы кой кодтам, уыдоны, ӕмӕ цы зиан ӕрхастой, уый дӕр сраст кӕндзӕн! Цымӕ куыд? Ӕркӕсӕм-ма, Библи цы зӕгъы, уымӕ.
Зӕххыл хӕстытӕ нал уыдзӕн, фӕлӕ сабырдзинад. Йегъовӕйы тыххӕй Библийы фыст ис: «Зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ. Сӕтты ӕрдынтӕ, дыууӕ дихы кӕны ӕрцытӕ» (Псалом 46:9). Фарнуарзаг адӕм «фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:11).
Ӕххормагдзинады бӕсты хӕринаг уыдзӕн парахатӕй: «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн» (Псалом 72:16).
Фыднизтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн – адӕм се ’ппӕт дӕр уыдзысты ӕнӕниз ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзысты. Хуыцау «сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4).
Чырысти зӕххыл куы цард, уӕд, зӕгъӕн ис, цыбыртӕй равдыста, Паддзах куы уа, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Йесо фарн хаста, рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ ма суанг мӕрдты дӕр ӕгас кодта (Матфейы 12:15; 14:19–21; 26:52; Иоанны 11:43, 44).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын дӕхи Библийы равдисдзысты, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, ацы дунейы кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд цӕттӕ уай. Фӕнды дӕ фылдӕр базонын?