1 Библийы фӕрцы нӕхи бӕллӕхтӕй хизӕм
Библийы фыст ис, «Хуыцауы комытӕфӕй фыст» кӕй у ӕмӕ пайда кӕй у «адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16). Цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Ӕркӕсӕм, Библийы уынаффӕтӕ бирӕтӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй сӕхи бӕллӕхтӕй бахызтаиккой.
ФЫДНОЗТ
Айразмӕйы статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймагыл, Динӕйыл, стыр бӕллӕхтӕ куы ’рцыд, уӕд нуазын райдыдта. Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ нуазӕн ӕппындӕр нӕй. Фӕлӕ дзы фыст ис: «Сӕнӕй бӕрц чи нӕ зоны... уыдонимӕ ма у» (Ӕмбисӕндтӕ 23:20). Фыднозты тыххӕй адӕймагӕн йе ’нӕниздзинад тынг фӕцуды, йӕ бинонты цард фехӕлы, йе ’мбӕлттӕй адард вӕййы. Стӕй фыднозты тыххӕй алы аз дӕр милуангай адӕм цӕрынхъуагӕй амӕлынц. Адӕм Библийы уынаффӕтӕм куы хъусиккой, уӕд ацы бӕллӕхтӕй бирӕтӕй хызт уаиккой.
Ӕмӕ Динӕ раст афтӕ бакодта. Уый загъта: «Бамбӕрстон ӕй, нозт мӕ мӕ сагъӕстӕй кӕй нӕ ирвӕзын кодта. Ӕз байхъуыстон, Филиппӕгтӕм 4:6, 7 цы уынаффӕ ис, уымӕ. Фыст дзы ис: „Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ... [Хуыцауӕй] курут, цы уӕ хъӕуы, уый“. Ӕхсӕв-иу мын мӕ хъуыдытӕ ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд-иу Йегъовӕмӕ кувын райдыдтон. Мӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый йын-иу радзырдтон, ницы-иу дзы басусӕг кодтон. Загътон-иу ын, мӕсты кӕй кӕнын, мӕ зӕрдӕ тынг кӕй риссы ӕмӕ мӕ ныфс кӕй асаст, уый дӕр. Ӕмӕ-иу ын лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын хорз истӕуыл хъуыды кӕнынӕн баххуыс кодтаид. Райсомӕй-иу куы райхъал дӕн, уӕд та-иу архайдтон, цӕмӕй та ногӕй уыдӕттыл хъуыды кӕнын ма райдыдтаин. Мӕхи афтӕ кӕй сахуыр кодтон, уый фӕрцы хъуыды кодтон, цы мын нӕ уыд, ууыл нӕ, фӕлӕ мын цы уыд, ууыл. Ӕз мӕхицӕн загътон, нозт мӕ дзыхмӕ ӕппындӕр кӕй нал схӕсдзынӕн. Цы фарнӕй схайджын дӕн, уый мын афтӕ зынаргъ уыд, ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ истӕй тыххӕй фесӕфтаин».
ХӔТЫНДЗИНАД
Адӕймагӕн ӕппӕты стырдӕр маст цы хъуыддӕгтӕ ӕрхӕссынц, уыдонӕй иу у хӕтындзинад. Фӕлӕ нын Библийы уынаффӕтӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы нӕхи хизӕм. Библи нӕ фӕдзӕхсы, хӕтындзинадмӕ цы ӕркӕны, уыдӕттӕй, зӕгъӕм, порнографийӕ ӕмӕ, искӕимӕ дӕхи афтӕ дарай, цыма дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, уымӕй. Иу ӕрыгон лӕппу, Сэмюэл, загъта: «Чызджы зӕрдӕ балхӕнын мын тынг ӕнцон уыд. Хатт-иу мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыди, фӕлӕ-иу ӕй куы бамбӕрстон, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуын, уӕд-иу мӕхи афтӕ дарын райдыдтон, цыма йӕ уарзгӕ кӕнын – ӕнӕуи, мӕхи аирхӕфсынӕн». Сэмюэлӕн-иу тынг арӕх бауайдзӕф кодтой, чызджытӕн дӕхи уарзын кӕныс, зӕгъгӕ,– суанг-иу уый йӕ хъуыдыйы кӕрон куы нӕ уыд, уӕд дӕр,– ӕмӕ ӕппынфӕстаг ӕцӕгдӕр йӕхи афтӕ дарын райдыдта. Фӕлӕ стӕй йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт. Сэмюэл зӕгъы: «Уыцы хъуыддаг зиан йеддӕмӕ ницы хаста, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр мӕхиуыл хъуыды кодтон».
