Библийы уынаффӕтыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА АУАЙЫН КӔН: Музейы экскурсийы дӕ ӕмӕ, дӕ алыварс цы рагон стыр дурынтӕ ис, уыдонмӕ кӕсыс. Сӕ фылдӕр сты фӕстытӕ, кӕмдӕрты сыл ис хъуынайы фӕдтӕ, кӕмдӕрты та сӕ хуыз ссыд. Иуӕй-иутӕ дзы сты тынг сӕстытӕ, кӕуыл дзы хъуыр нӕй, кӕуыл – хӕцӕн. Фӕлӕ дзы иу се ’хсӕн бӕрӕг дары – иу фаст дӕр ыл нӕй, у тынг рӕсугъд арӕзт ӕмӕ, цыма дзыхъхъынног у, уыйау цӕхӕртӕ калы. «Ацы дурын иннӕтӕй ногдӕр у?» – бафарстай, экскурси уын чи кӕны, уыцы нӕлгоймаджы. «Нӕ, уый се ’ппӕтӕй рагондӕр у,– загъта уый,– стӕй йӕм никуы ничи базылд». «Мыййаг, кӕмдӕр ӕвӕрд уыд?» – бафарстай та йӕ уӕд. «Нӕ, никӕм,– загъта уый.– Ӕппынӕдзух ӕй дымгӕ ӕмӕ къӕвда хостой, стӕй бирӕтӕ йӕ фесафыныл архайдтой». Ӕмӕ уӕд дисгӕнгӕ ахъуыды кодтай: «Уагӕры цӕмӕй конд у?!»
Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библи у уыцы диссаджы дурыны хуызӕн. Библи у тынг рагон чиныг – иннӕ чингуытӕн сӕ фылдӕрӕй рагондӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ рӕстӕгмӕ ӕндӕр рагон чингуытӕ дӕр ӕрхӕццӕ. Фӕлӕ уыцы рагон сӕстытӕ дурынтау сӕ фылдӕр нывзӕр сты. Стӕй дзы наукӕимӕ баст хабӕртты фӕдыл цы фыст ис, уый дӕр, куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй раст нӕу. Медицинӕимӕ баст дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ адӕймагӕн пайда нӕ, фӕлӕ зиан хӕссынц. Уымӕй уӕлдай, рагон къухфыстытӕй бирӕтӕй цыдӕр гӕбӕзтӕ йеддӕмӕ ницыуал баззад, ӕмӕ уыдон дӕр нывзӕр сты.
Библи та уыцы хъуыддӕгты иннӕ рагон чингуытимӕ абарӕн дӕр нӕй. Фыссын ӕй райдыдтой 35 ӕнусы размӕ, фӕлӕ нӕм йӕ текст, фыццаг куыд уыд, афтӕмӕй ӕрхӕццӕ. Стӕй йын ӕнусты дӕргъы цы нӕ кодтой – сыгътой йӕ, мыхуыр кӕнын ӕмӕ йӕ кӕсын нӕ уагътой, фаутӕ йыл ӕвӕрдтой, фӕлӕ уӕддӕр Библи уыд ӕмӕ ис. Ӕмӕ наукӕ размӕ куыд цӕуы, афтӕ бӕлвырддӕр кӕны, Библи наукӕмӕ гӕсгӕ раст Фӕстейӕ баззад ӕви фӕраздӕр?».)
кӕй у ӕмӕ, адӕм фӕстаг ӕнусты цы базыдтой, уыдӕттӕ Библийы раджы кӕй ӕрцыдысты фыст. (Кӕс рамкӕ «АБОН ДӔР СТЫР ПАЙДА ЧИ У, АХӔМ УЫНАФФӔТӔ
Чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Библийы фыст уынаффӕтӕ нӕ рӕстӕджы исты пайда сты?» Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарай, уый тыххӕй ахъуыды кӕн: адӕмӕн абон ӕппӕты стырдӕр маст цавӕр зындзинӕдтӕ хӕссынц? Чи зоны, зӕгъай, зӕгъгӕ, хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, гӕртамхортӕ кӕй сбирӕ сты, стӕй адӕм Зӕхх кӕй чъизи кӕнынц, уый. Ныр та ӕркӕс, Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн: адӕм уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы цӕриккой, уӕд цард хуыздӕр нӕ уаид?
ФАРНМӔ ТЫРНӔМ
«Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон, уымӕн ӕмӕ сӕ схондзысты Хуыцауы фырттӕ» (Матфейы 5:9). «Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат» (Ромӕгтӕм 12:18).
ФӔЛМӔНЗӔРДӔ УӔМ, ИННӔТӔН ХАТЫР КӔНӔМ
«Амондджын сты, фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ сын сӕхимӕ дӕр уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Матфейы 5:7). «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ * уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат» (Колоссӕгтӕм 3:13).
АЛЫ АДӔМЫХӔТТЫТИМӔ ДӔР ФӔРНӔЙ ЦӔРӔМ
Хуыцау «иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмты ӕгас зӕххыл цӕрынӕн» (Хъуыддӕгтӕ 17:26). «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).
ӔРДЗ ХЪАХЪХЪӔНӔМ
«Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Едемы цӕхӕрадоны, цӕмӕй йӕ куыстаид ӕмӕ йӕм зылдаид» (Райдиан 2:15). Хуыцау фесафдзӕн, «зӕхх чи сафы, уыдоны» (Раргомад 11:18).
ЗЫД КӔНЫНӔЙ ӔМӔ ӔНӔГЪДАУДЗИНАДӔЙ НӔХИ ХИЗӔМ
«Зыд мацӕуыл кӕнут, уымӕн ӕмӕ адӕймагмӕ алцыдӕр парахатӕй куы уа, уӕд дӕр йӕ цард, цы йӕм ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу» (Лукайы 12:15). «Хуыцауы адӕмӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕм хӕтынӕн ӕмӕ алы чъизи хъуыддагӕн кӕнӕ зыддзинадӕн йӕ кой дӕр ма уӕд» (Ефесӕгтӕм 5:3).
ӔНӔЗӔРДӔХУДТ, КУЫСТУАРЗАГ УӔМ
«Мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзуттӕгтӕм 13:18). «Чи давы, уый мауал давӕд, фӕлӕ фыдӕбон кӕнӕд, йӕхи къухтӕй хорзӕй исты аразӕд» (Ефесӕгтӕм 4:28).
ФӔКӔСЫН КӔМӔ ХЪӔУЫ, УЫДОНӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ
«Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). «Сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕн сӕ тыхсты рӕстӕг сӕ фарсмӕ балӕуу» (Иаковы 1:27).
Библи нын, цы хъуамӕ аразӕм, ӕрмӕст уый нӕ дзуры, фӕлӕ йӕ цӕмӕн ӕмӕ куыд хъуамӕ аразӕм, уый дӕр. Цы уынаффӕтӕ ранымадтам, уыдонмӕ гӕсгӕ фылдӕр адӕм куы цӕрид, уӕд зӕххыл къаддӕр зындзинӕдтӕ нӕ уаид? Уӕдӕ Библийы уынаффӕтӕ адӕмы абон куыд хъӕуынц, афтӕ никуы. Фӕлӕ дын, цымӕ, Библийы уынаффӕтӕ абон куыд баххуыс кӕндзысты?
БИБЛИЙЫ УЫНАФФӔТӔ ДЫН АБОН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ?
Зӕххыл ӕппӕты зондджындӕр адӕймаг иу хатт загъта: «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй» (Матфейы 11:19). Ацы ныхӕстимӕ ды дӕр куыннӕ сразы уыдзынӕ. Цавӕрдӕр уынаффӕ зондджын у ӕви нӕ, уый рабӕрӕг вӕййы, куы дзы спайда кӕныс, уӕд. Ӕмӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай: «Кӕд Библийы уынаффӕтӕ ӕцӕгдӕр пайда сты, уӕд мын хъуамӕ мӕ цардыл хуыздӕрырдӕм ма фӕзыной? Цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлын, уыдоны мын куыд баххуыс кӕндзысты?» Ӕркӕсӕм иу сылгоймаджы хабармӕ.
Динӕ * уыди амондджын, йӕ цардӕй уыди райгонд. Фӕлӕ йыл ӕнӕнхъӕлӕджы иу иннӕйы фӕдыл стыр бӕллӕхтӕ ӕрцыд. Ӕстдӕсаздзыд чызг ын амард. Йӕ лӕгимӕ ахицӕн сты. Ӕхца йӕм никӕцӕйуал ӕфтыд. Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Динӕ загъта: «Чи дӕн, цы дӕн, уымӕн ницыуал зыдтон. Нал мын чызг уыди, нал – цардӕмбал, нал – хӕдзар. Цӕмӕн цӕрын, уымӕн ницыуал ӕмбӕрстон ӕмӕ мӕм цӕрын дӕр нал цыди».
Динӕмӕ уӕды хуызӕн никуыма бахъардтой ацы ныхӕстӕ: «Нӕ царды бонтӕ сты ӕвдай азы. Ӕмӕ кӕд, уӕлдай фидар чи у, уымӕн ӕстай азы сты, уӕддӕр иууылдӕр сты маст ӕмӕ фыдӕбон. Атӕхынц тынг тагъд, ӕмӕ аивгъуыйӕм» (Псалом 90:10).
Динӕ йӕ зын сахат йе ’ргом раздӕхта Библимӕ. Ӕмӕ йын уыцы чиныг тынг баххуыс кодта. Иннӕ ӕртӕ статьяйӕ куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй ма ноджыдӕр 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).
бирӕтӕ зонынц сӕхицӕй, Библийӕн цы стыр тых ис, уый. Йӕ уынаффӕтӕй йын кӕй спайда кодтой, уый фӕрцы сӕ зындзинӕдты сӕрты ахызтысты. Уыдонӕн дӕр Библи сси, райдианы цӕвиттонӕн цы рагон рӕсугъд дурын ӕрхастам, уый хуызӕн. Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ чингуытӕ зӕронд кӕнынц ӕмӕ царды нал ахадынц, фӕлӕ Библи уыцы чингуыты хуызӕн нӕу. Мыййаг, афтӕ уый тыххӕй у, ӕмӕ Библи бынтон ӕндӕр «цӕмӕйдӕр конд» у? Мыййаг дзы адӕмы хъуыдытӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъуыдытӕ ис фыст? (Чи зоны, ды дӕр фӕзӕгъыс, зӕгъгӕ, цард у цыбыр ӕмӕ мастӕй йедзаг. Зындзинӕдты бын куы фӕвӕййыс, уӕд удӕнцой, ӕххуыс ӕмӕ уынаффӕ кӕм фӕагурыс?
Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, Библи дын цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы баххуыс кӕндзӕн, уымӕ. Библийӕ базондзынӕ...
-
дӕхицӕй кӕнгӕ куы уа, уӕд-иу бӕллӕхтӕй дӕхи куыд бахизай;
-
зындзинӕдты куы бахауай, уӕд-иу сӕ сӕрты куыд ахизай;
-
дӕ бон аивын кӕй нӕу, уыцы уавӕртӕн куыд быхсай.
Ацы ӕртӕ хъуыддагыл дзырд цӕуы иннӕ статьяты.
^ 10 абз. Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ (Псалом 83:18).
^ 24 абз. Ацы ӕмӕ иннӕ ӕртӕ статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.