Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстӕттӕ Хуыцауӕн хъуамӕ цавӕрдӕр кувӕндоны кувой?

Чырыстӕттӕ Хуыцауӕн хъуамӕ цавӕрдӕр кувӕндоны кувой?

АЛЫ аз дӕр ӕхсӕз милуан адӕймагӕй фылдӕр араст вӕййынц, Японийы ӕрдӕгсакъадах Симӕйыл цы кедрты хъӕд ис, уырдӕм. Уыцы хъӕды ис Исэйы кувӕндон. Уым ныр дыууӕ мин азы бӕрц синтоисттӕ кувынц сӕ хуры ус-хуыцау Аматэрасу-Омикамийӕн. Бакувынмӕ йӕм чи ’рбацӕуы, уыдон фыццаг сӕхи ныссыгъдӕг кӕнынц: сӕ къухтӕ ныхсынц ӕмӕ сӕ дзыхтӕ ранхъӕвзынц. Уый фӕстӕ ӕрлӕууынц кувӕндоны хайдэны раз (ома кувӕн залы раз) ӕмӕ сӕ дины ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ сӕрӕй ныллӕг акувынц, амдзӕгъд кӕнынц ӕмӕ ус-хуыцаумӕ кувын райдайынц *. Синтоисттӕн бар ис, цӕмӕй ӕндӕр динты ӕгъдӕуттӕ дӕр ӕххӕст кӕной. Уӕдӕ ардӕм сӕ бон у ӕрбацӕуын ӕмӕ синтоистты ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын ӕндӕр динтыл хӕст адӕмӕн дӕр. Зӕгъӕм, буддисттӕй ӕмӕ, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕ уый ӕвзӕрыл нӕ нымайынц.

Дунейы стырдӕр динтӕй бирӕтӕн ис кувӕндӕттӕ *, ӕмӕ уырдӕм дуне адӕм ӕрбацӕуы. Чырыстоныл нымад чи у, уыцы бӕстӕты сарӕзтой бирӕ аргъуантӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ Йесо Чырыстийы, Мадымайрӕмы ӕмӕ сыгъдӕджыты номыл. Иннӕтӕ та сарӕзтой, Библийы цы хабӕртты кой ис, уыдон кӕм ӕрцыдысты кӕнӕ, дам, фӕстӕдӕр «диссӕгтӕ» кӕм ӕрцыди, йе та сыгъдӕджыты стджытӕ ӕвӕрд кӕм сты, уыцы бынӕтты. Бирӕтӕ кувӕндӕттӕм уый тыххӕй ацӕуынц, ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, сыгъдӕг бынаты куы скувой, уӕд сӕ куывдтытӕ Хуыцаумӕ ӕнӕмӕнг фӕхӕццӕ уыдзысты. Иннӕтӕ та ацӕуынц, дард ран чи ис, ахӕм кувӕндонмӕ, цӕмӕй равдисой, сӕ диныл ӕнувыд кӕй сты.

Адӕм Исэйы кувӕндоны раз (Япони) ӕмӕ Масабьелы гроты раз (Лурд, Франци)

Адӕймаг кувӕндоны куы скувы, уӕд ӕй цымӕ Хуыцау хуыздӕр фехъусы? Цымӕ, дард рӕтты чи ис, уыцы кувӕндӕттӕм чи ацӕуы, уыдонӕй Хуыцау уӕлдай райгонд вӕййы? Ӕмӕ, уӕвгӕ, чырыстӕттӕ Хуыцауӕн хъуамӕ цавӕрдӕр кувӕндоны кувой? Ацы фарстатӕн дзуаппытӕ куы базонӕм, уӕд бамбардзыстӕм, кувӕндӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ ӕцӕгдӕр цавӕр лӕггад цӕуы, уый.

«СЫГЪДӔГ ТЫХЫ РАЗАМЫНДМӔ ГӔСГӔ ӔМӔ РӔСТДЗИНАДМӔ ГӔСГӔ»

Цы зӕгъын фӕндыд Йесойы ацы ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, кувын хъӕуы «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ»?