Сэмюэл бакаст, ӕрыгӕттӕн фыст чи уыд, иу ахӕм статья. Ӕмӕ ахъуыды кодта Ӕмбисӕндты 20:11 фыст ныхӕстыл: «Сывӕллонӕн [кӕнӕ, «лӕппуйӕн»] йӕ митӕм гӕсгӕ дӕр бӕрӕг вӕййы, цы аразы, уый сыгъдӕг ӕмӕ раст у ӕви нӕ». Уый йын куыд баххуыс кодта? Сэмюэл бамбӕрста: чызджытимӕ дӕхи афтӕ дарай, уый нӕдӕр сыгъдӕг у, нӕдӕр раст. Стӕй ма загъта: «Бамбӕрстон уый дӕр, ӕмӕ, йӕхи афтӕ чи дары, уымӕй хорз цардӕмбал зынтӕй рауайдзӕн. Ӕз ахъуыды кодтон, зӕгъын мын бинойнаг куы уыдаид ӕмӕ мӕ искӕимӕ ахӕм митӕ кӕнгӕ куы федтаид, уӕд ын куыд зын уыдаид. Уӕд ӕй бамбӕрстон, афтӕ кӕнӕн кӕй нӕй. Цыдӕр дын ӕнцонтӕй кӕй уайы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ раст у». Сэмюэл аивта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕхи бахызта стырдӕр бӕллӕхӕй – хӕтындзинадӕй.
Антониойӕн та хӕтындзинадӕй ноджы тӕссагдӕр уыди, уымӕн ӕмӕ порнографимӕ кӕсыныл бафтыд. Кӕд ын бинойнаг уыд ӕмӕ йӕ уарзгӕ дӕр тынг кодта, уӕддӕр та-иу порнографимӕ бакаст. Фӕлӕ йын стыр ӕххуыс фӕци, 1 Петры 5:8 фыст ныхӕстыл кӕй ахъуыды кодта, уый. Уым фыст ис: «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый». Антонио зӕгъы: «Ацы дуне порнографийӕ йедзаг у, алы ран дӕр ӕй ис фенӕн. Ӕмӕ йӕ куы фенай, уӕд та йӕ ферох кӕнын зын у. Фӕлӕ Библийы фыст ныхӕсты фӕрцы бамбӕрстон, уыдӕттӕй мӕ чи фӕлвары, уый. Ӕмӕ хъуамӕ сахуыр уыдаин иу хъуыддагыл: куыддӕр-иу уыцы ӕлгъаг нывтӕ ауыдтаин, афтӕ-иу ахъуыды кодтаин, кӕмӕй цӕуынц, ууыл. Ныр ӕй зонын, ӕрмӕстдӕр мын Йегъовӕйы бон кӕй у баххуыс кӕнын, цӕмӕй къӕрцхъус уон ӕмӕ мӕ зонд, мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ бинонты цард бахъахъхъӕнон». Антонио ӕххуыс ракуырдта, ӕмӕ йын ӕппынфӕстаг уыцы ӕвзӕр ахуырӕй фервӕзын бантыст. Уый фӕрцы йӕхи стырдӕр бӕллӕхтӕй бахызта.
Уӕдӕ бӕрӕг у: Библийы уынаффӕты фӕрцы нӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзыстӕм. Фӕлӕ нын, зӕгъӕм, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕй кӕнӕ хъуыдытӕй фервӕзын тынг зын у, уӕд та? Ӕркӕсӕм, ахӕм зын уавӕрты нын Хуыцауы Ныхас куыд баххуыс кӕндзӕн, уымӕ.
Библийы уынаффӕты фӕрцы нӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзыстӕм