3 Библийы фӕрцы быхсӕм, нӕ бон аивын кӕй нӕу, уыцы уавӕртӕн
Иуӕй-иу уавӕртыл нӕ бар нӕ фӕцӕуы. Зӕгъӕм, исчи нын куы амӕлы кӕнӕ уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййӕм, уӕд хатт, нӕ маст ӕмӕ нӕ рыстӕн цы быхсӕм, ӕндӕр нӕ бон ницы вӕййы. Цымӕ нын Библийы уынаффӕтӕ ахӕм зын уавӕрты баххуыс кӕндзысты?
УӔЗЗАУ НИЗӔЙ РЫНЧЫН КУЫ УӔМ
Иу ӕрыгон чызг, Роуз, радзырдта: «Мӕ туджы цы низ рахастон, уый тыххӕй мын ӕдзух ахӕм рыстытӕ вӕййы, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Фӕстаг рӕстӕг ме ’нӕниздзинад тынг фӕцудыдта». Уӕлдай тынгдӕр кӕуыл мӕт кодта, уыцы хъуыддӕгтӕй иу уыд, Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнгӕйӕ-иу йӕ хъуыдытӕ кӕй адзӕгъӕл сты. Фӕлӕ йын Чырыстийы ныхӕстӕ тынг баххуыс кодтой. Фыст сты Матфейы 19:26: «Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон». Роуз бамбӕрста, Библи ахуыр кӕнынӕн ма кӕсынӕй уӕлдай ӕндӕр мадзал дӕр кӕй ис. Хатт-иу ын йӕ рыстыты тыххӕй Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ кӕсын тынг зын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ аудиозаписьтӕм хъусын райдыдта. Роуз загъта: «Уыцы аудиозаписьтӕ куы нӕ уыдаиккой, уӕд нӕ зонын, куыд кодтаин».
Роуз тынг фенкъард кӕны, раздӕр йӕ бон цы уыд аразын, уый ныр йӕ бон кӕй нал у, ууыл. Фӕлӕ йын ахӕм рӕстӕг тынг баххуыс кӕнынц 2 Коринфӕгтӕм 8:12 фыст ныхӕстӕ: «Адӕймаг исты зӕрдиагӕй куы ратта, уӕд ахӕм лӕвар Хуыцауӕн уӕлдай ӕхсызгон у. Ӕмӕ адӕймаг дӕтгӕ та фӕкӕны, цы йӕм нӕй, уый нӕ, фӕлӕ йӕм цы ис, уый». Уыцы ныхӕстӕ Роузӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Хуыцау ын йӕ лӕггадӕй райгонд кӕй у, уымӕн ӕмӕ Роуз аразы, йӕ уавӕрты йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый.
ИСЧИ НЫН КУЫ ФӔЗИАН УА ӔМӔ КУЫ МАСТ КӔНӔМ
Айразмӕйы статьяты кӕй кой уыд, уыцы Динӕ радзырдта: «Ме ’стдӕсаздзыд чызг куы амард, уӕд мыл Псалом 94:19. Фыст дзы ис, Хуыцаумӕ чи куывта, иу ахӕм адӕймаджы ныхӕстӕ: «Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд». Динӕ загъта: «Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй мын бамбарын кодтаид, мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мӕ зӕрдӕйы рыст фӕсабырдӕр уа».
дуне баталынг. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ дарддӕр цӕрын нал базондзынӕн. Цард мын царды ад нал кодта». Фӕлӕ йын стыр удӕнцой ӕрхастаДинӕ йӕ хъарутӕ сарӕзта адӕмӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд бамбӕрста, йӕ уавӕр цӕимӕ ис абарӕн, уый – кърандас куы асӕтты, уӕд дӕр дзы вӕййы ныв кӕнӕн. Раст афтӕ Динӕйӕн дӕр йӕ бон уыд иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, кӕд зӕрдӕсаст уыд, уӕддӕр. Динӕ загъта: «Иу афон мӕм бахъардта, Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдоны-иу Фыстады фӕрцы ныфс куы уагътон, уӕд-иу мын Йегъовӕ мӕхи зӕрдӕйы дӕр ныфс кӕй уагъта». Динӕ йӕхицӕн ныффыста, Библийы цы адӕмы кой ис, уыдонӕй стыр маст чи бавзӕрста, уыдоны нӕмттӕ. Динӕ загъта: «Се ’ппӕт дӕр ӕдзухдӕр Хуыцаумӕ куывтой. Фӕлӕ ма уый дӕр бамбӕрстон, ӕмӕ дӕ Библи ӕхгӕдӕй куы дарай, уӕд дын Хуыцау дӕ куывдтытӕн дзуапп нӕ ратдзӕн».
Динӕ Библи кӕй иртӕста, уый фӕрцы ма сахуыр фылдӕр хъуыды кӕнын, цы уыди, ууыл нӕ, фӕлӕ фидӕны цы уыдзӕн, ууыл. Стыр удӕнцой йын хӕссынц Хъуыддӕгты 24:15 фыст ныхӕстӕ: «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр». Цымӕ Динӕ фидарӕй ӕууӕнды, Йегъовӕ йын йӕ чызджы кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл? Мӕнӕ цы зӕгъы йӕхӕдӕг: «Мӕ цӕстытыл уайы, мӕ чызг куыд райгас уыдзӕн, уый. Цы бон фембӕлдзыстӕм, уый мӕ уӕларвон Фыды „къӕлиндары“ ныр дӕр фыст у. Мӕ цӕстытыл уайы, мӕ чызгимӕ нӕ дыргъдоны куыд тезгъо кӕнӕм, уый. Йӕ райгуырды бон ыл куыд цин кодтон, уый куыд хорз уайы мӕ цӕстытыл, раст афтӕ хорз уайы мӕ цӕстытыл, куы райгас уа, уӕд ыл куыд фӕцин кӕндзынӕн, уый».
Библи дын ӕппӕты зындӕр уавӕрты дӕр баххуыс кӕндзӕн