Хуыцау «сыгъдӕг бынӕттӕм», кӕнӕ кувӕндӕттӕм, цы цӕстӕй кӕсы, уый бӕрӕг у, Йесо самариаг сылгоймагӕн цы загъта, уымӕй. Йесо Самарийыл куы фӕцӕйцыд, уӕд горӕт Сихары фарсмӕ цъайы цур ӕрлӕууыд. Уырдӕм ӕрбацыд иу сылгоймаг дон хӕссынмӕ, ӕмӕ Йесо йемӕ ныхас кӕнын райдыдта. Сылгоймаг скодта, дзуттӕгты ӕмӕ самариӕгты динтӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кодтой, уый кой. Уый загъта: «Нӕ фыдӕлтӕ Хуыцауӕн ацы хохыл куывтой, сымах та афтӕ зӕгъут, ӕмӕ йын Иерусалимы хъӕуы кувын» (Иоанны 4:5–9, 20).

Сылгоймаг цы хохы кой кодта, уый уыди Гаризимы хох, Иерусалимӕй цӕгатырдӕм уыд 50 километры дарддӕр. Уыцы хохыл самариӕгтӕн кӕддӕр уыд кувӕндон, ӕмӕ-иу сӕ бӕрӕгбӕттӕ, зӕгъӕм, Куадзӕн, уым кодтой. Фӕлӕ Йесо, иухуызон кӕй нӕ куывтой, ууыл ныхас кӕныны бӕсты сылгоймагӕн загъта: «Бауырнӕд дӕ, ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдӕн нӕдӕр ацы хохыл кувдзыстут, нӕдӕр Иерусалимы» (Иоанны 4:21). Дзуттаджы дзыхӕй ахӕм ныхӕстӕ фехъусын диссаг куыннӕ уыд! Цымӕ адӕм Хуыцауӕн Иерусалимы кувӕндоны цӕуылнӕуал хъуамӕ куывтаиккой?

Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувӕг адӕм нӕ уӕларвон Фыдӕн кувдзысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд ахӕм кувӕг адӕмы агуры йӕхицӕн» (Иоанны 4:23). Ӕнусты дӕргъы израилӕгтӕн сӕ сӕйраг кувӕн бынат уыди Иерусалимы рӕсугъд кувӕндон. Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уырдӕм ацыдысты, цӕмӕй-иу сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕрхастаиккой (Рацыд 23:14–17). Фӕлӕ Йесо загъта, уыдӕттӕ иууылдӕр кӕй фӕивдзысты, ӕмӕ «ӕцӕг кувӕг адӕм» кӕй кувдзысты «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ».

Дзуттӕгты кувӕндон уыди къухӕйконд агъуыст ӕмӕ уыд бӕлвырд бынаты. Фӕлӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ рӕстдзинад нӕдӕр цӕстӕй фенӕн ис, нӕдӕр сӕм къухӕй бавналӕн ис, стӕй цавӕрдӕр бӕлвырд бынаты дӕр не сты. Уӕдӕ Йесо бамбарын кодта, ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауӕн куыд кувдзысты, уый цавӕрдӕр агъуыст кӕнӕ цавӕрдӕр бынатимӕ баст кӕй нӕ уыдзӕн, фӕнды Гаризимы хох уӕд, фӕнды Иерусалимы кувӕндон, фӕнды ӕндӕр сыгъдӕг бынат.

Самариаг сылгоймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ ма Йесо загъта, уыцы ивындзинӕдты «рӕстӕг» кӕй «ӕрцӕуы». Уыцы рӕстӕг ӕрцыди, Йесо Чырысти йӕ цард нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд – йӕ мӕлӕтӕй кӕрон скодта Моисейы закъонӕн, ӕмӕ хъуамӕ уыцы закъонмӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн мауал куывтаиккой (Ромӕгтӕм 10:4). Фӕлӕ ма Йесо афтӕ дӕр загъта: «Ахӕм рӕстӕг... цӕугӕ дӕр ӕркодта». Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо – Мессийӕ – уӕдмӕ дӕр йӕхицӕн ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбырд кӕнын райдыдта. Уыдон хъуамӕ архайдтаиккой мӕнӕ ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Хуыцау у ӕнӕуынгӕ, ӕмӕ йын чи кувы, уыдон ын хъуамӕ кувой йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (Иоанны 4:24). Цы нысан кӕны Хуыцауӕн сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кувын?

Йесо сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кувыны кой куы скодта, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ нын Хуыцауы сыгъдӕг тых разамынд дӕтты ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны Фыстад ӕмбарынӕн (1 Коринфӕгтӕм 2:9–12). Цы рӕстдзинады кой кодта, уый та цы у? Уымӕ хауы Библийы ахуырӕдтӕ раст ӕмбарын. Уӕдӕ цӕмӕй нӕ дин Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй нӕ цавӕрдӕр бынатмӕ цӕуын нӕ хъӕуы, фӕлӕ нӕ хъӕуы Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын.

ӔЦӔГ ЧЫРЫСТӔТТӔ КУВӔНДӔТТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫНЦ

Цымӕ чырыстӕттӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой Хуыцауӕн кувӕндӕтты кувынмӕ ӕмӕ, дард рӕтты чи ис, уыцы кувӕн бынӕттӕм цӕуынмӕ? Йесойы ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, ӕцӕг кувӕг адӕм Хуыцауӕн кувдзысты сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, бӕрӕг у, адӕм цавӕрдӕр кувӕндоны кӕнӕ сыгъдӕг бынаты кӕй кувынц, уымӕн нӕ уӕларвон Фыд уӕлдай аргъ кӕй нӕ кӕны. Уымӕй уӕлдай ма Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау мӕнгхуыцӕуттӕн кувынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Уым фыст ис: «Мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй дард лидзут» ӕмӕ «Уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй» (1 Коринфӕгтӕм 10:14; 1 Иоанны 5:21). Уымӕ гӕсгӕ, ӕцӕг чырыстон нӕ кувдзӕн, сыгъдӕг бынатыл нымад чи у ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кӕм фӕкувынц, ахӕм ран. Уӕдӕ, кувӕндӕттӕ цы сты, уый зонгӕйӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ уырдӕм кувынмӕ нӕ цӕуынц.

Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын Хуыцауы Ныхас бар нӕ дӕтты, цӕмӕй нын уа хибар бынат Хуыцаумӕ кувынӕн, Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнынӕн. Ӕмбырды фембӕлдтӕ кӕм фӕцӕуынц, уыцы бынат рӕсугъд ӕмӕ сыгъдӕг куы уа, уӕд дзы Хуыцауӕн йӕ Ныхасыл ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл ныхас кӕнын дӕр ӕхсызгон уыдзӕн. Кӕнӕ мардӕн цырт куы сӕвӕрой, уӕд уым дӕр ӕвзӕрӕй ницы ис. Уый ууыл дзурӕг вӕййы, йӕ хиуӕттӕ йӕ бирӕ кӕй уарзтой ӕмӕ сӕ рох кӕй нӕу. Фӕлӕ, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм бынат сыгъдӕг бынатыл нымайын ӕмӕ дзы нывтӕн ӕмӕ стджытӕн табу кӕнын раст нӕу.

Уӕдӕ дын цӕмӕй Хуыцау дӕ куывдтытӕ фехъуса, уый тыххӕй дӕ кувӕндонмӕ цӕуын нӕ хъӕуы. Стӕй дард ранмӕ кувӕн бынатмӕ куы ацӕуай, уӕд дӕр дӕ Хуыцау стырдӕр арфӕдзинӕдтӕй не схайджын кӕндзӕн кӕнӕ дӕ уӕлдай райгонд нӕ уыдзӕн. Библи нын дзуры, Йегъовӕ Хуыцау, «арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты [кӕй] нӕ цӕры». Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцау махӕй дард у. Кӕмфӕнды йӕм ма кувӕм – фехъусдзӕн нӕ, уымӕн ӕмӕ «уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:24–27).

^ 2 абз. Синтоистты дины ӕгъдӕуттӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ иу кувӕндонӕй иннӕмӕ хицӕн кӕной.

^ 3 абз. Кӕс рамкӕ « Цы у кувӕндон?».