Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи цы дзуры?

Библи цы дзуры?

Хӕйрӕг чи у кӕнӕ цы у?

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТТИС? Хӕйрӕг у...

  • ӕнӕуынгӕ тых

  • адӕймаджы зӕрдӕйы цы фыддзинад ис, уый

  • ӕрымысгӕ цыдӕр

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

Хӕйрӕг Йесоимӕ ныхас кодта ӕмӕ йӕ «фӕлвӕрдта» (Матфейы 4:1–4). Уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕг нӕдӕр ӕрымысгӕ у, нӕдӕр, фыддзинадмӕ цы амоны, ахӕм цыдӕр. Уый у ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг удгоймаг.

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН

  • Райдианы Хӕйрӕг уыд хорз зӕд, фӕлӕ «рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд» (Иоанны 8:44). Уый сси мӕнгдзурӕг ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыд.

  • Ӕндӕр зӕдтӕ дӕр Хӕйрӕджы фӕдыл ацыдысты (Раргомад 12:9).

  • Хӕйрӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй, ӕцӕгдӕр кӕй ис, уый адӕмы ма уырна (2 Коринфӕгтӕм 4:4).

Хӕйрӕджы бар адӕмыл цӕуы?

ИУӔЙ-ИУТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ, ӕмӕ, Хӕйрӕджы бар адӕмыл кӕй цӕуы, уый мӕнг ныхас у, иннӕтӕ та тынг тӕрсынц фыдгӕнӕг тыхты ахӕсты бахауынӕй. Дӕумӕ та куыд кӕсы?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19). Хӕйрӕг ӕгас дунейыл дӕр тынг ӕндавы, фӕлӕ алы адӕймагыл дӕр хицӕнӕй йӕ бар нӕ цӕуы.

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН

  • Хӕйрӕг алы сайӕн митӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕмыл йӕ бар тынгдӕр цӕуа (2 Коринфӕгтӕм 11:14).

  • Иуӕй-иу хатт фыдгӕнӕг тыхтӕ адӕймаджы уӕгъд нал фӕуадзынц (Матфейы 12:22).

  • Хуыцауы фӕрцы дӕ бон бауыдзӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууын (Иаковы 4:7).